Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w23 февраль 2–7 фф.
  • Библийӕ йӕ Авторы тыххӕй цы ис базонӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийӕ йӕ Авторы тыххӕй цы ис базонӕн?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БИБЛИ ӔРГОМ КӔНЫ ХУЫЦАУЫ ЗОНД
  • БИБЛИ ӔРГОМ КӔНЫ ХУЫЦАУЫ РӔСТДЗИНАД
  • БИБЛИ ӔРГОМ КӔНЫ ХУЫЦАУЫ УАРЗОНДЗИНАД
  • АРГЪ КӔН ХУЫЦАУЫ «ӔНӔФАУ ЛӔВАРӔН» – ЙӔ НЫХАСӔН
  • Библи у Хуыцауы Ныхас
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Хорз хабар ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй у?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
  • «Хуыцауы ныхасы» ис стыр зонд
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Зонд Хуыцауӕй агурын цӕмӕн хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
w23 февраль 2–7 фф.

6 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Библийӕ йӕ Авторы тыххӕй цы ис базонӕн?

«Цы ныхӕстӕ дын зӕгъон, уыдон иууылдӕр ныффысс чиныджы» (ЙЕР. 30:2).

96 ЗАРӔГ Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1. Йегъовӕйӕ Библийы тыххӕй бузныг цӕмӕн дӕ?

МАХ Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм Библийы тыххӕй! Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон нын абон зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ стыр ӕххуыс фӕвӕййынц. Библийӕ ма базонӕн ис, Йегъовӕ нын диссаджы фидӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ Библийы ӕргом кӕны, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ. Йӕ рӕсугъд миниуджытыл ын куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, цӕмӕй не ’ввахс Хӕлар суа (Пс. 25:14).

2. Йегъовӕ-иу адӕмӕн йӕхи куыд раргом кодта?

2 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм зоной. Раджы заман-иу сын йӕхи раргом кодта фынты ӕмӕ цӕстылуайӕнты. Стӕй-иу йӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕстӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой (Ным. 12:6; Хъуыд. 10:3, 4). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй кӕцӕй базыдтаиккам, куы нӕ сӕ ныффыссын кодтаид, уӕд? Ӕмӕ нын цы зӕгъинаг уыд, уыдӕттӕ ныффыссын кодта «чиныджы» (Йер. 30:2). Афтӕмӕй немӕ ныхас кӕны, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уымӕй хуыздӕр ӕрхъуыды кӕнӕн кӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ «ӕцӕг Хуыцауы фӕндаг у ӕххӕст» (Пс. 18:30).

3. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй Библи нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ уыдаид? (Исай 40:8).

3 Бакӕс Исайы 40:8. Хуыцауы Ныхас цалдӕр мин азы дӕргъы разамынд дӕтты иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ сылгоймӕгтӕн. Уымӕн гӕнӕн куыд ис? Уый хорз фарста у. Библи фыст ӕрцыд тынг раджы пергаментыл ӕмӕ папирусыл. Ӕмӕ уыцы ӕрмӕджытӕ та цасдӕры фӕстӕ бамбыдысты. Уымӕ гӕсгӕ фыццаг къухфыстытӕй абоны онг иу дӕр не ’рхӕццӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Фыстадӕн къопитӕ кодтаиккой. Ӕмӕ-иу текст чи рафыста, уыдон кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕ куыст бӕстон кодтой. Дзуттаг Фыстыты тыххӕй иу ахуыргонд загъта: «Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ афтӕ ӕнӕивдӕй иннӕ рагон чингуытӕй иу дӕр нӕ рӕстӕгмӕ не ’рхӕццӕ». Уӕдӕ кӕд Библи раджы фыст ӕрцыд, стӕй-иу ын йӕ текст чи рафыста, уыцы адӕм ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм: абон Библийы цы кӕсӕм, уыдон сты йӕ Авторы, Йегъовӕйы, хъуыдытӕ.

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» дӕтты Йегъовӕ (Иак. 1:17). Йӕ хуыздӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу у Библи. Исчи нын исты куы балӕвар кӕны, уӕд йӕ лӕварӕй бӕрӕг вӕййы, цас хорз нӕ зоны, уый, стӕй, цы нӕ хъӕуы, уый зоны ӕви нӕ. Ӕмӕ уый ис зӕгъӕн, Библи нын чи радта, уымӕй дӕр. Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕиртасӕм, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕм. Базонӕм, тынг хорз нӕ кӕй зоны, стӕй кӕй зоны, цы нӕ хъӕуы, уый дӕр. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Библи куыд ӕргом кӕны Хуыцауы зонд, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм, Библийӕ Хуыцауы зонды тыххӕй цы ис базонӕн, ууыл.

БИБЛИ ӔРГОМ КӔНЫ ХУЫЦАУЫ ЗОНД

5. Библи Хуыцауы зонд куыд ӕргом кӕны?

5 Йегъовӕ зоны, йӕ уынаффӕтӕ нӕ кӕй хъӕуынц. Ӕмӕ Библийы зондджын уынаффӕтӕ тынг бирӕ ис. Уыдон адӕмӕн стыр пайда хӕссынц – Библи сын сӕ цард фӕивы. Моисей Библийы фыццаг чингуытӕ фыст куы фӕци, уӕд Хуыцауы адӕмӕн, израилӕгтӕн, загъта: «Уыдон сымахӕн афтид ныхӕстӕ не сты – уыдонӕй кӕнгӕ у уӕ цард» (Дык. з. 32:47). Ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ чи хъуыста, уыдон уыдысты ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын (Пс. 1:2, 3). Хуыцауы Ныхасыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы ӕмӕ йын ис ахӕм тых, цӕмӕй адӕмы цард фӕива. Зӕгъӕм, сайты jw.org, рубрикӕйы «Библи ивы адӕймаджы цард» ис иу-50 адӕймаджы хабӕрттӕ. Сӕ цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Библи абон дӕр «уырнджыты мидӕг» йӕ куыст кӕй кӕны (1 Фес. 2:13).

6. Нӕ бон цӕмӕн у зӕгъын, ӕмӕ Библийы хуызӕн иу чиныг дӕр нӕу?

6 Хуыцауы Ныхасы хуызӕн иу чиныг дӕр нӕу. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йӕ Автор, Йегъовӕ, у ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ ӕнусон Хуыцау ӕмӕ йӕ зондӕн ӕмбал нӕй. Бирӕ чингуытӕн сӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ чиныг ныр дӕр ма ис, йӕ фыссӕг та – нал. Ӕмӕ уыцы чингуыты цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдон дӕр цасдӕры фӕстӕ ницыуал пайда вӕййынц. Фӕлӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ та сты ӕнусон. Уыдон адӕмӕн пайда хастой раджы заман дӕр ӕмӕ сын абон дӕр хӕссынц пайда. Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ нӕ бон архайын куыд у, уый (Пс. 119:27; Мал. 3:16; Дзут. 4:12). Библийы Автор у удӕгас Хуыцау, ӕмӕ йӕ тынг фӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды Библи алы бон дӕр кӕсын!

Цалдӕр нывы: 1. Библи мыхуыргондӕй: тыхтӕттӕ, кодекстӕ ӕмӕ чингуытӕ, стӕй электронон форматы планшеты ӕмӕ телефоны. 2. Алыхуызон адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй кӕсынц мыхуыргонд Библитӕ кӕнӕ электронон форматы. Чи йӕ хӕдзары кӕсы, чи – куысты, чи та – транспорты

Библи Хуыцауы адӕмӕн раджы заман куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уыдаид, ӕмӕ сын абон дӕр куыд ӕххуыс кӕны? (кӕс 7, 8 абзацтӕ)

7. Раджы заман Библи Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уыдаид?

7 Библи ма нын Хуыцауы зонд ноджыдӕр куыд ӕргом кӕны? Библи Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн уа иудзинад. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд ӕрцардысты алы рӕтты. Ӕмӕ дзы чи кӕсагахсӕг сси, чи фос дардта, чи та зӕххы куыст кодта. Алы рӕтты кӕй цардысты, уый тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ кӕрӕдзийыл сыстырзӕрдӕ уыдаиккой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу иумӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой ӕмӕ-иу байхъуыстаиккой, Хуыцауы Ныхас сын куыд кӕсынц ӕмӕ сын ӕй куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ (Дык. з. 31:10–13; Неем. 8:2, 8, 18). Иерусалиммӕ-иу сӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыд милуантӕ. Ӕмӕ-иу алчидӕр, хӕрзаг, куыд цин кодта, уыйбӕрц адӕмы-иу куы федта, уӕд! Афтӕмӕй сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уыдаид. Фӕстӕдӕр фӕзынд чырыстон ӕмбырд. Уыди дзы алыхуызон адӕм, дзырдтой бирӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл, чи дзы хъӕздыг уыд, чи – мӕгуыр. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы Ныхас тынг уарзтой, ӕмӕ уый фӕрцы ӕцӕг Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кодтой. Цӕмӕй-иу ног ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Ныхас бамбӕрстаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди иннӕты ӕххуыс, стӕй сӕ хъуыди семӕ иумӕ ӕмбӕлын (Хъуыд. 2:42; 8:30, 31).

8. Абон Библи Йегъовӕйы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа?

8 Хуыцау абон дӕр Библийы фӕрцы йӕ адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа. Библийӕ нӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын. Мах ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм ӕмӕ фӕхъусӕм, Библи куыд кӕсынц ӕмӕ йӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын «уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм», ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Библи стыр ӕххуыс у (Соф. 3:9).

9. Цавӕр миниуӕг нӕ хъӕуы, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис, уый ӕмбарӕм? (Лукайы 10:21).

9 Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕйы зонд ноджыдӕр цӕмӕй у бӕрӕг. Библийы бирӕ цыдӕртӕ афтӕ ныффыссын кодта, ӕмӕ сӕ ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг адӕймаг бамбардзӕн. (Бакӕс Лукайы 10:21.) Адӕм Библи кӕсынц ӕгас зӕххыл дӕр. Иу ахуыргонд загъта: «Библи цас адӕм кӕсынц ӕмӕ йӕ куыд лӕмбынӕг кӕсынц, афтӕ ӕндӕр никӕцы чиныг». Фӕлӕ йӕ ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг адӕм ӕмбарынц раст ӕмӕ цӕрынц, цы фыст дзы ис, уымӕ гӕсгӕ (2 Кор. 3:15, 16).

10. Библийы ма Йегъовӕйы зонд ноджыдӕр куыд зыны?

10 Фӕлӕ ма Йегъовӕйы зонд Библийы куыд зыны? Йӕ Ныхасы фӕрцы йӕ адӕмы ӕрмӕст ӕмткӕй райсгӕйӕ нӕ ахуыр кӕны, фӕлӕ ма алкӕй дӕр хицӕнӕй, стӕй нӕ алкӕмӕн дӕр удӕнцой дӕтты. Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ алчидӕр бамбары, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у (Ис. 30:21). Никуы дын уыд афтӕ, ӕмӕ зын уавӕры Библийӕ кӕцыдӕр стих бакастӕ ӕмӕ ахъуыды кодтай, ай мӕнӕн фыст куы у, зӕгъгӕ? Диссаг уый у, ӕмӕ Библи милуангай адӕмы зӕрдӕтӕм хъары. Цымӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый комкоммӕ дӕумӕ хауа ӕмӕ дӕуӕн пайда уа? Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ Библийы Автор у ӕгӕрон зонды хицау (2 Тим. 3:16, 17).

БИБЛИ ӔРГОМ КӔНЫ ХУЫЦАУЫ РӔСТДЗИНАД

11. Библи фыст куы цыд, уӕд Хуыцау куыд равдыста, кӕй никӕй хъулон кӕны, уый?

11 Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы (Дык. з. 32:4). Рӕстӕй чи фӕархайы, уый хъулон никӕй фӕкӕны. Ӕмӕ Йегъовӕ раст ахӕм у (Хъуыд. 10:34, 35; Ром. 2:11). Кӕй никӕй хъулон кӕны, уый бӕрӕг у, Библи цы ӕвзӕгтыл ныффыссын кодта, уымӕй. Фыццаг 39 чиныджы фылдӕр фыст ӕрцыдысты дзуттаг ӕвзагыл. Уӕд Хуыцауы адӕм уыцы ӕвзагыл дзырдтой ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстой. Фӕлӕ н. э. 1 ӕнусы бирӕтӕ дзырдтой грекъаг ӕвзагыл. Уымӕ гӕсгӕ иннӕ 27 чиныджы фылдӕр фыст ӕрцыдысты уыцы ӕвзагыл. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ Ныхас ӕрмӕст иу ӕвзагыл нӕ ныффыссын кодта. Абон зӕххыл цӕры 8 миллиард адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ дзурынц алыхуызон ӕвзӕгтыл. Цымӕ ӕппӕт уыцы адӕм Йегъовӕйы тыххӕй куыд хъуамӕ базоной?

12. Фӕстаг бонты Данел 12:4 стих куыд ӕххӕст кӕны?

12 Пехуымпар Данелы уылты Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕроны рӕстӕг «раст зонындзинӕдтӕ [кӕй] сбирӕ уыдзысты», ома, Библийы цы фыст ис, уый бирӕтӕ бамбардзысты. (Бакӕс Данелы 12:4.) Раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ сты, зӕгъӕм, Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ тӕлмац ӕмӕ уагъд кӕй цӕуынц ӕмӕ сӕ кӕй парахат кӕнӕм, уый фӕрцы. Библи цал ӕвзагмӕ тӕлмац у ӕмӕ куыд парахат у, афтӕ иу чиныг дӕр нӕу. Фӕлӕ цавӕрдӕр организацитӕ Библийы тӕлмац куы рауадзынц, уӕд хатт тынг зынаргъ вӕййы. Йегъовӕйы адӕм абоны онг Хуыцауы Ныхас ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ ратӕлмац кодтой 240 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ, ӕмӕ йӕ кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон у лӕвар райсын. Уый фӕрцы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр сӕ бон у «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» фехъусын, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (Матф. 24:14). Ӕмӕ йӕ бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсынц. Нӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау адӕмы се ’ппӕты дӕр тынг уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй фылдӕр адӕм Библи кӕсой ӕмӕ Хуыцауы базоной.

БИБЛИ ӔРГОМ КӔНЫ ХУЫЦАУЫ УАРЗОНДЗИНАД

13. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Библи ӕргом кӕны Хуыцауы уарзондзинад? (Иоанны 21:25).

13 Библи кӕсгӕйӕ фенӕм йӕ Авторы сӕйраг миниуӕг – уарзондзинад (1 Иоан. 4:8). Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ Библийы цы ныффыссын кодта ӕмӕ дзы цы нӕ ныффыссын кодта, ууыл. Зӕгъӕм, ныффыссын дзы кодта, цы хъуамӕ зонӕм, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм, амондджын уӕм ӕмӕ фидӕны ӕнусон цардӕй схайджын уӕм. Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ дзы бирӕ ӕнӕхъӕугӕ лыстӕг хабӕрттӕ фыст не ’рцыд. (Бакӕс Иоанны 21:25.)

14. Библийӕ ма куыд у бӕрӕг, Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый?

14 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ма бӕрӕг у, Библийы уылты немӕ куыд дзуры, уымӕй дӕр. Куы йӕ фӕкӕсӕм, уӕд ӕй бамбарӕм, кӕй нын кад кӕны. Библийы дӕргъӕй-дӕргъмӕ закъӕтты номхыгъд не скодта. Нӕ алы къахдзӕфыл нын нӕ дзуры, «афтӕ бакӕн» кӕнӕ «афтӕ ма бакӕн», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг хъуыды кӕнын сахуыр уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та Библийы ныффыссын кодта кӕйдӕр царды хабӕрттӕ, диссаджы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ ахадгӕ уынаффӕтӕ. Афтӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕны Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын.

Цалдӕр нывы: 1. Гыццыл чызг кӕсы чиныг «Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм» ӕмӕ хъуыды кӕны, гыццыл израилаг чызг йӕ хицауы усимӕ куыд ныхас кодта, ууыл. 2. Ӕрыгон ӕфсымӕр Библи кӕсы ӕмӕ хъуыды кӕны, Иосиф Потифары усӕй куыд алыгъд, ууыл. 3. Ацӕргӕ хо Библи кӕсы ӕмӕ хъуыды кӕны, ус-пехуымпар Аннӕ гыццыл Йесойы куы федта, уыцы хабарыл

Йегъовӕ раджы заман йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? (кӕс 15 абзац)

15. а) Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ зӕрдиагӕй кӕй тыхсы, йӕ Ныхас ын чи кӕсы, уыдоныл? б) Ӕркӕс нывтӕм. Гыццыл чызг, ӕрыгон ӕфсымӕр ӕмӕ ацӕргӕ хо Библийы архайджытӕй кӕуыл хъуыды кӕнынц? (Райд. 39:1, 10–12; 2 Пад. 5:1–3; Лук. 2:25–38).

15 Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы. Йӕ Ныхасы фыст ис, адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ ӕвдыст кӕм цӕуынц, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ. Ӕмӕ нӕ бон вӕййы уыцы хабӕртты архайджыты бамбарын, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр «мах хуызӕн» адӕм уыдысты (Иак. 5:17). Ӕмӕ куы фенӕм, Йегъовӕ-иу сын куыд баххуыс кодта, уӕд ноджы хуыздӕр бамбарӕм, «фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иак. 5:11).

16. Чи-иу фӕрӕдыд, уыдоны тыххӕй Библийы куы фӕкӕсӕм, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм? (Исай 55:7).

16 Библи ма Хуыцауы уарзондзинад ноджыдӕр куыд ӕргом кӕны? Дзуры нын, куы-иу фӕрӕдийӕм, уӕд дӕр нӕ Хуыцау кӕй нӕ ныууадздзӕн. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ бирӕ тӕригъӕдтӕ арӕзтой. Фӕлӕ-иу зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд-иу сын Хуыцау ныххатыр кодта. (Бакӕс Исайы 55:7.) 1 ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр зыдтой, Хуыцау сӕ кӕй уарзы. Иухатт апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй, чи хӕтыд, фӕлӕ, чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи ныууагъта, уыцы адӕймагӕн ныххатыр кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кодтаиккой (2 Кор. 2:6, 7; 1 Кор. 5:1–5). Кӕд-иу Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ рӕдыдысты, уӕддӕр-иу сӕ уый тыххӕй нӕ ныууагъта. Фӕлӕ-иу сын баххуыс кодта, зонд-иу сын бацамыдта ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта. Ӕмӕ абон дӕр уымӕй зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн (Иак. 4:8–10).

АРГЪ КӔН ХУЫЦАУЫ «ӔНӔФАУ ЛӔВАРӔН» – ЙӔ НЫХАСӔН

17. Библи диссаджы лӕвар цӕмӕн у?

17 Йегъовӕ нын диссаджы лӕвар скодта. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Библи ӕргом кӕны Хуыцауы зонд, йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Ацы чиныгӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм.

18. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕйӕ Библийы тыххӕй бузныг кӕй стӕм?

18 Мах нӕ фӕнды Хуыцауы «ӕнӕфау лӕвармӕ» – Библимӕ – куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын (Иак. 1:17). Хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйӕ бузныг уӕм, Библи нын кӕй радта, уый тыххӕй. Уый равдисдзыстӕм, куы йӕ кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уымӕй. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын Библийы Автор ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ ссардзыстӕм «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» (Ӕмб. 2:5).

БИБЛИ НЫН КУЫД ӔРГОМ КӔНЫ...

  • Йегъовӕйы зонд?

  • Йегъовӕйы рӕстдзинад?

  • Йегъовӕйы уарзондзинад?

98 ЗАРӔГ Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй

a Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм. Хуыцауы Ныхасӕй йӕ зонды, йӕ рӕстдзинады ӕмӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй цы базонӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ алкӕддӕр нымайӕм нӕ уӕларвон Фыды лӕварыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын