Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд
Йегъовӕ Йезекилӕн цӕстылуайӕны равдыста стыр уӕларвон уӕрдон. Уый ӕвдисы Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай. Кӕд уыцы уӕрдон стыр у, уӕддӕр цӕуы тынг тагъд, стӕй йӕ бон у арвӕрттывдау иуырдӕм дӕр ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕзилын (Йез. 1:15–28). Фарон цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ Хуыцауы организацийы зӕххон хай дӕр размӕ кӕй цӕуы.