Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 мартъи 26–31 фф.
  • Йегъовӕйы къух цыбыр нӕу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы къух цыбыр нӕу
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • МОИСЕЙ ӔМӔ ИЗРАИЛӔГТЫ ХАБАРӔЙ ЗОНДӔН РАЙСӔН ЦЫ ИС?
  • ӔХЦАХЪУАГ КУЫ ӔЙЙАФӔМ
  • АЗТӔ НЫЛ СӔ УӔЗ КУЫ ’РУАДЗОЙ, УӔД ЦӔМӔЙ ЦӔРДЗЫСТӔМ, УУЫЛ КУЫ МӔТ КӔНӔМ
  • Цӕуыл ахуыр кӕнӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕстаг ныхӕстӕй?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 мартъи 26–31 фф.

13 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

4 ЗАРӔГ «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

Йегъовӕйы къух цыбыр нӕу

«Ау, Йегъовӕйы къух цыбыр у?» (НЫМ. 11:23).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын алкӕддӕр кӕй дӕтдзӕн, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ.

1. Моисей израилӕгты Египетӕй куы кодта, уӕд куыд равдыста, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый?

ДЗУТТӔГТӔМ чиныджы фыст ис, Йегъовӕйыл чи ӕууӕндыд, уыдонӕй бирӕты тыххӕй. Сӕ иу уыд Моисей (Дзут. 3:2–5; 11:23–25). Дзуттӕгты Египетӕй куы кодта, уӕд равдыста, фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд. Уый нӕ фӕтарст нӕдӕр фараонӕй, нӕдӕр йе стыр ӕфсадӕй. Йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы дзуттӕгты Сырх денджызыл ахизын кодта. Фӕстӕдӕр та сӕ кодта ӕдзӕрӕг быдыры (Дзут. 11:27–29). Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ нал ӕууӕндыдысты, Йегъовӕ сыл кӕй батыхсдзӕн, ууыл. Фӕлӕ йыл Моисей дарддӕр дӕр йӕ ныфс дардта. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта. Ӕдзӕрӕг быдыры сын диссаджы хуызы дон ӕмӕ хӕринаг лӕвӕрдта (Рац. 15:22–25; Пс. 78:23–25)a.

2. Хуыцау Моисейы цӕмӕн бафарста: «Ау, Йегъовӕйы къух цыбыр у?» (Нымӕцтӕ 11:21–23).

2 Кӕд Моисейӕн фидар уырнындзинад уыд, уӕддӕр, Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уымӕй иу азы фӕстӕ фӕдызӕрдыг, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй бауыдзӕн йӕ адӕмӕн дзидза раттын. Моисей не ’мбӕрста, Йегъовӕ ӕдзӕрӕг быдыры цалдӕр милуан адӕймаджы дзидзайӕ куыд бафсаддзӕн, уый. Гъемӕ йӕ Йегъовӕ дӕр бафарста: «Ау, Йегъовӕйы къух цыбыр у?» (Бакӕс Нымӕцтӕ 11:21–23.) Ныхӕстӕ «Йегъовӕйы къух» амонынц Хуыцауы сыгъдӕг тыхмӕ, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхмӕ. Ӕндӕр ныхасӕй, Йегъовӕ йӕ бафарста: «Ӕцӕгдӕр дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ мӕ бон нӕ бауыдзӕн мӕ ныхас сӕххӕст кӕнын?»

3. Моисей ӕмӕ израилӕгты хабар нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

3 Ды дӕр фӕдызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ бинонтыл дӕр кӕй батыхсдзӕн? Цӕй ӕмӕ базонӕм, Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ цӕмӕн дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ сын кӕй ратдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр стихмӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нын алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый.

МОИСЕЙ ӔМӔ ИЗРАИЛӔГТЫ ХАБАРӔЙ ЗОНДӔН РАЙСӔН ЦЫ ИС?

4. Израилӕгтӕй бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдтаиккой, Йегъовӕйы бон сыл батыхсын кӕй у, ууыл?

4 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд ма семӕ рацыд «бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй». Цыдысты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ, цӕугӕ та кодтой ӕдзӕрӕг быдырыл (Рац. 12:38; Дык. з. 8:15). Цасдӕры фӕстӕ адӕм иннӕ адӕмыхӕттытӕй маннӕ хӕрынӕй бафӕлладысты, ӕмӕ сӕхицӕн ӕндӕр хӕринаг домын райдыдтой. Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ дӕр райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын (Ным. 11:4–6). Адӕм мысыдысты, Египеты цы хӕринӕгтӕ хордтой, уыдон. Моисейӕн кӕй хъаст кодтой, уый тыххӕй Моисей ӕнхъӕлдта, ӕмӕ сын йӕхӕдӕг хъуамӕ ратта дзидза. Фӕлӕ уыйбӕрц дзидза кӕцӕй хъуамӕ ӕрхастаид? (Ным. 11:13, 14).

5, 6. Ӕндӕр адӕмыхӕттыты зондахаст израилӕгтӕй бирӕтыл куыд фӕзынд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Израилӕгтимӕ чи рацыд, уыцы адӕм нӕ аргъ кодтой, Йегъовӕ сын цы сарӕзта, уыдӕттӕн. Ӕмӕ уыцы зондахаст израилӕгтыл дӕр бандӕвта. Гӕнӕн ис, махыл дӕр ахӕм хабар ӕрцӕуа. Нӕ алыварс, бузныгзӕрдӕ чи нӕу, ахӕм адӕм куы уа, уӕд, чи зоны, мах дӕр Йегъовӕйӕ бузныг мауал уӕм, цы нын дӕтты, уыдӕтты тыххӕй. Афтӕ, гӕнӕн ис, рауайа, раздӕр нӕм цы уыд, уыдӕттӕ куы мысӕм кӕнӕ иннӕтӕм куы хӕлӕг кӕнӕм, уӕд. Фӕлӕ нӕм цы ис, уый фагыл куы нымайӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм.

6 Израилӕгтӕ хъуамӕ хъуыды кодтаиккой, Йегъовӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл. Йегъовӕ сын загъта, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацӕуой, уӕд сын уым алцыдӕр парахатӕй кӕй уыдзӕн. Афтӕ сын нӕ загъта, ӕмӕ сын ӕдзӕрӕг быдыры уыдзӕн алцыдӕр. Хорз уаид, мах дӕр-иу ӕгӕр бирӕ куы нӕ хъуыды кӕниккам, цы нын нӕй, уыдӕттыл. Фылдӕр хъӕуы, Йегъовӕ нын ног дунейы цытӕ ратдзӕн, уыдӕттыл хъуыды кӕнын. Стӕй ма нӕ бон у хъуыды кӕнын, Йегъовӕйыл нӕ ныфс ноджы тынгдӕр кӕй фӕрцы дардзыстӕм, уыцы стихтыл.

7. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн?

7 Фӕлӕ, чи зоны, уӕддӕр хъуыды кӕныс, Йегъовӕ Моисейӕн афтӕ цӕмӕн загъта, «ау, Йегъовӕйы къух цыбыр у?», зӕгъгӕ. Чи зоны йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын Моисей ӕрмӕст йӕ хъаруйыл ма ахъуыды кодтаид, фӕлӕ ма, йӕ къух кӕйонгты «ӕххӕссы», ууыл дӕр. Кӕд израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры уыдысты, уӕддӕр Йегъовӕйӕн зын нӕ уыд, цӕмӕй сын дзидза фагӕй фылдӕр радтаид. «Йӕ фидар къухы ӕмӕ... йӕ тыхджын цонджы [комк. «кӕй радаргъ кодта, уыцы цонджы»]» фӕрцы равдыста, йӕ бон кӕй уыд йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын, кӕмфӕнды ма уыдаиккой, уӕддӕр (Пс. 136:11, 12). Уӕдӕ зын уавӕрты хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы къух махӕй алкӕмӕ дӕр кӕй «баххӕсдзӕн», кӕмфӕнды ма уӕм, уӕддӕр (Пс. 138:6, 7).

8. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы рӕдыд ӕруагътой, ахӕм рӕдыдӕй нӕхи куыд бахиздзыстӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын тынг бирӕ уӕрццытӕ радта. Фӕлӕ израилӕгтӕ Хуыцауӕй бузныг нӕ уыдысты. Уый нӕ, фӕлӕ ма зыд кӕнын дӕр райдыдтой. Иу бон ӕмӕ ’рдӕг ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕрццытӕ ӕмбырд кодтой. Ӕмӕ сӕм Йегъовӕйы маст рафыхт, сӕ «хиуарзон фӕндты» фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ бафхӕрдта (Ным. 11:31–34). Сӕ хабар махӕн зондзонӕн у. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй зыд кӕнын ма райдайӕм. Хъӕздыг уӕм ӕви мӕгуыр,– хъуамӕ «хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнӕм уӕлӕрвты», ома Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесомӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм (Матф. 6:19, 20; Лук. 16:9). Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ӕнӕмӕнг дӕтдзӕн, цы нӕ хъӕуы, уыдӕттӕ.

Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры ӕхсӕвыгон уӕрццытӕ ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ сыл хӕлоф кӕнынц.

Ӕдзӕрӕг быдыры бирӕтӕн цавӕр зондахаст уыд ӕмӕ сӕ хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? (кӕс 8 абзац)


9. Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна?

9 Йегъовӕ нын абон дӕр цӕттӕ у ӕххуыс кӕнынмӕ. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕхцахъуаг кӕнӕ хӕринагхъуаг никуы баййафдзыстӕмb. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ никуы ныууадздзӕн. Алы зын уавӕры дӕр-иу нын баххуыс кӕндзӕн. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый нӕ кӕй уырны? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ: 1) ӕхцахъуаг куы ӕййафӕм ӕмӕ 2) азтӕ ныл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд цӕмӕй цӕрдзыстӕм, ууыл куы мӕт кӕнӕм.

ӔХЦАХЪУАГ КУЫ ӔЙЙАФӔМ

10. Зын уавӕры цӕй тыххӕй бахауӕм?

10 Ацы дунейы кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ, гӕнӕн ис, экономикӕйы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕна. Хицауад кӕй фӕивы, уый тыххӕй, науӕд хӕстытӕ ӕмӕ пандемийӕты аххосӕй, чи зоны, ӕнӕ куыстӕй кӕнӕ ӕнӕ хӕдзарӕй баззайӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ бахъӕуа ног куыст агурын кӕнӕ ма суанг нӕ бинонтимӕ ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацӕуын дӕр, цӕмӕй сӕ нӕ бон уа фӕдарын. Ахӕм уавӕрты нӕ бон куыд у равдисын, нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарӕм?

11. Ӕхцахъуаг куы ӕййафай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? (Лукайы 12:29–31).

11 Ӕппӕты фыццаг дӕ уавӕры тыххӕй Йегъовӕйӕн радзур. Уӕд дын бирӕ фенцондӕр уыдзӕн (Ӕмб. 16:3). Кур дзы, цӕмӕй дын ратта зонд раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн, стӕй дын цӕмӕй баххуыс кӕна, ӕмӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнай. (Бакӕс Лукайы 12:29–31.) Зӕрдиагӕй йӕм кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна, цы дӕм ис, уый фагыл нымайын (1 Тим. 6:7, 8). Нӕ публикациты бацагур, дӕ уавӕры дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм статьятӕ. Сайты jw.org цы статьятӕ ӕмӕ видеороликтӕ ис, уыдон бирӕтӕн баххуыс кодтой, ӕхцахъуаг куы ӕййӕфтой, уӕд.

12. Чырыстон цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕна, цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕсса?

12 Иуӕй-иутӕ кусынмӕ дард ранмӕ ацыдысты, фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой, уый раст уынаффӕ кӕй нӕ уыд. Цалынмӕ ног куыстыл сразы уӕм, уӕдмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, цас нын фиддзысты, ууыл. Фӕлӕ фыццаджыдӕр хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын, уыцы куысты тыххӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзыстут (Лук. 14:28). Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕмбалӕй дард куы уон, уӕд уый нӕ бинонты цардыл куыд фӕзындзӕн? Стӕй мӕ бон уыдзӕн алы ӕмбырдмӕ дӕр ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуын ӕмӕ мӕ рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕрвитын?» Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд ма дӕ хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон уыдзӕн мӕ сывӕллӕтты, „Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ“ хъомыл кӕнын, сӕ разы куы нӕ уон, уӕд?» (Еф. 6:4). Уынаффӕ куы хӕссай, уӕд-иу байхъус Йегъовӕйы уынаффӕмӕ, дӕ бинонтӕй ӕмӕ де ’мбӕлттӕй Хуыцауы Ныхас чи ницӕмӕ дары, уыдоны уынаффӕмӕ нӕ, фӕлӕc. Тони цӕры иу азиаг бӕстӕйы. Фӕзынди йын цалдӕр хорз фадаты фӕсарӕнты бакусынӕн. Фӕлӕ куы скуывта ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ куы аныхас кодта, уӕд аскъуыддзаг кодта, кӕй нӕ ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахъуыды кодтой, сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кӕной. Тони зӕгъы: «Уӕд цы уынаффӕ рахастон, ууыл нӕ фӕсмон кӕнын. Цалдӕр адӕймагӕн баххуыс кодтон рӕстдзинад базонынӕн, ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ дӕр Йегъовӕйы бирӕ уарзынц. Мах нӕхиуыл бавзӕрстам, Матфейы 6:33 стихы ныхӕстӕ раст кӕй сты. Йесо нӕ куыд ахуыр кодта, афтӕ куы цӕрӕм, уӕд ныл Йегъовӕ ӕнӕмӕнг батыхсдзӕн».

АЗТӔ НЫЛ СӔ УӔЗ КУЫ ’РУАДЗОЙ, УӔД ЦӔМӔЙ ЦӔРДЗЫСТӔМ, УУЫЛ КУЫ МӔТ КӔНӔМ

13. Абон нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ныл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд нӕ рӕбыны исты уа?

13 Чи зоны, мӕт кӕнӕм, азтӕ ныл сӕ уӕз куы ӕруадзой, уӕд куыд цӕрдзыстӕм, ууыл. Ахӕм уавӕры нӕ бон куыд у равдисын, нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый? Библи зӕгъы, цӕмӕй нӕ сомбоныл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнӕм (Ӕмб. 6:6–11). Кӕд нӕ къух амоны, уӕд хорз уаид, нӕ рӕбыны ӕхца куы ӕвӕриккам. Ӕмӕ нӕм уӕд бахъуаджы сахат исты уыдзӕн (Еккл. 7:12). Фӕлӕ нын ӕхца царды ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ ма суа.

14. Дзуттӕгтӕм 13:5 стих нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ фидӕныл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм?

14 Йесо иу фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаг ӕхцатӕ куы ӕмбырд кӕна, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты хъӕздыг куы нӕ уа, уӕд ӕнӕзонд кӕй у (Лук. 12:16–21). Махӕй иу дӕр нӕ зоны, райсом ыл цы ’рцӕудзӕн, уый (Ӕмб. 23:4, 5; Иак. 4:13–15). Йесо ма загъта, йӕ фӕдылдзӕуӕг суа, уый кӕй фӕнды, уый хъуамӕ цӕттӕ уа йӕ исбон ныууадзынмӕ дӕр (Лук. 14:33). 1 ӕнусы Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ исбон куы фӕхастой, уӕд дӕр, дам, цин кодтой (Дзут. 10:34). Нӕ рӕстӕджы бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕнӕ куыстӕй баззадысты, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайыныл кӕй не сразы сты, уый тыххӕй (Рарг. 13:16, 17). Уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой Йегъовӕйы ныхӕстыл: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.) Уӕдӕ, нӕ сомбоныл хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, ӕнӕнхъӕлӕджы ныл исты куы ’рцӕуа, уӕд ныл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн.

15. Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Кӕмдӕрты адӕм ахӕм зондыл хӕст сты, зӕгъгӕ, дам, цот уый тыххӕй хъӕуы рауадзын, цӕмӕй, дам, дӕ дӕ зӕронды бонты дарой. Фӕлӕ Библийы куыд фыст ис? Ныййарджытӕ, дам, хъуамӕ скӕной бынтӕ сӕ сывӕллӕттӕн (2 Кор. 12:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытыл азтӕ куы рацӕуы, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа сӕ цоты ӕххуыс. Ӕмӕ бирӕтӕ сӕ ныййарджытӕн зӕрдиагӕй феххуыс кӕнынц (1 Тим. 5:4). Фӕлӕ чырыстон ныййарджытӕ ӕмбарынц: ӕцӕг амондджын уӕд уыдзысты, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн куы баххуыс кӕной, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой (3 Иоан. 4). Афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сывӕллӕттӕ уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй сын сӕ зӕронды бонты ӕхцайӕ ӕххуыс кӕной.

Лӕг ӕмӕ ус сӕ чызгимӕ ӕмӕ сӕ сиахсимӕ видеоконференцийы фӕрцы хъӕлдзӕгӕй ныхас кӕнынц. Сӕ чызг ӕмӕ сӕ сиахс сты кусӕн дзаумӕтты.

Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, ахӕм лӕг ӕмӕ ус, сӕ сомбоныл хъуыды кӕнгӕйӕ, уынаффӕтӕ рахӕссынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (кӕс 15 абзац)d


16. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй, куы сыстыр уой, уӕд сӕ бон уа сӕхи дарын? (Ефесӕгтӕм 4:28).

16 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъуамӕ афтӕ хъомыл кӕной, цӕмӕй сӕхи дарын сахуыр уой. Ӕмӕ сын хъуамӕ фӕзминаг уой, сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарынц, уымӕй. Сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сын ӕмбарын кӕнут, кусын хорз кӕй у (Ӕмб. 29:21; бакӕс Ефесӕгтӕм 4:28). Скъоламӕ куы бацӕуой, уӕд сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ахуырмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсой. Скъолайы фӕстӕ кӕм ахуыр кӕндзысты кӕнӕ дарддӕр ахуыр кӕндзысты ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнын сӕ куы хъӕуа, уӕд-иу Библийы ссарут хъӕугӕ уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй баххуыс кӕнут раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ сахуыр уыдзысты сӕхи дарын, стӕй ма сын уыдзӕн рӕстӕг фылдӕр хъусын кӕнынӕн дӕр. Чи зоны сӕ бафӕнда пионертӕй дӕр лӕггад кӕнын.

17. Нӕ бон цӕуыл у фидарӕй ӕууӕндын?

17 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зонынц, Йегъовӕ сӕ, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ уадздзӕн. Уый йӕ бон дӕр у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны. Ацы дунейы кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕны, ӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйыл нӕ ныфс тынгдӕр дарӕм. Фӕлӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ тыхӕй кӕй архайдзӕн, цӕмӕй нын уа, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Йегъовӕйӕн йӕ фидар къух ӕмӕ йӕ тыхджын цонг цыбыр не сты! Мах ӕй зонӕм: кӕмфӕнды ма уӕм,– «баххӕсдзӕн» нӕм ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Моисей ӕмӕ израилӕгты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

  • Ӕхцахъуаг куы ӕййафӕм, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн равдисын, нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарӕм?

  • Азтӕ ныл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд цӕмӕй цӕрдзыстӕм, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

a Кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» 2023 азы октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

b Кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» 2014 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

c Кӕс статья «Адӕймагӕн йӕ бон нӕу дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнын» 2014 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

d НЫВ. Лӕг ӕмӕ ус сӕ чызгимӕ ӕмӕ сӕ сиахсимӕ ныхас кӕнынц. Уыдон ӕххуыс кӕнынц Паддзахады зал аразынӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын