Сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфсадмӕ нӕ цӕуынц
(Арӕзт у Исайы 2:4 ӕмӕ Иоанны 18:36.)
СОМИХ:
2012 азы 27 ноябры Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон хорз уынаффӕ рахаста, «Хачатрян ӕмӕ иннӕтӕ Сомихы ныхмӕ» чи хуынди, уыцы хъуыддаджы фӕдыл. Хицауад 17 Ӕвдисӕны фыдракӕнды аххосджын кодта, ӕфсӕддонты дӕлбар сӕ альтернативон граждайнаг службӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй. Сомихы хицауад закъонмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй сын компенсаци дӕр бафыста ӕмӕ ма тӕрхоны рӕстӕг цы ӕхца бахардз кодтой, уый дӕр.
Кӕд «Хачатрян ӕмӕ иннӕтӕ Сомихы ныхмӕ», уый размӕ та «Баятян Сомихы ныхмӕ» ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр Европӕйы тӕрхондон уынаффӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты пайдайӕн рахаста, уӕддӕр Сомихы хицауад дарддӕр дӕр хъыгдары ӕмӕ ӕрцахсы, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕрыгон Ӕвдисӕнты. Фӕлӕ 2013 азы 8 июны хицауад цыдӕртӕ фӕивта альтернативон службӕйы тыххӕй закъоны, цӕмӕй альтернативон службӕ ӕфсӕддонты дӕлбар мауал уа. Йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи уыд, уыдон ссӕрибар кодтой 2013 азы 12 ноябры. Ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕй альтернативон службӕйыл чи сразы, уыдонӕн та уый бар радтой.
ХУССАР КОРЕЙ:
2013 азы 31 октябры ахӕстоны нырма уыди 602 ӕфсымӕры. 1950 азӕй фӕстӕмӕ Хуссар Корейы хицауад 17 605 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ахӕстоны бакодта ӕмӕ, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй сын ӕдӕппӕтӕй иумӕ радта 34 184 азы.
Ӕрӕджы дӕр ма Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ахӕстоны камерӕты бадтысты фыдгӕнджытимӕ, суанг уӕззау фыдракӕндтӕ чи ракодта, ахӕмтимӕ дӕр. Фӕлӕ ӕфсымӕрты къорд бацыд Корейы сраст кӕныны учрежденийы хицаумӕ, цӕмӕй уыцы ахӕстоны хицауадӕн загътаид, ӕмӕ не ’фсымӕрты иннӕ ахст адӕмӕй хицӕнӕй сбадын кодтаиккой. Ахӕстоны хицауад хъуыддагмӕ уайтагъд бавнӕлдта ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры фыдгӕнджытӕй хицӕнӕй сбадын кодта. Ӕмӕ 2013 азы апрелӕй фӕстӕмӕ ахст ӕфсымӕртӕн, ӕппынкъаддӕр, сӕ 75 проценты афтӕ сбадын кодтой, ӕмӕ иу камерӕйы ис цыппар-фондз ӕфсымӕры. Уыцы ивындзинад ӕфсымӕртыл куыд фӕзынд?
Иу ӕфсымӕр загъта: «Ныр ӕнӕгъдаудзинадӕй хызт стӕм ӕмӕ ӕвзӕр ныхас дӕр нал хъусӕм». Ӕндӕр ӕфсымӕр та загъта: «Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм ӕмӕ алы къуыри дӕр фондз фембӕлды уадзӕм».
Фӕлӕ, ӕфсады фӕстӕ резервы чи уыд ӕмӕ фӕстӕдӕр Ӕвдисӕн чи сси, 56 ахӕм нӕлгоймагӕн та ногӕй-ногмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ тӕрхондоны ӕвзарынц, штрафтӕ сын фидын кӕнынц ӕмӕ сӕ ӕрцахсынц, цӕмӕй та сӕ ногӕй ӕфсадмӕ бацӕттӕ кӕной. Афӕдзы дӕргъы сӕм цалдӕр хатты фӕсидынц, ӕмӕ афтӕ фӕкӕнынц аст азы дӕргъы. Ӕфсымӕртӕн тынг зын у, ӕппынӕдзух сын афтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй.
СИНГАПУР:
Кӕд Ӕвдисӕнтӕ альтернативон граждайнаг службӕйы тыххӕй хицауадӕн бирӕ хӕттыты дзырдтой, уӕддӕр 12 ӕфсымӕры Гӕрзифтонг тыхты ӕфсӕддон къазармӕты ахст уыдысты 39 мӕйы. Ӕндӕр ӕфсымӕр та, ӕфсӕддон службӕ рацӕуыныл кӕй нӕ разы кӕны, уый тыххӕй иу аз ахӕстоны бады, куыд резервист, афтӕ.
ТУРКМЕНИСТАН:
Фараст Ӕвдисӕны ӕрцахстой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй ӕмӕ сын стӕрхон кодтой 18 мӕйӕ дыууӕ азы онг. Уым сӕ ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ арӕх тынг фӕнӕмынц. Уыцы Ӕвдисӕнты куы рауадзынц, уӕд дӕр сӕ хицауад ӕнцад нӕ фӕуадзы ӕмӕ арӕх сӕ фӕдыл фӕзилы, цыма «рецидивисттӕ» сты, афтӕ ӕмӕ сӕ бакӕны, карздӕр уавӕртӕ кӕм ис, ахӕм ахӕстоны. Ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, дӕс ахӕм Ӕвдисӕны тыххӕй адвокаттӕ хъаст балӕвӕрдтой Иугонд Нациты Организацийы Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг комитетмӕ.
Сӕ уырнындзинады тыххӕй церемониты нӕ архайынц
(Арӕзт у Данелы 3:16–18.)
Танзани: кӕд ацы ӕрыгон Ӕвдисӕнты скъолайӕ ратардтой, уӕддӕр сын фӕстӕмӕ ахуыр кӕныны бар радтой
ТАНЗАНИ:
Дар-эс-Саламейы Апелляцион тӕрхондоны, Танзанийы Ӕппӕты сӕйраг тӕрхондоны, иумӕйагӕй сразы сты, раст кӕй нӕ уыд, сӕ бӕстӕйы гимн зарыныл чи не сразы, уыцы фондз ахуырдзауы скъолайӕ кӕй ратардтой ӕмӕ ма 122 ахуырдзауы ратӕрынмӕ кӕй хъавынц, уый. 2013 азы 12 июлы тӕрхондон цы уынаффӕ ныммыхуыр кодта, уым фыст уыд, ацы ахуырдзаутӕ, Ӕвдисӕнтӕ, Хуыцауыл зӕрдиагӕй кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ сын Конституцимӕ гӕсгӕ уый бар кӕй ис, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвзарой, цы диныл хӕст уыдзысты, уый. Уыцы фӕсивӕд Хуыцауыл иузӕрдион кӕй разындысты, уый стыр уӕлахиздзинад ӕрхаста – Йегъовӕйы ном скадджын ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ бон у Танзанийы сӕрибарӕй лӕггад кӕнын.
Сӕрибарӕй дзурын
(Арӕзт у Хъуыддӕгтӕ 4:19, 20.)
ХЪАЗАХСТАН:
Дины хъуыддӕгты регионалон департаменты «экспертон иртасӕн куысты» фӕстӕ нӕ публикацитӕй цалдӕр «экстремистон» публикацийыл нымад ӕрцыдысты, зӕгъгӕ, адӕмы ӕмӕ динты кӕрӕдзийыл ардауынц. 2013 азы 6 апрелы горӕт Карабалыкы пъӕлицӕйӕн бар нӕ уыд, афтӕмӕй ӕмбырды фембӕлдмӕ бабырста ӕмӕ сын сӕ литературӕ байста. Ӕмбырд цыди Ӕвдисӕнтӕй кӕйдӕр хӕдзары. 2013 азы 3 июлы горӕт Астанайы Экономикон тӕрхондон сразы, нӕ публикацитӕй дӕс парахат кӕнӕн кӕй нӕй, ууыл. Афтӕмӕй нын нӕ литературӕ дарддӕр дӕр цензортӕ кӕсынц ӕмӕ дзы алцы бӕстӕмӕ ласын нӕ уадзынц. Уымӕй уӕлдай ма, 2012 азы декабры бӕстӕйы хицӕуттӕ не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ сын бынӕттон закъонмӕ гӕсгӕ ӕндӕр дины тыххӕй дзурыны бар нӕй. 2013 азы 28 мартъийы Дины хъуыддӕгты организаци уынаффӕ радта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты регионалон дины центр фехъусын кӕна Хъазахстаны ӕппӕт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр, се ’мбырдтӕ кӕм цӕуынц, уыцы бынатӕй дарддӕр сын ӕндӕр рӕтты хъусын кӕныны бар кӕй нӕй. 2013 азы июлы хицӕуттӕ тӕрхон кӕнын райдыдтой 21 хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕн.
Сӕрибарӕй ӕмбырд кӕныны бар
(Арӕзт у Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.)
АЗЕРБАЙДЖАН:
2010 азы январы бӕстӕйы динты хъуыддӕгтӕм йӕ хъус чи дары, уыцы Комитет Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дины организацийӕн ногӕй регистраци скӕныныл не сразы, зӕгъгӕ, дам, уӕ курдиаты цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ис. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы рӕдыдтытӕ бирӕ хӕттыты сраст кодтой, фӕлӕ сын хицауад уӕддӕр ногӕй регистраци нӕ дӕтты. 2012 азы 31 июлы не ’фсымӕртӕ хъаст балӕвӕрдтой Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ. Ныффыстой сӕм, зӕгъгӕ нын хицауад бар нӕ дӕтты нӕ дины хъуыддӕгтӕ сӕрибарӕй кӕнынӕн. Кӕд сын закъонмӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, уӕддӕр нын нӕ дины организацийӕн ногӕй регистраци нӕ дӕтты. Регистраци нын куы нӕ уа, уӕд та закъонмӕ гӕсгӕ суанг нӕхи хӕдзӕртты дӕр нӕ бон нӕу ӕмбырдтӕ уадзын.
Адӕймаджы ӕдасдзинад ӕмӕ сӕрибардзинад
(Арӕзт у Филиппӕгтӕм 1:7.)
УКРАИНӔ:
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕд Украинӕйы сӕ бон у Хуыцауӕн сӕрибарӕй кувын, уӕддӕр сӕ арӕх фӕнӕмынц, сӕ Паддзахады залтыл сын арт бандзарынц ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнынц. Фӕлӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ аххосджынты нӕ бафхӕрынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, знӕгтӕ ныфсджынӕй кӕй архайынц. Уымӕ гӕсгӕ 2012 ӕмӕ 2013 азты не ’фсымӕрты ныхмӕ тынгдӕр цӕуын райдыдтой. Куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй Ӕвдисӕнты исбон кӕй ныппырх кӕнынц ӕмӕ кӕй басудзынц, уыцы хабӕрттӕ фылдӕр кӕнынц. Зӕгъӕм, 2010 азы ӕрцыд 5 ахӕм хабары, 2011 азы – 15, 2012 азы – 50, ӕмӕ 2013 азы фыццаг фондз мӕйы та – 23. Филиал уыцы хабӕртты тыххӕй фехъусын кодта Иугонд Нациты Организацийы Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг комитетмӕ.
Украинӕ: не ’фсымӕртӕ цалцӕг кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнынц, кӕй сын фехӕлдтой ӕмӕ сын кӕй басыгътой, уыцы Паддзахады зал
Ӕвзарыны бар
(Арӕзт у Хъуыддӕгтӕ 5:29 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29.)
АРГЕНТИНӔ:
2012 азы уалдзӕджы къӕрныхтӕ цыдӕртӕ давтой ӕмӕ не ’фсымӕр Пабло Албаррасини ӕнӕнхъӕлӕджы уым фӕци. Уыдон ӕй цалдӕр хатты фехстой. Рынчындонмӕ йӕ куы баластой, уӕд ницы ӕмбӕрста. Юридикон тых кӕмӕн ис, уыцы туджы гӕххӕтты йӕ фӕндон рагацау фыст уыди. Кӕд ын дохтыртӕ йӕ фӕндонӕн аргъ кодтой, уӕддӕр йӕ хӕстӕг, Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕм нӕлгоймаг архайдта, цӕмӕй тӕрхондон уынаффӕ рахастаид ӕмӕ ӕфсымӕр Албаррасинийӕн туг ауагътаиккой. Уый дзырдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй фервӕза, уый тыххӕй йын хъӕуы туг ауадзын. Фӕлӕ Аргентинӕйы Сӕйраг тӕрхондон ӕфсымӕр Албаррасинийы фӕндоныл сразы, уымӕн ӕмӕ йын бар ис, цӕмӕй йӕхи дзӕбӕх кӕна, куыд ӕй фӕнды, афтӕ, йӕхи куы не ’мбара, уӕд дӕр. Туг ын нӕ ауагътой ӕмӕ йӕ уӕззау цӕфтӕ сдзӕбӕх сты. Уый Йегъовӕйӕ бузныг у, кӕй йын баххуыс кодта, цӕмӕй ацы ахсджиаг фарстайы ма фӕрӕдыдаид.
Ӕфхӕрд ӕййафынц сӕ дины тыххӕй
(Арӕзт у Лукайы 21:12–17.)
ХЪЫРГЪЫЗСТАН:
2013 азы 16 апрелы Токтогулы тӕрхондон уынаффӕ рахаста не ’фсымӕрты пайдайӕн. Уый размӕ бынӕттон цӕрджытӕ дыууӕ хатты ныппырх кодтой Паддзахады зал. Тӕрхондон фыдгӕнджытӕн тӕрхон рахаста ӕмӕ сын ӕхца бафидын кодта. Фыццаг хатт зал кӕй зондӕй ныппырх кодтой, уыдоныл тӕрхон кӕй цӕуы, уый ныфс дӕтты, уыцы горӕты ахӕм хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзысты. Ӕмбырдтӕ та сӕ Паддзахады зал ногӕй сцалцӕг кӕндзысты.