Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 мартъи 14–19 фф.
  • Йесойау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесойау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔППӔТЫ СӔЙРАГ ЫН УЫД ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КӔНЫН
  • БИБЛИЙЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ ӔМБӔРСТА ӔМӔ УЫДОНМӔ ГӔСГӔ АРХАЙДТА
  • ЙӔ НЫФС ДАРДТА ЙЕГЪОВӔЙЫЛ
  • ФИДАРӔЙ ЙӔ УЫРНЫДТА, ЧИ ЙӔМ БАЙХЪУСДЗӔН, АХӔМ АДӔМ ДӔР КӔЙ УЫДЗӔН
  • Хъусын кӕныны хъуыддаг дын фылдӕр циндзинад хӕссӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Уарзондзинад дӕ разӕнгард кӕнӕд хъусын кӕнынмӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 мартъи 14–19 фф.

11 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

57 ЗАРӔГ Хъусын кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн

Йесойау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн

«Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты... йӕхӕдӕг цӕуинаг кӕдӕм уыд, уыцы горӕттӕм ӕмӕ... уыцы бынӕттӕм йӕ разӕй дыгӕйттӕй арвыста» (ЛУК. 10:1).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йесойы цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм.

1. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы адӕмӕй?

ЙЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар. Ӕмӕ уымӕй тынг хицӕн кӕнынц, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй (Тит. 2:14). Фӕлӕ нын хатт, чи зоны, зын вӕййы зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Иу хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Иуӕй-иу хатт мӕ ӕппындӕр нӕ фӕфӕнды хъусын кӕнын». Чи зоны, дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны.

2. Иуӕй-иу хатт нын зын цӕмӕн вӕййы зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын?

2 Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ фӕаразӕм. Ӕмӕ, чи зоны, тынгдӕр уарзӕм хъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ. Афтӕ цӕмӕн вӕййы? Зӕгъӕм, Паддзахады залтӕ куы фӕаразӕм, куы сӕм фӕзилӕм, бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн куы феххуыс кӕнӕм кӕнӕ ӕндӕр уавӕрты сӕ фарсмӕ куы балӕууӕм, уӕд уайтагъд фенӕм, нӕ фыдӕбон цы пайда ӕрхаста, уый. Ӕмӕ фӕцин кӕнӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иумӕ цыдӕр куы фӕаразӕм, уӕд нын уый ӕхсызгон вӕййы, уымӕн ӕмӕ ӕмвӕндӕй фӕархайӕм. Стӕй бӕрӕг вӕййы, кӕрӕдзийы кӕй уарзӕм. Ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, цы аразӕм, уый тыххӕй нӕ бузныг кӕй сты. Хъусын кӕныны хъуыддаг куы райсӕм, уӕд та, чи зоны, бирӕ азты дӕргъы ахӕм территорийы хъусын кӕнӕм, ӕмӕ хорз хабармӕ ӕрмӕст иуӕй-иутӕ байхъусынц. Чидӕртӕ та нӕм мӕсты дӕр фӕкӕнынц, кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй. Стӕй ма зонӕм, кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ адӕм нӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр кӕй цӕудзысты (Матф. 10:22). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнӕм?

3. Лукайы 13:6–9 стихты фыст фӕсномыг ныхасӕй Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

3 Йесойы цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыйау алкӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. (Бакӕс Лукайы 13:6–9.) Йӕ фӕсномыг ныхасы йӕхи абарста сӕнӕфсирдонгӕсимӕ. Уыцы сӕнӕфсирдонгӕс ӕртӕ азы зылди, дыргъ чи нӕ лӕвӕрдта, уыцы легъуибӕласмӕ. Йесо дӕр ӕртӕ азы дӕргъы дзуттӕгтӕн хъусын кодта, фӕлӕ сӕ фылдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ систы. Фӕлӕ сӕнӕфсирдонгӕс легъуибӕласыл йӕ къух куыд нӕ ауыгъта, афтӕ Йесо дӕр уыцы адӕмыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Уӕддӕр сын хъусын кодта. Ӕмӕ ма ноджы тынгдӕр архайдта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид.

4. Йесойӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн цы ӕххуыс кодта?

4 Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йесо йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕз мӕйы ноджы зӕрдиагдӕрӕй цӕй фӕрцы хъусын кодта. (Кӕс комментари Лукайы 10:1 стихмӕ, ныхӕстӕм «после этого», «Учебная Библия»-йы.) Йесо цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ цы арӕзта, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Ӕркӕсдзыстӕм, цавӕр цыппар хъуыддаджы йын баххуыс кодтой: 1) ӕппӕты сӕйраг ын уыд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын; 2) Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбӕрста ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайдта; 3) йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл; 4) фидарӕй йӕ уырныдта, чи йӕм байхъусдзӕн, ахӕм адӕм дӕр кӕй разындзӕн.

ӔППӔТЫ СӔЙРАГ ЫН УЫД ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КӔНЫН

5. Йесойӕн ӕппӕты сӕйраг Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыд, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

5 Йесо зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар», уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцау ӕй зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй рарвыста (Лук. 4:43). Уымӕй ахсджиагдӕр ын ницы уыд. Зӕгъӕм, йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕз мӕйы «горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл» зылди ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта (Лук. 13:22). Стӕй ма ног ахуыргӕнинӕгты дӕр ахуыр кодта, цӕмӕй йемӕ хъусын кодтаиккой (Лук. 10:1).

6. Йегъовӕйы организацийы ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг кӕцы у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Абон дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесо хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг ӕппӕты ахсджиагдӕрыл нымайынц (Матф. 24:14; 28:19, 20). Йегъовӕйы организацийы алы хъуыддаг дӕр ӕнгом баст у хорз хабар хъусын кӕнынимӕ. Зӕгъӕм, Паддзахады залтӕ аразӕм, цӕмӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн сӕ бон уа уырдӕм ӕрбацӕуын ӕмӕ немӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уӕдӕ Вефилтӕ дӕр уый тыххӕй сты, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уайтагъд баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын уа, кӕм ӕмбырд кӕной, ахӕм бынӕттӕ, стӕй сӕ бон уа дарддӕр хъусын кӕнын. Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ахсджиаг у ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй уыцы куыст кӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн арӕхдӕр хъусын кӕнын. Венгрийӕ иу хистӕр нӕлгоймаг, Я́нош, загъта: «Мӕхицӕн мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йегъовӕ нын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у хъусын кӕныны хъуыддаг. Ӕндӕр хуызы лӕггадӕй йӕ нӕй баивӕн».

Цалдӕр нывы: 1. Ӕфсымӕр ӕххуыс кӕны нӕ организацийы агъуыстытӕй кӕцыдӕр аразынӕн. 2. Ӕндӕр ӕфсымӕр хӕдзарӕй Вефилӕн ӕххуыс кӕны. 3. Фӕстӕдӕр уыцы дыууӕ ӕфсымӕры иумӕ хъусын кӕнынц.

Абон Йегъовӕ ӕмӕ Йесо хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг нымайынц ӕппӕты ахсджиагдӕрыл (кӕс 6 абзац)


7. Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм? (1 Тимофеймӕ 2:3, 4).

7 Цӕмӕй дарддӕр дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй адӕммӕ хъуамӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм хорз хабар фехъусой ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:3, 4.) Хорз хабар адӕмӕн сӕ цард ирвӕзын кӕны. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй адӕмимӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнӕм. Зӕгъӕм, брошюрӕйы «Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн» ис тынг хорз уынаффӕтӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц адӕмимӕ афтӕ ныхас кӕнынӕн, цӕмӕй-иу сӕ бафӕнда Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕппынфӕстаг Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Ныр куы нӕ райдайой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уӕддӕр сын, чи зоны, уыцы фадат уыдзӕн стыр бӕллӕхы кӕроны онг. Чи зоны, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууа, цы сын дзырдтам, уый ӕмӕ сӕ бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ сын уыцы фадат уыдзӕн, дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд.

БИБЛИЙЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ ӔМБӔРСТА ӔМӔ УЫДОНМӔ ГӔСГӔ АРХАЙДТА

8. Библийы пехуымпарӕдтӕ Йесойӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ рӕстӕгӕй раст пайда кодтаид?

8 Йесо ӕмбӕрста, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой. Уый зыдта, йӕ лӕггад ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг йеддӕмӕ кӕй нӕ ахӕсдзӕн (Дан. 9:26, 27). Стӕй ма зыдта, кӕд ӕмӕ куыд амӕлдзӕн, уый дӕр (Лук. 18:31–34). Уыцы пехуымпарӕдтӕ йӕ зӕрдыл кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ йӕ рӕстӕгӕй раст пайда кодта. Уый фӕрцы дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, цӕмӕй, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид.

9. Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕмбарӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм?

9 Библийы пехуымпарӕдтӕ абон куыд ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ тагъд рӕстӕджы куыд сӕххӕст уыдзысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн хорз хабар хъусын кӕнын. Мах зонӕм, ацы дунейӕн тагъд йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕстаг бонты адӕм цыхуызӕн уыдзысты ӕмӕ цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй Библийы раджы ӕрцыд фыст. Ӕмӕ йӕ уынӕм, уыцы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц. Библийы пехуымпарӕдтӕй ма базонӕн ис, «кӕроны рӕстӕг» хуссайраг паддзах ӕмӕ цӕгатаг паддзах кӕрӕдзиимӕ кӕй тох кӕндзысты (Дан. 11:40). Ӕмӕ ацы пехуымпарад дӕр нӕ цӕстыты раз ӕххӕст кӕны – Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ, тох кӕнынц Уӕрӕсеимӕ ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтимӕ. Стӕй ма зонӕм, Данелы 2:43–45 стихты цы гуымирыйы кой ис, уый къӕхтӕ кӕй амонынц Великобританимӕ ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕм. Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй иртасӕм, уый фӕрцы фидарӕй зонӕм, тагъд, тынг тагъд Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр кӕй фесафдзӕн! Уыцы пехуымпарӕдтӕй се ’ппӕтӕй дӕр бӕрӕг у, кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ хорз хабар ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнӕм.

10. Библийы пехуымпарӕдтӕ ма нын ноджыдӕр нӕ зӕрдӕйы зынг куыд ссудзынц?

10 Библийы пехуымпарӕдтӕй ма базонӕн ис, диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ нӕ тынг фӕнды уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Хо Кэ́рри лӕггад кӕны Доминика́ны Республикӕйы. Уый загъта: «Йегъовӕ цы диссаджы цард сараздзӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ бафӕнды уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын». Кэрри ма загъта: «Адӕмы зындзинӕдтӕ уынгӕйӕ ноджы хуыздӕр бамбарын, куыд тынг сӕ хъӕуы Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй базонын». Библийы пехуымпарӕдтӕ ма нын ӕххуыс кӕнынц алыхуызон адӕмӕн ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн. Мах зонӕм, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй у. Хо Лейлӕ цӕры Венгрийы. Уый та загъта: «Исайы 11:6–9 стихты цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон кӕй у аивын. Уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу адӕймагӕн хорз хабар радзурон, афтӕ мӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ мӕм нӕ байхъусдзӕн, уӕддӕр». Замбийӕ иу ӕфсымӕр, Кри́стофер, загъта: «Марчы 13:10 стихы фыст ис, хорз хабар ӕгас дунейы дӕр кӕй хъусын кӕндзысты. Ӕмӕ стыр кадыл нымайын, уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уый». Библийы пехуымпарӕдтӕй дӕу та кӕцытӕ разӕнгард кӕнынц хорз хабар хъусын кӕнынмӕ?

ЙӔ НЫФС ДАРДТА ЙЕГЪОВӔЙЫЛ

11. Йесо йӕ ныфс Йегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ дардтаид, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаид? (Лукайы 12:49, 53).

11 Йесойы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн хорз хабар дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынӕн. Адӕмимӕ-иу фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Фӕлӕ уӕддӕр зыдта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар алкӕй зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕудзӕн, суанг ма йӕ бакъуылымпы кӕнынмӕ дӕр кӕй хъавдзысты. (Бакӕс Лукайы 12:49, 53.) Дины разамонджытӕн-иу Йесойы ныхӕстӕ сӕ тъӕнгтӕ ацагътой, ӕмӕ йӕ цалдӕр хатты марынмӕ дӕр хъавыдысты (Иоан. 8:59; 10:31, 39). Фӕлӕ уӕддӕр хъусын кодта, уымӕн ӕмӕ зыдта, Йегъовӕ йемӕ кӕй ис. Уый загъта: «Ӕз иунӕгӕй нӕ дӕн – мӕ рарвитӕг Фыд мемӕ ис. ...Иунӕгӕй мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый» (Иоан. 8:16, 29).

12. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд ахуыр кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кодтаиккой, кӕд сӕ ныхмӕ цыдаиккой, уӕддӕр?

12 Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ бон кӕй у цыфӕнды уавӕры дӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Иу ӕмӕ дыууӕ хатты сын нӕ дзырдта, Йегъовӕ сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, сӕ фӕдыл куы зилой, уӕд дӕр (Матф. 10:18–20; Лук. 12:11, 12). Йесо зыдта, бирӕтӕ сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты. Ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уыдаиккой (Матф. 10:16; Лук. 10:3). Амыдта ма сын, цӕмӕй-иу ма ныттыххӕй уыдаиккой, хорз хабармӕ чи нӕ байхъуыстаид, уыдоныл (Лук. 10:10, 11). Стӕй ма сын загъта, сӕ фӕдыл куы зилой, уӕд-иу цӕмӕй алидзой (Матф. 10:23). Йесо зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ цард ӕнӕхъуаджы тӕссаг уавӕры не ’ппӕрста (Иоан. 11:53, 54).

13. Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

13 Абон бирӕтӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс хъӕуы, цӕмӕй дарддӕр адӕмӕн хорз хабар дзурӕм (Рарг. 12:17). Кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна? Йесо Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты хъахъхъӕдтаид. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Иоанны 17-ӕм сӕры. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдӕн дзуапп радта. Хъуыддӕгты чиныджы нӕ бон у бакӕсын, Йегъовӕ-иу апостолтӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаиккой, кӕд сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр. Йесо ӕрмӕст йӕ апостолты тыххӕй нӕ куывта, фӕлӕ ма йыл сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ чи баууӕндыдаид, уыдоны тыххӕй дӕр. Ӕмӕ дӕу дӕр хъахъхъӕндзӕн. Йегъовӕ Йесойы куывдӕн абон дӕр дзуапп дӕтты. Апостолтӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн (Иоан. 17:11, 15, 20).

14. Цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ бон зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ нын, чи зоны, ноджы зындӕр уыдзӕн хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Фӕлӕ Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн (Лук. 21:12–15). Йесойау ӕмӕ 1 ӕнусы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтау мах дӕр ӕмбарӕм, алкӕмӕн дӕр кӕй ис равзарыны бар – байхъусдзӕн ӕви нӕ. Ӕмӕ уацамынды адӕмимӕ нӕ фӕбыцӕу кӕнӕм. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уыцы бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уӕддӕр хъусын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс сӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл дарынц. Йегъовӕ 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн хъарутӕ куыд лӕвӕрдта, афтӕ махӕн дӕр хъару дӕтты, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ (2 Тим. 4:17). Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм: нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ бон уыдзӕн зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын.

Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уыцы бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ архайынц ӕмбаргӕйӕ, фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц (кӕс 14 абзац)a


ФИДАРӔЙ ЙӔ УЫРНЫДТА, ЧИ ЙӔМ БАЙХЪУСДЗӔН, АХӔМ АДӔМ ДӔР КӔЙ УЫДЗӔН

15. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йесойы фидарӕй кӕй уырныдта, чи йӕм байхъусдзӕн, ахӕм адӕм дӕр кӕй уыдзӕн?

15 Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, чи йӕм байхъусдзӕн, ахӕм адӕм дӕр кӕй уыдзӕн. Уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕ удӕй арт уагътаид. Зӕгъӕм, н. э. 30 азы кӕрон Йесо федта, бирӕтӕ хорз хабармӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусынц. Ӕмӕ сӕ абарста, кӕрдынмӕ цӕттӕ чи сты, ахӕм хуымтимӕ (Иоан. 4:35). Иу азы фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг... бирӕ ис» (Матф. 9:37, 38). Фӕстӕдӕр та ногӕй загъта: «Кӕрдинаг... бирӕ ис... Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Лук. 10:2). Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсдзӕн, ахӕм адӕм дӕр кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ-иу ахӕм адӕм куы разынд, уӕд-иу цин кодта (Лук. 10:21).

16. Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдонӕй куыд у бӕрӕг, нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Лукайы 13:18–21). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кастаиккой. Сӕ зӕрдыл-иу сын ӕрлӕууын кодта, хъусын кӕныны хъуыддаг бӕркадджын тыллӕг кӕй хӕсдзӕн. Ӕркӕсӕм дыууӕ фӕсномыг ныхасмӕ. (Бакӕс Лукайы 13:18–21.) Иу фӕсномыг ныхасы Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар абарста гыццыл хъыцъыйы нӕмыгимӕ. Уый сырӕзт ӕмӕ дзы рауад стыр бӕлас. Уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ уыцы хорз хабар бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты ӕмӕ ахӕм адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты. Иннӕ фӕсномыг ныхас та уыд ӕнхъизӕны тыххӕй. Уый та амыдта, хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй апарахат уыдзӕн ӕмӕ-иу адӕмы кӕй бафӕнддзӕн сӕ цард аивын. Гӕнӕн ис, уыцы ивындзинӕдтӕ-иу иннӕтӕ уайтагъд ма бафиппайой. Афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, цы хабар хъусын кӕнынц, уый бирӕтӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн.

Дыууӕ хойы стендтимӕ лӕууынц, адӕм дыууӕрдӕм кӕм кӕнынц, ахӕм ран. Бирӕтӕ сӕ рӕзты ацӕуынц, лӕугӕ дӕр не ’ркӕнынц, афтӕмӕй.

Йесойау мах дӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсдзӕн, ахӕм адӕм кӕй уыдзӕн (кӕс 16 абзац)


17. Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕныны хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?

17 Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр цас адӕмӕн баххуыс кодта, уый уынгӕйӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды дарддӕр дӕр хъусын кӕнын. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕй алы аз дӕр милуантӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, ӕмӕ бирӕтӕ сразы вӕййынц Библи ахуыр кӕныныл. Сӕдӕгай минтӕ та донаргъуыд райсынц ӕмӕ немӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнынц. Мах нӕ зонӕм, йӕ зӕрдӕмӕ ма хорз хабар цал адӕймаджы айсдзӕн. Фӕлӕ зонӕм, Йегъовӕ тынг бирӕ адӕмы кӕй ӕмбырд кӕны, цӕмӕй сӕ стыр бӕллӕхы фервӕзын кӕна (Рарг. 7:9, 14). Хуымы хицау Йегъовӕ зоны, нырма бирӕтӕ кӕй ӕрлӕудзысты рӕстдзинады фӕндагыл. Уӕдӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм.

18. Махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ цы хъуамӕ ’мбарой?

18 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ алкӕддӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Апостолтӕ ныфсджынӕй кӕй хъусын кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕм «базыдтой, уыдон дӕр-иу Йесоимӕ кӕй уыдысты» (Хъуыд. 4:13). Мах дӕр хорз хабар ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд адӕм уындзысты, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм.

ЙЕСОЙЫ ЦӔВИТТОН НЫН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ...

  • цӕмӕй нын ӕппӕты сӕйраг уа Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ архайӕм?

  • цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм?

  • цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?

58 ЗАРӔГ Агурӕм фарнуарзаг адӕмы

a НЫВ. Ӕфсымӕр заправкӕйы иу нӕлгоймагӕн хорз хабары тыххӕй дзуры, фӕлӕ архайы ӕмбаргӕйӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын