Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 мартъи 8–13 фф.
  • Донаргъуыды фӕстӕ дӕр Йесойы фӕдыл цу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Донаргъуыды фӕстӕ дӕр Йесойы фӕдыл цу
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕСОЙЫ ФӔДЫЛ ЦУ, ФӔЛВАРӔНТЫЛ КУЫ ӔМБӔЛАЙ КӔНӔ ДӔ ИСТЫ КУЫ РӔДИЙЫН КӔНА, УӔД ДӔР
  • ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ӔППЫНӔДЗУХ ЙЕСОЙЫ ФӔДЫЛ ЦӔУАЙ?
  • «УӔ ЗӔРДӔТӔМ-ИУ НЫККӔСУТ»
  • Цӕттӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 мартъи 8–13 фф.

10 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

Донаргъуыды фӕстӕ дӕр Йесойы фӕдыл цу

«Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд, алы бон дӕр ӕй хӕссӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (ЛУК. 9:23).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд уый нӕ цардыл куыд фӕзыны. Ацы статья уӕлдайдӕр баххуыс кӕндзӕн, донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыдонӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уой.

1, 2. Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд йӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд фӕивы?

ДОНАРГЪУЫД райсай ӕмӕ Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаиу уай, уымӕй стырдӕр циндзинад нӕй! Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар кӕй у, уый нын у стыр кад. Мах разы стӕм псаломзарӕггӕнӕг Давиды ныхӕстимӕ: «Амондджын у уыцы адӕймаг, ды [Йегъовӕ] кӕй равзӕрстай ӕмӕ дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, цӕмӕй дӕ кӕртыты цӕра» (Пс. 65:4).

2 Йегъовӕ йӕ кӕртытӕм кӕй ӕрбакӕны? Кӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар суа, уыдоны. Йегъовӕ ахӕм адӕммӕ ӕрбаввахс вӕййы (Иак. 4:8). Ӕмӕ ууыл дзырд цыди айразмӕйы статьяйы. Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд Йегъовӕйӕн свӕййы уӕлдай зынаргъ. Хуыцау ыл уый фӕстӕ йӕ арфӕдзинад ӕруадзы, «цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафа, афтӕ» (Мал. 3:10; Йер. 17:7, 8).

3. Йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, уыцы чырыстӕттыл цавӕр стыр хӕс ис? (Екклесиаст 5:4, 5).

3 Фӕлӕ донаргъуыд нӕ фӕндагӕн ӕрмӕст йӕ райдиан у. Донаргъуыды фӕстӕ нӕ фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнӕм, суанг фӕлварӕнтыл куы ӕмбӕлӕм кӕнӕ нӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дӕр. (Бакӕс Екклесиаст 5:4, 5.) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй систӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды йӕ къахвӕдтыл цӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:19, 20; 1 Пет. 2:21). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн, уый.

ЙЕСОЙЫ ФӔДЫЛ ЦУ, ФӔЛВАРӔНТЫЛ КУЫ ӔМБӔЛАЙ КӔНӔ ДӔ ИСТЫ КУЫ РӔДИЙЫН КӔНА, УӔД ДӔР

4. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ «хъизӕмӕртты хъӕд» кӕй хӕссынц, уый куыд ӕмбаргӕ у? (Лукайы 9:23).

4 Донаргъуыды фӕстӕ дӕр зындзинӕдтӕй хызт нӕ уыдзынӕ. Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинаг чи суа, уый «хъизӕмӕртты хъӕд» кӕй хӕсдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй хӕсдзӕн «алы бон дӕр». (Бакӕс Лукайы 9:23.) Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕдзух хъизӕмар кӕндзысты. Уый бамбарын кодта, ӕрмӕст арфӕдзинӕдтӕ нӕм кӕй не ’нхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ зындзинӕдтӕ дӕр. Ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ тынг зын сфӕразӕн уыдзысты (2 Тим. 3:12).

5. Йӕхи цӕмӕйдӕрты чи фӕцух кӕны, уыдонӕн Йесо зӕрдӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта?

5 Чи зоны, дӕ бинонтӕй чидӕртӕ дӕ ныхмӕ рацыдысты кӕнӕ та дын, чи зоны, уыд фадат, цӕмӕй фылдӕр ӕхца бакуыстаис. Фӕлӕ ды Хуыцауы Паддзахад дӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтай (Матф. 6:33). Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын уыны дӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ (Дзут. 6:10). Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхиуыл бавзӕрстай, Йесойы ныхӕстӕ раст кӕй сты. Уый загъта: «Мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр абон сӕдӕ хатты фылдӕр чи не ссара хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, ӕмӕ фидӕны та – ӕнусон цард» (Мар. 10:29, 30). Цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕ, уыдон бирӕ фылдӕр сты, дӕхи цӕмӕй фӕцух кодтай, уыимӕ абаргӕйӕ (Пс. 37:4).

6. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ цӕмӕн хъӕудзӕн «тӕригъӕдджын буары монцтимӕ» тох кӕнын?

6 Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ хъӕудзӕн «тӕригъӕдджын буары монцтимӕ» тох кӕнын (1 Иоан. 2:16). Уӕд дӕр нырма уыдзынӕ Адамы ӕнӕххӕст байзӕддаг. Хатт-иу дӕм уыдзӕн апостол Павелы хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ. Уый ныффыста: «Мӕ зӕрдӕйы мидӕг цин кӕнын Хуыцауы закъоныл, фӕлӕ ме уӕнгты та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг» (Ром. 7:22, 23). Тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын дӕ кӕй хъӕуы, уый тыххӕй-иу, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕтта. Уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтай, уӕд ын цы дзырд радтай, ууыл. Уый фӕрцы-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй дарддӕр тох кӕнай. Раст куы зӕгъӕм, уӕд, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый фӕрцы-иу дын ӕнцондӕр уыдзӕн фидар фӕлӕууын, исты дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд. Ома куыд?

7. Дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уый дын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уай?

7 Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕхи тыххӕй нал цӕрдзынӕ, ома дӕ къух сисдзынӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы фӕндтыл ӕмӕ нысӕнттыл (Матф. 16:24). Ӕмӕ-иу дӕ исты куы рӕдийын кӕна кӕнӕ-иу исты фӕлварӕныл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу дӕ нӕ хъӕудзӕн рахъуыды-бахъуыды кӕнын, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ. Ды уый уӕдмӕ дӕр аскъуыддзаг кӕндзынӕ, ома дын сӕйраг уыдзӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Ӕрмӕстдӕр дын уый уыдзӕн равзарӕн. Ӕмӕ дӕ фидар фӕнд уыдзӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын. Уымӕй уыдзынӕ Иовы хуызӕн. Уый кӕд тынг уӕззау фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр фидарӕй загъта: «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5).

8. Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, исты дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд?

8 Исты дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый. Уый фӕрцы-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый ма саразай. Зӕгъӕм, искӕй цардӕмбалӕн дзӕгъӕл дзырдӕппарӕнтӕ нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕхи йемӕ афтӕ нӕ дардзынӕ, цыма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Ды Йегъовӕйӕн дзырд радтай, ахӕм митӕ кӕй никуы кӕндзынӕ. Уӕд, чи не ’мбӕлы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ дӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ нӕ ауадздзысты ӕмӕ дӕ нӕ хъӕудзӕн семӕ тох кӕнын, ӕмӕ дӕхи мастӕй бахиздзынӕ. «Фыдгӕнджыты фӕндагӕй» дӕхи «дард айсдзынӕ» (Ӕмб. 4:14, 15).

9. Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрынӕн?

9 Ӕмбырдтӕм цӕуын дӕ чи хъыгдардзӕн, ахӕм куыстмӕ дӕ куы хоной, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Уый ӕнӕуи дӕр зоныс. Уыцы куыстӕн йӕ кой, йӕ хъӕр нӕма уыд, афтӕ ды аскъуыддзаг кодтай, ахӕм куыстыл кӕй не сразы уыдзынӕ. Ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕндзынӕ: «Уӕдта ацы куыстмӕ бацӕуин. Кӕд мын рауаид кусын дӕр ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр». Уый раст уынаффӕ нӕ уыдзӕн. Йесойыл-иу ахъуыды кӕн. Уый алкӕддӕр фӕндыд алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Йӕ цӕвиттон дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕхицӕн уайтагъд ӕмӕ фидарӕй зӕгъай, дӕхи кӕмӕн снывонд кодтай, уыцы Хуыцауы зӕрдӕ кӕй ницӕмӕй фӕриссын кӕндзынӕ (Матф. 4:10; Иоан. 8:29).

10. Донаргъуыды фӕстӕ дын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуай?

10 Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай кӕнӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дын уыдзӕн фадат, цӕмӕй равдисай, кӕй дӕ фӕнды ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Кор. 10:13).

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ӔППЫНӔДЗУХ ЙЕСОЙЫ ФӔДЫЛ ЦӔУАЙ?

11. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Йесо Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта, ӕдзухдӕр йӕ Фыдмӕ куывта, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахс уыд (Лук. 6:12). Ӕмӕ, цӕмӕй донаргъуыды фӕстӕ ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы, Йегъовӕмӕ кӕй фӕрцы баввахс уыдзынӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын. Библийы фыст ис: «Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм» (Фил. 3:16). Чи зоны, фехъуыстай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой. Ӕмӕ ма, чи зоны, ахӕм хабӕрттӕ уый фӕстӕ дӕр хъусдзынӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ ахуыр кодтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы кӕнӕ та ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Кӕд дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр. Йегъовӕйы адӕм иу ран нӕ лӕууынц ӕмӕ сӕ алкӕддӕр фӕфӕнды фылдӕр аразын (Хъуыд. 16:9). Фӕлӕ, чи зоны, ныртӕккӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй ахӕм нысӕнттӕм тырнай. Уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ды иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр дӕ. Сӕйраг у, цӕмӕй фидар уай ӕмӕ дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорай (Матф. 10:22). Ма рох кӕн, Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны, дӕ уавӕрты дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, уымӕн. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕудзынӕ (Пс. 26:1).

Хо донаргъуыд райста ӕмӕ йӕ мидбылты худгӕйӕ бассейны лӕууы. Гыццыл тымбыл нывты: 1. Хъусын кӕны. 2. Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕны. 3. Нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕны; рухсы телтӕ уадзы.

Донаргъуыды фӕстӕ дӕ нысан уӕд, Йегъовӕмӕ кӕй фӕрцы ӕввахсдӕр кӕндзынӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын (кӕс 11 абзац)


12, 13. Кӕд дӕ зӕрдӕйы зынг мынӕг кӕнын райдыдта, уӕд дӕ бон цы у аразын? (1 Коринфӕгтӕм 9:16, 17). (Кӕс рамкӕ дӕр «Дарддӕр дӕр дӕ фӕндагыл згъор».)

12 Фӕлӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй нал кувыс кӕнӕ раздӕрау цингӕнгӕйӕ нал хъусын кӕныс. Кӕнӕ та, чи зоны, Библи кӕсын дӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг нал цӕуы. Уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтты. Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нӕ хатт фӕфӕнды цыдӕр аразын, хатт та нӕ фӕфӕнды. Кӕд дӕ зӕрдӕйы зынг мынӕг кӕнын райдыдта, уӕд ахъуыды кӕн апостол Павелы цӕвиттоныл. Кӕд Павел архайдта, цӕмӕй Йесойы фӕзмыдтаид, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, хатт-иу ӕй афтӕ тынг кӕй нӕ фӕнддзӕн цыдӕр аразын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 9:16, 17.) Уый загъта: «Кӕд ӕй ӕвӕндонӕй аразын, уӕддӕр мын, Хуыцау мын мӕ бар цы бакодта, уый ӕнӕкӕнгӕ нӕй». Ӕндӕр ныхасӕй, Павелӕн йӕ нысан уыд, дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнын, уый йӕ фӕндыдаид ӕви нӕ, уӕддӕр.

13 Ды дӕр Павелау де ’нӕххӕст зӕрдӕйы коммӕ ма кӕс. Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, раст цы у, уый кӕй араздзынӕ, уый-иу дӕ куы нӕ фӕнда, уӕд дӕр. Дӕ хъуыддӕгтӕ уымӕ ӕркӕндзысты, ӕмӕ та дӕ зӕрдӕйы зынг ногӕй ссудздзӕн. Ныр та уал Библи иртас, Йегъовӕмӕ кув, стӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цу. Уыдӕттӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуай. Уыцы хъуыддӕгтӕ ӕдзух куы кӕнай, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр ныфсы хос уыдзынӕ (1 Фес. 5:11).

Дарддӕр дӕр дӕ фӕндагыл згъор

Цалдӕр нывы: 1. Спортсмен пайда хӕринаг хӕры; гыццыл тымбыл нывы ӕфсымӕр Библи кӕсы. 2. Спортсмен йе уӕнгтӕ ивазы; гыццыл тымбыл нывы ӕфсымӕр ӕмбырды дзуапп дӕтты. 3. Спортсмен згъоры; гыццыл тымбыл нывы ӕфсымӕр стендимӕ хъусын кӕны.

Спортсмен хъуамӕ уа фидар ӕмӕ ӕнӕниз, цӕмӕй йӕ бон бауа ерысы кӕронмӕ азгъорын. Раст афтӕ дӕуӕн дӕр дӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар, цӕмӕй донаргъуыды фӕстӕ дӕр дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай.

«УӔ ЗӔРДӔТӔМ-ИУ НЫККӔСУТ»

14. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн? (2 Коринфӕгтӕм 13:5).

14 Хорз уыдзӕн донаргъуыды фӕстӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсай. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 13:5.) Ахъуыды-иу кӕн, уайы дын ӕви нӕ алы бон дӕр Хуыцаумӕ кувын, Библи кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын, алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнын. Чи зоны дӕ хъӕуы исты фӕхуыздӕр кӕнын. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ бон у иннӕтӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ бамбарын кӕнын? Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй мын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсса? Йегъовӕмӕ бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй фӕкувын ӕмӕ мӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, мӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр кӕй дарын? Ӕмбырдтӕ нӕ фӕцух кӕнын? Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕмбырдты лӕмбынӕгдӕр хъусон ӕмӕ дзуаппытӕ арӕхдӕр дӕттон кӕнӕ-иу дзуаппытӕ хуыздӕр бацӕттӕ кӕнон?»

15, 16. Иу ӕфсымӕр фӕлварӕны фидар куыд фӕлӕууыд ӕмӕ йын йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

15 Ахсджиаг ма у, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ нӕм ис, ууыл. Ӕфсымӕр Ро́берт радзырдта, цы хабар ыл ӕрцыд, уый: «Иу-20 азы мыл куы цыд, уӕд иу ран куыстон. Иу бон мын куыстӕй иу сылгоймаг куысты фӕстӕ афтӕ бакодта, нӕхимӕ, дам, дӕ хонын. Загъта мын, ничи, дам, нӕ хъыгдардзӕн ӕмӕ нӕ рӕстӕг хорз арвитдзыстӕм. Фыццаг цыдӕр ӕнӕбары ӕфсӕнттӕ скодтон. Фӕлӕ йын стӕй загътон, йемӕ кӕй нӕ ацӕудзынӕн ӕмӕ йын бамбарын кодтон, цӕуылнӕ, уый». Роберт фидар фӕлӕууыд. Уый тыххӕй раппӕлинаг у. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы хабарыл ногӕй ахъуыды кодта ӕмӕ стӕй афтӕ загъта: «Иосиф Потифа́ры усӕн уайтагъд ӕмӕ фидарӕй дзуапп радта (Райд. 39:7–9). Фӕлӕ ӕз фыццаг ракӕ-бакӕ кодтон. Мӕхӕдӕг дӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ мын „нӕ“ зӕгъын афтӕ зын уыдзӕн. Ацы хабары руаджы бамбӕрстон, цыдӕр мӕ кӕй хъӕуы саразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уон».

16 Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Роберты хуызӕн дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Кӕд фӕлварӕны фидар фӕлӕууыдтӕ, уӕддӕр ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «„Нӕ“ уайтагъд загътон ӕви ракӕ-бакӕ кодтон?» Цыдӕр дӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы, уый куы бамбарай, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Хорз у, ныр кӕй зоныс, цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинад дӕм кӕй ис, уый. Йегъовӕмӕ-иу кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна уыцы лӕмӕгъдзинадӕй фервӕзынӕн. Ӕмӕ архай, цӕмӕй дӕ тынгдӕр фӕнда, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын (Пс. 139:23, 24).

17. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд уый йӕ номыл куыд фӕзыны?

17 Роберты хабарӕй ма ноджыдӕр цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. Уый загъта: «Уыцы сылгоймагимӕ ацӕуыныл куы не сразы дӕн, уӕд мын афтӕ бакодта: „Экзамен радтай“. Ӕз ӕй бафарстон: „Уымӕй дӕ цы зӕгъын фӕнды?“ Уый мын загъта, ис, дам, мын иу ӕмбал, раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыд. Ӕмӕ, дам, мын афтӕ, ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ иууылдӕр сусӕгӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразынц. Ӕмӕ, гӕнӕн куы уа, уӕд, дам, ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ ӕвзӕр ми бакӕндзысты. Гъемӕ уыцы сылгоймаг йе ’мбалӕн загъта, кӕй мӕ бафӕлвардзӕн. Ӕмӕ уӕд тынг фӕцин кодтон, Йегъовӕйы ном кӕй скадджын кодтон, ууыл».

18. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ цы фӕнды аразын? (Кӕс рамкӕ дӕр «Ацы статьятӕ дӕ зӕрдӕмӕ ӕнӕмӕнг фӕцӕудзысты».)

18 Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд равдисы, кӕй йӕ фӕнды алы уавӕры дӕр Хуыцауы ном рухс кӕнын. Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ кӕй зоны, цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлыс ӕмӕ дӕм цы лӕмӕгъдзинӕдтӕ ис, уый. Ӕппӕт хъарутӕй куы архайай, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайай, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ дӕтдзӕн (Лук. 11:11–13). Йегъовӕйы фӕрцы дӕ бон уыдзӕн донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын.

Ацы статьятӕ дӕ зӕрдӕмӕ ӕнӕмӕнг фӕцӕудзысты

Не ’рыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, сымахӕн сайты jw.org рацыд дыууӕ статьяйы «Вопросы молодёжи. Что нужно делать после крещения?». Фыццаг статья уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уат. Дыккаг статья та уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайат, фӕлварӕныл куы сӕмбӕлат кӕнӕ уӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Чырыстӕттӕ алы бон дӕр «хъизӕмӕртты хъӕд» куыд хӕссынц?

  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуай?

  • Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уай?

89 ЗАРӔГ Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын