Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 декабрь 8–13 фф.
  • Цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦЫ НЫСАН КӔНЫНЦ ЙЕСОЙЫ НЫХӔСТӔ «УДӔГАС ДЗУЛ» ӔМӔ «МӔ БУАР»?
  • ЙЕСО МА ЙӔ БУАРЫ ӔМӔ ЙӔ ТУДЖЫ КОЙ КОДТА ӔНДӔР УАВӔРЫ ДӔР
  • ЙЕСОЙЫ НЫХӔСТӔ ДӔУМӔ КУЫД ХАУЫНЦ?
  • Йесо диссаджы хуызы адӕмы дзулӕй бафсӕста
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йесо – «царддӕттӕг дзул»
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесойы ныхӕстӕ бирӕтӕн систы къуылымпыйы хос
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 декабрь 8–13 фф.

49 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

147 ЗАРӔГ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард

Цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?

«Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды, уый хайджын... [уыдзӕн] ӕнусон цардӕй» (ИОАН. 6:40).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты.

1. Бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕн нӕй?

БИРӔТӔ пайда хӕринӕгтӕ фӕхӕрынц ӕмӕ ӕдзух сӕ буар фӕфидар кӕнынц, цӕмӕй ӕнӕниз уой ӕмӕ фылдӕр фӕцӕрой. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты. Уый сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. Стӕй чидӕртӕ фӕзӕгъынц, гъер, дам, ма зӕрондӕй ӕмӕ низтимӕ ӕнустӕм цӕрон. Фӕлӕ Йесо загъта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг «ӕнусон цардӕй» схайджын уа. Уый тыххӕй фыст ис Иоанны 3:16 стихы ӕмӕ 5:24 стихы. Уый уыдзӕн диссаджы цард.

2. Иоанны 6:39, 40 стихты цы фыст ис, чи амард, уыдоны тыххӕй?

2 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Йесо диссаджы хуызы 15 мин адӕймаджы бӕрц дзулӕй ӕмӕ кӕсагӕй кӕй бафсӕстаa. Фӕлӕ ноджы диссагдӕр та уыд, иннӕ бон сын цы загъта, уый. Адӕм йӕ фӕдыл ацыдысты Капернауммӕ, Галилейӕйы денджызы былгӕронмӕ хӕстӕг. Уым сын загъта, чи амард, уыдоны фидӕны кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ сӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. (Бакӕс Иоанны 6:39, 40.) Ахъуыды-ма кӕн, дӕ бинонтӕй ӕмӕ де ’мбӕлттӕй чи нал ис, уыдоныл. Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, чи амард, уыдонӕй бирӕтӕ кӕй райгас уыдзысты. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр чи фӕзиан, уыдонимӕ дӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Фӕлӕ Иоанны 6-ӕм сӕры Йесо дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдон бирӕтӕ раст не ’мбарынц. Цӕй ӕмӕ сыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

3. Иоанны 6:51 стихы Йесо йӕхи тыххӕй цы загъта?

3 Йесо адӕмы диссаджы хуызы дзулӕй куы бафсӕста, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, кӕддӕр Йегъовӕ ӕдзӕрӕг быдыры сӕ фыдӕлтӕн маннӕ куыд лӕвӕрдта, уый. Уыдон зыдтой, Фыстады маннӕ кӕй хуыйны «уӕларвон дзул» (Пс. 105:40; Иоан. 6:31). Ӕмӕ сын ныр Йесо маннӕйы кой скодта, цӕмӕй сын ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодтаид. Кӕд Хуыцау сӕ фыдӕлтӕн маннӕ диссаджы хуызы лӕвӕрдта, уӕддӕр ӕппынфӕстаг амардысты (Иоан. 6:49). Йесо та йӕхи схуыдта «ӕцӕг дзул уӕларвӕй», «Хуыцау кӕй дӕтты, уыцы дзул» ӕмӕ «царддӕттӕг дзул» (Иоан. 6:32, 33, 35). Маннӕйы фӕрцы ӕнустӕм цӕрӕн нӕ уыд. Йӕхи тыххӕй та Йесо загъта: «Ӕз дӕн, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы удӕгас дзул. Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм». (Бакӕс Иоанны 6:51.) Йесомӕ чи хъуыста, уыцы дзуттӕгтӕ фӕкуыддӕр сты, афтӕ, дам, куыд дзуры, ӕмӕ у, «уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы... дзул». Стӕй уыцы «дзул», Хуыцау сӕ фыдӕлтӕн диссаджы хуызы цы маннӕ лӕвӕрдта, уымӕй хуыздӕр куыд схуыдта?! Йесо ма сын загъта: «Ӕз... цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар». Уымӕй цы зӕгъынмӕ хъавыд? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм ӕмӕ нӕ бинонтимӕ, не ’мбӕлттимӕ ӕнустӕм цӕрӕм.

ЦЫ НЫСАН КӔНЫНЦ ЙЕСОЙЫ НЫХӔСТӔ «УДӔГАС ДЗУЛ» ӔМӔ «МӔ БУАР»?

4. Йесойы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ иуӕй-иутӕ арвы цӕфау цӕмӕн фесты?

4 Йесо афтӕ куы загъта, «адӕмы царды тыххӕй цы дзул ратдзӕн», уый йӕ буар кӕй у ӕмӕ дзы хӕрын кӕй хъӕуы, уӕд иуӕй-иутӕ арвы цӕфау фесты. Чи зоны йын йӕ ныхӕстӕ афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ йын йӕ буар ӕцӕгӕй дӕр хӕрын хъӕуы (Иоан. 6:52). Уый фӕстӕ сын цы загъта, уый та сӕм бынтон диссаг фӕкаст: «Адӕймаджы Фырты буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ йын йӕ туг куы нӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут» (Иоан. 6:53).

5. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесойы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ кӕй нӕ уыдысты, ӕмӕ йын йӕ туг ӕцӕгӕй хъӕуы нуазын?

5 Нойы заман Хуыцау адӕмы бафӕдзӕхста, туг ма хӕрут, зӕгъгӕ (Райд. 9:3, 4). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ уыцы фӕдзӕхст ныффыссын кодта, израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым. Туг чи бахордтаид, уыцы адӕймаджы хъуыди амарын (Лев. 7:27). Йесо дзуттӕгтӕн дзырдта, Хуыцау сын цы закъӕттӕ радта, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы (Матф. 5:17–19). Ӕмӕ сын уӕд йӕ буар куыд хъуамӕ хӕрын кодтаид ӕмӕ сын йӕ туг куыд хъуамӕ нуазын кодтаид? Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕй Йесо адӕмӕн бамбарын кодта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уой (Иоан. 6:54).

6. Йесойы ныхӕстӕ, мӕ буар мын хӕрут ӕмӕ мын мӕ туг нуазут, зӕгъгӕ, куыд ӕмбарын хъӕуы?

6 Йесойы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Уый бӕрӕг у, уымӕй размӕ самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын цы загъта, уымӕй дӕр: «Ӕз цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый... никуыуал сдойны уыдзӕн, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон» (Иоан. 4:7, 14)b. Йесойы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ уыцы сылгоймаг ӕнусон цардӕй схайджын уыдзӕн бӕлвырд кӕцыдӕр цъайы доны фӕрцы. Ӕмӕ, Капернаумы кӕимӕ ныхас кодта, уыдонӕн дӕр афтӕ зӕгъинаг нӕ уыд, ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзысты, йӕ буар ын ӕцӕгӕй куы хӕрой ӕмӕ йын йӕ туг ӕцӕгӕй куы нуазой, уӕд.

ЙЕСО МА ЙӔ БУАРЫ ӔМӔ ЙӔ ТУДЖЫ КОЙ КОДТА ӔНДӔР УАВӔРЫ ДӔР

7. Иоанны 6:53 стихы Йесо цы загъта, уый иуӕй-иутӕ куыд ӕмбарын кӕнынц?

7 Кӕцыдӕр динтыл хӕст адӕм дзурынц, зӕгъгӕ, Иоанны 6:53 стихы Йесо ӕмбарын кӕны, Хицауы ӕхсӕвӕры цы аразын хъӕуы, уый. Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц? Уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг дӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта (Матф. 26:26–28). Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хицауы ӕхсӕвӕры чидӕриддӕр вӕййы, уыдон иууылдӕр хъуамӕ сӕн ӕмӕ дзулӕй саходой. Цымӕ раст хъуыды кӕнынц? Алы аз ӕгас зӕххыл дӕр Ӕрымысӕн изӕры немӕ вӕййы милуангай адӕм. Уымӕ гӕсгӕ ацы фарстайӕн дзуапп зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Ӕркӕсӕм, Йесо Иоанны 6:53 стихы цы загъта, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг цы загъта, уымӕй.

8. Цы дыууӕ хабары кой ракодтам, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

8 Уӕдӕ фенӕм, уыцы дыууӕ хабары кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц. Ӕрхъуыды кӕнӕм, Иоанны 6:53–56 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдон Йесо кӕд ӕмӕ кӕм загъта, стӕй сӕ кӕмӕн загъта. Фыццаг: загъта сӕ Галилейӕйы, н. э. 32 азы, Иерусалимы Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уымӕй иу аз раздӕр. Дыккаг: уыцы ныхӕстӕ кӕмӕн загъта, уыцы адӕмӕй бирӕты фылдӕр хӕринаджы мӕт уыди, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой, уый мӕт нӕ, фӕлӕ (Иоан. 6:26). Ӕмӕ сын йӕ ныхӕстӕ зын бамбарӕн кӕй уыдысты, уый тыххӕй йыл нал ӕууӕндыдысты. Суанг ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр чидӕртӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты (Иоан. 6:14, 36, 42, 60, 64, 66). Ныр та ӕндӕр хабармӕ ӕркӕсӕм. Иу аз фӕстӕдӕр, н. э. 33 азы, Йесо бындур ӕрӕвӕрдта Хицауы ӕхсӕвӕрӕн. Уӕд йемӕ уыдысты йӕ 11 иузӕрдион апостолы. Уыдон тынг хицӕн кодтой, Галилейӕйы кӕимӕ ныхас кодта, уыцы адӕмӕй. Кӕд апостолтӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Йесо сын цы амыдта, уыдӕттӕ, уӕддӕр сӕ фидарӕй уырныдта, Хуыцауы Фырт кӕй у ӕмӕ уӕларвӕй кӕй ӕрцыд (Матф. 16:16). Йесо сӕ раппӕлыд: «Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ» (Лук. 22:28). Ӕрмӕст уыцы дыууӕ хъуыддаджы дӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, Йесо Иоанны 6:53 стихы цы загъта, уый Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ нӕ хауы. Фӕлӕ ма уымӕн ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр.

Цалдӕр нывы: 1. Йесо бирӕ адӕмимӕ ныхас кӕны. Чидӕртӕ дзы йӕ ныхӕстыл хъуыр-хъуыр кӕнынц, чидӕртӕ та дзы фӕкуыддӕр сты, ай цытӕ дзуры, зӕгъгӕ. 2. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур ӕрӕвӕрдта.

Иоанны 6-ӕм сӕры фыст ис, Йесо Галилейӕйы кӕй ныхас кодта бирӕ адӕмимӕ (галиуырдыгӕй). Иу аз фӕстӕдӕр та Иерусалимы ныхас кодта йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ (рахизырдыгӕй) (кӕс 8 абзац)


ЙЕСОЙЫ НЫХӔСТӔ ДӔУМӔ КУЫД ХАУЫНЦ?

9. Йесо Хицауы ӕхсӕвӕры цы загъта, уый кӕмӕ хауы?

9 Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо йӕ апостолтӕм алӕвӕрдта донгонд дзул ӕмӕ сын загъта, уыцы дзул кӕй нысан кӕны йӕ буар. Стӕй та сӕм алӕвӕрдта сӕн ӕмӕ загъта, уый кӕй нысан кӕны «бадзырды туг» (Мар. 14:22–25; Лук. 22:20; 1 Кор. 11:24). Цы загъта, уый тынг ахсджиаг у. Ног бадзырд конд ӕрцыд ӕппӕт адӕмимӕ нӕ, фӕлӕ, Йесоимӕ уӕлӕрвты «Хуыцауы паддзахады» паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонимӕ (Дзут. 8:6, 10; 9:15). Апостолтӕ уӕд алцы нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ тагъд хъуамӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккой ӕмӕ ног бадзырд дӕр хъуамӕ йӕ тыхы бацыдаид, цӕмӕй фидӕны Йесоимӕ уӕлӕрвты уыдаиккой (Иоан. 14:2, 3).

10. Йесо Хицауы ӕхсӕвӕры цы загъта, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй хицӕн кӕны, Галилейӕйы цы загъта, уымӕй? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Йесо Хицауы ӕхсӕвӕры цы загъта, уый хауд «гыццыл дзугмӕ». Уыцы къордӕй фыццӕгтӕ уыдысты йӕ иузӕрдион апостолтӕ, уыцы изӕр йемӕ чи уыд, уыдон (Лук. 12:32). Апостолтӕ ӕмӕ ма уыцы къордмӕ чи хаудаид, уыдон-иу хъуамӕ дзул ӕмӕ сӕнӕй сахуыстаиккой. Йесоимӕ уӕлӕрвты уыдон уыдзысты. Уӕдӕ ма уыцы дыууӕ хабары кӕрӕдзийӕ уымӕй дӕр хицӕн кӕнынц. Йесо Хицауы ӕхсӕвӕры цы загъта, уый хауд ӕрмӕстдӕр гыццыл къордмӕ, Галилейӕйы цы загъта, уый та – бирӕ адӕммӕ.

Ӕфсымӕр Ӕрымысӕн изӕры дзулӕй аходы.

Дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыдон бирӕ не сты. Фӕлӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис ӕнустӕм цӕрыны фадат. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕууӕндой Йесойыл (кӕс 10 абзац)


11. Йесо Галилейӕйы цы загъта, уымӕй куыд зыны, гыццыл къорды кой кӕй нӕ кодта?

11 Н. э. 32 азы Йесо Галилейӕйы кӕимӕ ныхас кодта, уыцы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕры Йесойӕ хӕринаг йеддӕмӕ ницы хъуыди. Фӕлӕ сын уый сӕ хъус ӕрдардта, хӕринагӕй бирӕ ахсджиагдӕр цы у, уымӕ. Уый фӕрцы сӕ бон уыдаид ӕнустӕм цӕрын. Стӕй ма загъта, фӕстаг бон мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн сӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ уӕд гыццыл къорды кой нӕ кодта (фӕстӕдӕр Хицауы ӕхсӕвӕры гыццыл къорды кой куыд кодта, афтӕ). Галилейӕйы цы арфӕдзинады тыххӕй дзырдта, уый хауд ӕппӕт адӕммӕ дӕр. Йесо загъта: «Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм. Ӕз адӕмы царды тыххӕй цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар» (Иоан. 6:51).

12. Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм?

12 Йесо Галилейӕйы дзуттӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, зӕххыл чидӕриддӕр цард ӕмӕ ма чидӕриддӕр райгуыра, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕнусон цардӕй схайджын уыдзысты. Схайджын дзы уыдзысты, «ацы дзулӕй чи хӕра», ома, Йесойыл кӕй ӕууӕнды, уый хъуыддагӕй чи ӕвдиса, ӕрмӕстдӕр уыдон. Абон бирӕтӕ дзурынц, Йесойыл кӕй ӕууӕндынц, ӕмӕ йӕ хонынц сӕ Ирвӕзынгӕнӕг (Иоан. 6:29). Фӕлӕ, Йесо Галилейӕйы кӕимӕ ныхас кодта, уыдон дӕр ыл ӕууӕндыдысты, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ чидӕртӕ ныууагътой. Цымӕ цӕмӕн?

13. Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг уай, уый цы нысан кӕны?

13 Уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕттӕ уыдысты Йесойы фӕдыл цӕуынмӕ, цалынмӕ сын, цы сӕ хъуыд, уыдӕттӕ лӕвӕрдтаид, уӕдмӕ. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй-иу сӕ сдзӕбӕх кодтаид, хӕринаг сын лӕвӕрдтаид ӕмӕ сын амыдтаид, сӕ зӕрдӕмӕ цы цыд, ӕрмӕст уыдӕттӕ. Фӕлӕ сын Йесо бамбарын кодта, зӕхмӕ, уыдоны цы фӕндыд, уыдӕттӕ аразынмӕ кӕй не ’рцыд. Уый сын бамбарын кодта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕцӕгдӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уой. Хъуамӕ йӕм «ӕрцыдаиккой», ома йӕм хъуамӕ хъуыстаиккой ӕмӕ сын цыдӕриддӕр амыдта, уымӕ гӕсгӕ архайдтаиккой (Иоан. 5:40; 6:44).

14. Йесо йӕ буар ӕмӕ йӕ туг нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл ӕууӕндын ахсджиаг цӕмӕн у?

14 Йесо кӕимӕ ныхас кодта, уыцы дзуттӕгтӕн бамбарын кодта: йӕ буар ӕмӕ йӕ туг нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый фӕрцы сын фӕзындзӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат. Ӕмӕ сӕ хъуыди ууыл ӕууӕндын. Уый ахсджиаг уыди уӕд дӕр, ӕмӕ уый ахсджиаг у абон дӕр (Иоан. 6:40). Уӕдӕ Йесо Иоанны 6:53 стихы цы загъта, уымӕй цы у бӕрӕг? Йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл ӕууӕндын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм. Ӕмӕ уыцы фадат ис тынг бирӕтӕн (Еф. 1:7).

15, 16. Иоанны 6-ӕм сӕрӕй цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ базыдтам?

15 Иоанны 6-ӕм сӕрӕй базыдтам ахсджиаг хабӕрттӕ. Уыдон не ’ппӕтӕн дӕр стыр ныфсы хос сты. Базыдтам, Йесо адӕмы тынг кӕй уарзы. Зӕгъӕм, Галилейӕйы рынчынты сдзӕбӕх кодта, адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзырдта ӕмӕ, куы сӕххормаг сты, уӕд сын хӕринаг радта (Лук. 9:11; Иоан. 6:2, 11, 12). Уымӕй ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ бамбарын кодта, «царддӕттӕг дзул» кӕй у (Иоан. 6:35, 48).

16 Йесо «ӕндӕр фыстӕ» кӕй схуыдта, уыдон Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг дзул ӕмӕ сӕнӕй нӕ саходынц, ӕмӕ сын уый ӕмбӕлгӕ дӕр нӕ кӕны (Иоан. 10:16). Фӕлӕ уӕддӕр ахӕсгӕ хуызы «царддӕттӕг дзулӕй» хӕрынц, ома ӕууӕндынц, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл (Иоан. 6:53). Сӕн ӕмӕ дзулӕй та саходынц, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд ӕмӕ Йесоимӕ уӕларвон Паддзахады чи уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдон. Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕ стӕм ӕви ӕндӕр фыстӕ,– Иоанны 6-ӕм сӕры цы фыст ис, уый зонын не ’ппӕтӕн дӕр ахсджиаг у. Цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕууӕндӕм, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм?

  • Йесо Иоанны 6-ӕм сӕры (ома н. э. 32 азы) цы загъта, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, н. э. 33 азы Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг цы загъта, уымӕй?

  • Иоанны 6-ӕм сӕры цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ «ӕндӕр фыстӕ» цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, кӕд Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй нӕ саходынц, уӕддӕр?

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

a Иоанны 6:5–35 стихтыл дзырд цыди айразмӕйы статьяйы.

b Йесо цы доны кой кодта, уый ӕвдисы, Йегъовӕ цы сарӕзта ӕмӕ цы аразы, цӕмӕй адӕм ӕнусон цардӕй схайджын уой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын