Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 июль 14–19 фф.
  • Цы дӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй дӕхи хиз

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы дӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй дӕхи хиз
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦАВӔР УАВӔРТЫ ХЪУАМӔ УӔМ УӔЛДАЙ КЪӔРЦХЪУС?
  • НӔ БОН КУЫД У, ЦЫ НӔ РӔДИЙЫН КӔНЫ, УЫДӔТТӔЙ НӔХИ ХИЗЫН?
  • АЛКӔДДӔР КЪӔРЦХЪУС У
  • ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔ НӔМ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?
  • Уӕлахиз кӕн адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Донаргъуыды фӕстӕ дӕр Йесойы фӕдыл цу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 июль 14–19 фф.

29 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

121 ЗАРӔГ Хъӕуы нӕ хиуылхӕцындзинад

Цы дӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй дӕхи хиз

«Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (МАТФ. 26:41).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Тӕригъӕдмӕ нӕ, гӕнӕн ис, цавӕр хъуыддӕгтӕ ӕркӕной ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тӕригъӕд ма саразӕм.

1, 2. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр фӕдзӕхст радта? б) Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн ныууагътой? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

«УД БӔРГӔ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Матф. 26:41б)a. Ацы ныхӕстӕй Йесо равдыста, кӕй ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ арӕх кӕй фӕрӕдийӕм. Фӕлӕ ма ацы ныхӕстӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта – хъуамӕ сӕхицӕй ныфсджын ма уыдаиккой. Ацы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй цалдӕр сахаты раздӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сомытӕ кодтой, зӕгъгӕ дӕ никуы ныууадздзыстӕм (Матф. 26:35). Уыдоны фӕндыд, раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстой, зын уавӕры сӕ бон ӕнцонтӕй кӕй у фӕрӕдийын. Ӕмӕ сӕ Йесо дӕр уый тыххӕй бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (Матф. 26:41а).

2 Хъыгагӕн, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы ныхӕстӕм нӕ байхъуыстой. Куы йӕ ’рцахстой, уӕд куыд бакодтой? Йемӕ баззадысты ӕви фӕтарстысты ӕмӕ алыгъдысты? Уыдон къӕрцхъус нӕ уыдысты, ӕмӕ, кӕд Йесойӕн сомытӕ кодтой, нӕ дӕ ныууадздзыстӕм, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕ ныхасӕн хицау нӕ разындысты ӕмӕ йӕ ныууагътой (Матф. 26:56).

Цалдӕр нывы: Йесо йӕ апостолтимӕ ӕхсӕвыгон Гефсиманийы дыргъдоны. 1. Йесо йӕ апостолтимӕ ныхас кӕны. 2. Апостолтӕ фынӕй кӕнынц. 3. Йесойы куы ’рцахстой, уӕд апостолтӕ алыгъдысты.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уой ӕмӕ фӕлварӕны фидар фӕлӕууой. Фӕлӕ йӕ уыдон ныууагътой (кӕс 1, 2 абзацтӕ)


3. а) Нӕхицӕй ныфсджын цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, Йегъовӕйӕ нӕ цы адард кӕндзӕн, ахӕмӕй исты саразын. Фӕлӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕнцонтӕй фӕрӕдийӕм (Ром. 5:12; 7:21–23). Гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы фӕлварӕны бахауӕм ӕмӕ нын зын уа йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Фыртыл иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусӕм ӕмӕ къӕрцхъус уӕм. Ӕмӕ нын уымӕн ацы статья стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр уавӕрты хъуамӕ уӕм уӕлдай къӕрцхъус. Стӕй та ӕркӕсдзыстӕм, нӕ бон куыд у, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи бахъахъхъӕнын. Ӕмӕ фӕстагмӕ базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр къӕрцхъус уӕм.

ЦАВӔР УАВӔРТЫ ХЪУАМӔ УӔМ УӔЛДАЙ КЪӔРЦХЪУС?

4, 5. Суанг гыццыл тӕригъӕдтӕй дӕр нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

4 Суанг гыццыл тӕригъӕдты тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ ахӕм тӕригъӕдтӕ, гӕнӕн ис, ӕркӕной уӕззаудӕр тӕригъӕдтӕм.

5 Алкӕмӕн дӕр нӕ цыдӕр свӕййы фӕлварӕн. Адӕм иухуызон не сты, ӕмӕ нӕ алкӕмӕ дӕр ис йӕхи лӕмӕгъдзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, иутӕ тынг фӕархайынц, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыддаг ма саразой. Иннӕтӕ фӕтох кӕнынц, цӕмӕй мастурбаци ма кӕной кӕнӕ порнографимӕ ма кӕсой. Кӕйдӕрты та фӕхъӕуы сӕхиуыл кусын, цӕмӕй-иу уайтагъд ма рамӕсты уой, ма ссӕрбӕрзонд уой кӕнӕ адӕмӕй ма тӕрсой. Иаков куыд ныффыста, афтӕмӕй «алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый» (Иак. 1:14).

6. Цӕуыл хъуамӕ сӕттӕм?

6 Ды та дӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ зоныс? Дӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл куы нӕ сӕттай ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕнай, мӕ уырнындзинад фидар у ӕмӕ никуы фӕрӕдидзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕхи сайдзынӕ (1 Иоан. 1:8). Рох дӕ ма уӕд Павел цы загъта, уый: суанг «фӕлтӕрд чырыстӕттӕн» дӕр сӕ бон у, ӕмӕ фӕрӕдийой, къӕрцхъус куы нӕ уой, уӕд (Гал. 6:1). Хъуамӕ дӕхи ма сайай ӕмӕ зонай, цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ дӕм ис, уый (2 Кор. 13:5).

7. Нӕ хъус уӕлдай тынгдӕр цӕмӕ хъуамӕ дарӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Зӕгъӕм, базыдтам, цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ нӕм ис, уый. Дарддӕр нын цы кӕнгӕ у? Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй семӕ тох кӕнӕм ӕмӕ ма фӕрӕдийӕм. Раджы заманты горӕтӕн йӕ къулы лӕмӕгъдӕр бынат уыди йӕ кулдуар. Уымӕ гӕсгӕ кулдуар уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕдтой. Раст афтӕ, мах дӕр нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ куы зонӕм, уӕд сӕм нӕ хъус хъуамӕ тынгдӕр дарӕм (1 Кор. 9:27).

НӔ БОН КУЫД У, ЦЫ НӔ РӔДИЙЫН КӔНЫ, УЫДӔТТӔЙ НӔХИ ХИЗЫН?

8, 9. Ӕмбисӕндты 7-ӕм сӕры цы ӕрыгон лӕппуйы кой ис, уымӕн йӕ бон куыд уыд йӕхи уӕззау тӕригъӕдӕй бахъахъхъӕнын? (Ӕмбисӕндтӕ 7:8, 9, 13, 14, 21).

8 Нӕ бон куыд у нӕхи тӕригъӕдӕй бахъахъхъӕнын? Ӕркӕсӕм, нӕ бон цы у зондӕн райсын, Ӕмбисӕндты 7-ӕм сӕры кӕй кой ис, уыцы ӕрыгон лӕппуйы хабарӕй. Хӕтаг сылгоймаг ын загъта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Ӕмӕ йын уый дӕр бакуымдта. 22-ӕм стихы фыст ис: «Ӕмӕ... [лӕппу] дӕр йӕ фӕдыл араст» (Ӕмб. 7:22). Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ къӕппӕджы ӕнӕнхъӕлӕджы бахауд. Фӕлӕ уыйразмӕйы стихтӕй базонӕн ис, уыцы лӕппу уый размӕ раст уынаффӕтӕ кӕй нӕ рахаста, ӕмӕ йӕ уыдон тӕригъӕдмӕ ӕркодтой.

9 Уыцы лӕппуйы тӕригъӕдмӕ цавӕр къахдзӕфтӕ ӕркодтой? Фыццаг уый, ӕмӕ изӕрдалынгты «фӕцӕйцыд, [хӕтаг] сылгоймаг кӕм цард, уыцы уынджы рӕзты». Стӕй фӕраст йӕ хӕдзары ’рдӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 7:8, 9.) Ӕмӕ сылгоймаджы куы федта, уӕд йӕ фӕндаг ӕндӕр уылты нӕ акодта, фӕлӕ йӕм бацыд. Лӕппу уыцы сылгоймаджы бауагъта, цӕмӕй йын апъа кодтаид ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕм хъуыста. Сылгоймаг ын загъта, фарны нывӕндтӕ кӕй ӕрхаста. Уымӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд йӕхи хорз адӕймагӕй равдисын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 7:13, 14, 21.) Ӕрыгон лӕппу уыцы ӕнӕзонд митӕ куы нӕ сарӕзтаид, уӕд фӕлварӕны нӕ бахаудаид ӕмӕ тӕригъӕд нӕ сарӕзтаид.

10. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ адӕймагыл, Ӕмбисӕндты чиныджы кӕй кой ис, уыцы ӕрыгон лӕппуйы бон акӕна?

10 Соломоны ӕмбисондӕй бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ахӕм хабар Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуа. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаг, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, ӕмӕ уыцы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд. Ӕмӕ, чи зоны, дзура, зӕгъгӕ, мӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбӕрстон, уыцы ми куыд бакодтон, уый. Фӕлӕ лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнид, уӕд бамбарид, уый размӕ рӕдыд къахдзӕфтӕ кӕй сарӕзта, ӕмӕ йӕ уыдон тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркодтой. Чи зоны, райдыдта ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ лымӕн кӕнын кӕнӕ та-иу, чи зоны, равзӕрста ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ йе та-иу бацыди, чырыстонӕн кӕдӕм не ’мбӕлы цӕуын, ахӕм сайттӕм ӕмӕ бынӕттӕм. Уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн ис, нал куывта, Библи нал касти, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нал цыди. Уӕдӕ, Ӕмбисӕндты 7-ӕм сӕры кӕй кой ис, уыцы ӕрыгон лӕппуйау тӕригъӕд ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ сарӕзта.

11. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй тӕригъӕд ма саразӕм?

11 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕхи хъуамӕ ӕрмӕст тӕригъӕдӕй ма хизӕм, фӕлӕ нӕ уымӕ чи ӕркӕндзӕн, уыцы къахдзӕфтӕй дӕр. Ӕмӕ Соломон дӕр, ӕрыгон лӕппуйы ӕмӕ хӕтаг сылгоймаджы хабар куы радзырдта, уӕд ахӕм хъуыды загъта: «Дӕ къах дӕ йӕ фӕндӕгтӕм ма бахӕссӕд» (Ӕмб. 7:25). Стӕй ма загъта: «Дӕхи дзы дард лас, йӕ хӕдзары къӕсӕрмӕ йын хӕстӕг дӕр ма цу» (Ӕмб. 5:3, 8). Уӕдӕ бӕрӕг у, нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм, тӕригъӕдмӕ нӕ цы ’ркӕндзӕн, ӕппӕт уыдӕттӕйb. Ӕмӕ кӕд кӕцыдӕр хъуыддӕгты ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ чырыстӕттӕн ис бар, цӕмӕй сӕ аразой, уӕддӕр дӕуӕн, чи зоны, фӕлварӕн суой ӕмӕ дӕ тӕригъӕдмӕ ’ркӕной. Уымӕ гӕсгӕ суанг ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕр хъуамӕ дӕхи хизай (Матф. 5:29, 30).

12. Иов цавӕр уынаффӕ рахаста ӕмӕ йын уый куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхи фӕлварӕнӕй бахъахъхъӕдтаид? (Иов 31:1).

12 Цӕмӕй нӕхи, тӕригъӕдмӕ нӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм уавӕртӕй бахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, ӕвзӕрӕй кӕй ницы сараздзыстӕм. Ио́в дӕр афтӕ бакодта. Уый йӕ «цӕстытимӕ скодта бадзырд», ӕндӕр сылгоймӕгтӕм мондаг каст кӕй нӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Иов 31:1.) Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бинойнагыл гадзрахатӕй никуы рацыд. Мах дӕр хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи кӕй хиздзыстӕм.

13. Нӕ хъуыдытӕм нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

13 Хъуамӕ ма нӕ хъус дарӕм нӕ хъуыдытӕм дӕр (Рац. 20:17). Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, аразгӕ сӕ ма кӕн, ӕндӕр. Фӕлӕ уый раст зондахаст нӕу. Адӕймаг ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты цас фылдӕр фӕхъуыды кӕны, уыйас ӕй тынгдӕр бафӕнды, цӕуыл хъуыды кӕны, уый саразын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхицӕн фӕлварӕн скӕны, ӕмӕ йӕ ныр фӕхъӕуы уыцы фӕлварӕнимӕ тох кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвзӕр хъуыдытӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ сӕры фӕзындзысты. Фӕлӕ-иу сӕ хъуамӕ уайтагъд фӕсурӕм ӕмӕ, хорз цы у, ууыл хъуыды кӕнӕм. Уӕд ӕнӕгъдау хъуыдытӕ нӕ зонды уидаг нӕ ауадздзысты ӕмӕ нӕ буары монцтӕ не стыхджын уыдзысты, ӕмӕ нӕхи уӕззау тӕригъӕдӕй бахиздзыстӕм (Фил. 4:8; Кол. 3:2; Иак. 1:13–15).

Цалдӕр нывы: 1. Ӕфсымӕр ӕхсӕвыгон телевизормӕ кӕсы. 2. Йе ’мкусӕг сылгоймаджы фӕсвӕд кӕсы. 3. Уыцы ӕфсымӕр уыцы сылгоймагимӕ бары бадынц ӕмӕ нуазынц.

Мах дӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, цыдӕриддӕр нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй (кӕс 13 абзац)


14. Ноджыдӕр ма нӕ бон куыд у, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи бахизын?

14 Нӕ бон ма куыд у, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи бахизын? Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауы закъӕттӕм куы хъусӕм, уӕд уый алкӕддӕр нӕ пайдайӕн кӕй уыдзӕн. Мах фӕархайӕм, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуой, кӕд нын уый хатт нӕ рауайы, уӕддӕр. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ афтӕ куы фӕкӕнӕм, уӕд нын Хуыцау ратты йӕ фарн. Ӕмӕ уымӕн та аргъ дӕр нӕй!

15. Раст цы у, уый аразын нӕ куы фӕнда, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд?

15 Хъуамӕ нӕ фӕнда, раст цы у, уый аразын. Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт куы уынӕм, хорздзинад та куы уарзӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, раст цы у, уый аразын ӕмӕ нӕ тӕригъӕдмӕ чи ’ркӕндзӕн, уыцы уавӕртӕй нӕхи хизын (Амос 5:15). Ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы исты фӕлварӕныл куы сӕмбӕлӕм, уӕд зондзыстӕм, куыд бакӕнын нӕ хъӕуы, уый.

16. Хуыцауы хъуыддӕгты куы архайӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фӕнда, раст цы у, уый аразын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

16 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фӕнда, раст цы у, уый аразын? Хъуамӕ ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты архайӕм. Ӕмбырдты кӕнӕ уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕвзӕр исты саразӕм, уый нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы (Матф. 28:19, 20; Дзут. 10:24, 25). Библи куы кӕсӕм, куы йӕ иртасӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хорздзинад уарздзыстӕм, ӕвзӕрдзинадӕй та не сӕфт уындзыстӕм (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:2, 3; 119:97, 101). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (Матф. 26:41). Мах дӕр нӕ уӕларвон Фыдмӕ куы кувӕм, уӕд ын бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, стӕй нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын (Иак. 4:8).

Ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты куы архайӕм, уӕд уый фӕрцы нӕхи хиздзыстӕм, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй (кӕс 16 абзац)c


АЛКӔДДӔР КЪӔРЦХЪУС У

17. Петрмӕ цавӕр лӕмӕгъдзинад уыд?

17 Ӕвӕццӕгӕн, кӕцыдӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕй нӕ бон уыдзӕн кӕронмӕ фервӕзын, кӕцыдӕртимӕ та нӕ хъӕудзӕн бирӕ рӕстӕг тох кӕнын. Ӕркӕсӕм апостол Петры хабармӕ. Адӕмӕй кӕй тарст, уый тыххӕй Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Матф. 26:69–75). Фӕстӕдӕр Синедрионы раз куы лӕууыд, уӕд Йесойы тыххӕй ныфсджынӕй дзырдта. Ӕмӕ афтӕ зынди, цыма йӕ лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз (Хъуыд. 5:27–29). Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ, «сунӕт кӕныны фарс чи уыд, уыдоны зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ», иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыцы чырыстӕттимӕ иу фынгыл нал бадт (Гал. 2:11, 12). Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Петр йӕ лӕмӕгъдзинадӕй нӕ фервӕзт, ӕмӕ йӕ, гӕнӕн ис, цӕрӕнбонты хъуыди йемӕ тох кӕнын.

18. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинадӕй фервӕзтыстӕм, уӕд дӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

18 Махыл дӕр, гӕнӕн ис, ахӕм хабар ӕрцӕуа. Чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинадӕй кӕй фервӕзтыстӕм, фӕлӕ та нӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй бахъӕуы уыцы лӕмӕгъдзинадимӕ тох кӕнын. Иу ӕфсымӕр мӕнӕ цы зӕгъы: «Порнографимӕ дӕс азы нӕ кастӕн. Ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр ахуырӕй фервӕзтӕн. Фӕлӕ уый кӕмдӕр ӕмбӕхст уыд. Ӕмӕ фадат куы фӕзынд, уӕд та йе ’лгъаг сӕр сдардта». Фӕлӕ уыцы ’фсымӕрӕн йӕ ныфс нӕ асаст. Уый бамбӕрста, алы бон дӕр ӕй кӕй хъӕуы уыцы ӕвзӕр ахуыримӕ тох кӕнын. Ӕмӕ йӕ уый, чи зоны, аразын хъӕуа ацы фыддунейы кӕроны онг. Уый йӕ бинойнагӕй ӕмӕ йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракуырдта, стӕй йӕхицӕн сӕвӕрдта ноджы фидардӕр арӕнтӕ, цӕмӕй та ногӕй ма фӕрӕдыдаид.

19. Кӕд нырма цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинадӕй нӕ фервӕзтӕ, уӕд дӕ бон цы у аразын?

19 Кӕд нырма цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинадӕй нӕ фервӕзтӕ, уӕд дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй та ма фӕрӕдийай? Дӕ бон у Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ фидар лӕууыс, уӕддӕр-иу дӕхи хиз, фӕрӕдийынӕй дын тӕссаг кӕм у, ахӕм уавӕртӕй (1 Кор. 10:12). Стӕй дарддӕр дӕр араз, уый размӕ дын уыцы лӕмӕгъдзинадимӕ тох кӕнынӕн цы ’ххуыс кодта, уыдӕттӕ. Алкӕддӕр «ӕппӕт хъарутӕй архай», цӕмӕй къӕрцхъус уай ӕмӕ дӕ цы рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй дӕхи хизай (2 Пет. 3:14).

ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔ НӔМ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

20, 21. а) Дарддӕр дӕр, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын? б) Нӕхицӕй цы кӕнгӕ у, уый куы аразӕм, уӕд Йегъовӕ цы сараздзӕн? (2 Коринфӕгтӕм 4:7).

20 Цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд фӕсмойнаг никуы фӕуыдзыстӕм. «Тӕригъӕд рӕстӕгмӕ... ӕхсызгондзинад хӕссы», Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд та алкӕддӕр уыдзыстӕм амондджын (Дзут. 11:25; Пс. 19:8). Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм (Райд. 1:27). Уӕдӕ нӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ куы рухс кӕнӕм, уӕд нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг, фидӕны та схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй (1 Тим. 6:12; 2 Тим. 1:3; Иуд. 20, 21).

21 Кӕд «буар... лӕмӕгъ у», уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдты ныхмӕ нӕ бон ницы у. Йегъовӕ цӕттӕ у, цӕмӕй нын хъарутӕ ратта. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:7.) Фӕлӕ, Хуыцау цы хъару дӕтты, уый у, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару. Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау баххуыс кӕна, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи хизӕм. Нӕхицӕй цы кӕнгӕ у, уый куы аразӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн, стӕй нын ратдзӕн, цас нӕ хъӕуа, уыйбӕрц хъарутӕ (1 Кор. 10:13). Йегъовӕйы фӕрцы дӕ бон уыдзӕн, цы дӕ рӕдийын кӕны, уыдӕтты ныхмӕ фидар фӕлӕууын!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Цавӕр уавӕрты хъуамӕ уӕм уӕлдай къӕрцхъус?

  • Нӕ бон куыд у, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи хизын?

  • Алкӕддӕр къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

47 ЗАРӔГ Алкӕд Йегъовӕмӕ кув

a АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Матфейы 26:41 стихы цы «уды» кой ис, уый амоны, нӕ мидӕг чи ис ӕмӕ нӕ цыдӕр ӕнкъарынмӕ кӕнӕ цыдӕр аразынмӕ чи разӕнгард кӕны, уыцы тыхмӕ. «Буар» та амоны, ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ тынг фӕнда, раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, фӕлварӕны бахауӕм ӕмӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты ахизӕм.

b Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, ахӕм адӕймагӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 57 урок, 1–3 дӕлсӕргӕндтӕ ӕмӕ статья «Кӕс „размӕ“ – фидӕнмӕ!» 2020 азы ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 27–29 фӕрстӕ, 12–17 абзацтӕ.

c НЫВТӔ. Ӕфсымӕр райсомӕй кӕсы ӕрвылбоны стих, куысты сихорафон Библи кӕсы ӕмӕ изӕры ӕрбацыд ӕмбырдмӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын