Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp22 № 1 12–13 фф.
  • 4 | Хуыцауы фӕрцы дын алцыдӕр рауайдзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 4 | Хуыцауы фӕрцы дын алцыдӕр рауайдзӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библийы уагӕвӕрд:
  • Уый цӕуыл дзурӕг у?
  • Дӕ бон цы у аразын?
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йе сӕфт макӕмӕйуал уына!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
wp22 № 1 12–13 фф.
Стыр Библи гомӕй ӕмӕ дзы рухс кӕлы; адӕм уыцы Библийы ’рдӕм фӕцӕуынц. Сӕ аууӕттӕ ӕвдисынц, раздӕр иннӕтӕй се сӕфт кӕй уыдтой, уый

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?

4 | Хуыцауы фӕрцы дын алцыдӕр рауайдзӕн

Библийы уагӕвӕрд:

«Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын» (ГАЛАТӔГТӔМ 5:22, 23).

Уый цӕуыл дзурӕг у?

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ де сӕфт макӕмӕйуал уынай. Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс. Йӕ сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон нӕ хъӕуы нӕ удыхъӕды сфидар кӕнын. Фӕлӕ нын уый ӕрмӕст нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ рауайдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцауӕй ӕххуыс курӕм. Нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн апостол Павелау зӕгъын: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13). Стӕй ма нӕ бон уыдзӕн фидарӕй зӕгъын: «Ӕххуысгӕнӕг мын у Йегъовӕ» (Псалом 121:2).

Дӕ бон цы у аразын?

«Ӕз уыдтӕн тынг ӕгъатыр адӕймаг, фӕлӕ мӕ Йегъовӕйы фӕрцы фӕлмӕн адӕймаг рауад» (УАЛЬДО).

Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых кур (Лукайы 11:13). Зӕгъ-иу ын, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ дӕ царды ӕвдисынӕн. Цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы ахӕм миниуджытӕ: уарзондзинад, фарн, бирӕфӕразондзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад. Раиртас, Библийы уыцы миниуджыты тыххӕй цы фыст ис, уый. Ӕмӕ цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ-иу архайгӕ дӕр кӕн. Дӕхи бӕтт, уыцы миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдоныл. Ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ дӕ разӕнгард кӕндзысты «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзуттӕгтӕм 10:24).

Кӕйдӕр цардӕй. УАЛЬДО

Уыд ӕгъатыр, фӕлӕ уыцы миниуӕгыл фӕтых

Уальдо

Уальдо гыццылӕй тынг бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, ӕмӕ уый тыххӕй сси ӕгъатыр. Уый загъта: «Наркотиктӕ чи уӕй кодта, уыдонимӕ-иу уынгты арӕх схыл стӕм... Иухатт ма иу лӕгмары дӕр баххуырстой, цӕмӕй мӕ амардтаид. Уый мӕ кардӕй барӕхуыста, фӕлӕ фервӕзтӕн».

Уальдойӕн йӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Уый загъта: «Ӕз сӕ ме сӕфт уыдтон ӕмӕ-иу сын бирӕ хӕттыты алывыдтӕ акалдтон, фӕлӕ мӕм уыдон иунӕг тызмӕг ныхас дӕр никуы скодтой».

Ӕппынфӕстаг Уальдо дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый загъта: «Библийӕ-иу цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрын мын ӕнцон нӕ уыд. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын мӕ бон никуы бауыдзӕн». Фӕлӕ Библийӕ иу цыдӕр базыдта, ӕмӕ дзы уый стыр ныфс бауагъта.

Уальдо радзырдта: «Алехандро, мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕр мын иухатт загъта, цӕмӕй бакастаин Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихтӕ... Алехандро мын бамбарын кодта, уыцы миниуджытӕ мӕм ӕрмӕст мӕхи фӕрцы кӕй нӕ фӕзындзысты, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы». Уыцы ныхӕсты руаджы бамбӕрста, йӕ бон кӕй у фӕивын.

Уальдо йӕ ныфс Хуыцауыл кӕй дардта, уый фӕрцы иннӕтӕй йе сӕфт нал уыдта. Уый загъта: «Мӕ хиуӕтты ӕмӕ мӕ раздӕры ӕмбӕлтты уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, афтӕ тынг кӕй аивтон, уый». Ӕмӕ ма загъта: «Ӕз уыдтӕн тынг ӕгъатыр адӕймаг, фӕлӕ мӕ Йегъовӕйы фӕрцы фӕлмӕн адӕймаг рауад».

Уальдойы тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 2013 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 12, 13 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын