48 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
97 ЗАРӔГ Адӕймаг цӕры Хуыцауы Ныхасы фӕрцы
Йесо диссаджы хуызы адӕмы дзулӕй бафсӕста
«Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул. Мӕнмӕ чи ’рцӕуа, уый никуы сӕххормаг уыдзӕн» (ИОАН. 6:35).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йесо тынг бирӕ адӕмы цалдӕр дзул ӕмӕ кӕсагӕй куыд бафсӕста ӕмӕ мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Уыцы хабар фыст ис Иоанны 6-ӕм сӕры.
1. Раджы заман дзул цас ахсджиаг уыд?
РАДЖЫ заман дзул бирӕтӕн уыд сӕйраг хӕринаг (Райд. 14:18; Лук. 4:4). Библийы «дзул» кӕнӕ «къӕбӕр» хатт фӕамоны ӕндӕр хӕринӕгтӕм дӕр (Матф. 6:11; Хъуыд. 20:7). Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй дӕр дыууӕ баст уыдысты дзулимӕ (Матф. 16:9, 10). Иуы тыххӕй фыст ис Иоанны 6-ӕм сӕры. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ацы сӕрӕй нӕ бон нӕхицӕн зондӕн райсын цы у, ууыл.
2. Мингай адӕмы хӕринаг кӕд бахъуыд?
2 Йесо йӕ апостолты арвыста хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд сӕ акодта Галиле́йӕйы денджызы иннӕ фарсмӕ, цӕмӕй сӕ фӕллад суагътаиккой (Мар. 6:7, 30–32; Лук. 9:10). Уыдон бахӕццӕ сты хибар ранмӕ, Вифсаи́дӕмӕ ’ввахс. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд уырдӕм ныггуылф кодтой ӕмӕ сӕ разӕй уым балӕууыдысты. Уыдысты цалдӕр мины. Йесо сӕ йӕхи нӕ айста, фӕлӕ сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын райдыдта ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кодта. Куы ӕризӕр, уӕд апостолтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, уыйбӕрц адӕмӕн хӕринаг кӕм уыдзӕн, зӕгъгӕ. Чи зоны, адӕмӕй кӕмӕдӕрты иу гыццыл хӕринаг уыди. Фӕлӕ сӕ фылдӕры хъуыдаид хъӕутӕм ацӕуын ӕмӕ уым исты балхӕнын (Матф. 14:15; Иоан. 6:4, 5). Цымӕ Йесо куыд бакодта?
ЙЕСО ДИССАГ САРӔЗТА ӔМӔ АДӔМЫ ДЗУЛӔЙ БАФСӔСТА
3. Йесо йӕ апостолтӕн цы загъта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
3 Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Цӕуын сӕ никуыдӕм хъӕуы. Сымах сын бахӕрын кӕнут исты» (Матф. 14:16). Фӕлӕ уый афтӕ ӕнцон саразын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ дзы 5 мин лӕджы бӕрц уыд. Сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ та уыдаиккой 15 мины бӕрц (Матф. 14:21). Андрей загъта: «Мӕнӕ ам иу гыццыл лӕппумӕ ис фондз дзулы хъӕбӕрхорӕй ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уыйбӕрц адӕмӕн уыдон цы фаг сты?» (Иоан. 6:9). Уӕды рӕстӕг хъӕбӕрхоры ссадӕй конд дзул мӕгуыртӕ дӕр ӕмӕ иннӕ адӕм дӕр хордтой. Кӕсӕгтӕ та уыдаиккой хус, цӕхджын кӕсӕгтӕ. Фӕлӕ уыцы хӕринӕгтӕ уыйбӕрц адӕмӕн цы уыдысты?!
Йесо адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй радзырдта ӕмӕ сын уый фӕстӕ хӕринаг дӕр радта (кӕс 3 абзац)
4. Иоанны 6:11–13 стихты цы фыст ис, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
4 Уыцы уавӕры Йесо равдыста уазӕгуарзондзинад. Адӕмӕн загъта, цӕмӕй кӕрдӕгыл къордгӕйттӕй ӕрбадтаиккой (Мар. 6:39, 40; бакӕс Иоанны 6:11–13). Уый фӕстӕ йӕ Фыдӕн дзул ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй бузныг загъта. Афтӕмӕй равдыста, хӕринаг Хуыцау кӕй дӕтты. Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы бафӕзмын. Хорз уыдзӕн, хӕрды размӕ-иу Хуыцауӕн бузныг куы зӕгъӕм – уӕлдай нӕу, иунӕгӕй уӕм ӕви нӕ разы исчи уа. Куы скуывта, уӕд уый фӕстӕ адӕмӕн хӕринӕгтӕ байуарын кодта. Ӕмӕ уыдон дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Суанг ма хӕринӕгтӕй зайгӕ дӕр бакодта. Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы исты фесӕфтаид, ӕмӕ загъта, цӕмӕй къӕбӕртӕ ӕрӕмбырд кодтаиккой. Сӕ бон сӕ уыд фӕстӕдӕр бахӕрын. Уымӕй дӕр нын Йесо у фӕзминаг. Цы нӕм ис, уыдӕттӕ хъуамӕ ӕнӕвгъау хардз ма кӕнӕм. Ныййарджытӕ, хорз нӕ уаид, ацы хабар уӕ сывӕллӕттимӕ куы бакӕсиккат? Ӕмӕ-иу аныхас кӕнут, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй-иу хӕрды размӕ скувӕм, стӕй уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау уӕм.
Ахъуыды-иу кӕн: «Йесойау ӕз дӕр хӕрды размӕ скувын?» (кӕс 4 абзац)
5. Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд цы сфӕнд кодтой ӕмӕ Йесо куыд бакодта?
5 Адӕмы дисы бафтыдта, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта ӕмӕ диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый. Уыдон зыдтой, Моисей афтӕ кӕй загъта, ӕмӕ сын Хуыцау ратдзӕн пехуымпары. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтой, кӕд Йесо у уыцы пехуымпар, зӕгъгӕ (Дык. з. 18:15–18). Кӕд афтӕ уыд, уӕд, чи зоны, ахъуыды кодтой, ӕмӕ уый уыдзӕн диссаджы паддзах ӕмӕ сӕ адӕмӕй иу дӕр хӕринагхъуаг нал ӕййафдзӕн. Гъемӕ йӕ сфӕнд кодтой паддзахӕй сӕвӕрын (Иоан. 6:14, 15). Йесо куы сразы уыдаид, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайы. Фӕлӕ уый не сразы. Библийы кӕсӕм, «хохмӕ ацыд», зӕгъгӕ. Кӕд ӕй тыххӕй паддзахӕй ӕвӕрдтой, уӕддӕр сын нӕ бакуымдта ӕмӕ политикӕйӕ дард лӕууыд. Ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг.
6. Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕ нын иу дзулӕй бирӕ адӕмы не ’фсадын кӕндзысты ӕмӕ нын рынчынты диссаджы хуызы нӕ дзӕбӕх кӕнын кӕндзысты. Стӕй нӕ сӕхицӕн паддзахӕй дӕр не ’вӕрдзысты. Фӕлӕ нын, гӕнӕн ис, дзурой, цӕмӕй схъӕлӕс кӕнӕм, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ нын нӕ цард чи фӕхуыздӕр кӕндзӕн, ахӕм адӕймагыл кӕнӕ цӕмӕй ӕндӕр искуыд йӕ фарс рахӕцӕм. Фӕлӕ Йесо бӕлвырдӕй равдыста, ахӕм уавӕрты куыд архайын хъӕуы. Уый политикӕйӕ дард лӕууыд. Фӕстӕдӕр ма афтӕ дӕр загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоан. 17:14; 18:36). Абон дӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ Йесойау архайой ӕмӕ, уый куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕной. Мах стӕм Хуыцауы Паддзахады фарс, уыцы Паддзахады тыххӕй иннӕтӕн дӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ кувӕм, цӕмӕй уыцы Паддзахад ӕрцӕуа (Матф. 6:10). Йесо адӕмы диссаджы хуызы дзулӕй кӕй бафсӕста, уымӕй ма ноджыдӕр нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?
Йесо политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайдта, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг (кӕс 6 абзац)
ДЗУЛТЫ ХАБАР ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?
7. Йесо цы сарӕзта ӕмӕ уымӕ апостолтӕ цы цӕстӕй ракастысты? (Иоанны 6:16–20).
7 Йесо адӕмы куы бафсӕста, уый фӕстӕ йӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй бӕлӕгъыл фӕстӕмӕ Капернауммӕ аздӕхтаиккой. Йӕхӕдӕг та ацыд хохмӕ, цӕмӕй фервӕзтаид, паддзахӕй сӕвӕрынмӕ йӕ чи хъавыд, уыцы адӕмӕй. (Бакӕс Иоанны 6:16–20.) Апостолтӕ денджызы куы фӕцӕйцыдысты, уӕд тыхдымгӕ сыстад, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъ хойын райдыдтой. Йесо сӕм денджызыл къахӕй бацыд. Ӕмӕ Петрӕн загъта, цӕмӕй уый дӕр доныл рацыдаид (Матф. 14:22–31). Йесо бӕлӕгъмӕ куы бахызт, уӕд дымгӕ ӕрсабыр. Ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ» (Матф. 14:33)a. Цымыдисаг уый у, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ, Йесо адӕмы куы бафсӕста, уӕд нӕ загътой, фӕлӕ сӕм доныл куы ’рбацыд, уӕд. Марк уыцы хабары тыххӕй ныффыста: «[Апостолтӕ] стыр дисы бафтыдысты, уымӕн ӕмӕ дзулты хабар дӕр нӕма бамбӕрстой – сӕ зонд нырма бирӕ цыдӕртӕ нӕ ахста» (Мар. 6:50–52). Апостолтӕ нӕма ӕмбӕрстой, Йегъовӕ Йесойӕн тынг стыр хъару кӕй радта. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо йӕхӕдӕг дзулты хабары кой скодта. Ӕмӕ, цы загъта, уымӕй бамбарын кодта тынг ахсджиаг хъуыды.
8, 9. Адӕм Йесойы цӕмӕн агуырдтой? (Иоанны 6:26, 27).
8 Иннӕ бон адӕм ӕрбацыдысты, Йесо сӕ дзулӕй кӕм бафсӕста, уыцы бынатмӕ. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ апостолтӕ уым нал уыдысты. Уӕд адӕм сбадтысты, Тивериа́дӕйӕ чи ’рбахӕццӕ, уыцы бӕлӕгъты ӕмӕ Йесойы агурӕг Капернау́ммӕ ацыдысты (Иоан. 6:22–24). Цымӕ йӕ уый тыххӕй агуырдтой, ӕмӕ сӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын фӕндыд? Нӕ, уыдонӕн сӕ сӕйраг мӕт хӕринаг уыд. Уый кӕцӕй зонӕм?
9 Адӕм Йесойы ссардтой Капернауммӕ хӕстӕг. Уый сын комкоммӕ загъта, хӕринаг, дам, уӕ хъӕуы, ӕмӕ, дам, мӕ уый тыххӕй агурут. Фӕлӕ кӕд дзул бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты, уӕддӕр уый уыд, «сӕфгӕ чи кӕны», ахӕм хӕринаг. Ӕмӕ сын Йесо загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕ фыдӕбон сӕйраджыдӕр уӕд, «ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл». (Бакӕс Иоанны 6:26, 27.) Адӕм куы фехъуыстой, ӕнустӕм цӕрӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм хӕринаг кӕй ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг бадис кодтой. Уый цавӕр хӕринаг уыд ӕмӕ сӕ цы хъуыд аразын, цӕмӕй сӕм уыдаид?
10. Адӕмы цы хъуыд аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уыдаиккой?
10 Уыцы дзуттӕгтӕ Йесойы бафарстой, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй уыцы хӕринаг сӕ къухы бафта. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сын, Моисейы закъоны цы фыст уыд, уыдӕттӕ ранымайдзӕн. Фӕлӕ сын уый загъта: «Хуыцауы зӕрдӕ уӕ рухс кӕндзӕн, кӕй рарвыста, ууыл куы ӕууӕндат, уӕд» (Иоан. 6:28, 29). Уый размӕ дӕр дзырдта, цӕмӕй адӕймаг ӕнусон цардӕй схайджын уа, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй рарвыста, ууыл, ома Йесойыл (Иоан. 3:16–18, 36). Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр дзырдта, адӕймаджы цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уа (Иоан. 17:3).
11. Дзуттӕгтӕн сӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст хӕринагыл кӕй уыдысты, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? (Псалом 78:24, 25).
11 Йесо уыцы дзуттӕгтӕн бамбарын кодта, Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндыдысты. Бафарстой йӕ: «Цавӕр диссаг [нын] равдисдзынӕ, цӕмӕй йӕ фенӕм ӕмӕ дыл баууӕндӕм?» (Иоан. 6:30). Стӕй загътой, Моисейы рӕстӕг Хуыцау сӕ фыдӕлтӕн кӕй лӕвӕрдта маннӕ. Зӕгъӕн ис, уый уыд сӕ дзул (Неем. 9:15; бакӕс Псалом 78:24, 25). Сӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, сӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст хӕринагыл кӕй уыдысты. Ӕмӕ сын Йесо, уӕларвӕй чи уыд, уыцы «ӕцӕг дзулы» кой куы скодта, уӕд ӕй фӕрсгӕ дӕр нӕ бакодтой, уыцы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц (Иоан. 6:32). Афтӕмӕй та, маннӕйӕ уӕлдай, уыцы «дзулы» фӕрцы схайджын уыдаиккой ӕнусон цардӕй. Сӕ сӕйраг мӕт хӕринаг уыд, ӕмӕ сын Йесо цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕмбарын кодта, уыдон ницӕмӕ ӕрдардтой. Махӕн та ацы хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?
СӔЙРАГДӔР НЫН ЦЫ ХЪУАМӔ УА?
12. Йесо куыд бамбарын кодта, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый?
12 Иоанны 6-ӕм сӕры ис тынг ахсджиаг хъуыды: хъуамӕ нын ӕппӕты сӕйраг уа нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ. Уый кой кодта Йесо дӕр, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвӕрдта, уӕд (Матф. 4:3, 4). Йесо ма йӕ зындгонд раныхасы загъта, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый кӕй хъуамӕ ӕмбарӕм (Матф. 5:3). Уӕдӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Куыд цӕрын, уымӕ гӕсгӕ цы зӕгъӕн ис? Ӕппӕты сӕйраг мын, Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад ис, уый у, ӕви хӕринаг, дзауматӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ?»
13. а) Хӕринаг нын циндзинад хӕсса, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн. б) Апостол Павел нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы? (1 Коринфӕгтӕм 10:6, 7, 11).
13 Цы нӕ хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд раст фӕкӕнӕм (Лук. 11:3). Ӕмӕ сыл кӕй фӕцин кӕнӕм, уый дӕр хорз у. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна» ӕмӕ уый у «ӕцӕг Хуыцауы лӕвар» (Еккл. 2:24; 8:15; Иак. 1:17). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нын, зӕгъӕм, хӕринаг кӕнӕ цавӕрдӕр дзауматӕ сӕйраг ма суой. Уый кой кодта апостол Павел дӕр. Чырыстӕттӕн рагон израилӕгты хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъӕм, Синайы хохы раз цы хабар ӕрцыд, уый. Ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, «цӕмӕй уыдонау... [сӕ] зӕрдӕтӕ ӕвзӕрдзинад ма агурой». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:6, 7, 11.) Йегъовӕ уыцы израилӕгтӕн диссаджы хуызы цы хӕринаг радта, суанг сын уый дӕр ӕвзӕр цыдӕр сси. Цӕмӕн? Ӕрмӕст сӕ хӕринаджы мӕт кӕй уыд ӕмӕ зыд кӕй кодтой, уый тыххӕй (Ным. 11:4–6, 31–34). Сызгъӕрин родӕн куы куывтой, уӕд та хордтой, нызтой ӕмӕ сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой. Ӕмӕ уӕд дӕр рабӕрӕг, уыдӕттӕ сын Йегъовӕйы коммӕ кӕсынӕй ахсджиагдӕр кӕй уыдысты (Рац. 32:4–6). Павелы фыстӕг йӕ афоныл ӕрцыд фыст. Н. э. 70 азы ромӕгтӕ ныппырх кодтой Иерусалим ӕмӕ кувӕндон. Ӕмӕ, уый размӕ чи цард, уыцы чырыстӕттӕн Павелы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаиккой, сӕйраг сын цы хъуамӕ уа, уый. Ӕмӕ йын мах дӕр йӕ уынаффӕтӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы кӕронмӕ бирӕ нал хъӕуы.
14. Хӕринаджы хабар ног дунейы куыд уыдзӕн?
14 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын, «ратт нын къӕбӕр абоны фаг», зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма сын загъта, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой афтӕ дӕр: «Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9–11). Ног дунейыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл цы ауайы? Библийӕ нӕ бон у базонын, Хуыцауы фӕндонмӕ уый дӕр кӕй хауы, цӕмӕй адӕмӕн уа хорз хӕринаг. Исайы 25:6–8 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕйы Паддзахады дӕлбар адӕмӕн парахатӕй уыдзӕн амӕй-ай хуыздӕр хӕринӕгтӕ. Псаломы 72:16 стихы нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: уыцы хоры ссадӕй скодтай, кӕй уарзыс, ахӕм дзул кӕнӕ кӕныс цавӕрдӕр ног хӕринӕгтӕ. Кӕнӕ скодтай сӕнӕфсирдон ӕмӕ хӕрыс дӕхи сӕнӕфсир, нуазыс дӕхи конд сӕн (Ис. 65:21, 22). Ӕмӕ ахӕм цард уыдзӕн алкӕмӕн дӕр.
15. Чи райгас уыдзӕн, уыдоны цы хъӕудзӕн базонын? (Иоанны 6:35).
15 Бакӕс Иоанны 6:35. Ногӕй та-ма ахъуыды кӕнӕм, Йесо цалдӕр дзулӕй ӕмӕ кӕсагӕй кӕй бафсӕста, уыцы адӕмыл. Фидӕны мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд дзы, гӕнӕн ис, кӕуылдӕрты сӕмбӕлай. Кӕд раздӕр Йесойыл не ’ууӕндыдысты, уӕддӕр, чи зоны, райгас уой (Иоан. 5:28, 29). Уыцы адӕмы хъӕудзӕн бамбарын, цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул. Мӕнмӕ чи ’рцӕуа, уый никуы сӕххормаг уыдзӕн». Уыдон хъуамӕ баууӕндой, йӕ цард уыдоны тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста. Чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕм ӕмӕ, ног дунейы чи райгуыра, уыцы сывӕллӕттӕ базондзысты рӕстдзинад Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый тыххӕй. Куыд тынг цин кӕндзыстӕм, уыцы хъуыддаджы сын куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд! Уый нын ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ дзаджджындӕр хӕринӕгтӕй фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн.
16. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
16 Ацы статьяйы дзырд цыди Иоанны 6-ӕм сӕрӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу хайыл. Фӕлӕ ма ацы сӕры фыст ис, Йесо ӕнусон царды тыххӕй ноджыдӕр цы дзырдта, уый. Кӕимӕ ныхас кодта, уыцы дзуттӕгтӕ хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыстаиккой, цы сын дзырдта, уымӕ. Ӕмӕ уый хауы махмӕ дӕр. Иоанны 6-ӕм сӕрыл дарддӕр дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
20 ЗАРӔГ Ды радтай дӕ уарзон Фырты
a Ацы хабары тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чингуытӕй «Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард», 131 фарс, ӕмӕ «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», 185 фарс.