Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 декабрь 30 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Бафӕзм иузӕрдион зӕдты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 декабрь 30 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

1 Тимофеймӕ 5:21 стихы цы «ӕвзӕрст зӕдты» кой ис, уыдон чи сты?

Апостол Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы раз, стӕй дын Хуыцауы ӕвзӕрст зӕдты раз фӕдзӕхсын: цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ-иу алцыдӕр лӕмбынӕг равзар ӕмӕ хъулон макӕй кӕн ӕмӕ афтӕмӕй, цы дын загътон, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕн» (1 Тим. 5:21).

Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, уыцы зӕдтӕ кӕмӕ нӕ амонынц, ууыл. Фидарӕй зӕгъӕн ис, уыдон кӕй не сты 144 мины. Павел Тимофеймӕ куы фыста, уӕд апостолтӕй ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕй уӕларвон цардмӕ ничима райгас. Уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ «ӕвзӕрст зӕдтӕ» уыдонмӕ нӕ амонынц (1 Кор. 15:50–54; 1 Фес. 4:13–17; 1 Иоан. 3:2).

Уӕдӕ, Доны хъаймӕты размӕ Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ дӕр не сты «ӕвзӕрст зӕдтӕ». Уыдон Хӕйрӕджы фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр систы хӕйрӕджытӕ, кӕнӕ дӕлимонтӕ. Уыдон уыдысты Йесойы знӕгтӕ (Райд. 6:2; Лук. 8:30, 31; 2 Пет. 2:4). Фидӕны 1 000 азмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты дӕлдзӕхмӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ Хӕйрӕгимӕ иумӕ ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты (Иуд. 6; Рарг. 20:1–3, 10).

Уӕдӕ, Павел кӕй кой кодта, уыцы «ӕвзӕрст зӕдтӕ», ӕвӕццӕгӕн, сты, «Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийыл» иузӕрдион чи у, уыцы уӕларвон зӕдтӕ.

Иузӕрдион зӕдтӕ мингӕйттӕ сты (Дзут. 12:22, 23). Ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй се ’ппӕт уыцы иу афон уыцы иу хӕслӕвӕрдтӕ нӕ феххӕст кӕнынц. Йегъовӕ сын алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ бахӕс кӕны (Рарг. 14:17, 18). Зӕгъӕм, ӕрмӕст иу зӕды арвыста, цӕмӕй 185 мин ассириаг ӕфсӕддоны ныццагътаид (2 Пад. 19:35). Зӕдтӕй кӕмӕндӕрты та бахӕс кодта, цӕмӕй Йесойы «паддзахадӕй сӕмбырд кӕной, иннӕты чи рӕдийын кӕны ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны се ’ппӕты дӕр» (Матф. 13:39–41). Зӕдтӕй йын чидӕртӕ хъуамӕ «йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕной» уӕлӕрвтӕм (Матф. 24:31). Кӕмӕндӕрты та бахӕс кодта, цӕмӕй нын нӕ «алы къахдзӕф дӕр хъахъхъӕной» (Пс. 91:11; Матф. 18:10; абар Матфейы 4:11; Лукайы 22:43).

Лӕг ӕмӕ ус сты уацамынды. Зӕд сӕ кӕны иу хӕдзармӕ. Мидӕгӕй та иу нӕлгоймаг кувы.

Куыд зыны, афтӕмӕй, 1 Тимофеймӕ 5:21 стихы цы «ӕвзӕрст зӕдты» кой ис, уыдон сты, Йегъовӕ ӕмбырдимӕ баст хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнын кӕмӕн бахӕс кодта, уыцы зӕдтӕ. Ацы сӕры Павел уынаффӕ дӕтты, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕстӕ куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уый фӕдыл. Стӕй дзуры, ӕмбырд сын сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕй хъуамӕ кад кӕна. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ «хъулон макӕй кӕной» ӕмӕ-иу цалынмӕ уынаффӕ рахӕссой, уӕдмӕ-иу хъуамӕ «алцыдӕр лӕмбынӕг равзарой». Уыдонӕн Павелы уынаффӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Куыд загъта, афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнынц «Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы раз, стӕй... Хуыцауы ӕвзӕрст зӕдты раз». Ома Йегъовӕ, Йесо Чырысти ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдтӕ лӕмбынӕг кӕсынц, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдмӕ сӕ хъус куыд дарынц, уымӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, зӕдтӕй кӕуылдӕрты кӕй ис ӕмбырды хъуыддӕгтимӕ баст хӕстӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕнынц, ӕххуыс сын кӕнынц хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ, цы фенынц, цы базонынц, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕн радзурынц (Матф. 18:10; Рарг. 14:6).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын