Адӕмӕн сӕ бон нӕу хӕстытӕн кӕрон скӕнын
Хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн?
Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хӕстытӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Псалом 46:9).
ХУЫЦАУ ЗӔХХОН ХИЦАУӔДТӔ ФЕСАФДЗӔН
Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕ фесафдзӕн, Библи Армагеддонa кӕй хоны, уыцы хӕсты (Раргомад 16:16). Армагеддоны рӕстӕг Хуыцау «ӕгас дунейы паддзӕхты» ӕрӕмбырд кӕндзӕн, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ» (Раргомад 16:14). Армагеддоны фӕстӕ зӕххыл иу хӕст дӕр нал уыдзӕн.
Хуыцау зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн уӕлӕрвтӕй йӕ Паддзахады уылты. Уыцы Паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм (Данел 2:44). Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ Фырт Йесо Чырыстийы (Исай 9:6, 7; Матфейы 28:18). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта уыцы Паддзахадыb тыххӕй кувын (Матфейы 6:9, 10). Ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн уыдзӕн иу Хицау – Йесо Чырысти.
Зӕххон хицӕуттӕй уӕлдай Чырысти йӕ бартӕй раст пайда кӕндзӕн. Алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы ӕмӕ кӕй никӕй фӕхъулон кӕны, уымӕ гӕсгӕ ӕфхӕрд ничиуал ӕййафдзӕн (Исай 11:3, 4). Стӕй никӕйуал хъӕудзӕн йӕ бартыл тох кӕнын, ӕндӕр расӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй у, уый тыххӕй. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йесо алы адӕймагыл дӕр тыхсдзӕн. «Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. [...] Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12–14).
Хуыцауы Паддзахады рӕстӕг зӕххыл хӕцӕнгарз нал уыдзӕн (Михей 4:3). Стӕй фесафдзӕн, сабырӕй цӕрын кӕй нӕ фӕнды ӕмӕ иннӕты чи хъыгдары, ахӕм адӕмы (Псалом 37:9, 10). Нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ зӕххыл кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр сын ӕдас уыдзӕн (Йезекил 34:28).
Хӕстытӕ райдайынц, зӕгъӕм, адӕм мӕгуыр кӕй цӕрынц, ӕххормаг кӕй ӕййафынц ӕмӕ сын хӕдзӕрттӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн разамынд куы дӕтта, уӕд уыдӕттӕн кӕрон скӕндзӕн. Уӕд уыдзӕн диссаджы цард. Алкӕмӕндӕр парахатӕй уыдзӕн пайда ӕмӕ хӕрзхъӕд хӕринаг ӕмӕ цӕрдзысты рӕсугъд ӕмӕ хорз хӕдзӕртты (Псалом 72:16; Исай 65:21–23).
Адӕм хӕстыты аххосӕй цытӕ бавзӕрстой, уыдӕттӕй Хуыцау фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. Зӕгъӕм, сӕ буары ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕндзӕн. Суанг ма мӕрдты дӕр райгас кӕндзӕн (Исай 25:8; 26:19; 35:5, 6). Бинонтӕ та иумӕ уыдзысты ӕмӕ, цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркӕндзысты, уымӕн ӕмӕ, «раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).
ХУЫЦАУ ТӔРИГЪӔД ФӔСАФДЗӔН
Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн разамынд куы дӕтта, уӕд иууылдӕр кувдзысты иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕнc, «уарзондзинады ӕмӕ фарны Хуыцауӕн» (2 Коринфӕгтӕм 13:11). Адӕм ахуыр кӕндзысты кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрыныл (Исай 2:3, 4; 11:9). Хуыцауы коммӕ чи кӕсдзӕн, уыдон тӕригъӕдджын нал уыдзысты, фӕлӕ уыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст (Ромӕгтӕм 8:20, 21).
ХУЫЦАУ ФЕСАФДЗӔН ХӔЙРӔДЖЫ ӔМӔ ЙӔ ДӔЛИМОНТЫ
Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн, хӕстытӕ кӕй аххосӕй райдайынц, уыдоны – Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты (Раргомад 20:1–3, 10). Уыдон адӕмыл куы нал ӕндавой, уӕд «алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад» (Псалом 72:7).
Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Хуыцау йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл. Уый йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны ӕмӕ уый йӕ бон дӕр у.
Хуыцау стыр зонд ӕмӕ хъаруйы хицау у, ӕмӕ йӕ бон у хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕнын (Иов 9:4). Йӕ бон цы нӕу саразын, ахӕмӕй ӕппындӕр ницы ис (Иов 42:2).
Хуыцауӕн тынг зын вӕййы адӕмы хъизӕмӕрттӕм кӕсын (Исай 63:9). Стӕй ма «фыддзинад чи уарзы, уымӕй... йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5).
Хуыцау алкӕддӕр йӕ ныхас сӕххӕст кӕны; йӕ бон сайын нӕу (Исай 55:10, 11; Титмӕ 1:2).
Фидӕны Хуыцау зӕххыл сабыр цард скӕндзӕн ӕнустӕм.
Хуыцау хӕстытӕн кӕрон скӕндзӕн
a Бакӕс статья «Армагеддоны хӕст цы у?» сайты jw.org.
b Бакӕс видеороликмӕ «Цы у Хуыцауы Паддзахад?» сайты jw.org.
c Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).