18 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
65 ЗАРӔГ Размӕ цу!
Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, бафӕзмут Марк ӕмӕ Тимофейы
«Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр, мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс ӕхсызгонӕй хъӕуы» (2 ТИМ. 4:11).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у Марк ӕмӕ Тимофейы бафӕзмын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр лӕггад кӕной.
1, 2. Марк ӕмӕ Тимофейӕн зын цӕмӕн уыдаид Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын?
ӔРЫГОН ӕфсымӕртӕ, фӕнды уӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ уе ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын? Бӕгуыдӕр уӕ фӕнды! Тынг ӕхсызгон нын у, уыйбӕрц ӕрыгон ӕфсымӕртӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уый (Пс. 110:3). Фӕлӕ, чи зоны, фӕхъуыды кӕнут, ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнын уӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ уый тыххӕй кӕцыдӕр хӕслӕвӕрдтыл не сразы вӕййут. Ахӕм хъуыдытӕ ӕрмӕст сымахмӕ нӕ фӕзыны.
2 Марк ӕмӕ Тимофеймӕ дӕр-иу фӕзынд ахӕм хъуыдытӕ. Фӕлӕ кӕд нӕ зыдтой, сӕ цард куыд фӕивдзӕн кӕнӕ сӕ бон уыдзӕн фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕви нӕ, уӕддӕр сфӕнд кодтой Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Марк, ӕвӕццӕгӕн, царди йӕ мадимӕ хорз хӕдзары, апостол Павел ӕмӕ йӕ Варна́вӕ семӕ сӕ фыццаг уацамындон балцы куы фӕхуыдтой, уӕд (Хъуыд. 12:12, 13, 25). Фӕлӕ Марк йӕ хӕдзар ӕмӕ, кӕм схъомыл, уыцы бынат ныууагъта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кодтаид. Фыццаг уал ацыд Антио́химӕ. Фӕстӕдӕр та Павел ӕмӕ Варнавӕимӕ лӕггад кодта ӕндӕр рӕтты (Хъуыд. 13:1–5). Тимофей дӕр, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныййарджытимӕ цард, Павел ӕй йемӕ уацамындон балцы акӕнын куы сфӕнд кодта, уӕд. Тимофей ӕрыгон уыд, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, фаг фӕлтӕрддзинад ӕм кӕй нӕй, цӕмӕй Павелимӕ ацӕуа. (Абар 1 Коринфӕгтӕм 16:10, 11 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 4:12.) Фӕлӕ уӕддӕр йемӕ ацыд ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын (Хъуыд. 16:3–5).
3. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Павел Марк ӕмӕ Тимофейӕн кӕй аргъ кодта? (2 Тимофеймӕ 4:6, 9, 11). (Кӕс нывтӕм дӕр.) б) Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Марк ӕмӕ Тимофей ӕрыгонӕй сахуыр сты ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уыцы дыууӕ ӕрыгон ӕфсымӕрӕн Павел тынг аргъ кодта. Куы бамбӕрста, тагъд ӕй кӕй амардзысты, уӕд сын загъта, цӕмӕй йӕм ӕрбацыдаиккой. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:6, 9, 11.) Павел Марк ӕмӕ Тимофейы цавӕр миниуджыты тыххӕй уарзта? Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у Марк ӕмӕ Тимофейы бафӕзмын? Ӕмӕ Павелы уынаффӕтӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕн куыд баххуыс кӕндзысты?
Марк ӕмӕ Тимофей ӕрыгонӕй сахуыр сты алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уыцы ӕфсымӕртӕ Павелӕн зынаргъ уыдысты (кӕс 3 абзац)b
МАРЧЫ БАФӔЗМ – ЙЕГЪОВӔЙӔН ӔМӔ ИННӔТӔН ЗӔРДИАГӔЙ ЛӔГГАД КӔН
4, 5. Марк иннӕтӕн зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?
4 Иннӕтӕн лӕггад кӕнын нысан кӕны зӕрдиагӕй сын ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ иуӕй-иу хатт нӕ, фӕлӕ ӕдзухдӕр. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Марк фӕзминаг у. Павел ӕй йӕ дыккаг уацамындон балцы йемӕ куы нӕ акодта, уӕд уый Маркӕн, ӕвӕццӕгӕн, хъыг уыди, ӕмӕ йӕ ныфс асаст (Хъуыд. 15:37, 38). Фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр йӕ хотӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн лӕггад кодта.
5 Марк йӕ хӕстӕг Варнавӕимӕ ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацыд. Уымӕй иу-11 азы фӕстӕ, Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд Марк дӕр йемӕ уыд ӕмӕ йын ӕххуыс кодта (Филим. 23, 24). Павел Маркӕй тынг бузныг уыд. Ӕмӕ ныффыста, «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» ын кӕй фӕци (Кол. 4:10, 11).
6. Марк фӕлтӕрдджын чырыстӕттимӕ кӕй лӕггад кодта, уый йын цы пайда ӕрхаста? (Кӕс фиппаинаг.)
6 Маркӕн стыр пайда ӕрхаста, фӕлтӕрдджын чырыстӕттимӕ кӕй лӕггад кодта, уый. Павелимӕ цасдӕр рӕстӕг Ромы куы фӕци, уӕд стӕй апостол Петрмӕ Вавилонмӕ ацыд. Гъемӕ афтӕ балымӕн сты, ӕмӕ ма йӕ Петр «мӕ хъӕбул Марк» дӕр схуыдта (1 Пет. 5:13). Ӕвӕццӕгӕн, Петр йе ’рыгон ӕмбалӕн бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ радзырдта Йесойы царды ӕмӕ лӕггады тыххӕй. Ӕмӕ сӕ Марк фӕстӕдӕр йӕ Евангелийы ныффыстаa.
7. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр Марчы куыд бафӕзмыдта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
7 Марк Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ ӕмгуыст кодта фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртимӕ. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, уӕ бон куыд у Марчы бафӕзмын? Чи зоны уӕ фӕнды фылдӕр лӕггад кӕнын, зӕгъӕм, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй, фӕлӕ уый цӕйдӕрты тыххӕй уӕ къухы нӕма бафтыд. Ӕмӕ уӕд уӕ ныфс ма асӕттӕд. Дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнут. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ агурут. Афтӕ кодта ӕфсымӕр Сон У дӕр. Ныр лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Ӕрыгондӕр куы уыди, уӕд-иу йӕхи йе ’мгӕрттимӕ барста. Уыдонӕй чидӕртӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кодтой, Сон У та нӕма, ӕмӕ йын уый хъыг уыди. Гъемӕ, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзырдта. Сӕ иу ын радта хорз уынаффӕ. Загъта йын, зӕгъгӕ, дам, дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, кӕд дын дӕ хорз хъуыддӕгтӕ алчи нӕ уына, уӕддӕр. Сон У уыцы уынаффӕмӕ байхъуыста. Ӕмӕ куыд бакодта? Райдыдта ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Стӕй ма-иу Паддзахады залмӕ ӕрбаласта, баласын-иу кӕй хъуыд, уыдоны. Сон У загъта: «Ӕз бамбӕрстон, иннӕтӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уый. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы циндзинад банкъардтон, уый ницӕимӕ ис абарӕн».
Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй ӕрыгон ӕфсымӕртӕ сӕ рӕстӕг фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртимӕ ӕрвитой? (кӕс 7 абзац)
ТИМОФЕЙЫ БАФӔЗМ –ИННӔТЫЛ ЗӔРДИАГӔЙ ТЫХС
8. Павел Тимофейы йемӕ балцы цӕмӕн акодта? (Филиппӕгтӕм 2:19–22).
8 Павел фӕнд кодта, уый размӕ йӕ ныхмӕ кӕм рацыдысты, фӕстӕмӕ уыцы горӕттӕм ацӕуын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуыди хъӕбатыр ӕмбӕлццӕттӕ. Фыццаг уал йемӕ акодта Си́лӕйы. Уый Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта (Хъуыд. 15:22, 40). Фӕстӕдӕр Павел йемӕ акодта Тимофейы дӕр. Цымӕ уый цӕмӕн равзӕрста? Тимофейӕн ӕфсымӕрты ’хсӕн уыди хорз ном (Хъуыд. 16:1, 2). Стӕй адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсти. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:19–22.)
9. Цӕмӕй бӕрӕг уыди, Тимофей хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй кӕй тыхст?
9 Тимофей Павелимӕ лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр кӕй тыхсти. Павел ӕй Ве́рийы ныууагъта, уымӕн ӕмӕ зыдта, ног хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй кӕй батыхсдзӕн (Хъуыд. 17:13, 14). Силӕ дӕр Верийы баззад. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Тимофей Силӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Павел Тимофейы арвыста Фессалоникӕмӕ, цӕмӕй уым чырыстӕтты бафидар кодтаид (1 Фес. 3:2). 15 азмӕ Тимофей йӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр бауарзта. Афтӕ тынг сӕ уарзта, ӕмӕ-иу сын зын куы уыд, уӕд-иу семӕ кӕугӕ дӕр кодта (Ром. 12:15; 2 Тим. 1:4). Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн та сӕ бон куыд у Тимофейы бафӕзмын?
10. Ӕфсымӕр У Джэйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй иннӕтыл тынгдӕр тыхстаид?
10 Ӕфсымӕр У Джэ сахуыр иннӕтыл тынгдӕр тыхсын. Ӕрыгондӕр куы уыд, уӕд-иу ын зын уыд, йӕхицӕй бирӕ хистӕр чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ныхас кӕнын. Ӕмбырдмӕ-иу куы бацыд, уӕд-иу сын ӕнӕуи салам радта ӕмӕ-иу дарддӕр ацыд. Иу хистӕр нӕлгоймаг ын уынаффӕ радта, зӕгъгӕ, дам, дӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзурын, цӕй тыххӕй сын аргъ кӕныс, уый. Стӕй ма йын загъта, цӕмӕй-иу ахъуыды кодтаид, сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ сӕ цӕуыл фӕндид аныхас кӕнын, ууыл дӕр. У Джэ дӕр ын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыста. Абон йӕхӕдӕг у хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ афтӕ загъта: «Ныр мын бирӕ ӕнцондӕр у алыхуызон кары адӕмимӕ ныхас кӕнын. Ныр хуыздӕр зонын, иннӕтӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый тыххӕй. Уый фӕрцы та мын ӕнцондӕр у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын».
11. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у ӕмбырды иннӕтыл тынгдӕр тыхсын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
11 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымахӕн дӕр уӕ бон у, ӕмӕ сахуыр уат иннӕтыл зӕрдиагӕй тыхсын. Ӕмбырды-иу ӕрыгӕттимӕ дӕр аныхас кӕнут ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр. Истӕмӕй-иу сӕ афӕрсут ӕмӕ-иу сӕм байхъусут. Афтӕмӕй базондзыстут, уӕ бон сын цӕмӕй у баххуыс кӕнын, уый. Зӕгъӕм, ацӕргӕ къайӕн хъӕуы равдисын, приложенийӕ JW Library® пайда кӕнын куыд хъӕуы, уый. Кӕнӕ сын нӕй, уацамынды кӕимӕ ацӕуой, уый. Уӕ бон сын нӕу баххуыс кӕнын кӕнӕ семӕ уацамынды ацӕуын? Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ахӕм хъуыддӕгты куы ӕххуыс кӕнат, уӕд ӕмбырдӕн уыдзыстут фӕзминаг.
Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ бон бирӕ цӕмӕйдӕрты у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын (кӕс 11 абзац)
ПАВЕЛЫ УЫНАФФӔТӔ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ
12. Павел Тимофейӕн цы уынаффӕтӕ радта, уыдон дын цӕмӕй баххуыс кӕной, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы саразын?
12 Павелы уынаффӕтӕ Тимофейӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй царды дӕр ӕмӕ йӕ лӕггады дӕр ӕнтыстджын уыдаид (1 Тим. 1:18; 2 Тим. 4:5). Ӕмӕ сымахӕн дӕр, ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, уыцы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты. Уый тыххӕй уӕ цы хъӕуы саразын? Павел Тимофеймӕ цы дыууӕ фыстӕджы ныффыста, уыдон бакӕсут. Йӕ ныхӕстӕ-иу ын уӕ зӕрдӕмӕ арф айсут, раст сӕ цыма сымахмӕ ныффыста, афтӕ. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнут, уӕ бон куыд у уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
13. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы иузӕрдиондӕр уай?
13 «Дӕхиуыл кус, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай – уый уӕд дӕ нысан» (1 Тим. 4:7б). Адӕймаг Йегъовӕйыл иузӕрдион куы вӕййы, уӕд ӕй тынг фӕуарзы ӕмӕ йӕ фӕфӕнды йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын. Фӕлӕ уыцы миниуӕгимӕ гуыргӕ нӕ ракӕнӕм. Хъуамӕ йӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Куыд? «Дӕхиуыл кус»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд амыдта, спортсмен-иу ерыстӕм йӕхи куыд тынг цӕттӕ кодта, уымӕ. Хъуамӕ йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр ерысмӕ сарӕзтаид. Ӕмӕ мах дӕр хъӕуы нӕхиуыл кусын, цӕмӕй сахуыр уӕм, Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕй фӕрцы кӕндзыстӕм, уыцы хъуыддӕгтыл.
14. Библи кӕсгӕйӕ нӕ нысан цы хъуамӕ уа? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
14 Зӕгъӕм, хъуамӕ сахуыр уӕм Библи алы бон дӕр кӕсын. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Библи уый тыххӕй кӕй фӕкӕсӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, Йесо иу ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймагимӕ куыд ныхас кодта, уый тыххӕй куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы тыххӕй дзы цы базыдтай (Мар. 10:17–22). Уыцы ӕрыгон нӕлгоймаг нӕ дызӕрдыг кодта, Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл. Фӕлӕ йӕм фаг уырнындзинад нӕ уыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинаг суыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Йесойы «зӕрдӕйӕн фӕадджын». Йесо йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй раст уынаффӕ рахастаид. Йесо йӕм Йегъовӕйы цӕстӕй каст (Иоан. 14:9). Уыцы хабарыл ӕмӕ дӕ уавӕртыл хъуыды кӕнгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕн та цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнон ӕмӕ иннӕтӕн фылдӕр лӕггад кӕнон?»
15. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ иннӕтӕн фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой? (1 Тимофеймӕ 4:12, 13).
15 «Фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн». (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:12, 13.) Павел Тимофейӕн загъта, цӕмӕй кӕсынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхстаид. Фӕлӕ ма йын загъта, цӕмӕй уарзондзинадӕй, уырнындзинадӕй ӕмӕ сыгъдӕгдзинадӕй иннӕтӕн фӕзминаг уыдаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгты йӕ ныхӕстӕй фылдӕр уӕз вӕййы. Зӕгъӕм дын бахӕс кодтой раныхас радзурын, зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Уыцы раныхас радзурын дын ӕнцондӕр уыдзӕн, дӕхӕдӕг зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнай, уӕд (1 Тим. 3:13).
16. а) Ӕрыгон чырыстӕттӕ фӕзминаг цавӕр фондз хъуыддагӕй хъуамӕ уой? б) Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй «дзыхыныхасӕй» фӕзминаг уа?
16 Ӕрыгон ӕфсымӕр фӕзминаг цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа, уыдонӕй Павел фондзы кой скодта 1 Тимофеймӕ 4:12 стихы. Хорз уаид, уыцы хъуыддӕгтӕй алкӕцы дӕр хицӕнӕй куы раиртасис. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ, цӕмӕй «дзыхыныхасӕй» фӕзминаг уай. Уӕд ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын. Кӕд нырма дӕ ныййарджытимӕ цӕрыс, уӕд сын дӕ бон нӕ уаид арӕхдӕр бузныг дзурын, хорзӕй дын цы аразынц, уый тыххӕй?Хӕслӕвӕрд кӕмӕн уыд, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕрӕй дӕ бон нӕ уаид ӕмбырды фӕстӕ раппӕлын ӕмӕ йын зӕгъын, йӕ хӕслӕвӕрд дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыд, уый? Ӕмбырдты-иу дзуапп дӕхи ныхӕстӕй дӕтт. Куы архайай, цӕмӕй дӕ дзыхыныхасай фӕзминаг уай, уӕд дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уындзӕн (1 Тим. 4:15).
17. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ нысӕнттӕ йӕ къухы бафтой? (2 Тимофеймӕ 2:22).
17 «Ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз. Ӕмӕ уый бӕсты тырн рӕстдзинадмӕ». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:22.) Павел Тимофейы разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕхи хызтаид, фылдӕр лӕггад кӕнын ӕй чи хъыгдардтаид ӕмӕ йӕ Йегъовӕйӕ чи адард кодтаид, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Чи зоны, цавӕрдӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзӕр не сты, фӕлӕ йӕ ’мбарыс, уыдоны тыххӕй дын Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг кӕй нал баззайы. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн, цас рӕстӕг дын ацӕуы спортыл, интернетыл ӕмӕ видеохъӕзтытыл. Уыцы рӕстӕгӕй дӕ бон нӕ уаид Йегъовӕйӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн рахицӕн кӕнын? Зӕгъӕм, дӕ бон у Паддзахады зал ӕфснайынмӕ кӕнӕ цалцӕг кӕнынмӕ фӕкӕсын кӕнӕ стендимӕ хъусын кӕнын. Ахӕм хъуыддӕгты куы архайай, уӕд ссардзынӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕмӕ дын уыдон дӕр ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрай ӕмӕ дӕ къухы бафтой.
ИННӔТӔН КУЫ ЛӔГГАД КӔНАЙ, УӔД ХАЙДЖЫН УЫДЗЫНӔ АРФӔДЗИНӔДТӔЙ
18. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Марк ӕмӕ Тимофей сӕ цардӕй райгонд уыдысты?
18 Марк ӕмӕ Тимофей сӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивтой, цӕмӕй иннӕтӕн лӕггад кодтаиккой. Уый фӕрцы сӕ цардӕй райгонд уыдысты ӕмӕ сыл бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд (Хъуыд. 20:35). Марк хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕныны тыххӕй бирӕ рӕтты уыд. Стӕй Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ афтӕ ныффыста, ӕмӕ адӕймаджы цӕстытыл ирдӕй ауайынц. Тимофей та Павелӕн ӕххуыс кодта ног ӕмбырдтӕ саразынӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнынӕн. Йегъовӕ уыдта, Марк ӕмӕ Тимофей куыд удуӕлдайӕ лӕггад кодтой, ӕмӕ сӕ райгонд уыд.
19. Павел Тимофейӕн цы уынаффӕтӕ радта, уыдон абон дӕр ӕрыгон ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс цӕмӕн уыдзысты?
19 Павелы фыстӕджытӕй бӕрӕг у, йе ’мбал Тимофейы тынг кӕй уарзта. Фӕлӕ йӕ уыцы фыстӕджытӕ ныффыссынмӕ Йегъовӕ баразӕнгард кодта. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ сымахмӕ дӕр хауынц, нӕ зынаргъ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ. Уый уӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уат. Уӕдӕ Павелы уынаффӕтӕм хъусут ӕмӕ архайут, цӕмӕй иннӕтӕн фылдӕр лӕггад кӕнат. Уый уын стыр циндзинад хӕсдзӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзӕн, «цӕмӕй фидар ныххӕцат ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:18, 19).
80 ЗАРӔГ «Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»
a Петр ахӕм адӕймаг уыд, ӕмӕ алцыдӕр арф ӕнкъардта. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ зын нӕ уыд Маркӕн радзурын, Йесо цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, ӕрмӕст уыдӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма-иу цы ӕнкъардта, уый дӕр. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Марчы Евангелийы арӕх уый тыххӕй ӕмбӕлы, Йесо-иу цы ӕнкъардта ӕмӕ-иу кӕцыдӕр уавӕрты куыд бакодта, уый кой (Мар. 3:5; 7:34; 8:12).
b НЫВ. Марк Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн уацамындон балцы рӕстӕг хӕринаг ӕрцӕттӕ кодта. Тимофей ӕмбырд бӕрӕг кӕны ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕны.