Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 июль 20–25 фф.
  • Цы дын ис, уый фагыл нымайын сахуыр дӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы дын ис, уый фагыл нымайын сахуыр дӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АРХАЙ, ЦӔМӔЙ БУЗНЫГЗӔРДӔ УАЙ
  • СӔРНЫЛЛӔГ У
  • ХЪУЫДЫ-ИУ КӔН, ЦЫ НЫФС НЫН ИС, УУЫЛ
  • «ЧИ ДЗЫ ТӔРСЫ, УЫДОН ЦУХ НИЦӔМӔЙ СТЫ»
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 июль 20–25 фф.

31 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

Цы дын ис, уый фагыл нымайын сахуыр дӕ?

«Ӕз алы уавӕрты дӕр сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайын» (ФИЛ. 4:11).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Куы архайӕм, цӕмӕй бузныгзӕрдӕ уӕм, сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ныфс ис, ууыл-иу куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сахуыр уыдзыстӕм, цы нын ис, уый фагыл нымайын.

1. Адӕймаг йӕ цардӕй райгонд уа, уый цы нысан кӕны ӕмӕ цы нӕ нысан кӕны?

ДӔ ЦАРДӔЙ райгонд дӕ? Йӕ цардӕй райгонд чи у, ахӕм адӕймаг фӕхъуыды кӕны, цы арфӕдзинӕдтӕ йын ис, уыдоныл, ӕмӕ уый фӕрцы у амондджын ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ис фарн. Кӕд ын цыдӕртӕ нӕй, уӕддӕр нӕ мӕт кӕны ӕмӕ мӕсты дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ, йӕ цардӕй райгонд уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ мацӕмӕуал тырна. Зӕгъӕм, чырыстон тырны Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразынмӕ (Ром. 12:1; 1 Тим. 3:1). Фӕлӕ уый уайтагъд йӕ къухы куы нӕ бафта, уӕддӕр уый йӕ циндзинадыл нӕ фӕзындзӕн.

2. Цы нын ис, уый фагыл куы нӕ нымайӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, цӕмӕ ӕркӕна?

2 Адӕймаг йӕ цардӕй райгонд куы нӕ вӕййы, уӕд уый ӕвзӕр цӕмӕдӕрты дӕр ӕркӕны. Цы йын ис, уый фагыл куы нӕ фӕнымайы, уӕд бирӕ фӕкусы, цӕмӕй, ӕнӕмӕнг цы нӕу, фӕлӕ йӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ ӕлхӕна. Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕхца кӕнӕ ӕндӕр цыдӕртӕ давгӕ дӕр акодтой. Чи зоны, сӕхицӕн дзырдтой: «Уый аккаг дӕн, ӕмӕ мын уа», кӕнӕ: «Амӕ кӕдӕй нырмӕ бӕллын», йе та: «Ацы ӕхца фӕстӕдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн». Фӕлӕ адӕймаг исты куы адавы, уӕд уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕны ӕмӕ йын йӕ ном фӕхудинаг кӕны (Ӕмб. 30:9). Кӕйдӕрты та фӕфӕнды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ уый сӕ къухы куы нӕ бафты, уӕд афтӕ фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал фӕлӕггад кӕнынц (Гал. 6:9). Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн йӕ хабар афтӕ цӕй тыххӕй рауайы? Цы йын ис, уый фагыл кӕй нал фӕнымайы, уый тыххӕй.

3. Филиппӕгтӕм 4:11, 12 стихты цы фыст ис, уый нӕ ныфс куыд уадзы?

3 Апостол Павел ныффыста: «Ӕз алы уавӕрты дӕр сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайын». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:11, 12.) Ацы ныхӕстӕ ныффыста, ахст куы уыди, уӕд. Фӕлӕ, ахст кӕй уыд, уый йӕ циндзинадыл нӕ фӕзынд. Уый «базыдта иу сусӕгдзинад»: куыд ис, цы дын ис, уый фагыл нымайӕн. Ӕмӕ алы уавӕры дӕр афтӕ кӕнын сахуыр. Павелы ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ йӕ цӕвиттон ныфс уадзынц, уый махӕн дӕр нӕ бон кӕй бауыдзӕн. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын уый йӕхихъӕдӕй рауайдзӕн. Ууыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

АРХАЙ, ЦӔМӔЙ БУЗНЫГЗӔРДӔ УАЙ

4. Бузныгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы нын ис, уый фагыл нымайӕм? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:18).

4 Адӕймаг бузныгзӕрдӕ куы вӕййы, уӕд, цы йын ис, уый фагыл фӕнымайы. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:18.) Зӕгъӕм, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын кӕй ис, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг куы уӕм, уӕд къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм, тынг нӕ цы хъӕуы, фӕлӕ нын цы нӕй, уыдӕтты тыххӕй. Цы хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм, уыдоны тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕнӕм, ӕмӕ ӕдзух нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ мын ӕндӕр хӕстӕ куы бабар кӕниккой. Уӕдӕ диссаг нӕу, Библи нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм. Бузныгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7).

5. Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

5 Ӕркӕсӕм израилӕгты хабармӕ. Уыдон Йегъовӕйыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъуыр-хъуыр кодтой, Египеты кӕй хордтой, ахӕм хӕринӕгтӕ сын кӕй нал уыд, уый тыххӕй (Ным. 11:4–6). Ӕдзӕрӕг быдыры цард ӕцӕгдӕр ӕнцон нӕ уыд. Уӕдӕ сын цы баххуыс кодтаид, цӕмӕй, цы сын уыд, уый фагыл нымадтаиккой? Хъуамӕ хъуыды кодтаиккой, Йегъовӕ сын цы сарӕзта, ууыл ӕмӕ дзы бузныг уыдаиккой. Израилӕгтӕ египетӕгтӕн уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ сын уыдон сӕ туг нызтой. Уый тыххӕй сын Йегъовӕ се ’фхӕрджытыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта. Израилӕгтӕ Египетӕй куы цыдысты, уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сын египетӕгтӕ радтой «ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ, стӕй уӕлӕдарӕс» (Рац. 12:35, 36). Израилӕгтӕ Сырх денджызмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегъовӕ денджызы дӕттӕ фӕдих кодта. Ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сын алы бон дӕр маннӕ лӕвӕрдта. Уӕдӕ ма уӕд цӕмӕн хъаст кодтой? Кӕд сын Йегъовӕ хӕринаг фаг лӕвӕрдта, уӕддӕр дзы бузныг нал уыдысты.

Израилӕгтӕй чидӕртӕ маннӕйы тыххӕй Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнынц, иннӕтӕ та йӕ дарддӕр дӕр ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ сӕм кӕсынц.

Израилӕгтӕ сӕ цардӕй райгонд цӕуылнӕуал уыдысты? (кӕс 5 абзац)


6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бузныгзӕрдӕ уӕм?

6 Уӕдӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бузныгзӕрдӕ уай? Фыццаг: алы бон дӕр-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл. Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй дӕ, дыууӕ–ӕртӕ ахӕм хъуыддаджы тыххӕй-иу дӕхицӕн искуы афысс (Йер. хъ. 3:22, 23). Дыккаг: бузныг-иу дзур. Иннӕтӕн-иу бузныг дзур, хорзӕй дын цы сарӕзтой, уый тыххӕй. Сӕйрагдӕр та у, цӕмӕй алы бон дӕр бузныг дзурай Йегъовӕйӕн (Пс. 75:1). Ӕртыккаг: хорздзинадӕн аргъ кӕнын чи зоны, ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕвзар. Хорздзинадӕн чи нӕ аргъ кӕны ӕмӕ ӕдзух хъуыр-хъуыр чи кӕны, ахӕм ӕмбӕлттӕ нӕ сӕхи хуызӕн скӕндзысты. Фӕлӕ, хорздзинадӕн чи аргъ кӕны, ахӕм ӕмбӕлттӕ нын куы уа, уӕд мах дӕр уыдоны хуызӕн уыдзыстӕм (Дык. з. 1:26–28; 2 Тим. 3:1, 2, 5). Гыццыл хорздзинады тыххӕй дӕр-иу бузныг куы дзурӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ хъаст кӕндзыстӕм.

7. Ачийӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй та Йегъовӕйӕ бузныг уыдаид?

7 Ӕркӕсӕм, Индонезийы чи цӕры, иу ахӕм хо, А́чийы, хабармӕ. Ачи радзырдта: «Пандемийӕйы рӕстӕг мӕ уавӕртӕ барын райдыдтон иннӕ хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты уавӕртимӕ, ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд нал уыдтӕн» (Гал. 6:4). Цы йын баххуыс кодта йӕ зондахаст аивынӕн? Ачи загъта: «Алы бон дӕр-иу мыл цы хорз хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон нымайын райдыдтон ӕмӕ-иу хъуыды кодтон, Йегъовӕйы организацийы кӕй дӕн, уый фӕрцы цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕн, уыдоныл. Ӕмӕ-иу уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтон. Уый мын тынг баххуыс кодта, ӕмӕ та ногӕй мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕнын райдыдта». Кӕд дӕ уавӕрты тыххӕй дӕхимӕ ӕнамонд кӕсыс, уӕд дӕ бон у Ачийы бафӕзмын. Ӕмӕ та уӕд Йегъовӕйӕ бузныг уыдзынӕ.

СӔРНЫЛЛӔГ У

8. Варухыл иуафон цы ’рцыд?

8 Пехуымпар Йеремийы писыр Варух иуафон йӕ цардӕй райгонд нал уыд. Варух цы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кодта, уый ӕнцон нӕ уыд. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы хорздзинадӕн нал аргъ кодтой ӕмӕ йӕ коммӕ нал кастысты. Ӕмӕ сын Йегъовӕ Йеремийы карз тӕрхон хъусын кодта, Варух та йын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодта. Иуафон Варух ӕгӕр бирӕ хъуыды кӕнын райдыдта, йӕхи цы фӕндыд, ууыл ӕмӕ, Йегъовӕйы цы фӕндыд, уый дзы айрох. Ӕмӕ йын Йегъовӕ Йеремийы уылты загъта: «Ды... ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом» (Йер. 45:3–5). Ӕндӕр ныхасӕй йын загъта: «Цы уавӕрты дӕ, уыдонӕй райгонд у». Варух ын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыста, ӕмӕ йе ’ввахс хӕларӕй баззад.

9. 1 Коринфӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй, цы хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

9 Чырыстон, гӕнӕн ис, хатт хъуыды кӕна, ӕмӕ цавӕрдӕр хӕстӕ уый бар хъуамӕ бакӕной. Чи зоны йӕм бирӕ курдиӕттӕ ис, у куыстуарзаг кӕнӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны бирӕ азты дӕргъы, науӕд та – ӕртӕ дӕр иумӕ. Фӕлӕ уый цы хӕстӕм бӕллы, уыдон, чи зоны, ӕндӕр искӕй бар бакӕной. Ахӕм уавӕры йын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма мӕсты кӕна? Йӕ бон у ахъуыды кӕнын, апостол Павел 1 Коринфӕгтӕм 4:6, 7 стихты цы ныффыста, ууыл. (Бакӕс сӕ.) Цы хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдон иууылдӕр Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ сты. Ӕмӕ нын сӕ уый тыххӕй нӕ радта, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр стӕм. Уыдон дзурӕг сты йе стыр хорзӕхыл (Ром. 12:3, 6; Еф. 2:8, 9).

Цалдӕр нывы: Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ алыхуызон хӕстӕ кӕнынц. 1. Ӕфсымӕр нӕ организацийы агъуыстытӕй иуы бӕрӕг кӕны давлени трубаты мидӕг. 2. Районон конгрессы хо интервью дӕтты къухӕйамонгӕ ӕвзагыл; йӕ фарсмӕ лӕууы, интервью дзы чи исы, уыцы ӕфсымӕр. 3. Ӕфсымӕр ӕмбырды раныхас дзуры.

Цы курдиӕттӕ нӕм ис, уыдон нӕм сты Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы (кӕс 9 абзац)b


10. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?

10 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕм сӕрныллӕг? Нӕ бон у лӕмбынӕг хъуыды кӕнын Йесойы цӕвиттоныл. Ахъуыды-ма кӕнӕм, йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цы сарӕзта, ууыл. Апостол Иоанн ныффыста: «Йесо, йӕ Фыд ын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ кӕй радта ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ... [...] райдыдта йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын» (Иоан. 13:3–5). Йесо, гӕнӕн уыд, ӕмӕ хъуыды кодтаид, зӕгъгӕ, ӕз нӕ, фӕлӕ мын уыдон хъуамӕ ӕхсой мӕ къӕхтӕ. Фӕлӕ йӕм зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, иугӕр Хуыцауы Фырт у, уӕд ын хъуамӕ уа стыр хӕдзар, хъуамӕ йӕм уа бирӕ ӕхца ӕмӕ ӕнӕмӕт цард кӕна (Лук. 9:58). Йесо уыд сӕрныллӕг, цы йын уыд, уый фагыл нымадта. Ӕмӕ уымӕй махӕн дӕр у фӕзминаг (Иоан. 13:15).

11. Деннисӕн сӕрныллӕгдзинад куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ цардӕй райгонд уыдаид?

11 Де́ннис (цӕры Нидерландты) фӕархайы, цӕмӕй сӕрныллӕг уа. Фӕлӕ йын уый ӕнцон нӕ вӕййы. Мӕнӕ цы загъта: «Хатт мӕм фӕзыны сӕрбӕрзонд хъуыдытӕ, ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд нал вӕййын. Зӕгъӕм, мӕнӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕн кадджын хӕстӕ йӕ бӕрны куы бакӕнынц, уӕд. Ӕмӕ уӕд ӕркӕсын, сӕрныллӕгдзинады тыххӕй нӕм цы ӕрмӕг ис, уымӕ. Сӕрныллӕгдзинады кой кӕм цӕуы, уыцы стихтӕн приложенийы JW Library® скодтон тег, цӕмӕй-иу сӕ мӕ бон уа тагъд ссарын ӕмӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын. Стӕй ма мӕ телефонмӕ рафыстон цалдӕр раныхасы сӕрныллӕгдзинады тыххӕй ӕмӕ сӕм арӕх байхъусынa. Ӕмбарын ӕй: цыдӕриддӕр аразӕм, уый аразӕм нӕхи кадджын кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы кадджын кӕныны тыххӕй». Цавӕрдӕр хӕстӕ дын дӕ бар кӕй нӕ кӕнынц, уый тыххӕй кӕд дӕхимӕ ӕнамонд кӕсыс, уӕд сӕрныллӕгдзинадыл фылдӕр кус. Уый фӕрцы дӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ (Иак. 4:6, 8).

ХЪУЫДЫ-ИУ КӔН, ЦЫ НЫФС НЫН ИС, УУЫЛ

12. Фидӕнӕй нын цы ныфс ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм? (Исай 65:21–25).

12 Нӕ цардӕй ма райгонд ноджыдӕр цӕй фӕрцы вӕййӕм? Цы диссаджы ныфс нын ис, ууыл кӕй фӕхъуыды кӕнӕм, уый фӕрцы. Йегъовӕ пехуымпар Исайӕн цы ныффыссын кодта, уымӕй бӕрӕг у, хорз кӕй ӕмбары, абоны цард тынг зын кӕй у, ӕмӕ нын ныфс ӕвӕры нӕ зындзинӕдтӕй нын фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. (Бакӕс Исайы 65:21–25.) Мах цӕрдзыстӕм рӕсугъд хӕдзӕртты, нӕ куыстӕй нӕ зӕрдӕ райдзӕн, нӕ мондӕгтӕ уадздзыстӕм хӕрзад, пайда хӕринӕгтӕй. Нӕхицӕн ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн никуыуал тӕрсдзыстӕм (Ис. 32:17, 18; Йез. 34:25). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл.

13. Цы ныфс нын ис, ууыл нӕ уӕлдай тынгдӕр цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы хъуыды кӕнын?

13 Цы ныфс нын ис, ууыл хъуыды кӕнын нӕ абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ мах цӕрӕм «фӕстаг бонты» ӕмӕ цард у «тынг уӕззау» (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ Йегъовӕ алы бон дӕр ис нӕ фарсмӕ, дӕтты нын разамынд, тыхтӕ ӕмӕ нын цӕмӕй фӕхъӕуы, уымӕй баххуыс кӕны (Пс. 145:14). Уымӕй уӕлдай ма, цы ныфс нын ис, уый нын стыр ӕххуыс вӕййы зындзинӕдты рӕстӕг. Чи зоны дын дӕ бинонты дарын тынг зын у. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕрӕнбонты мӕгуыр цард кӕндзынӕ? Нӕ кӕндзынӕ! Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, дзӕнӕты нын кӕй ратдзӕн, цы нӕ хъӕуы, уый ӕмӕ ма уымӕй дӕр бирӕ-бирӕ фылдӕр (Пс. 9:18; 72:12–14). Чи зоны дӕ цыдӕртӕ риссы, ис дын депресси кӕнӕ цавӕрдӕр уӕззау низӕй хъӕрзыс. Цымӕ цӕрӕнбонты афтӕ уыдзынӕ? Нӕ уыдзынӕ! Хуыцауы ног дунейы низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Рарг. 21:3, 4). Уыцы ныфс нын тыхтӕ дӕтты, цӕмӕй, абон цытӕ цӕуы, уыдӕтты тыххӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм ӕмӕ ма мӕсты кӕнӕм. Хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, исчи нын куы амӕла кӕнӕ ныл ӕндӕр исты ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуа, уӕд дӕр-иу нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн. Цӕй фӕрцы? Цыфӕнды зын уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм, «нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ» кӕй сты ӕмӕ ног дунейы нӕ риуыдзаг кӕй сулӕфдзыстӕм (2 Кор. 4:17, 18).

14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ноджы тынгдӕр уырна, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый?

14 Цы ныфс нын ис, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм. Фӕлӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ ноджы тынгдӕр уырна, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый? Исты дардмӕ феныны тыххӕй адӕймаджы хатт бахъӕуы кӕсӕнцӕстытӕ скӕнын. Ӕмӕ афтӕ мах дӕр, чи зоны, бахъӕуа исты саразын, цӕмӕй, дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый-иу ирддӕрӕй «фенӕм». Зӕгъӕм, кӕд абон мӕт кӕнӕм, нӕ бинонты цӕмӕй фӕдарӕм, ууыл, уӕд-иу хорз уаид, нӕ цӕстытыл-иу ног дуне куы ауайын кӕниккам. Уым ӕхца нал хъӕудзӕн ӕмӕ иу адӕймаг дӕр мӕгуыр нал уыдзӕн. Кӕнӕ та, чи зоны, мӕт кӕнӕм, нӕ бӕрны нын цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй нӕма бакодтой, уый тыххӕй. Уӕд та нын цы баххуыс кӕндзӕн? Нӕ бон у хъуыды кӕнын, уый афтӕ ахсджиаг кӕй нал уыдзӕн, ног дунейы ӕххӕст куы суӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн мингай азты дӕргъы куы лӕггад кӕнӕм, уӕд (1 Тим. 6:19). Гӕнӕн ис, абон уыйбӕрц цӕуылдӕрты мӕт кӕнӕм, ӕмӕ нын зын у фидӕны арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын. Фӕлӕ ууыл цас тынгдӕр архайӕм, уыйас-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн фидӕны арфӕдзинӕдтӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын.

15. Кристӕйы ныхӕстӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

15 Базонӕм-ма, фидӕнӕй нын цы ныфс ис, уый Кри́стӕйӕн куыд ӕххуыс кӕны. Кристӕ у, гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ’фсымӕр Деннисы бинойнаг. Кристӕ радзырдта: «Мӕ низыхъӕд ахӕм у, ӕмӕ мӕ нуӕрттӕ лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕнынц. Мӕ къӕхты тых нал ис, ӕмӕ ӕнӕ инвалиды коляскӕйӕ мӕ бон цӕуын нӕу. Фылдӕр рӕстӕг та кӕнын хуысгӕ. Мӕ буар ӕдзух рисгӕ фӕкӕны. Мӕ дохтыр мын ӕрӕджы загъта, кӕй нал фӕхуыздӕр уыдзынӕн. Фӕлӕ ӕз уайтагъд ахъуыды кодтон: „Ацы адӕймаг фидӕнмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы“. Ӕз ӕдзух фӕхъуыды кӕнын, разӕй нӕм цы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ у сабыр. Абон бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарын. Фӕлӕ ног дунейы амондджын цардӕй бафсӕддзынӕн».

«ЧИ ДЗЫ ТӔРСЫ, УЫДОН ЦУХ НИЦӔМӔЙ СТЫ»

16. Паддзах Давид афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон цух ницӕмӕй сты?

16 Кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕ цардӕй райгонд сты, уӕддӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты. Ахъуыды-ма кӕнӕм паддзах Давидыл. Йӕ сывӕллӕттӕй ӕппынкъаддӕр ӕртӕйы мӕлӕт федта. Чидӕртӕ йӕ ӕнаххосӕй аххосджын кодтой. Йе ’мбӕлттӕ йыл гадзрахатӕй рацыдысты. Паддзах Саул та йӕ амарынмӕ хъавыд ӕмӕ цалдӕр азы йӕ фӕдыл зылд. Фӕлӕ кӕд ахӕм зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, уӕддӕр йӕ цардӕй райгонд уыд. Уый загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон цух ницӕмӕй сты (Пс. 34:9, 10). Афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ кӕд мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ цард ӕнцон уыдзӕн ӕмӕ зындзинӕдтӕй хызт уыдзыстӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй никуы уыдзыстӕм (Пс. 145:16). Ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, зындзинӕдты рӕстӕг-иу Йегъовӕ нӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ цардӕй райгонд уӕм.

17. Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй сахуыр уай, цы дын ис, уый фагыл нымайын?

17 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дӕ цардӕй райгонд уай (Пс. 131:1, 2). Уӕдӕ архай, цӕмӕй сахуыр уай, цы дын ис, уый фагыл нымайын. Дӕ бон цы у, уый куы аразай, цӕмӕй бузныгзӕрдӕ уай, сӕрныллӕг куы уай ӕмӕ нын фидӕнӕй цы ныфс ис, ууыл-иу куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Райгонд у мӕ уд» (Пс. 16:5, 6).

АЦЫ УЫНАФФӔТӔ ДЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ, ЦӔМӔЙ ДӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД УАЙ?

  • Бузныгзӕрдӕ у

  • Сӕрныллӕг у

  • Цы ныфс нын ис, ууыл-иу хъуыды кӕн

118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

a Зӕгъӕм, сайты jw.org дӕ бон у бакӕсын видеороликтӕм «Йегъовӕ тыхсы йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытыл» ӕмӕ «Гибели предшествует гордость».

b НЫВ. Ӕфсымӕр нӕ организацийы агъуыстытӕй иуы цалцӕг кӕныны куыстытӕ кӕны; къухӕйамонгӕ ӕвзаг чи ахуыр кӕны, ахӕм хо интервью дӕтты; ӕфсымӕр ӕмбырды раныхас дзуры.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын