14 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
8 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ мӕсыг
«Равзарут... кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут»
«Ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн» (ЙЕС. Н. 24:15).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Ацы статьяйы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ цӕмӕн бафӕндыд, уый.
1. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм? (Исай 48:17, 18).
НӔ УӔЛАРВОН Фыд нӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр амондджын уӕм (Еккл. 3:12, 13). Хуыцау нӕ диссаджы курдиӕттӕй схайджын кодта. Фӕлӕ нӕ бон нӕу нӕхицӕн разамынд дӕттын ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый скъуыддзаг кӕнын (Еккл. 8:9; Йер. 10:23). Йегъовӕ зоны, цы хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм: хъуамӕ йын лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йӕм хъусӕм. (Бакӕс Исайы 48:17, 18.)
2. Хӕйрӕг нӕ цӕуыл баууӕндын кӕнынмӕ хъавы, фӕлӕ Йегъовӕ цы сарӕзта?
2 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ӕнӕ Йегъовӕйӕ дӕр амондджын уыдзыстӕм ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон у сӕхицӕн разамынд дӕттын (Райд. 3:4, 5). Сайгӕ кӕй кӕны, уый равдисыны тыххӕй Йегъовӕ адӕмӕн бар радта, цӕмӕй цасдӕр рӕстӕг сӕхицӕн разамынд дӕттой. Ӕмӕ йӕ уынӕм, адӕмы хицаудзинад хорзӕй кӕй ницӕмӕ ’ркодта. Фӕлӕ Библийы фыст ис, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта ӕмӕ уый фӕрцы амондджын чи уыд, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Уыдонӕй ӕппӕты амондджындӕр уыд Йесо Чырысти. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕй цӕмӕн бафӕндыд, уый. Стӕй базондзыстӕм, адӕм Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕной. Ӕмӕ ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, мах та цӕмӕн бафӕндыд нӕ уӕларвон Фыдӕн лӕггад кӕнын.
ЙЕСОЙЫ ЦӔМӔН БАФӔНДЫД ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН?
3. Хӕйрӕг Йесойӕн цы загъта, фӕлӕ Йесо куыд бакодта?
3 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ӕй равзарын хъуыд, кӕмӕн лӕггад кӕндзӕн, уый. Донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ын Хӕйрӕг загъта, куы, дам, мын бакувай, уӕд, дам, дын ратдзынӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон. Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Матф. 4:8–10). Цымӕ Йесойы цӕмӕн бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.
4, 5. Йесойы цӕмӕн бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?
4 Йесойы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фыццаджыдӕр уый тыххӕй бафӕндыд, ӕмӕ йӕ тынг уарзы (Иоан. 14:31). Стӕй ма йын лӕггад кӕны, уый раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дӕр (Иоан. 8:28, 29; Рарг. 4:11). Йесо зоны, Йегъовӕ кӕй у Сфӕлдисӕг, йӕ алы ныхасыл дӕр ын кӕй ис ӕууӕндӕн ӕмӕ кӕй у рӕдау Хуыцау (Пс. 33:4; 36:9; Иак. 1:17). Йегъовӕ йӕ никуы асайдта. Ӕмӕ Йесомӕ цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ йын Йегъовӕ радта (Иоан. 1:14). Хӕйрӕг та у бынтон ӕндӕрхуызон. Йӕ аххосӕй адӕм систы тӕригъӕдджын ӕмӕ мӕлынц. Хӕйрӕг ӕдзух сайгӕ кӕны, у зыдгӕнаг ӕмӕ хиуарзон (Иоан. 8:44). Йесо хорз зыдта Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр. Ӕмӕ хъуыды дӕр никуы акодта, цӕмӕй Хӕйрӕгау Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдаид (Фил. 2:5–8).
5 Йесойы ма Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уый тыххӕй дӕр бафӕндыд, ӕмӕ зыдта, иузӕрдионӕй йыл куы баззайа, уӕд уый хорзӕй цы ӕрхӕсдзӕн (Дзут. 12:2). Зыдта йӕ, уый фӕрцы йӕ Фыды ном кӕй срухс уыдзӕн ӕмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.
АДӔМ ЙЕГЪОВӔЙӔН ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ЛӔГГАД КӔНОЙ?
6, 7. Абон бирӕтӕ Йегъовӕйӕн цӕуылнӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ адӕм ӕрмӕстдӕр уымӕн цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕной?
6 Бирӕтӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй. Уыдон дӕр сты, Павел Афинты кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕмы хуызӕн. Уыдон дӕр Хуыцауы нӕ зыдтой (Хъуыд. 17:19, 20, 30, 34).
7 Павел афинӕгтӕн бамбарын кодта, зӕгъгӕ, ӕцӕг Хуыцау «алкӕмӕн дӕр... дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр». Стӕй ма загъта: «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм». Хуыцау у Сфӕлдисӕг, «уый иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты». Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнӕм (Хъуыд. 17:25, 26, 28).
8. Йегъовӕ цы никуы сараздзӕн ӕмӕ куыд ӕвдисы, тынг нӕ кӕй уарзы?
8 Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй адӕмы йӕхицӕн тыххӕй лӕггад кӕнын кодтаид. Фӕлӕ уый афтӕ никуы бакӕндзӕн. Хуыцау бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕвдисы, ӕцӕгдӕр кӕй ис ӕмӕ нӕ тынг кӕй уарзы. Фӕнды йӕ, цӕмӕй фылдӕр адӕм ӕнустӕм йӕ хӕлӕрттӕ суой (1 Тим. 2:3, 4). Уымӕ гӕсгӕ нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн дзурӕм, адӕмы тыххӕй йӕм цы диссаджы фӕнд ис ӕмӕ йӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй (Матф. 10:11–13; 28:19, 20). Стӕй ма нын радта ӕмбырдтӕ ӕмӕ ныл чи тыхсы ӕмӕ нӕ чи уарзы, ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгты (Хъуыд. 20:28).
9. Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
9 Бирӕты нӕ фӕнды баууӕндын, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ Йегъовӕ уыдоны дӕр уарзы. Ахъуыды-ма кӕн: историйы дӕргъы миллиардгай адӕм Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстой. Сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтой, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Фӕлӕ сын уӕддӕр Йегъовӕ цӕстуарзонӕй алцыдӕр лӕвӕрдта, цӕмӕй сын цард циндзинад хастаид (Матф. 5:44, 45; Хъуыд. 14:16, 17). Уый адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у ӕнувыд ӕмбӕлттӕ ссарын, бинонтӕ скӕнын, цот уадзын, кусын ӕмӕ сӕ къухты фыдӕбоныл цин кӕнын (Пс. 127:3; Еккл. 2:24). Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, нӕ уӕларвон Фыд адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы (Рац. 34:6). Ныр та нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, мах та цӕмӕн бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд арфӕ кӕны, уый.
ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН НӔ ЦӔМӔН БАФӔНДЫД?
10. а) Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ фыццаджыдӕр цӕмӕн бафӕндыд? (Матфейы 22:37). б) Йегъовӕ дӕм фӕразондзинад куыд равдыста? (Псалом 103:13, 14).
10 Мах дӕр Йесойау Йегъовӕйӕн фыццаджыдӕр уый тыххӕй лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ йӕ тынг уарзӕм. (Бакӕс Матфейы 22:37.) Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй куы базонӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм Йегъовӕйы фӕразондзинадыл. Израилӕгтӕ-иу йӕ коммӕ куы нӕ кастысты, уӕд-иу сын лӕгъстӕ кодта: «Курӕг уӕ дӕн, алчидӕр уӕ йе ’взӕр фӕндаг ныууадзӕд» (Йер. 18:11). Йегъовӕйӕ рох нӕу, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый. (Бакӕс Псалом 103:13, 14.) Йегъовӕ-иу дӕм фӕразондзинад куыд равдыста, куыд-иу дын ныххатыр кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр нӕ бафӕнды ӕнустӕм ын лӕггад кӕнын?
11. Цӕмӕн ма нӕ бафӕндыд нӕ уӕларвон Фыдӕн лӕггад кӕнын?
11 Йегъовӕйӕн ма нӕ уый тыххӕй бафӕндыд лӕггад кӕнын, ӕмӕ уый раст у (Матф. 4:10). Уымӕй уӕлдай ма йӕ зонӕм, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уый хорзӕй цы ’рхӕсдзӕн. Нӕ иузӕрдион лӕггадӕй йын йӕ ном срухс кӕнӕм, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый равдисӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнӕм. Ӕмӕ абон Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ис ныфс, ӕнустӕм дӕр ын кӕй лӕггад кӕндзысты (Иоан. 17:3).
12, 13. Джейн ӕмӕ Пэмы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
12 Сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у Йегъовӕйы тынг бауарзын. Ӕмӕ, куы сыстыр вӕййынц, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты уыцы уарзондзинад фӕсудзы. Ӕркӕсӕм-ма дыууӕ хӕрз хойы, Джейн ӕмӕ Пэмы, хабармӕa. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд Джейныл цыди 11 азы, Пэмыл та – 10 азы. Кӕд сӕ ныййарджыты нӕ фӕндыд Библи ахуыр кӕнын, уӕддӕр сӕ чызджытӕн бар радтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Ӕрмӕст улӕфгӕ бонты хъуамӕ семӕ аргъуанмӕ дӕр цыдаиккой. Джейн загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодтон, уый мын тынг баххуыс кодта. Ме ’мгӕрттӕ кодтой ӕнӕгъдау митӕ, стӕй наркотиктӕ дӕр, ӕз та уыцы хъуыддӕгтӕй мӕхи хызтон».
13 Цалдӕр азы фӕстӕ дыууӕйӕ дӕр донаргъуыд райстой. Фӕстӕдӕр та пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Стӕй ма сӕ хъуыди сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсын дӕр. Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй Джейн загъта: «Мӕхицӕй йӕ зонын, Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттыл иузӕрдион кӕй у. Ӕмӕ, 2 Тимофеймӕ 2:19 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй „Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты“». Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй тыхсы, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоныл.
14. Нӕ бон куыд вӕййы Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
14 Мах фӕнды иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад дзурын. Зӕгъӕм, ис дын рӕдау, хӕларзӕрдӕ, хатыргӕнаг ӕмбал. Фӕлӕ иухатт фехъуыстай, чидӕр дзы афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, ӕгъатыр ӕмӕ мӕнгард у. Куыд бакӕндзынӕ? Йӕ сӕрыл рахӕцдзынӕ. Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон Йегъовӕйы номыл цъыф калынц ӕмӕ дзы алы мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц. Ӕмӕ уӕд мах дӕр фӕфӕнды йӕ сӕрыл рахӕцын, ӕмӕ адӕмӕн фӕдзурӕм рӕстдзинад Йегъовӕйы тыххӕй (Пс. 34:1; Ис. 43:10). Нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй равдисӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй фӕнды.
Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцдзынӕ? (кӕс 14 абзац)b
15. Апостол Павел йӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ куы скодта, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын? (Филиппӕгтӕм 3:7, 8).
15 Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ йын фылдӕр лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй цӕттӕ вӕййӕм нӕ цард фӕивынмӕ. Зӕгъӕм, апостол Павел дзуттаг дины стыр бынат ахста (Гал. 1:14). Фӕлӕ уыцы дин ныууагъта ӕмӕ сси Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ тынг амондджын уыд, ӕрцыди йыл бирӕ диссаджы хабӕрттӕ. Стӕй йын фӕзынд фадат, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзах уа. Павел никуы фӕфӕсмон кодта, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, ууыл. Ӕмӕ мах дӕр ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзыстӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:7, 8.)
16. Джулияйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
16 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм. Ӕркӕсӕм хо Джу́лияйы хабармӕ. Гыццылӕй-иу аргъуаны зарыд. Иу зарӕггӕнӕг (оперӕйы зарӕггӕнӕг) федта, курдиатджын чызг кӕй у, ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр Джулия сси хъуыстгонд зарӕггӕнӕг ӕмӕ-иу зарыд зындгонд концертон залты. Иу зындгонд музыкалон скъолайы куы ахуыр кодта, уӕд ын йӕ къласӕгтӕй иу Хуыцауы тыххӕй радзырдта ӕмӕ йын загъта, йӕ ном Йегъовӕ кӕй у. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Джулия райдыдта къуыри дыууӕ хатты Библи ахуыр кӕнын. Фӕстӕдӕр аскъуыддзаг кодта, йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ тыхтӕ зарынӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй дӕтдзӕн. Уыцы уынаффӕ рахӕссын ын зын уыди. Джулия загъта: «Бирӕтӕ мын дзырдтой, уый, дам, ӕнӕзонд ми у, диссаджы хъӕлӕс, дам, дын куы ис. Фӕлӕ мӕн фӕндыд мӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын». Ахӕм уынаффӕ куы рахаста, уымӕй рацыд 30 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ цымӕ ныр уый тыххӕй цы хъуыды кӕны? Уый загъта: «Ӕз тынг амондджын дӕн ӕмӕ йӕ зонын, фидӕны мын Йегъовӕ мӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн» (Пс. 145:16).
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй (кӕс 16 абзац)c
ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔН
17. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг у, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн?
17 Мах цӕрӕм ацы дунейӕн йӕ тӕккӕ кӕроны рӕстӕг. Апостол Павел ныффыста: «Уымӕн ӕмӕ ма „иу гыццыл“, ӕмӕ, „ӕрцӕуинаг чи у, уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн“» (Дзут. 10:37). Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Иу уый, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн бирӕ рӕстӕг нал баззад, цӕмӕй йӕ фарс слӕууой (1 Кор. 7:29). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та зонынц, тагъд сӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Иу гыццыл ма сӕ хъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын.
18. Йегъовӕ ӕмӕ нӕм Йесо цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?
18 Йесо адӕмы разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой ӕмӕ ӕппынӕдзух йӕ фӕдыл цыдаиккой (Матф. 16:24). Чи зоны, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ фидар фӕнд уа, дарддӕр дӕр ын кӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ куыд амондджын стӕм ӕмӕ цас арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын! (Пс. 35:27).
19. Джины хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
19 Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕхи тынг бирӕ цӕмӕйдӕрты хъуамӕ фӕцух кӕнай. Ӕрыгӕттӕ, мыййаг уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын тынг зын у? Ӕрыгон ӕфсымӕр Джин загъта: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ цыдӕртӕ нӕй аразӕн. Ме ’мбӕлттӕ-иу сӕхи ирхӕфстой, кӕимӕдӕрты-иу ӕмбӕлдысты ӕмӕ-иу ӕгъатыр видеохъӕзтытӕй хъазыдысты. Мӕн та-иу хъуыд ӕмбырдты бадын ӕмӕ уацамынды цӕуын». Ахӕм зондахаст Джиныл куыд фӕзынд? Уый загъта: «Ӕз дӕр ме ’мгӕрттау ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразын райдыдтон. Ӕмӕ фыццаг уый мӕ зӕрдӕмӕ цыди. Фӕлӕ ӕцӕг амондджын нӕ уыдтӕн. Уый фӕстӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын цы пайда у, ууыл. Ӕмӕ мӕ бафӕндыд Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ никуы уыд, ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдӕн дзуапп ма ратта».
20. Цы нӕ хъуамӕ фӕнда аразын?
20 Иу псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕн зарыд: «Амондджын у уыцы адӕймаг, ды кӕй равзӕрстай ӕмӕ дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, цӕмӕй дӕ кӕртыты цӕра» (Пс. 65:4). Цӕй уӕдӕ нӕ фидар фӕнд уӕд дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын! Ӕмӕ-иу мах дӕр Йесо Навинау зӕгъӕм: «Ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн» (Йес. Н. 24:15).
28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм
a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
b НЫВ. Адӕмы къорд лӕууы, конгресс кӕм цӕуы, уыцы бынаты раз ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ дзурынц. Сылгоймаг сӕ фехъуыста ӕмӕ бацыд, стендимӕ чи хъусын кӕны, уыдонмӕ. Ӕмӕ йын уыдон рӕстдзинады тыххӕй дзурынц.
c НЫВ. Джулия равзӕрста Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (къамты ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).