Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp25 № 1 4–5 фф.
  • Хӕст ӕмӕ змӕстытӕ алкӕй цардыл дӕр фӕзынынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хӕст ӕмӕ змӕстытӕ алкӕй цардыл дӕр фӕзынынц
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2025
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хӕстытӕ кӕд нал уыдзӕн? Библийы цы фыст ис?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Хӕстытыл хардз кӕнынц триллионтӕ. Фӕлӕ адӕм уымӕй стырдӕр аргъ нӕ фидынц?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Хӕстӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2025
  • Украинӕйы хӕст куы райдыдта, уымӕй иу аз рацыд. Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры?
    Ӕндӕр темӕтӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2025
wp25 № 1 4–5 фф.
Цалдӕр нывы: 1. Ӕфсӕддон фӕцӕуы, йӕ фӕстӕ танк. 2. Хӕст зиан кӕмӕн ӕрхаста, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ алы адӕмыхӕттытӕй.

Хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ алкӕй цардыл дӕр фӕзынынц

«Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ абон дунейы цас хӕстытӕ ӕмӕ быцӕутӕ цӕуы, уыйбӕрц никуы цыд, ӕмӕ фӕзындысты 2 миллиард адӕймаджы цардыл, ома адӕмӕн сӕ цыппӕрӕм хайыл»

(Аминӕ Мохаммед, Иугонд Нациты Организацийы Ӕдасдзинады сӕйраг секретары хӕдивӕг, 2023 аз, 26 январь).

Хӕст ӕмӕ змӕстытӕ, гӕнӕн ис, райдайой, сабыр кӕм у, уым дӕр. Хӕст фӕзыны, уырдыгӕй дард чи цӕры, суанг уыдоны цардыл дӕр. Хӕст куы банцайы, уӕд дӕр ма адӕм бирӕ рӕстӕг зындзинӕдтӕ февзарынц. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

  • Нывы къухтӕ афтид къусыл хӕцынц.

    Хӕринаг нӕ фӕфаг кӕны. «Адӕм ӕххормаг ӕййафынц сӕйраджыдӕр алыхуызон быцӕуты аххосӕй. Хӕринаг фаг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сӕ 70 проценты цӕрынц, хӕстытӕ кӕм цӕуы ӕмӕ тыхми арӕх кӕм у, ахӕм рӕтты» (Иугонд Нациты Организацийы ӕппӕтдунеон хойраджы программӕ).

  • Нывы ӕнкъард сылгоймаг йӕ цӕсгом йӕ къухтӕй сӕхгӕдта.

    Адӕмы ӕнӕниздзинадыл ӕмӕ психикӕйыл фӕзыны. Адӕм, хӕст кӕй райдайдзӕн, уымӕй куы фӕтӕрсынц, уӕд тынг фӕтыхсынц ӕмӕ фӕмӕт кӕнынц. Хӕст кӕм цӕуы, уым чи цӕры, уыдонӕн тӕссаг вӕййы, куы фӕцӕф уой, уымӕй. Стӕй ма сын тӕссаг вӕййы, психикӕимӕ баст низтӕ сӕм куы фӕзына, уымӕй дӕр. Фӕлӕ сын, хъыгагӕн, уый фадат нӕ вӕййы, цӕмӕй сын дохтыртӕ баххуыс кӕной.

  • Нывы бинонтӕ сӕ хӕдзарӕй лидзинаг фесты, сӕ дзаумӕттӕ семӕ фӕхӕссынц.

    Адӕм сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг фӕвӕййынц. Иугонд Нациты Организаци куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй 2023 азы сентябрмӕ ӕгас дунейы дӕр хӕстыты ӕмӕ тыхмийы аххосӕй йӕ хӕдзарӕй лидзинаг чи фӕци, уыдонӕн сӕ нымӕц у 114 милуанӕй фылдӕр.

  • Нывы бинонтӕ сӕ мӕгуыр хӕдзары раз лӕууынц.

    Цард фӕуӕззаудӕр вӕййы. Хӕстыты тыххӕй цард фӕуӕззаудӕр вӕййы, зӕгъӕм, алцыдӕр сзынаргъ вӕййы. Адӕм фӕхъизӕмар кӕнынц, уымӕн ӕмӕ хицауад адӕмы ӕнӕниздзинадӕн ӕмӕ ахуырадӕн цы ӕхца рахицӕн кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕфсадыл ӕмӕ хӕцӕнгарзыл ацӕуы. Ӕмӕ хӕст куы банцайы, уӕд дӕр тынг бирӕ ӕхца фӕхъӕуы, цӕмӕй та алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууа.

  • Нывы трубайӕ нефть кӕлы.

    Ӕрдзӕн зиан ӕрхӕссы. Хӕсты рӕстӕг адӕм ӕрдзӕн барӕй зиан фӕхӕссынц. Дон, уӕлдӕф ӕмӕ зӕхх фӕчъизи кӕнынц ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ низтӕ фӕзыны. Стӕй хӕсты фӕстӕ дӕр тӕссаг вӕййы, адӕм минӕты тыххӕй куы фӕцӕфтӕ уой кӕнӕ куы фӕмард уой, уымӕй.

Бӕрӕг у, хӕст адӕмӕн тынг зынаргъ кӕй слӕууы.

Хӕстыты тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Библийы пехуымпарадӕй базонӕн ис, хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ мах цӕрӕм «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» (Матфейы 24:3). Йесо Чырысти загъта:

  • «Хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй. [...] Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:6, 7).

  • «Хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты тыххӕй куы хъусат, уӕд-иу ма тӕрсут» (Лукайы 21:9).

    Дзырд «змӕстытӕ» амоны, адӕм политикӕйы тыххӕй куы фӕхыл кӕнынц ӕмӕ хицауады ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уымӕ.

Фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «„Фӕстаг бонты“ кӕнӕ „кӕроны рӕстӕджы“ кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?» сайты jw.org.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын