Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 апрель 2–7 фф.
  • Ӕппӕт хъарутӕй тырн фӕлтӕрддзинадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕппӕт хъарутӕй тырн фӕлтӕрддзинадмӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФӔЛТӔРД ЧЫРЫСТОН КУЫД ФӔХЪУЫДЫ КӔНЫ ӔМӔ КУЫД ФӔАРХАЙЫ?
  • ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ФӔЛТӔРД ЧЫРЫСТӔТТӔ СУӔМ?
  • ХЪӔБӔР ХӔРИНАГ НӔ ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?
  • АФТӔ ЦӔУЫЛНӔ ХЪУАМӔ ХЪУЫДЫ КӔНӔМ, ӔМӔ КӔД ФӔЛТӔРДДЖЫН СИСТӔМ, УӔД НӔ ДАРДДӔР НИЦЫУАЛ ХЪӔУЫ АРАЗЫН?
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы фыстӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Чырыстийау фӕлтӕрдджын суай, уымӕ тырныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй ныр дӕр ма истӕуыл ахуыр кӕнӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 апрель 2–7 фф.

14 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

56 ЗАРӔГ Рӕстдзинад тынг бауарз

Ӕппӕт хъарутӕй тырн фӕлтӕрддзинадмӕ

«Ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ» (ДЗУТ. 6:1).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Фӕлтӕрд чырыстӕттӕн цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъуыды кӕной, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йын архайой ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссой.

1. Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

ЛӔГ ӕмӕ усӕн сывӕллон куы райгуыры, уӕд тынг фӕцин кӕнынц. Фӕлӕ кӕд сӕ гыццыл хъӕбулы тынг фӕуарзынц, уӕддӕр сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм ноггуырд сывӕллон уа. Сывӕллон куы нӕ рӕза, уӕд уый ныййарджыты мӕты бафтаудзӕн. Афтӕ Йегъовӕ дӕр тынг фӕцин кӕны, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куы свӕййӕм ӕмӕ фыццаг къахдзӕфтӕ куы скӕнӕм, уӕд. Фӕлӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл ӕнустӕм сабитӕй баззайӕм (1 Кор. 3:1). Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй суӕм «стыр адӕймӕгтӕ», ома фӕлтӕрд чырыстӕттӕ (1 Кор. 14:20).

2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Фӕлтӕрд чырыстон куыд фӕхъуыды кӕны ӕмӕ куыд фӕархайы? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм? Хъӕбӕр хӕринаг нӕ цӕмӕн хъӕуы? Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ кӕд фӕлтӕрдджын систӕм, уӕд нӕ дарддӕр ницыуал хъӕуы аразын? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы.

ФӔЛТӔРД ЧЫРЫСТОН КУЫД ФӔХЪУЫДЫ КӔНЫ ӔМӔ КУЫД ФӔАРХАЙЫ?

3. Чырыстонӕй кӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ сси «стыр адӕймаг»?

3 Библийы «стыр адӕймаг»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма фӕамоны «фӕлтӕрд» кӕнӕ «ӕххӕст» (1 Кор. 2:6). Сывӕллон стырӕй-стырдӕр куыд фӕкӕны ӕмӕ стыр адӕймаг куыд свӕййы, афтӕ мах дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр рӕзӕм, ома Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд суыдзыстӕм фӕлтӕрд чырыстӕттӕ. Фӕлӕ уыцы нысан нӕ къухы куы бафта, уӕд дӕр хъуамӕ ма ’рлӕууӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр рӕзӕм (1 Тим. 4:15). Не ’ппӕтӕн дӕр, суанг ӕрыгӕттӕн дӕр, нӕ бон у, ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм. Фӕлӕ цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ кӕй систӕм, уый?

4. Фӕлтӕрд чырыстон цавӕр вӕййы?

4 Фӕлтӕрд чырыстон феххӕст кӕны Йегъовӕйӕн йӕ алы фӕдзӕхст дӕр. Нӕ фӕравзар-бавзар кӕны, зӕгъгӕ мӕ ацы фӕдзӕхст фӕнды ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕндзынӕн, ай та – нӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕдигӕ дӕр кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст у. Фӕлӕ уӕддӕр алы бон дӕр йӕ цардӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ кӕй хъуыды кӕны ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй архайы. Уый йӕ удыхъӕд ногмӕ раивта ӕмӕ ӕдзухдӕр фӕархайы, цӕмӕй йӕ зондахаст ноджы тынгдӕр суа Йегъовӕйы зондахасты хуызӕн (Еф. 4:22–24). Уый сахуыр Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ йӕ нӕ хъӕуы алы хъуыддаджы фӕдыл закъӕттӕ, «афтӕ хъуамӕ бакӕнай» кӕнӕ «афтӕ хъуамӕ ма бакӕнай», зӕгъгӕ. Уынаффӕ куы рахӕссы, уӕд та тынг фӕархайы, цӕмӕй, цы сфӕнд кодта, уый сараза (1 Кор. 9:26, 27).

5. Ӕвӕлтӕрд чырыстонӕн тӕссаг цӕмӕйты у? (Ефесӕгтӕм 4:14, 15).

5 Рӕзгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ ӕвӕлтӕрд чи у, уыцы чырыстоны, гӕнӕн ис, ӕнцонтӕй фӕсайой, «хинӕй чи архайы» ӕмӕ «хинвӕндтӕ чи кӕны», уыдон. Гӕнӕн ис, ӕмӕ баууӕнда, телеуынынады, интернеты, газетты ӕмӕ социалон сетьты цы мӕнг хъуыдытӕ парахат кӕнынц, уыдоныл, зӕгъӕм, кӕцыдӕр хицауад кӕнӕ организаци кӕйдӕр ныхмӕ фыдвӕнд кӕй скодта, ууыл кӕнӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон цытӕ дзурынц, уыдӕттыл. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:14, 15.)a Гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕтӕм хӕлӕг кӕна, семӕ хыл кӕна, тӕргӕйттӕ кӕна кӕнӕ йӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд фидар ма фӕлӕууа (1 Кор. 3:3).

6. Фӕлтӕрдджындӕр куыд кӕнӕм, уый цӕмӕн ис абарӕн, сывӕллон куыд стыр кӕны, уыимӕ? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй, фӕлтӕрдджындӕр куыд кӕнӕм, уый Библи бары, сывӕллон куыд стыр кӕны, уыимӕ. Сывӕллон нырма бирӕ цыдӕртӕ нӕ фӕзоны. Ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй стыртӕй исчи йемӕ уа, хъахъхъӕна йӕ ӕмӕ йын амона, цы саразын хъӕуы, уый. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Мад йӕ гыццыл чызгимӕ хъавы фӕндаджы сӕрты ахизынмӕ, ӕмӕ сывӕллонӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ къухыл хӕца. Куы фестырдӕр, уӕд ӕй иунӕгӕй ауагъта, фӕлӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фӕндагмӕ кӕй хъуамӕ кӕса. Уый фӕстӕ чызг сыстыр ӕмӕ ныр йӕхӕдӕг зоны, фӕндаджы сӕрты ӕнӕфыдбылызӕй куыд хъӕуы ахизын, уый. Гыццыл сывӕллӕтты фӕхъӕуы стырты ӕххуыс, цӕмӕй сӕхи бахизой, тӕссаг сын цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Раст афтӕ ӕвӕлтӕрд чырыстӕтты дӕр арӕх фӕхъӕуы фӕлтӕрд чырыстӕтты ӕххуыс, цӕмӕй сӕхи бахизой, Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй адард уыдзысты, уыдӕттӕй ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссой. Фӕлтӕрд чырыстӕтты куы фӕхъӕуы уынаффӕ рахӕссын, уӕд уыдон та фӕхъуыды кӕнынц Библийы уагӕвӕрдтыл, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕ уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ уый фӕстӕ афтӕ бакӕнынц.

Цалдӕр нывы: 1. Ӕрыгон хо, йӕ ныййарджытӕ йын цы дзурынц, уымӕ хъусы. Йӕ планшеты гом у нӕ статьятӕй иу, йӕ ныййарджытӕн та сӕ Библитӕ сты гом. 2. Уыцы хо Библи иртасы; йӕ разы ис планшет, Библи ӕмӕ тетрад. Гыццыл тымбыл нывты: 1. Мад йӕ чызджы къухыл хӕцы ӕмӕ йын дзуры, фӕндаджы сӕрты ахизыны размӕ дыууӕрдӕм кӕй хъуамӕ акӕса. 2. Чызг сыстыр ӕмӕ фӕндаджы сӕрты йӕхӕдӕг хизы.

Фӕлтӕрд чи нӕу, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ сахуыр уой Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын (кӕс 6 абзац)


7. Фӕлтӕрд чырыстӕтты иннӕты ӕххуыс фӕхъӕуы?

7 Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕтты никуы никӕй ӕххуыс фӕхъӕуы. Уыдоны дӕр иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы иннӕтӕй ӕххуыс ракурын. Ӕвӕлтӕрд чырыстон уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йын иннӕтӕ зӕгъой, куыд хъуамӕ бакӕна, уый кӕнӕ йӕ бӕсты уынаффӕ рахӕссой. Фӕлтӕрд чырыстон та, йӕхицӕй фӕлтӕрдджындӕр чи у, уыдонӕй кӕд уынаффӕ ракуры, уӕддӕр фембары, «йӕхи хӕссинаг... йӕхӕдӕг» кӕй хъуамӕ ахӕсса ӕмӕ хъуыддаг йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна (Гал. 6:5).

8. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

8 Стыр адӕймӕгтӕ цӕсгомӕй ӕмхуызон не сты. Афтӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц сӕ миниуджытӕй. Зӕгъӕм, иу дзы у уӕззаузонд ӕмӕ ӕмбаргӕ, иннӕ – тынг хъӕбатыр, чидӕр у тынг рӕдау, чидӕр та йӕ зӕрдӕмӕ тынг арф айсы иннӕты зын. Уымӕй уӕлдай, кӕцыдӕр уавӕры иу фӕлтӕрд чырыстон цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уыцы уавӕры ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстон, гӕнӕн ис, ахӕм уынаффӕ ма рахӕсса, фӕлӕ дыууӕ дӕр Библимӕ гӕсгӕ раст уыдзысты. Арӕх афтӕ рауайы, адӕймаг ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ. Ахӕм уавӕрты фӕлтӕрд чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ фаутӕ нӕ фӕхӕссынц, фӕлӕ сын ахсджиагдӕр вӕййы, цӕмӕй дарддӕр дӕр се ’хсӕн иудзинад уа (Ром. 14:10; 1 Кор. 1:10).

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ФӔЛТӔРД ЧЫРЫСТӔТТӔ СУӔМ?

9. Адӕймаг фӕлтӕрд чырыстон йӕхигъӕдӕй свӕййы? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

9 Азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ сывӕллон стырӕй-стырдӕр фӕкӕны ӕмӕ свӕййы стыр адӕймаг. Фӕлӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ та нӕхигъӕдӕй не свӕййӕм. Нӕхи дӕр фӕхъӕуы цыдӕр аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, коринфӕгтӕй бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой, райстой донаргъуыд, сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, стӕй сын апостол Павел бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта (Хъуыд. 18:8–11). Фӕлӕ сӕ донаргъуыдӕй цалдӕр азы куы рацыд, уӕд дӕр нырма фӕлтӕрд чырыстӕттӕ нӕ уыдысты (1 Кор. 3:2). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй махыл ахӕм хабар ма ’рцӕуа?

10. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм? (Иудӕйы 20).

10 Цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй уал нӕ фыццаг уый хъуамӕ фӕндгӕ бакӕна. Сывӕллонау «ӕнӕмбаргӕ» уа, уый кӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, уыдон нӕ рӕздзысты ӕмӕ чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ стыр адӕймӕгтӕ никуы суыдзысты (Ӕмб. 1:22). Вӕййы афтӕ, ӕмӕ чидӕртӕ стырӕй дӕр сӕ ныййарджытӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй уынаффӕтӕ сӕ бӕсты хӕссой. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмтӕ уӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг архайӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм. (Бакӕс Иудӕйы 20.) Кӕд нырма архайыс, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстон суай, уӕд Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Уый афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй дӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай» (Фил. 2:13).

11. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм? (Ефесӕгтӕм 4:11–13).

11 Йегъовӕ нӕ бынтон нӕхи бар нӕ ныууагъта. Уый дӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фӕлтӕрдджын суӕм. Радта нын ӕмбаргӕ фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, ӕмӕ нын уыдон ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй «нӕ лӕджы кары... бацӕуӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау... сырӕзӕм». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:11–13.) Йегъовӕ ма нын дӕтты йӕ сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй «хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» (1 Кор. 2:14–16). Уымӕй уӕлдай ма нын радта цыппар Евангелийы. Уыдонӕй ис базонӕн, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд куыд хъуыды кодта, цы дзырдта ӕмӕ куыд архайдта, уый. Ӕмӕ ды дӕр афтӕ куы хъуыды кӕнай ӕмӕ куы архайай, уӕд суыдзынӕ фӕлтӕрд чырыстон.

ХЪӔБӔР ХӔРИНАГ НӔ ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

12. Цы сты «Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ»?

12 Ноджыдӕр ма цы хъӕуы, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм? Хъуамӕ «Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ фӕстейӕ ныууадзӕм». Уыцы сӕйраг ахуырӕдтӕй иуӕй-иутӕ сты: тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын, Хуыцауыл баууӕндын, донаргъуыд райсын ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый (Дзут. 6:1, 2). Уыцы ахуырӕдтӕ сты ӕцӕг чырыстон дины бындур. Апостол Петр дӕр Фӕндзайӕм боны адӕмӕн куы хъусын кодта, уӕд сын уыдоны кой кодта (Хъуыд. 2:32–35, 38). Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг суа, уый тыххӕй хъуамӕ баууӕнда уыцы сӕйраг ахуырӕдтыл. Зӕгъӕм, Павел загъта, зӕгъгӕ, дам, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй нӕ уырны, уый ӕцӕг чырыстон схонӕн нӕй (1 Кор. 15:12–14). Фӕлӕ хъуамӕ уыцы сӕйраг ахуырӕдтыл ма ’рлӕууӕм.

13. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, Дзуттӕгтӕм 5:14 стихы цы «хъӕбӕр хӕринаджы» кой ис, уый нын пайда хӕсса? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Сӕйраг ахуырӕдтӕй уӕлдай ма ис «хъӕбӕр хӕринаг» дӕр. Уый цӕмӕй хицӕн кӕны? Хъӕбӕр хӕринагмӕ ӕрмӕст Йегъовӕйы закъӕттӕ нӕ хауынц, фӕлӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр. Уыдоны фӕрцы нӕ бон у, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарын. Цӕмӕй нын уыцы хӕринаг пайда хӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас иртасӕм, арф ыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Афтӕмӕй сахуыр уыдзыстӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:14.)b

Ӕфсымӕр Библи иртасы. Гыццыл тымбыл нывы: уыцы ӕфсымӕр аскъуыддзаг кодта денджызы тыххӕй документалон киномӕ бакӕсын.

Хъӕбӕр хӕринаг нын ӕххуыс кӕны, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн (кӕс 13 абзац)c


14. Павел коринфӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суыдаиккой?

14 Нырма фӕлтӕрд чырыстон чи нӕу, уыдонӕн арӕх зын вӕййы Библийы уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕнын ӕмӕ уынаффӕ уыдонмӕ гӕсгӕ рахӕссын. Кӕмӕдӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иугӕр Библийы бӕлвырд закъон нӕй, уӕд йӕ бон у, куыд ӕй фӕнды, афтӕ бакӕнын. Кӕйдӕрты та фӕфӕнды, цӕмӕй сын бӕлвырд амындтӕ радтой, уый кӕм нӕ фӕхъӕуы, ахӕм уавӕрты дӕр. Зӕгъӕм, коринфаг чырыстӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павелы бафарстой, мӕнг хуыцӕуттӕн нывонд хӕринӕгтӕй, дам, хӕрӕн ис ӕви нӕ. Павел сын нӕ загъта, куыд хъуамӕ бакӕной. Фӕлӕ сын бамбарын кодта, уый кӕй хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, се ’фсарм сын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ алкӕмӕн дӕр «бар кӕй ис», цӕмӕй равзара, куыд бакӕндзӕн, уый. Цы хъуыдытӕ сын загъта, уыдоны фӕрцы сӕ бон уыдаид, сӕ цӕсгом сӕ кӕй тыххӕй нӕ хордтаид, ахӕм уынаффӕ рахӕссын. Стӕй уӕд иннӕтӕн дӕр цӕлхдур не суыдаиккой (1 Кор. 8:4, 7–9). Павел коринфӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сахуыр уыдаиккой, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын. Уӕд не ’нхъӕлмӕ кастаиккой, цӕмӕй сӕ бӕсты исчи уынаффӕ рахӕсса, кӕнӕ сӕ алы хъуыддаджы фӕдыл амындтӕ нӕ хъуыдаид. Афтӕмӕй сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй суыдаиккой фӕлтӕрд чырыстӕттӕ.

15. Павел дзуттаг чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаиккой?

15 Павел дзуттаг чырыстӕттӕм цы ныффыста, уый дӕр тынг ахсджиаг у. Чидӕртӕ дзы нал рӕзыдысты, ома Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр нал кодтой, ӕмӕ та сын ногӕй хъуыди «ӕхсыр дӕттын», «хъӕбӕр хӕринаг» нӕ, фӕлӕ (Дзут. 5:12). Йегъовӕ ӕмбырды уылты гыццылгай рӕстдзинад ӕргом кодта, фӕлӕ уыцы чырыстӕттӕ фӕстейӕ баззадысты (Ӕмб. 4:18). Зӕгъӕм, бирӕтӕ дзырдтой, Моисейы закъон дӕр кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын. Афтӕмӕй та, Чырыстийы нывонд уыцы закъонӕн кӕрон куы скодта, уымӕй 30 азы бӕрц рацыд (Ром. 10:4; Тит. 1:10). 30 азы иу бон нӕу! Фагӕй фылдӕр сын уыд рӕстӕг, цӕмӕй сӕ зондахаст аивтаиккой. Павелы фыстӕг Дзуттӕгтӕм чи бакаст, уый зӕгъдзӕн, ӕцӕгдӕр дзы хъӕбӕр хӕринаг кӕй ис. Павел сын амыдта арф хъуыдытӕ. Растдӕр сӕ уый хъуыди, цӕмӕй сӕ бауырныдтаид, Йегъовӕ чырыстӕттӕн цы ног ӕгъдау ӕрфидар кодта, уый бирӕ хуыздӕр кӕй у. Стӕй ма уый фӕрцы сӕ бон уыдаид хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын, кӕд дзуттӕгтӕ сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр (Дзут. 10:19–23).

АФТӔ ЦӔУЫЛНӔ ХЪУАМӔ ХЪУЫДЫ КӔНӔМ, ӔМӔ КӔД ФӔЛТӔРДДЖЫН СИСТӔМ, УӔД НӔ ДАРДДӔР НИЦЫУАЛ ХЪӔУЫ АРАЗЫН?

16. Фӕлтӕрддзинадмӕ кӕй тырнӕм, уымӕй уӕлдай ма цы хъуамӕ аразӕм?

16 Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ куы суӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр ахӕмтӕ уӕм. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нал хъӕуы архайын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм (1 Кор. 10:12). Фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй-иу хъуамӕ нӕ «зӕрдӕтӕм... ныккӕсӕм» (2 Кор. 13:5).

17. Павел колоссӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕгӕй куыд зыны, фӕлтӕрд чырыстӕтты дарддӕр дӕр кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй алкӕддӕр ахӕмтӕ уой?

17 Павел колоссӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы дӕр ӕмбарын кӕны, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр кӕй хъуамӕ архайой, цӕмӕй алкӕддӕр ахӕмтӕ уой. Колоссӕгтӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ уыдысты. Фӕлӕ сӕ Павел уӕддӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы зондахасты къӕппӕджы ма бахаудаиккой (Кол. 2:6–10). Куыд зыны, афтӕмӕй Епафрас уыцы ӕмбырды чырыстӕтты хорз зыдта ӕмӕ ӕдзух куывта, цӕмӕй алкӕддӕр уыдаиккой фӕлтӕрд (Кол. 4:12). Павел дӕр ӕмӕ Епафрас дӕр ӕмбӕрстой, цӕмӕй адӕймаг алкӕддӕр фӕлтӕрд чырыстон уа, уый тыххӕй йӕхи дӕр кӕй хъӕуы архайын ӕмӕ йӕ Хуыцауы ӕххуыс дӕр кӕй хъӕуы. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй колоссӕгтӕ алкӕддӕр уыдаиккой «стыр адӕймӕгтӕ», ома фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлдаиккой, уӕддӕр.

18. Хатт фӕлтӕрд чырыстоныл цы ’рцӕуы? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

18 Павел дзуттӕгтӕн бамбарын кодта, фӕлтӕрд чырыстон йӕхи куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд ын тӕссаг кӕй у, ӕнустӕм Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзӕн, уымӕй. Гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕ афтӕ ныхъхъӕбӕр уа, ӕмӕ йӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын мауал фӕнда. Ӕмӕ дзы уӕд афтӕ тынг адард уыдзӕн, ӕмӕ уый гӕнӕн нал уыдзӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ йын Хуыцау ныххатыр кӕна. Хорз ӕмӕ дзуттӕгтӕн сӕ хабар бынтон афтӕ ӕвзӕр нӕ уыд (Дзут. 6:4–9). Нӕ рӕстӕджы дӕр вӕййы афтӕ, ӕмӕ чырыстӕттӕй чидӕр ӕрлӕмӕгъ вӕййы, ӕмбырдтӕм нал фӕцӕуы кӕнӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кӕны. Уымӕй бӕрӕг вӕййы, уыцы адӕймаг кӕй нӕу, Павел афтӕ кӕмӕй загъта, ӕнустӕм Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уыдоны хуызӕн. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕха, уӕд ӕй хъӕудзӕн йе ’ххуыс (Йез. 34:15, 16). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у фӕлтӕрд хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн бабар кӕнын, цӕмӕй ахӕм чырыстонӕн баххуыс кӕна фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууынӕн, ӕмӕ та Йегъовӕмӕ баввахс уа.

Ацӕргӕ ӕфсымӕр иу ӕфсымӕры хӕдзары бабӕрӕг кодта ӕмӕ дзы Библийы фӕрцы ныфс уадзы.

Йегъовӕ баххуыс кӕны, фӕстӕмӕ йӕм чи ’рбаздӕхы, уыдонӕн, цӕмӕй та йӕм баввахс уой (кӕс 18 абзац)


19. Нӕ разы цавӕр нысӕнттӕ хъуамӕ сӕвӕрӕм?

19 Кӕд фӕлтӕрддзинадмӕ тырныс, уӕд дӕ нысан дӕ къухы ӕнӕмӕнг бафтдзӕн! Дарддӕр дӕр дӕхи ӕфсад хъӕбӕр хӕринагӕй. Ӕмӕ архай, цӕмӕй дӕ зондахаст тынгӕй-тынгдӕр кӕна Йегъовӕйы зондахасты хуызӕн. Кӕд фӕлтӕрд чырыстон сдӕ, уӕд та дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй алкӕддӕр уай «стыр адӕймаг»!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Фӕлтӕрд чырыстон куыд фӕхъуыды кӕны ӕмӕ куыд фӕархайы?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм?

  • Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ кӕд фӕлтӕрдджын систӕм, уӕд нӕ дарддӕр ницыуал хъӕуы аразын?

65 ЗАРӔГ Размӕ цу!

a Сайты jw.org ӕмӕ приложенийы JW Library® рубрикӕйы «Разное» кӕс статья «Защитите себя от дезинформации!».

b Ацы номыры кӕс рубрикӕ «Темӕ иртасынӕн».

c НЫВ. Ӕфсымӕр ирхӕфсӕн ӕвзары Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын