30 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
97 ЗАРӔГ Адӕймаг цӕры Хуыцауы Ныхасы фӕрцы
Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй ныр дӕр ма истӕуыл ахуыр кӕнӕм?
«Ацы хабӕрттӕ [уын] ӕдзухдӕр уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзынӕн, кӕд сӕ зонут ӕмӕ, цы рӕстдзинад базыдтат, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр» (2 ПЕТ. 1:12).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Кӕд Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ рагӕй зонӕм, уӕддӕр дзы абон дӕр нӕ бон у нӕхицӕн зондӕн цыдӕр райсын.
1. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базыдтай, уӕд дӕ цард куыд аивта?
БИБЛИЙЫ сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базыдтам, уӕд нӕ цард фӕивта. Зӕгъӕм, куы базыдтам, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уӕд архайын райдыдтам, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккам (Ис. 42:8). Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый куы базыдтам, уӕд бамбӕрстам, чи нын амард, уыдон кӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц (Еккл. 9:10). Ӕмӕ, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый куы базыдтам, уӕд нӕ фидӕныл нал мӕт кодтам. Фидар ныфс нын фӕзынд, кӕй цӕрдзыстӕм ӕнустӕм, ӕрмӕст 70–80 азы нӕ, фӕлӕ (Пс. 37:29; 90:10).
2. Петр фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл цӕмӕн ӕрлӕууын кодта, Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл кӕй хъуамӕ хъуыды кодтаиккой? (2 Петры 1:12, 13).
2 Хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куыд ахсджиаг сты, уый, кӕннод сын нал аргъ кӕндзыстӕм. Иу цӕуылдӕр ма ахъуыды кӕнӕм. Апостол Петр йӕ дыккаг фыстӕг ныффыста, рӕстдзинадыл фидар чи хӕцыд, уыцы чырыстӕттӕм. (Бакӕс 2 Петры 1:12, 13.) Фӕлӕ уыцы рӕстӕг ӕмбырды уыди мӕнг ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕнаккаг адӕм. Уыдон архайдтой, цӕмӕй чырыстӕтты рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд кодтаиккой (2 Пет. 2:1–3). Петры фӕндыд хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕнын, цӕмӕй уыцы адӕмы зондыл ма ацыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уӕдмӕ дӕр Фыстадӕй кӕй зыдтой, уыцы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ. Уыцы ахуырӕдтыл-иу куы хъуыды кодтаиккой, уӕд сын уый баххуыс кодтаид кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайынӕн.
3. Чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дарддӕр дӕр Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл хъуыды кӕной? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
3 Кӕд Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ рагӕй зонӕм, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы ахуырӕдтӕй нӕ бон ног цыдӕртӕ базонын нӕу. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, дӕсны пъовыр ӕмӕ, пъовыр ӕрӕджы чи сси, уый хӕринаг кӕнынц ӕмхуызон продукттӕй. Дӕсны пъовыр уыцы продукттӕй алыхуызон хӕринӕгтӕ кӕнын зоны ӕмӕ ма ног хӕринӕгтӕ дӕр ӕрхъуыды кӕны. Уый зӕгъӕн ис, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ Библи ӕрӕджы чи райдыдта ахуыр кӕнын, уыдонӕй дӕр. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иутӕ зондӕн цы райсынц, уый хицӕн кӕны, иннӕтӕ дзы цы райсынц зондӕн, уымӕй. Донаргъуыд куы райстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ уавӕртӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы организацийы цы хӕстӕ ӕххӕст кодтам, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, фӕивтой. Рагӕй кӕй зонӕм, уыцы сӕйраг ахуырӕдтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд фендзыстӕм, абоны уавӕрты дӕр нын куыд баххуыс кӕндзысты. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй ӕртӕйыл ӕмӕ базондзыстӕм, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн дзы сӕ бон зондӕн райсын цы у.
ЙЕГЪОВӔ У СФӔЛДИСӔГ
4. Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уый кӕй базыдтам, уый нӕ цардыл куыд фӕзынд?
4 «Ӕппӕт саразӕг... у Хуыцау» (Дзут. 3:4). Мах зонӕм, уый у зондджын ӕмӕ хъомысджын Сфӕлдисӕг, ӕмӕ зӕхх дӕр ӕмӕ цард дӕр уый сфӕлдыста. Не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах тыххӕй алцыдӕр зоны. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ уарзы ӕмӕ йӕ зоны, цы нӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм. Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уый кӕй базыдтам, уый фӕрцы нӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивта ӕмӕ зонӕм, цӕмӕн цӕрӕм, уый.
5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм? (Исайы 45:9–12).
5 Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕм сӕрныллӕг. Зӕгъӕм, иуафон Иов Йегъовӕйӕ рӕстытӕ нал дзырдта. Ахсджиагдӕр цы у, уый дзы ӕрбайрох ӕмӕ фылдӕр хъуыды кодта йӕхиуыл ӕмӕ, йӕхи куыд сраст кӕна, ууыл. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг кӕй у (Иов 38:1–4). Ӕмӕ уый фӕрцы Иов бамбӕрста, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ адӕймаджы хъуыдытӕй уӕлдӕр кӕй сты. Уый бӕрӕг у, пехуымпар Исай фӕстӕдӕр цы ныффыста, уымӕй дӕр: «Дурынгӕнӕгӕн ӕлыг афтӕ зӕгъдзӕн: „Уый цы аразыс?“» (Бакӕс Исайы 45:9–12.)
6. Не Сфӕлдисӕг цы стыр зонды хицау у ӕмӕ куыд хъомысджын у, ууыл уӕлдай тынгдӕр кӕд фӕхъӕуы хъуыды кӕнын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
6 Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ фаг фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, ахӕм чырыстон, гӕнӕн ис, йӕхиуыл фервӕсса ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл мауал дара ӕмӕ йӕ Ныхасы, Библийы, разамынд мауал агура (Иов 37:23, 24). Фӕлӕ йе Сфӕлдисӕг цы стыр зонды хицау у ӕмӕ куыд хъомысджын у, ууыл арф куы хъуыды кӕна, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? (Ис. 40:22; Ис. 55:8, 9). Уый фӕрцы бамбардзӕн, Йегъовӕйы хъуыдытӕ йӕ хъуыдытӕй растдӕр кӕй сты. Ӕмӕ йын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уа.
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ Йегъовӕйы хъуыдытӕй растдӕрыл ма нымайӕм? (Кӕс 6 абзац)d
7. Рахелӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй, нӕ организаци цы ивындзинад скодта, уымӕ раст цӕстӕй кӕсын райдыдтаид?
7 Ӕркӕсӕм Рахе́лӕйы хабармӕ (цӕры Словенийы). Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, ууыл кӕй фӕхъуыды кӕны, уый фӕрцы раст цӕстӕй ракӕсы, Йегъовӕйы организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, уыдонмӕ. Рахелӕ дзуры: «Хатт мын ӕнцон нӕ вӕййы, бӕрнон ӕфсымӕртӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Зӕгъӕм, 2023 азы „Ног хабӕрттӕ Разамонӕг советӕй № 8“ фехъусын кодтой, амӕй фӕстӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон кӕй у боцъотӕ дарын. Фӕлӕ уӕддӕр фыццаг хатт сценӕйыл боцъоджын ӕфсымӕры куы федтон, уӕд фӕкуыддӕр дӕн. Гъемӕ Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй уыцы ивындзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсын райдыдтаин». Рахелӕ бамбӕрста, Йегъовӕ, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕй зоны, йӕ организацийӕн разамынд дӕттын куыд хъӕуы, уый. Ӕууӕнкджын цагъар нын Библийӕ исты ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны кӕнӕ нын ног разамынд куы ратты, уӕд, чи зоны, хатт дӕуӕн дӕр ӕнцон нӕ вӕййы уымӕ раст цӕстӕй ракӕсын. Ахӕм уавӕры хорз уаид, рӕстӕг-иу куы рахицӕн кӕнис ӕмӕ-иу арф куы ахъуыды кӕнис, не Сфӕлдисӕг куыд стыр зонды хицау у ӕмӕ куыд хъомысджын у, ууыл (Ром. 11:33–36).
ХУЫЦАУ ЦӔМӔН УАДЗЫ, ЦӔМӔЙ АДӔМ ЗЫНДЗИНӔДТӔ ӔВЗАРОЙ?
8. Зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм, уый кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?
8 Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм зындзинӕдтӕ ӕвзарой? Ацы фарстайӕн дзуапп чи нӕ зоны, уыдонӕй чидӕртӕ Хуыцаумӕ мӕсты кӕнынц кӕнӕ, Хуыцау кӕй ис, уый сӕ нӕ уырны (Ӕмб. 19:3). Фӕлӕ мах базыдтам, зындзинӕдтӕ Хуыцауы аххосӕй кӕй нӕ ’взарӕм, фӕлӕ, тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй. Стӕй ма базыдтам: Йегъовӕ фӕразон кӕй у ӕмӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй нӕма скодта, уый фӕрцы милуангай адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ, зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый базоной (2 Пет. 3:9, 15). Уыдӕттӕ кӕй базыдтам, уый нын удӕнцой хӕссы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм.
9. Зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм, ууыл нӕ ногӕй цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын?
9 Мах зонӕм, фӕразонӕй кӕй хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ нын исчи куы амӕлы, йе та нӕхӕдӕг кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи исты зын уавӕры куы бахауы, кӕнӕ хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлы, уӕд, чи зоны, мӕсты кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕ цӕуылнӕ фӕтагъд кӕны, цӕмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Ав. 1:2, 3). Ахӕм рӕстӕджыты-иу хорз уаид, ногӕй-иу куы ахъуыды кӕниккам, Йегъовӕ цӕмӕн уадзы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм (Пс. 34:19)a. Вӕййы ма ахъуыды кӕнӕн, Йегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕн бынтондӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл.
10. Энн йӕ мады мӕлӕтыл куы фӕмаст кӕны, уӕд ын цӕй фӕрцы фенцондӕр вӕййы?
10 Зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм, уый кӕй зонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны зын уавӕрты фидар фӕлӕууынӕн. Энн цӕры сакъадах Майо́тӕйы, уый ис Индийы океаны. Энн радзырдта: «Цалдӕр азы размӕ мӕ мад амарди. Тынг маст кодтон, дуне мыл баталынг. Фӕлӕ-иу ӕдзух мӕ зӕрдыл дардтон, Йегъовӕ нын хъизӕмӕрттӕ кӕй не ’взарын кӕны. Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй нын нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕна. Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, чи нын амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн. Уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ афтӕ ӕрсабыр вӕййы, ӕмӕ мӕхимӕ дӕр диссаг фӕкӕсы».
11. Зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм, уый кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны дарддӕр дӕр хъусын кӕнынӕн?
11 Зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кӕнын. Апостол Петр йӕ фыстӕджы бамбарын кодта, Йегъовӕ фӕразондзинад уый тыххӕй кӕй ӕвдисы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ фервӕзой. Дарддӕр Петр ныффыста, чырыстӕтты цы хъӕуы аразын: «[Ахъуыды-ма] кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат» (2 Пет. 3:11). Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый цы хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг, уыдонӕй иу у, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый. Мах дӕр нӕ уӕларвон Фыдау адӕмы уарзӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы ног дунейы цӕрой. Йегъовӕ фӕразондзинад кӕй ӕвдисы, уый фӕрцы, кӕм цӕрӕм, уым дӕр адӕмӕн фадат ис, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йын лӕггад кӕной. Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн, цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. Уый махӕн цӕй стыр кад у! (1 Кор. 3:9).
МАХ ЦӔРӔМ «ФӔСТАГ БОНТЫ»
12. Библи «фӕстаг бонты» тыххӕй цы дзуры, уый кӕй зонӕм, уый нын цы пайда у?
12 Библийы бӕлвырдӕй фыст ис, «фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй (2 Тим. 3:1–5). Нӕ алыварс куы акӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны. Адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы тынгдӕр уырны, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис (2 Тим. 3:13–15).
13. Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын? (Лукайы 12:15–21).
13 Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнын. Уый ахсджиаг цӕмӕн у, уый зыны, Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй. Фыст ис Лукайы 12:15–21 стихты. (Бакӕс сӕ.) Ам цы хъӕздыг лӕджы кой цӕуы, уый Хуыцау «ӕнӕзонд» цӕмӕн схуыдта? Бирӕ фӕллой йӕм кӕй уыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йын фӕллой ӕмбырд кӕнын сӕйрагдӕр кӕй уыди, уый тыххӕй. Уый хӕзнатӕ ӕмбырд кодта йӕхицӕн, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг нӕ уыд. Бирӕ цыдӕртӕ кӕй фӕнд кодта саразын, уый стыр рӕдыд уыд, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау загъта: «Ахсӕв дын дӕ цард байсдзысты». Ацы хабар махӕн цӕуыл дзурӕг у? Ацы дунейӕн рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мӕ нысӕнттӕй бӕрӕг у, мӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй пайда кӕнын? Мӕ сывӕллӕттӕн сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн ӕххуыс кӕнын? Мӕ рӕстӕг, мӕ тыхтӕ ӕмӕ ме ’хца сӕйраджыдӕр цӕуыл хардз кӕнын: цӕмӕй мӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрон ӕви хӕзнатӕ уӕлӕрвты ӕмбырд кӕнон?»
14. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, ууыл хъуыды кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый Микийы хабарӕй куыд зыны?
14 Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, ууыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд зондзыстӕм, цавӕр уынаффӕтӕ хъӕуы хӕссын. Нӕ хо Ми́кийӕн дӕр уый баххуыс кодта. Мики радзырдта: «Цӕрӕгойтӕ бирӕ уарзын, ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй скъолайы фӕстӕ зоологыл сахуыр кодтаин. Фӕлӕ ма мӕ уыимӕ фӕндыд, цӕмӕй пионер суыдаин ӕмӕ, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кодтаин. Ме ’мбырдӕй мын хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ загътой, цӕмӕй ахъуыды кодтаин, университетмӕ куы бацӕуон, уӕд ма мӕ нысӕнттӕ мӕ къухы бафтдзысты ӕви нӕ, ууыл. Мӕ зӕрдыл мын ӕрлӕууын кодтой, ацы дунейӕн бирӕ кӕй нал баззад. Ног дунейы та, дам, дын уыйбӕрц рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ цӕрӕгойты цард цасфӕнды дӕр иртас. Гъемӕ уӕлдӕр ахуыры бӕсты сфӕнд кодтон курсытӕ рацӕуын. Уый фӕрцы ахӕм куыст ссардтон, цӕмӕй мӕхи дӕр дардтаин ӕмӕ пионерӕй дӕр лӕггад кодтаин. Фӕстӕдӕр та ацыдтӕн Эквадормӕ, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъуыд, уырдӕм». Абон дӕр Мики лӕггад кӕны Эквадоры йӕ сӕрыхицауимӕ (у районон цӕстдарӕг).
15. Исчи хорз хабармӕ куы нӕ байхъусы, уӕд-иу нӕ къухтӕ цӕуыннӕ хъуамӕ ӕруадзӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывтӕм дӕр.)
15 Исчи хорз хабармӕ куы нӕ байхъусы, уӕд-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Фӕстӕдӕр, чи зоны, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айса. Райсӕм Йесойы ӕфсымӕр Иаковы. Йесоимӕ иумӕ схъомыл сты. Иаков уыдта, диссӕгтӕ куыд аразы ӕмӕ йыл Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый. Стӕй ма уый дӕр куыннӕ уыдтаид, ӕмӕ, Йесо куыд ахуыр кӕны адӕмы, афтӕ ничи. Фӕлӕ Йесойы фӕдылдзӕуӕг сси, Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Ӕмӕ уыди тынг зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнӕг!b (Иоан. 7:5; Гал. 2:9). Кӕд нӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ хорз хабармӕ нырма нӕ хъусынц, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ никуы фӕивдзысты. Стӕй хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕм уымӕй размӕ чи нӕ байхъуыста, уыдонмӕ ногӕй цӕуын нал хъӕуы. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, хорз хабар хъусын кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у. Абон адӕмӕн цы зӕгъӕм, уый, чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууа фӕстӕдӕр. Зӕгъӕм, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, раст куыд у, афтӕ бакӕнойc.
Кӕд нӕ хиуӕттӕй исчи хорз хабармӕ нӕ хъусы, уӕддӕр нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм? (Кӕс 15 абзац)e
ЙЕГЪОВӔЙӔ БУЗНЫГ УӔМ, НӔ ЗӔРДЫЛ НЫН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЛӔУУЫН КӔНЫ, УЫДОНЫ ТЫХХӔЙ
16. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын хорз цӕмӕн у? (Кӕс рамкӕ дӕр «Ацы ӕрмӕгӕй пайда кӕн иннӕты ахуыр кӕнынӕн».)
16 Йегъовӕйы организаци нын парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыцы «хӕринӕгтӕй» кӕцыдӕртӕ сты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн. Зӕгъӕм, алы къуыри дӕр нын чи вӕййы, уыцы ӕргом раныхӕстӕ, иуӕй-иу статьятӕ ӕмӕ видеотӕ сайты jw.org, стӕй журналтӕ парахат кӕнынӕн. Уым дзырд цы ахуырӕдтыл фӕцӕуы, уыдон кӕд зонӕм, уӕддӕр хорз уаид, ӕмӕ-иу сыл куы хъуыды кӕниккам. Уый фӕрцы Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзыстӕм, йӕ Ныхасыл, Библийыл, тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн сӕйраг ахуырӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарын кӕндзыстӕм (Пс. 19:7).
17. Цавӕр уавӕрты уаид хорз Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл хъуыды кӕнын?
17 Ӕууӕнкджын цагъар нын Библийӕ исты ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны, уӕд мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, фӕцин кӕнӕм. Фӕлӕ рӕстдзинад кӕй фӕрцы базыдтам, уыцы сӕйраг ахуырӕдтӕн ныр дӕр аргъ кӕнӕм. Нӕ организаци нын разамынд куы ратты, уӕд, мыййаг, афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ мах цыдӕр хуыздӕр зонӕм? Кӕд о, уӕд хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдисӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, ацы организацийӕн разамынд Йегъовӕ кӕй дӕтты. Ӕмӕ уый та у ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ зондджын Сфӕлдисӕг. Нӕ хиуӕттӕй исчи кӕнӕ нӕхӕдӕг фӕлварӕныл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ уӕм фӕразон ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ цӕмӕн уадзы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм. Нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ не ’хца цӕуыл хардз кӕндзыстӕм, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм ӕмӕ, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый кӕй хъуамӕ аразӕм. Цӕй уӕдӕ, Йегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрлӕууын кӕны, уыдон нӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар кӕнӕнт ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнӕнт, цӕмӕй зондӕй архайӕм ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм!
95 ЗАРӔГ Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны
a Кӕс статья «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн» 2007 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 12–16 фӕрстӕ.
b Кӕс брошюрӕ «Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн», 8 урок.
c Кӕс статья «Йегъовӕ адӕмӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг куыд тӕрхон кӕндзӕн?» 2024 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 8–13 фӕрстӕ.
d НЫВ. Хистӕр нӕлгоймаг цы загъта, уыимӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ не сразы сты. Фӕстӕдӕр стъалытӕм кӕсы ӕмӕ хъуыды кӕны, Йегъовӕ куыд хъомысджын ӕмӕ зондджын Сфӕлдисӕг у, ууыл, ӕмӕ ӕмбары, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у, йӕхи цы фӕнды, уымӕй.
e НЫВ. Хо иртасы, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон. Ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ хомӕ бадзурын ӕмӕ йемӕ рӕстдзинады тыххӕй аныхас кӕнын.