Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 сентябрь 19 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • «Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Уӕллаг уаты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг фембӕлд нӕ Паддзахы тыххӕй цы ӕргом кӕны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 сентябрь 19 ф.
Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ, Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд.

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд, уымӕй размӕ хъусын кӕнынмӕ кӕй арвыста, уыцы 70 ахуыргӕнинаджы кӕм уыдысты? Уадзгӕ йӕ ныккодтой?

Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд йӕ 70 ахуыргӕнинаджы уым нӕ уыдысты. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ райгонд нал уыд кӕнӕ йӕ уадзгӕ ныккодтой. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй уыцы изӕр йӕ апостолтимӕ уыдаид.

Йесо райгонд уыд йӕ 12 апостолӕй дӕр ӕмӕ йӕ 70 ахуыргӕнинагӕй дӕр. Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕй фыццаг равзӕрста 12 нӕлгоймаджы ӕмӕ сӕ схуыдта апостолтӕ (Лук. 6:12–16). Йесо Галилейӕйы «йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ фӕдзырдта» ӕмӕ сӕ «арвыста Хуыцауы паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ» (Лук. 9:1–6). Фӕстӕдӕр та Иудейӕйы «йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста ӕвдай адӕймаджы» ӕмӕ сӕ «дыгӕйттӕй арвыста» (Лук. 9:51; 10:1). Уый фӕрцы-иу Йесойӕн алы рӕтты фӕзынд ног ахуыргӕнинӕгтӕ.

Йӕ мӕлӕты размӕ Йесо йӕ апостолтимӕ ацыд Иерусалиммӕ. Фӕлӕ йын Иудейӕйы, Галилейӕйы ӕмӕ Перейы цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ нӕ фӕхуыдта. Дзуттӕгтӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ чи сси, уыдон-иу, ӕвӕццӕгӕн, алы аз дӕр Куадзӕн сӕ бинонтимӕ бӕрӕг кодтой. Ӕмӕ афтӕ уыдаид ацы хатт дӕр (Рац. 12:6–11, 17–20). Йесойы фӕндыд, цӕмӕй уыцы изӕр йӕ апостолтимӕ уыдаид. Уый бӕрӕг у, цы сын загъта, уымӕй: «Тынг мӕ фӕндыд мӕ хъизӕмӕртты размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын» (Лук. 22:15).

Ӕмӕ йӕ уый хуымӕтӕджы нӕ фӕндыд. Йесо, Библийы афтӕ кӕй тыххӕй ис фыст, «Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн», зӕгъгӕ, хъуамӕ тагъд амардаид (Иоан. 1:29). Маргӕ та йӕ хъуамӕ акодтаиккой Иерусалимы, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Хуыцауӕн нывӕндтӕ кӕм хастой, уыцы горӕты. Куадзӕны уӕрыкк израилӕгты зӕрдыл лӕууын кодта, Йегъовӕ сӕ Египетӕй куыд фервӕзын кодта, уый. Фӕлӕ Йесойы нывонд бирӕ ахсджиагдӕр уыд – уый хъуамӕ ӕппӕт адӕмы дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (1 Кор. 5:7, 8). Йесойы нывонды фӕрцы 12 апостолы хъуамӕ суыдаиккой чырыстон ӕмбырды бындур (Еф. 2:20–22). Цымыдисаг уый у, ӕмӕ сыгъдӕг горӕт Иерусалимы бындуры ис «дыууадӕс дуры» ӕмӕ сыл фыст ис «Уӕрыччы дыууадӕс апостолы дыууадӕс номы» (Рарг. 21:10–14). Хуыцау Йесойы иузӕрдион апостолтӕн ахсджиаг бынат рахицӕн кодта, цы фӕнд ӕм ис, уым. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Йесойы кӕй фӕндыд, цӕмӕй фӕстаг Куадзӕны ӕмӕ Хицауы ӕхсӕвӕры йемӕ уыдаиккой.

Йесо уыцы ахсджиаг хабарӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд йӕ 70 ахуыргӕнинаджы ӕмӕ йӕ иннӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр йемӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ уыдонӕн дӕр Хицауы ӕхсӕвӕр стыр пайда ӕрхастаид, иузӕрдионӕй куы баззадаиккой, уӕд. Уыцы изӕр Йесо йӕ апостолтимӕ сарӕзта бадзырд Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ уыцы бадзырд хауд, фӕстӕдӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ӕрцыдаид, уыдонмӕ дӕр (Лук. 22:29, 30).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын