Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 мартъи 26–31 фф.
  • Йегъовӕ дӕ райгонд у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ дӕ райгонд у
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ИУӔЙ-ИУТӔМ АФТӔ ЦӔМӔН ФӔКӔСЫ, ӔМӔ СӔ ЙЕГЪОВӔ РАЙГОНД НӔУ?
  • ЙЕГЪОВӔ КУЫД ӔВДИСЫ, РАЙГОНД НӔ КӔЙ У, УЫЙ?
  • ЦӔМӔЙ МА ВӔЙЙЫ БӔРӔГ, ЙЕГЪОВӔ НӔ РАЙГОНД КӔЙ У?
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕ дӕ уарзы фӕлмӕн уарзтӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 мартъи 26–31 фф.

13 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

127 ЗАРӔГ Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?

Йегъовӕ дӕ райгонд у

«Ды дӕ... мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (ЛУК. 3:22).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, ууыл.

1. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕрты цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны?

МАХ ӕй зонӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмӕй райгонд кӕй у. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйӕн йӕ адӕм хӕссынц циндзинад» (Пс. 149:4). Фӕлӕ хатт кӕмӕндӕрты сӕ ныфс афтӕ тынг асӕтты, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Цымӕ Йегъовӕ мӕнӕй дӕр у райгонд?» Хатт-иу ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд Йегъовӕйы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр (1 Сам. 1:6–10; Иов 29:2, 4; Пс. 51:11).

2. Йегъовӕ райгонд кӕмӕй вӕййы?

2 Библийӕ бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй райгонд уа. Уый тыххӕй адӕймаг хъуамӕ Йесо Чырыстийыл баууӕнда ӕмӕ донаргъуыд райса (Иоан. 3:16). Афтӕмӕй иннӕтӕ базонынц, йӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн (Хъуыд. 2:38; 3:19). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, уыцы къахдзӕфтӕ куы саразӕм ӕмӕ йӕм куы баввахс вӕййӕм. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, цӕмӕй йын цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ нӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайдзӕн (Пс. 25:14).

3. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Фӕлӕ цымӕ иуӕй-иутӕм хатт афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ Хуыцау райгонд нӕу? Йегъовӕ куыд ӕвдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, райгонд нӕ кӕй у, ууыл?

ИУӔЙ-ИУТӔМ АФТӔ ЦӔМӔН ФӔКӔСЫ, ӔМӔ СӔ ЙЕГЪОВӔ РАЙГОНД НӔУ?

4, 5. Нӕхимӕ ницӕйаг куы кӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

4 Бирӕтӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сӕхимӕ ницӕйаг кӕсынц (Пс. 88:15). Ӕфсымӕр Адриа́н радзырдта: «Цӕрӕнбонты афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ ницы пайда ис. Гыццылӕй-иу Йегъовӕмӕ куывтон, зӕгъын, мын мӕ бинонтӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй дзӕнӕты цӕрой. Фӕлӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕхӕдӕг уый аккаг нӕ дӕн». То́нийӕн йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыдысты. Уый загъта: «Мӕ ныййарджытӕ мын никуы дзырдтой, кӕй мӕ уарзынц ӕмӕ мӕ сӕрыстыр кӕй сты. Уый тыххӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ, цыфӕнды ма саразон, уӕддӕр мӕ райгонд никуы уыдзысты».

5 Кӕд мах дӕр хатт нӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕны. Уый нӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Чи зоны, нӕхӕдӕг нӕ уынӕм, цавӕр хорз миниуджытӕ нӕм ис, уый. Йегъовӕ та сӕ уыны. Уый нӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны (1 Сам. 16:7; 2 Аз. 6:30). Уӕдӕ нын куы фӕдзуры, зынаргъ ын кӕй стӕм, уӕд хъуамӕ ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (1 Иоан. 3:19, 20).

6. Апостол Павелмӕ йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд?

6 Иуӕй-иу чырыстӕтты ныр дӕр ма сӕ цӕсгом фӕхӕры, рӕстдзинад цалынмӕ нӕ базыдтой, уӕдмӕ цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, уыдоны тыххӕй (1 Пет. 4:3). Иннӕтӕ та сӕхи фӕхӕрынц сӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй. Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны ӕмӕ дӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсыс? Кӕд о, уӕд дӕхи ӕгӕр ма хӕр. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ-иу уыди Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павелӕн-иу йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта, мӕнӕ, дам, цы мӕгуыр дӕн (Ром. 7:24). Ӕмӕ кӕд Павел йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ донаргъуыд райста, уӕддӕр йӕхицӕй загъта, ӕз, дам, дӕн «апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр» ӕмӕ «тӕригъӕдджынтӕн... сӕ фыццаг» (1 Кор. 15:9; 1 Тим. 1:15).

7. Кӕд раздӕр цавӕрдӕр тӕригъӕдтӕ сарӕзтам, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

7 Нӕ уӕларвон Фыд нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Пс. 86:5). Уӕдӕ нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Кол. 2:13).

8, 9. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ фаг нӕ аразӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

8 Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм. Фӕлӕ кӕмӕдӕрты афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ фаг нӕ аразынц ӕмӕ сӕ Йегъовӕ райгонд никуы уыдзӕн. Хо Ама́ндӕ загъта: «Мӕхицӕй райгонд никуы вӕййын. Ӕдзух мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы аразын, уый фаг нӕу. Ӕмӕ уый тыххӕй арӕх мӕхицӕй, мӕ бон цы нӕу, уый фӕдомын. Ӕмӕ мын цыдӕр куы нӕ рауайы, уӕд мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл фӕхуды ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Йегъовӕйы дӕр фӕфыдӕнхъӕл кодтон».

9 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм хъуыдытӕй фервӕзӕм? Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ тызмӕг Хуыцау нӕу, уый у ӕмбаргӕ. Уый нӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр никуы фӕдомы. Йегъовӕ фӕаргъ кӕны, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразӕм, уымӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм рагон лӕггадгӕнджытыл дӕр, зӕгъӕм, Павелыл. Уый бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Мингай километртӕ фӕцыди, ӕмӕ йӕ фӕрцы фӕзынд бирӕ ног ӕмбырдтӕ. Фӕлӕ стӕй йӕ уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ йӕ бон нал уыд, раздӕр цас хъусын кодта, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Цымӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Павел дарддӕр дӕр, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта (Хъуыд. 28:30, 31). Махӕн дӕр нӕ уавӕртӕ фӕивынц, ӕмӕ нӕ бон куы фылдӕр вӕййы аразын, куы та – къаддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр у, цӕмӕн ын лӕггад кӕнӕм, уый. Ныр та ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ куыд ӕвдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый.

ЙЕГЪОВӔ КУЫД ӔВДИСЫ, РАЙГОНД НӔ КӔЙ У, УЫЙ?

10. Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, уый нӕ бон кӕд вӕййы «фехъусын»? (Иоанны 16:27).

10 Библийы уылты. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕдзуры, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у. Йегъовӕ Йесойӕн дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, ды дӕ мӕ уарзон, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Библийы дыууӕ раны (Матф. 3:17; 17:5). Дӕу дӕр куыннӕ фӕндид, цӕмӕй дын Йегъовӕ ахӕм хъарм ныхӕстӕ зӕгъа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нӕм уӕлӕрвтӕй не ’рдзуры. Уый немӕ фӕныхас кӕны Библийы уылты. Йегъовӕйы хъӕлӕс «фӕхъусӕм», Евангелиты Йесойы ныхӕстӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд. (Бакӕс Иоанны 16:27.) Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн. Уый-иу йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй ӕппӕлыд ӕмӕ-иу сын дзырдта, кӕй сӕ уарзы, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр. Уӕдӕ-иу Йесойы ныхӕстӕ куы кӕсай, уӕд-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уыцы ныхӕстӕ дын Йегъовӕ куыд дзуры, уый (Иоан. 15:9, 15).

Хо хӕдзары Библи кӕсы.

Йегъовӕ алыхуызӕтты ӕвдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый (кӕс 10 абзац)


11. Зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу? (Иаковы 1:12).

11 Кӕй нын ӕххуыс кӕны, уымӕй. Йегъовӕ нын бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕны. Зӕгъӕм, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын дӕтты. Фӕлӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахизы, рӕстгӕнӕг Иовы куыд нӕ бахызта, афтӕ (Иов 1:8–11). Зындзинӕдтӕ кӕй февзарӕм, уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Ахӕм рӕстӕджыты нӕхиуыл банкъарӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны. Стӕй ма нын фӕзыны фадат, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый. (Бакӕс Иаковы 1:12.)

12. Дмитрийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Ӕркӕсӕм, ӕфсымӕр Дмитрийыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Ӕнӕ куыстӕй баззад ӕмӕ бирӕ мӕйты дӕргъы йӕ бон нӕ уыд куыст ссарын. Уыцы рӕстӕг Дмитрий райдыдта фылдӕр хъусын кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дары. Рӕстӕг цыди, фӕлӕ уӕддӕр куыст нӕ ардта. Фӕстӕдӕр Дмитрий тынг фӕрынчын ӕмӕ ӕруатон. Йӕ бон нал уыд, йӕ бинонты раз ыл цы хӕстӕ уыд, уыдон ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ ӕвзӕр фыд ӕмӕ ӕвзӕр сӕрыхицау у ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал у. Иу изӕр йӕ чызг гӕххӕттыл рауагъта Исайы 30:15 стихы фыст ныхӕстӕ: «Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат». Уыцы гӕххӕтт йӕ фыдӕн ӕрбахаста ӕмӕ йын загъта: «Па, зын дын куы уа, уӕд-иу ацы стих ӕрхъуыды кӕн». Уӕд Дмитрий бамбӕрста, Йегъовӕйы фӕрцы йӕ бинонтӕн кӕй уыд хӕринаг, дзаумӕттӕ ӕмӕ цӕрӕнбынат. Уый загъта: «Мӕн хъуыди ӕрмӕстдӕр иу цыдӕр аразын: хъуамӕ ма тыхстаин ӕмӕ дарддӕр дӕр мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаин». Кӕд ды дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай.

Ӕфсымӕр хуыссӕны хуыссы; йӕ иу къухы ис гӕххӕтт, йӕ иннӕ къухыл та йын йӕ гыццыл чызг хӕцы.

Йегъовӕ алыхуызӕтты ӕвдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый (кӕс 12 абзац)a


13. Йегъовӕ кӕй уылты равдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый ӕмӕ уый куыд равдисы?

13 Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уылты. Йегъовӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уылты равдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый. Зӕгъӕм, ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд йӕ бон вӕййы искӕй баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй нын хъӕугӕ ныхӕстӕ зӕгъа ӕмӕ нӕ бафидар кӕна. Уый йӕхиуыл бавзӕрста Азийӕ иу хо. Уыцы хо ӕнӕ куыстӕй баззад, стӕй ма уӕззау низӕй дӕр фӕрынчын. Фӕстӕдӕр та йӕ сӕрыхицау уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕй нал лӕггад кодта. Хо загъта: «Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, уыдӕттӕ мыл цӕмӕн ӕрцыдысты. Хъуыды кодтон: „Мыййаг, цыдӕр раст нӕ сарӕзтон ӕмӕ мӕ Йегъовӕ райгонд нал у?“» Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын равдыстаид, райгонд дзы кӕй у, уый. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдӕн дзуапп радта. Уый зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мемӕ аныхас кодтой ӕмӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй федтаин, Йегъовӕ мӕ ныр дӕр кӕй уарзы». Фӕстӕдӕр та Йегъовӕмӕ ногӕй афтӕ скуывта. Ӕмӕ та йын Йегъовӕ дзуапп радта. Хо загъта: «Тӕккӕ уыцы бон ме ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй писмо райстон. Цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ мӕм ныффыстой, уыдон куы бакастӕн, уӕд бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ кӕй фехъуыста». Ацы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ, райгонд нӕ кӕй у, уый арӕх иннӕты уылты равдисы (Пс. 10:17).

Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы хойы бабӕрӕг кодтой. Йемӕ ныхас кӕнынц, сӕ Библитӕ сты гом.

Йегъовӕ алыхуызӕтты ӕвдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый (кӕс 13 абзац)b


14. Йегъовӕ ма куыд равдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый?

14 Йегъовӕ ма куыд равдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый? Куы фӕхъӕуы, уӕд нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты уынаффӕ ратты. Зӕгъӕм, 1 ӕнусы Йегъовӕ Павелӕн ныффыссын кодта 14 фыстӕджы. Уыцы фыстӕджыты Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фӕлмӕнӕй, фӕлӕ комкоммӕ уынаффӕтӕ радта. Цымӕ йын Йегъовӕ уыцы уынаффӕтӕ цӕмӕн ныффыссын кодта? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у хорз Фыд. Уый йӕ сывӕллӕтты уарзы ӕмӕ сын зонд бацамоны (Ӕмб. 3:11, 12). Уӕдӕ нын исчи Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ куы ратты, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Уымӕй бӕрӕг вӕййы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны (Дзут. 12:6). Ноджыдӕр ма цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, уый?

ЦӔМӔЙ МА ВӔЙЙЫ БӔРӔГ, ЙЕГЪОВӔ НӔ РАЙГОНД КӔЙ У?

15. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

15 Йегъовӕ, райгонд кӕмӕй у, уыдонӕн дӕтты йӕ сыгъдӕг тых (Матф. 12:18). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстайыл: «Уайы мын, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ ӕвдисын?» Чи зоны, бафиппайдтай, Йегъовӕйы куы базыдтай, уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕразондӕр кӕй сдӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдоныл цас фылдӕр бакусай ӕмӕ дӕ удыхъӕды цас тынгдӕр уой бӕрӕг, уыйас ӕй тынгдӕр уындзынӕ, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у. (Кӕс рамкӕ «Сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ».)

Ацӕргӕ сылгоймагӕн йӕ дзӕкъулӕй хӕринӕгтӕ ӕрхаудысты. Ӕфсымӕр ын сӕ ӕмбырд кӕны.

Цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у? (кӕс 15 абзац)


Сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базондзынӕ ацы фараст статьяйӕ (Гал. 5:22, 23).

  • «Уарзондзинад – арфӕйаг миниуӕг» (w17.08)

  • «Циндзинад – Хуыцауӕй лӕвӕрд миниуӕг» (w18.02)

  • «Фарн. Цӕй фӕрцы дзы схайджын уыдзынӕ?» (w18.05)

  • «Фӕразондзинад – ныфс сӕттын чи нӕ уадзы, уыцы миниуӕг» (w18.08)

  • «Хӕларзӕрдӕдзинад – ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй бӕрӕг чи вӕййы, ахӕм миниуӕг» (w18.11)

  • «Хорздзинад. Дӕ бон ӕй куыд у дӕ удыхъӕды фидар кӕнын?» (w19.03)

  • «Уырнындзинад – ис ын стыр тых» (w19.08)

  • «Фӕлмӕн удыхъӕд. Ацы миниуӕг ахсджиаг цӕмӕн у?» (w20.05)

  • «Хиуыл хӕцын. Уый хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм» (w20.06)

16. Йегъовӕ дын хорз хабар хъусын кӕнын дӕ бар кӕй бакодта, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? (1 Фессалоникӕгтӕм 2:4).

16 Йегъовӕ, райгонд кӕмӕй у, уыдонӕн сӕ бар бакӕны хорз хабар хъусын кӕнын. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:4.) Ӕркӕсӕм хо Джо́селины хабармӕ. Иу райсом тынг ныфссаст уыди. Уый загъта: «Пионерӕй лӕггад кодтон, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ уацамынды ацыдаин. Фӕлӕ мӕм тыхы мур нӕ уыд ӕмӕ хъуыды кодтон: „Гъер мӕ бон кӕмӕн уыдзӕн баххуыс кӕнын?“ Фӕлӕ скуывтон ӕмӕ уацамынды ацыдтӕн». Уыцы райсом Джоселин базонгӕ иу хӕларзӕрдӕ сылгоймагимӕ, Мэриимӕ. Мэри Библи ахуыр кӕныныл сразы. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ загъта, Джоселин ын йӕ дуар куы бахоста, уӕд Хуыцаумӕ кӕй куывта ӕмӕ дзы ӕххуыс кӕй куырдта. Уыцы хабарӕй Джоселин иу цыдӕр бамбӕрста. Уый загъта: «Афтӕ мӕм каст, цыма мын Йегъовӕ дзуры: „Ӕз дӕ райгонд дӕн“». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз хабар кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдонӕй алчи нӕ байхъусы. Фӕлӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, ууыл.

Дыууӕ хойы стенды раз лӕууынц ӕмӕ ӕрыгон чызгӕн хъусын кӕнынц.

Цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у? (кӕс 16 абзац)c


17. Викторийӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? (Псалом 5:12).

17 Йегъовӕ, райгонд кӕмӕй у, уыдонӕн Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны (1 Тим. 2:5, 6). Фӕлӕ, кӕд баууӕндыдтӕ, Чырысти мах тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл ӕмӕ донаргъуыд райстай, уӕддӕр дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Рох дӕ ма уӕд: зӕрдӕ сайын дӕр зоны, фӕлӕ Йегъовӕйыл та алкӕддӕр ис ӕууӕндӕн. Чырысти йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл чи ӕууӕнды, уыдоны Йегъовӕ нымайы рӕстгӕнджытыл ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй сын арфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 5:12; Ром. 3:26.) Хо Викторийӕ радзырдта, Чырыстийы нывондыл кӕй хъуыды кодта, уый йын куыд баххуыс кодта. Уый загъта: «Йегъовӕ уал азы дӕргъы мемӕ фӕразон уыд... Ӕз та йын цыма афтӕ дзырдтон: „Дӕ уарзондзинад ахӕм стыр нӕу, цӕмӕй дзы мӕнӕн дӕр фӕхай кӕнай. Мӕ тӕригъӕдтӕй мӕ дӕ Фырты нывонд дӕр не ссыгъдӕг кӕндзӕн“». Викторийӕ Чырыстийы нывондыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы бамбӕрста, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы. Мах дӕр Чырыстийы нывондыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ райгонд кӕй у, ууыл.

Ӕфсымӕр ис ахӕстоны, йӕ цӕстытыл уайын кӕны Йесойы хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъдӕй.

Цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у? (кӕс 17 абзац)


18. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

18 Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дӕр-иу, чи зоны, хатт дӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у, ууыл. Ахӕм рӕстӕг-иу дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ, «чи йӕ уарзы», уыдонӕй райгонд у (Иак. 1:12). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ-иу фен, райгонд дӕ кӕй у, уый куыд ӕвдисы. Рох дӕ макуы уӕд: Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу»! (Хъуыд. 17:27).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Иуӕй-иутӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ райгонд нӕу?

  • Йегъовӕ куыд ӕвдисы, райгонд нӕ кӕй у, уый?

  • Цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, ууыл?

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

a НЫВ. Къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ.

b НЫВ. Къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ.

c НЫВ. Къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын