Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb13 8–41 фф.
  • Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд
  • 2013 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы балхӕдтам ӕмӕ цы ауӕй кодтам
  • Хуыцауы Ныхас хъуыстгонд цӕуы
  • Ӕххуыс кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн
  • Кады зарджытӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл
  • Тӕлмацгӕнджыты офистӕ
  • Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр
  • Филиалтӕ снывонд кодтой Йегъовӕйы кадӕн
  • Юридикон хабӕрттӕ
  • Юридикон хабӕрттӕ
    2014 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
2013 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb13 8–41 фф.

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай ӕдзухдӕр размӕ цӕуы! Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс, фӕстаг цалдӕр мӕйы цы диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны тыххӕй.

Цы балхӕдтам ӕмӕ цы ауӕй кодтам

Ног бынат сӕйраг хайадӕн

2009 азы июлы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ штат Нью-Йорчы (АИШ) балхӕдтой зӕхх, цӕмӕй сӕйраг хайад уырдӕм ахӕссой. Уыцы зӕхх ахсы 102 гектары. Бруклины (штат Нью-Йорк) нын цы агъуыстытӕ ис, уыдонӕй ног бынат цӕгат-ныгуылӕнырдӕм у 80 километры дарддӕр. Сӕйраг хайад Бруклины ис 1909 азӕй нырмӕ.

Ног бынаты цӕрдзӕн ӕмӕ кусдзӕн 800 Ӕвдисӕны бӕрц. Сараздзысты дзы цалдӕр агъуысты, иуы дзы уыдзӕн офистӕ, иннӕйы цалцӕггӕнӕн хайӕдтӕ, цыппар дзы уыдзысты цӕрынӕн, иннӕтӕ та ӕндӕр хъуыддӕгтӕн. Уыдзӕн ма дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы гыццыл музей дӕр.

Агъуыстытӕ кӕм сараздзысты, уыцы территори бацахсдзӕн 18 гектары, иннӕ зӕхх та ныууадздзысты ӕнӕвнӕлдӕй, уыдзӕн дзы хъӕд ӕмӕ цъыфдзаст зӕххытӕ. Нӕ дзы уыдзӕн стыр газонтӕ ӕмӕ агъуыстытӕ дӕр хорз фидаудзысты хъӕды астӕу. Архитектортӕ сӕ афтӕ спълан кодтой, цӕмӕй электрон тых къаддӕр хардз цӕуа, ӕрдз тынг ма чъизи кӕна ӕмӕ агъуыстытӕм зилыныл бирӕ ӕхца ма цӕуа. Зӕгъӕм, агъуыстыты сӕрыл зайдзӕн, уазалӕй чи нӕ тӕрсы ӕмӕ зилын кӕмӕ нӕ хъӕуы, ахӕм кӕрдӕг. Афтӕмӕй агъуыстыты сӕрӕй къӕвдайы дон зӕхмӕ къаддӕр кӕлдзӕн ӕмӕ мидӕгӕй дӕр хъармдӕр уыдзӕн. Офистӕ афтӕ арӕзт уыдзысты, цӕмӕй сӕм хуры рухс тынгдӕр кӕла. Стӕй дзы пъланмӕ гӕсгӕ дон дӕр бирӕ хардз нӕ цӕудзӕн.

Сӕйраг хайад ног бынатмӕ цӕмӕн ивынц? Уымӕн ӕмӕ ныр бирӕ бӕстӕты филиалты мыхуыр кӕнынц Библитӕ, ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Раздӕр уыцы куыст кодтой ӕрмӕстдӕр Бруклины. 2004 азы литературӕ мыхуыр кӕнын ӕмӕ йӕ ӕндӕр рӕттӕм ӕрвитын райдыдтой Уолкиллӕй (штат Нью-Йорк). Бруклинӕй Уолкиллмӕ цӕуын хъӕуы 145 километры цӕгат-ныгуылӕнырдӕм. Ӕфсымӕртӕ ма ахъуыды кодтой хӕрдзтыл дӕр. Бруклины агъуыстытӕм зилын тынг зынаргъ лӕууы, уымӕн ӕмӕ базӕронд сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕ дӕр дард сты. Ног агъуыстытӕ та уыдзысты иу ран, стӕй бирӕ дӕр нӕ уыдзысты. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн хъусын кӕныны хъуыддагӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын.

Филиалтӕ баиу кодтой

2012 азы сентябрмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй 20 фылдӕр баиу кодтой стырдӕр филиалтимӕ. Уый ӕрцыд дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй.

1. Технологиты фӕрцы куыст фӕхуымӕтӕгдӕр. Фӕстаг азты коммуникацитӕ ӕмӕ мыхуыр кӕныны технологитӕ размӕ кӕй ацыдысты, уымӕ гӕсгӕ бахъуыд стыр филиалты лӕггадгӕнджыты нымӕц фӕкъаддӕр кӕнын. Уый фӕрцы дзы фӕзынд бынат, ӕндӕр бӕстӕты гыццыл филиалты чи лӕггад кӕны, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕхонынӕн.

Ныр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттынц, стыр филиалты чи лӕггад кӕны, уыцы фӕлтӕрдджын Ӕвдисӕнтӕ. Зӕгъӕм, Мексикӕйы филиал йӕ хъус дарын райдыдта хъусын кӕныны хъуыддагмӕ Коста-Рикӕйы, Сальвадоры, Гватемалӕйы, Гондурасы, Никарагуӕйы ӕмӕ Панамӕйы. Уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхсӕз бӕстӕйы филиалтӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты. Уыцы филиалтӕй 40 вефиладжы арвыстой Мексикӕйы филиалмӕ, 95 та баззадысты сӕ бӕстӕты ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц.

Централон Америкӕйы бӕстӕты ма вефилӕгтӕй чи баззад, уыдон дарддӕр сӕ куыст кӕнынц тӕлмацгӕнджыты офисты, ӕмӕ сӕм йӕ хъус дары Мексикӕйы филиал. Зӕгъӕм, Панамӕйы иу-20 тӕлмацгӕнӕджы Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ тӕлмац кӕнынц бынӕттон ӕвзӕгтӕм. Гватемалӕйы та 16 Ӕвдисӕны тӕлмац кӕнынц цыппар бынӕттон ӕвзагмӕ. Ахӕм ивындзинӕдтӕ арӕзт кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ Централон Америкӕйы вефилӕгтӕ фӕкъаддӕр сты – уыдысты 300, ныр та сты 75.

2. Фылдӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ хъусын кӕнынц. Филиалтӕ кӕй баиу кодтой, уый руаджы, гыццыл филиалты чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ се ’ргом аздӕхтой хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Иу ахӕм ӕфсымӕр Африкӕйӕ ныффыста: «Фыццаг цалдӕр мӕйы мын зын уыди, цӕмӕй мӕ ног уавӕртыл сахуыр уыдаин. Фӕлӕ алы бон дӕр уацамынды кӕй вӕййын, уый мын хӕссы, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕ. Ныр 20 адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ чидӕртӕ ӕмбырдтӕм дӕр цӕуы».

Бруклины цӕрджытӕ кӕуыл сахуыр сты, уыцы фыст

Ныр 40 азӕй фылдӕр Нью-Йорчы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады сӕрмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕрттивы стыр сырх дамгъӕтӕй фыст дзырд «Watchtower» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»). Дамгъӕты бӕрзӕнд у 4,6 метры ӕмӕ сыл цӕрджыты цӕст сахуыр. Уыцы фысты сӕрмӕ цы табло ис, уырдыгӕй бирӕтӕ базонынц рӕстӕг ӕмӕ уӕлдӕфы температурӕ.

Уыцы табло цалдӕр хатты раивтой, цӕмӕй раст куыстаид ӕмӕ къаддӕр электрон тых хардз кодтаид. Райдианты табло ӕвдыста уӕлдӕфы температурӕ Фаренгейтмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстӕг. Фӕлӕ йӕ 1980 азты ӕмбисы афтӕ сарӕзтой, цӕмӕй ма температурӕ Цельсимӕ гӕсгӕ дӕр ӕвдыстаид.

Эбони цӕры Бруклины ӕмӕ йӕм табло зыны йӕ хӕдзарӕй. Уый загъта: «Куыстмӕ цӕуыны размӕ рудзынгӕй ракӕсын ӕмӕ фенын рӕстӕг ӕмӕ уӕлдӕфы температурӕ. Уый фӕрцы нӕ байрӕджы кӕнын ӕмӕ дарӕс дӕр боныхъӕдмӕ гӕсгӕ скӕнын».

Цымӕ уыцы табло иннӕ 40 азы дӕр уым уыдзӕн? Уый кӕнгӕ уыдзӕн, агъуыст чи балхӕна, уымӕй. Уыцы таблойыл цӕуы 70 азӕй фылдӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы агъуыст 1969 азы куы балхӕдтой, уӕд дӕр уыди уым, ӕрмӕст ма йӕм бафтыдтой фыст «Watchtower».

Хуыцауы Ныхас хъуыстгонд цӕуы

Ног хабар Манхэттены

2011 азы ноябры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Манхэттены райдыдтой кампани. Стъӕлттыл-иу сӕвӕрдтой литературӕ ӕмӕ, адӕмы ӕргом йӕхимӕ чи здахы, ахӕм нывтӕ, стӕй ма пайда кодтой цӕлхытыл арӕзт стендтӕй. Уый уыди Манхэттены хуссарварс – уым кусы тынг бирӕ адӕм ӕмӕ у Нью-Йорчы зӕронддӕр хай. Ӕфсымӕртӕ территори адих кодтой цыппар хайыл. Алы хайы дӕр-иу цалдӕр ран ӕрӕвӕрдтой уыцы стъӕлттӕ ӕмӕ стендтӕ – уыдис-иу дзы Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ, ӕмӕ-иу сӕ цуры лӕууыд пионертӕ. Стендтӕн сӕ фылдӕр ӕвӕрдтой вокзалты мидӕгӕй кӕнӕ ӕддейӕ остановкӕты. Ахӕм рӕтты алы бон дӕр вӕййы дӕсгай мин адӕймаджы бӕрц.

Уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд сӕ фарстатӕн Библийӕ дзуапп базонын. Ныхасмӕ ’рлӕууын кӕй нӕ фӕндыд, уыдонӕн та сӕ бон уыди публикаци райсын ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр бакӕсын. Литературӕ райсӕн уыд алыхуызон ӕвзӕгтыл. Ӕмӕ-иу кӕд цавӕрдӕр ӕвзагыл нӕ уыд, уӕддӕр ӕй уыди заказ кӕнӕн ӕмӕ йӕ цалдӕр боны фӕстӕ райсӕн.

Адӕмӕн, стӕй хицауады кусджытӕн дӕр ацы хъуыддаг сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Иу пъӕлицӕйаг загъта: «Нырмӕ кӕм уыдыстут? Адӕмы уе ’ххуыс тынг хъӕуы». Иу нӕлгоймаг, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы ахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг куы ауыдта, уӕд ӕвиппайды ӕрлӕууыд. Уый загъта, адӕмы метройы ацы чиныг кӕсгӕ кӕй уыдта ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд базонын, кӕм сӕ райстой, уый. Ӕмӕ йӕ ныр зоны.

Иу ӕрыгон нӕлгоймаг куыстмӕ цӕугӕйӕ ӕхсӕз къуырийы дӕргъы цыд иу ахӕм стъолы цурты. Иубон ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уе ’ххуыс мӕ хъӕуы». Стъолы цур чи лӕууыд, уыдон ын зӕрдиагӕй баххуыс кодтой – Библи йын радтой ӕмӕ йын равдыстой, куыд дзы хъӕуы пайда кӕнын, уый. Фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонимӕ-иу Хуыцауы тыххӕй ныхас кодтой. Аст мӕйы дӕргъы 1 748 адӕймаджы загътой, Библи ахуыр кӕнын сӕ кӕй фӕнды. Ацы кампанийы фӕрцы 2012 азы июнмӕ ӕфсымӕртӕ апарахат кодтой 27 934 журналы ӕмӕ 61 019 чиныджы.

Нӕ журналтӕ – къаддӕр фӕрстӕ, фылдӕр ӕвзӕгтӕ

2013 азы январӕй райдайгӕйӕ журналты «Пробудитесь!» ӕмӕ, кӕй парахат кӕнӕм, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 32 фарсы бӕсты уыдзӕн 16 фарсы. Журналты къаддӕр статьятӕ кӕй уыдзӕн, уый фӕрцы сӕ тӕлмац кӕндзысты ноджы фылдӕр ӕвзӕгтӕм. Ныр «Пробудитесь!» тӕлмац цӕуы 98 ӕвзагмӕ, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» та 204 ӕвзагмӕ. Ӕмбырды кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» та дарддӕр дӕр уыдзӕн 32 фарсы.

Парахат кӕй кӕнӕм, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» иуӕй-иу рубрикӕтӕ, зӕгъӕм, «Кӕстӕртӕн», «Ӕз ахуыр кӕнын Библи» ӕмӕ Галаады скъолайы ног къласы тыххӕй статьятӕ, стӕй «Пробудитесь!»-ы рубрикӕтӕ «Семейная викторина» ӕмӕ «Вопросы молодежи» ныр кӕсӕн ис ӕрмӕстдӕр нӕ сайты www.jw.org.

Уымӕй уӕлдай ма ныр нӕ сайты ис статьятӕ, ӕмӕ дзы базонӕн ис, Библи ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй алыхуызон фарстатӕн цыбыр ӕмӕ бӕлвырд дзуаппытӕ. Мыхуыры чи цӕуы, уыцы публикацитӕ дӕр ис Интернетӕй рафыссӕн. Компьютер, планшет кӕнӕ смартфоны уылты кӕддӕриддӕр ис нӕ сайтмӕ www.jw.org бацӕуӕн ӕмӕ дзы публикацитӕ ссарӕн 440 ӕвзагӕй фылдӕрыл.

Нӕ сайт у ноджы зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр

Нью-Йорчы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады цалдӕр мӕйы дӕргъы стыр къорд куыста сайтыл www.jw.org, цӕмӕй ноджы зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр ӕмӕ ноджы ӕнцондӕр архайӕн уа, фӕнды йӕм компьютеры уылты бацӕуай, фӕнды планшет кӕнӕ смартфоны уылты. Сайтыл кусгӕйӕ сӕ разы уыд дыууӕ нысаны.

1. Нӕ сайттӕ баиу кӕнын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цы ӕртӕ сайты уыди, уыдонӕй сарӕзтой иу сайт – www.jw.org. Иннӕ дыууӕ сайты, www.watchtower.org ӕмӕ www.jw-media.org та сӕхгӕдтой. Афтӕмӕй, Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды кӕнӕ сӕ публикацитӕ бакӕсын кӕй фӕнды, уыдонӕн ныр сӕ бон у уыцы ӕрмӕг иу сайтыл ссарын. Зӕгъӕм, дӕ бон дзы у бакӕсын, байхъусын кӕнӕ гӕххӕттыл рауадзын Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ бирӕ ӕвзӕгтыл.

2. Фылдӕр информаци дзы ныффыссын. Ныр нӕ сайты ис, адӕммӕ Библийы тыххӕй цы фарстатӕ вӕййы, уыдонӕн дзуаппытӕ. Базонӕн ма дзы ис, нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый тыххӕй, стӕй филиалты, Паддзахады залты ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты облӕстон конгрессты тыххӕй дӕр. «Новости» фыст кӕм ис, уым та базондзынӕ ӕгас зӕххыл дӕр не ’фсымӕрты тыххӕй алыхуызон хабӕрттӕ. Ис ма дзы цымыдисаг рубрикӕтӕ бинонтӕн, ӕрыгӕттӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр.

Алы бон дӕр Интернеты нӕ публикацитӕ фӕкӕсынц цалдӕр сӕдӕ мин адӕймаджы. Уыдон дзы рафыссынц 500 000 бӕрц файлы: EPUB, PDF ӕмӕ аудио-форматты, ӕмӕ видео-файлтӕ къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтыл. Стӕй дзы алы бон дӕр сӕдӕ адӕймаджы ныффыссы, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой.

Ӕххуыс кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн

Библи, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн

«Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй Брайлы шрифтыл ис англисаг, испайнаг, италиаг ӕмӕ ма ӕндӕр ӕвзӕгтыл. Алы ӕвзагыл дӕр конд у бирӕ томтӕй, 20 томӕй 28 томмӕ, ӕмӕ сӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм куы сӕвӕрай, уӕд сӕ дӕргъ уыдзӕн 2 метры бӕрц! Ӕндӕр форматты чи ис, уыцы Библитӕ уыйбӕрц бынат нӕ ахсынц. Зӕгъӕм, Брайлы шрифт кӕм ис, ахӕм хӕсгӕ компьютерты фӕрцы, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн сӕ бон у сӕ хъуыдытӕ фыссын ӕмӕ алыхуызон информаци иртасын. Уыдонӕн ма сарӕзтой компьютерон программӕтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у, компьютеры экраныл цы фыст ис, уымӕ хъусын.

Цӕстӕй чи нӕ уыны, ахӕм адӕмӕн Ӕвдисӕнтӕ 100 азӕй фылдӕр мыхуыр кӕнынц Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ ӕмӕ сӕ абон кӕсӕн ис 19 ӕвзагыл. Ӕмӕ кӕд ахӕм адӕмы нӕ публикацитӕн фидын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дзы бирӕтӕ мысайнаг раттынц.

Ӕвдисӕнтӕ сарӕзтой, Брайлы шрифтыл бирӕ ӕвзӕгтыл фыссӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм компьютерон программӕ. Уыцы программӕ ӕнӕуи фыст текст раивы Брайлы шрифтмӕ ӕмӕ текст афтӕ фыст вӕййы, цӕмӕй, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн ӕнцон кӕсӕн уа. Уый фӕрцы Брайлы шрифтыл фыст публикацитӕ ӕмӕ Библи дӕр мыхуыр кӕнӕн уыдзӕн, ахӕм шрифт кӕм ис, уыцы ӕвзӕгтыл, уыимӕ латинаг алфавитӕй чи нӕ пайда кӕны, уыцы ӕвзӕгтыл дӕр.

Раздӕр-иу облӕстон конгрессы ног публикаци куы райстам, уӕд ма-иу нын фехъусын кодтой, зӕгъгӕ йӕ фӕстӕдӕр заказ кӕнӕн уыдзӕн Брайлы шрифтыл дӕр. Фарон Иугонд Штатты филиал сбӕрӕг кодта, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдон кӕцы конгрессты уыдзысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы формат цӕуы, уый.

Ног публикацитӕ гӕххӕттыл Брайлы шрифтыл фыстӕй арвыстой, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдон цы конгрессты уыдысты, уырдӕм, цӕмӕй сӕ уыцыиу рӕстӕг иннӕтимӕ райстаиккой. Ӕндӕр форматы кӕй хъуыди, уыдонӕн та сӕ Интернеты уылты арвыстой конгрессӕй иу къуырийы фӕстӕ.

Цӕстӕй чи нӕ уыны, иу ахӕм хо загъта: «Куыд ӕхсызгон мын уыд, мах дӕр иннӕтимӕ ног публикаци кӕй райстам. Псаломы 37:4 фыст ис, Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ кӕй ӕххӕст кӕны. Ӕмӕ йӕ ныхас ацы конгрессы сӕххӕст!» Ӕндӕр ахӕм Ӕвдисӕнӕн та йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ загъта: «Бузныг Йегъовӕйӕн, афтӕ ныл кӕй тыхсы!»

Мингӕйттӕ кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр сты

2011 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕсын сахуыр кодтой 5 700 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕркӕсӕм, иуӕй-иу бӕстӕты чи ’рцыд, цалдӕр ахӕм хабармӕ.

Ганӕ. Фӕстаг 25 азы дӕргъы кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтам 9 000 адӕймагӕй фылдӕр.

Мозамбик. Иу-15 азмӕ 19 000 адӕймагӕй фылдӕр сахуыр сты кӕсын. Иу ахуыргӕнинаг, Фелизардӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Куыд амондджын дӕн, ныр мӕ бон кӕй у иннӕтӕн Библийӕ стихтӕ кӕсын. Уый мын раздӕр тынг зынтӕй уади».

Соломоны сакъадӕхтӕ. Филиалӕй райстам ахӕм писмо: «Раздӕр, дард рӕтты чи цард, уыдонӕн сӕ бон нӕ уыд скъолатӕм цӕуын, чызджыты дӕр скъолатӕм стӕм хатт лӕвӕрдтой. Цы курсытӕ скодтам, уыдон стыр пайда ӕрхастой, уӕлдайдӕр та сылгоймӕгтӕн. Кӕсын кӕй сахуыр сты, уый фӕрцы бирӕтӕ фӕныфсджындӕр сты».

Замби. 2002 азӕй фӕстӕмӕ 12 000 адӕймаджы бӕрц хуыздӕр кӕсын райдыдтой. Агнес, цӕуы йыл 82 азы, зӕгъы: «Ӕмбырды нын куы фехъусын кодтой, кӕсын ӕмӕ нын фыссыны курсытӕ кӕй уыдзӕн, уӕд тынг бацин кодтон ӕмӕ мӕхи ныффыссын кодтон. Фыццаг урочы сахуыр дӕн мӕ ном фыссын!»

Кады зарджытӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ тӕлмац кӕнынц иу-600 ӕвзагмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, 135 зарӕджы кӕм ис, уыцы чиныг ӕнӕхъӕнӕй ратӕлмац кӕнын хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр ног зарджыты чиныг «Зарут Йегъовӕйӕн!» ӕртӕ азмӕ ратӕлмац кодтой 116 ӕвзагмӕ. Уыцы чиныгӕй ма 55 зарӕджы ратӕлмац кодтой 55 ӕвзагмӕ, бирӕ ӕвзӕгтӕм та йӕ нырма тӕлмац кӕнынц.

Зарджытӕ чи тӕлмац кӕны, уыдонӕн сӕ нысан у, цӕмӕй зарджыты ныхӕстӕ зӕрдӕмӕ хъарой, уой рӕсугъд ӕмӕ ӕнцонбахъуыдыгӕнӕн. Уымӕй уӕлдай ма, ныхӕстӕ хъуамӕ уой хуымӕтӕг, цӕмӕй адӕймаг зарӕджы хъуыды хорз ӕмбара. Алы ӕвзагыл дӕр ныхӕстӕ ӕмӕ музыкӕ хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ фидауой ӕмӕ ӕнцон зарӕн уой, раст цыма зарӕггӕнӕг йӕхи ныхӕстӕ зары, афтӕ.

Уый тӕлмацгӕнджыты къухы куыд бафты? Ныхӕстӕ комкоммӕ нӕ фӕтӕлмац кӕнынц, фӕлӕ сын сӕйрагдӕр вӕййы зарӕджы хъуыды ратӕлмац кӕнын. Кӕд, алы зарӕджы дӕр Фыстадӕй цы хъуыдытӕ ис, уымӕ гӕсгӕ тӕлмац кӕныныл фӕархайынц, уӕддӕр фӕпайда кӕнынц, адӕм кӕй зонынц, ахӕм ныхӕстӕй, цӕмӕй ӕнцон бамбарӕн ӕмӕ бахъуыды кӕнӕн уой.

Фыццаг уал зарӕг англисаг ӕвзагӕй ратӕлмац кӕнынц комкоммӕ. Стӕй, Ӕвдисӕнтӕй зарджытӕ фыссынмӕ чи арӕхсы, уый тӕлмац текстыл бакусы, цӕмӕй дзы йӕхи ӕвзагыл рӕсугъд зарӕг рауайа. Тӕлмацгӕнджытӕ ӕмӕ корректортӕ куы сбӕрӕг кӕнынц, зарӕгӕн Фыстадмӕ гӕсгӕ йӕ хъуыды раст кӕй у, уӕд сӕ хъус ӕрдарынц зарӕджы рифмӕмӕ дӕр. Ӕцӕгдӕр, зарджыты чиныг ратӕлмац кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цин кӕнынц, сӕ бон кӕй у се ’взагыл кады зарджытӕ зарын.

Тӕлмацгӕнджыты офистӕ

Раргомады чиныджы фыст уыд, зӕгъгӕ, нӕ рӕстӕджы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ адӕмы хондзысты, цӕмӕй «царды дон лӕвар айсой» (Рарг. 22:17). Ӕмӕ хуынд цӕуынц «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ» дӕр (Рарг. 7:9). Фӕстаг рӕстӕджы онг тӕлмацгӕнджытӕн сӕ фылдӕр лӕггад кодтой, сӕ бӕстӕмӕ йӕ хъус чи дардта, уыцы филиалты, кӕд-иу уыцы филиал ӕндӕр бӕстӕйы уыди, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ сын ӕнцон нӕ уыд хуымӕтӕг ӕвзагыл тӕлмац кӕнын, цӕмӕй-иу адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдтаиккой. Фӕлӕ ныр тӕлмацгӕнджыты арвыстой, се ’взагыл кӕм дзурынц, уым цы офистӕ ис, уырдӕм. Ацы хъуыддаг стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхаста, уый бӕрӕг у, тӕлмацгӕнджытӕ сӕхӕдӕг цы дзурынц, уымӕй.

Мексикӕйы майя ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, иу ахӕм хо загъта: «Ӕз уыдтӕн, гыццыл зайӕгой фӕстӕмӕ йӕ сыджыты куыд ныссадзай, уый хуызӕн». Уӕрӕсейы та иу ӕфсымӕр, тӕлмацгӕнӕг, загъта: «Адӕм се ’взагыл кӕм дзурынц, уым офис уа, уый тӕлмацгӕнджытӕн дзӕнӕтӕй уӕлдай нӕу. Телевизоры, чингуыты ӕмӕ Интернеты куыд дзурынц, уый тынг хицӕн кӕны, адӕм куыд дзурынц, уымӕй. Цӕмӕй хуымӕтӕг ӕвзагыл тӕлмац кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, адӕм куыд дзурынц, уый хъусын».

«Ӕз уыдтӕн, гыццыл зайӕгой фӕстӕмӕ йӕ сыджыты куыд ныссадзай, уый хуызӕн»

Конгойы чилубӕ ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Не ’взагыл алы бон дӕр дзурӕм, зӕгъӕм, исты ӕлхӕнгӕйӕ ӕмӕ нӕ сыхӕгтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, стӕй уацамынды ӕмӕ ӕмбырды. Мах фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ уацамынды фӕпайда кӕнӕм, нӕхӕдӕг кӕй ратӕлмац кодтам, уыцы публикацитӕй. Уый фӕрцы уынӕм, адӕм сӕ ӕмбарынц ӕви нӕ».

Угандӕйы олуконзо ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, ахӕм ӕфсымӕр та загъта: «Цы ӕвзагыл дзурӕм ӕмӕ тӕлмац кӕнӕм, уыцы ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уый нын стыр цины хос у. Стӕй нын уацамынды цӕуын дӕр ӕхсызгондӕр у, уымӕн ӕмӕ ныр адӕмимӕ фӕдзурӕм нӕ мадӕлон ӕвзагыл».

Уымӕй уӕлдай ма, тӕлмацгӕнджыты цы ӕмбырдтӕм снысан кӕнынц, уыдонӕн уый у стыр ӕххуыс. Майя ӕвзагмӕ тӕлмацгӕнджыты тыххӕй иу хо загъта: «Тӕлмацгӕнджытӕ нӕ сӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бафидар кӕнынц. Раст цыма Вефилы хай не ’мбырды ис, афтӕ мӕм фӕкӕсы ӕмӕ уый стыр арфӕдзинад у».

Ацы ивындзинӕдтӕ алкӕмӕн дӕр пайда уыдысты. Кенийӕ иу тӕлмацгӕнӕг загъта: «Луо ӕвзагыл литературӕ тынг гыццыл ис, ӕмӕ адӕм хъуыды дӕр никуы акодтаиккой, искуы се ’взагыл ахӕм рӕсугъд публикацитӕ кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бирӕтӕ зӕрдиагӕй райсынц. Адӕм куыд цин кӕнынц, уый куы фенын, уӕд мӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, цы хъуыддаг аразын, уый дарддӕр дӕр ӕмӕ ноджы хуыздӕр аразын».

Тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ филиалы рагӕй лӕггад кӕнынц, суанг дӕсгай азтӕ дӕр. Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг сын кӕй ис ӕмӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйы фыстыл кӕй хъуыды кӕнынц, уый тыххӕй арфӕгонд сты. Бирӕтӕ сразы уыдзысты, Хуссар Африкӕйы косӕ ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы ӕфсымӕры ныхӕстимӕ: «Разамонӕг совет тӕлмацгӕнджыты офистӕ кӕй саразын кодта, уый диссаджы хорз хъуыддаг у. Вефилы амондджын уыдыстӕм, фӕлӕ ноджы амондджындӕр та стӕм тӕлмацгӕнджыты офисы».

Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

«Ӕфсымӕртӕ ныл тынг батыхстысты»

2012 азы 3 июны хуыцаубоны Нигерийы стырдӕр горӕт Лагосы, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм ран хӕдтӕхӕг ӕрхауд. Хӕдтӕхӕджы цы 153 адӕймаджы уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр фӕмард сты. Стӕй ма амардысты, кӕм ӕрхауд, уым чи уыди, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ.

Коллинз Эве ӕмӕ йӕ бинонтӕ цардысты, хӕдтӕхӕг кӕй скъуырдта, уыцы ӕртӕуӕладзыгон хӕдзары фӕстаг этажы. Уыцы хабар куы ӕрцыд, уӕд Коллинз йӕ бинонтимӕ Паддзахады залы ӕмбырды уыди.

Цыппар ӕрдӕгыл, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры рӕстӕг, Коллинз ӕмӕ йӕ бинойнаг Чиньере федтой, сӕ телефонтӕм сӕм цалдӕр хатты кӕй дзырдтой. Куыддӕр ӕмбырд фӕци, афтӕ Чиньере телефон систа. Сыхӕгтӕ йын загътой, сӕ хӕдзар кӕй судзы. Хӕдзары цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, хӕдтӕхӕг сын сӕ хӕдзар кӕй скъуырдта ӕмӕ, сӕ фарсмӕ цы хӕдзар уыд, ууыл кӕй ӕрхауд ӕмӕ кӕй сыгъди.

Чиньере загъта: «Хӕдзары куы уыдаиккам, уӕд ӕнӕмӕнг фесӕфтаикам. Уыцы бӕллӕхы фӕстӕ нӕм ницы баззад, ӕмбырдмӕ нӕ уӕлӕ цы скодтам, уый йеддӕмӕ. Фӕлӕ удӕгасӕй баззадыстӕм. Районон цӕстдарӕг уайтагъд ӕххуысы комитет сарӕзта ӕмӕ ныл ӕфсымӕртӕ тынг батыхстысты. Стыр бузныг сӕ стӕм».

Коллинз та загъта: «Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй мӕ хӕстӕджытӕ нӕ ныхмӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ хъуыды фӕивтой. Сӕ иу мын загъта: „Уӕ Йегъовӕ уын уӕ куывдтытӕ фехъуыста. Уӕ Хуыцауы ма ныууадзут, уымӕн ӕмӕ уын ӕххуыс кӕны“. Ӕндӕр хӕстӕг та загъта: „Уӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ“. Мах ӕцӕгдӕр федтам, Йегъовӕ нӕ куыд бахъахъхъӕдта, уый, ӕмӕ тынг амондджын дӕн».

Хицауад нын регистраци скӕныны бар радта

2012 азы 27 февралы Венгрийы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийӕн бар радта, цӕмӕй регистраци скодтаиккой. Уый фӕрцы Венгрийы хорз хабар хъусын кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Стӕй ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы хъалон фидын дӕр нал хъӕуы, сӕ бон у мысайнӕгтӕ исын, ӕмӕ ахӕстӕтты ӕмӕ рынчындӕтты хъусын кӕнын.

Ӕрымысӕн изӕр диссаджы ран

Намибийы горӕт Рундуйӕ иу сӕрмагонд пионер фехъусын кодта, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг иу хъӕуы кӕй уыд. Адӕм хорз хабармӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусынц, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой Ӕрымысӕн изӕр фыццаг хатт руманьо ӕвзагыл ауадзын. Ӕфсымӕр ныффыста: «Бадтыстӕм ӕддейӕ диссаджы рӕсугъд ран, арвӕй касти цалхыдзаг мӕй, ӕмбырд ауагътам парафин лампӕтӕ ӕмӕ дыууӕ фанары рухсмӕ». Афтӕ сӕм каст, цыма Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр фесты. Уыцы ран иу хъусынгӕнӕг йеддӕмӕ нӕй ӕмӕ хъусын кӕнын райдыдта мартъийы, фӕлӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 275 адӕймаджы!

Филиалтӕ снывонд кодтой Йегъовӕйы кадӕн

Централон Африкаг Республикӕйы ӕмӕ Чады Йегъовӕйы организацийы историйы 2011 азы 19 ноябрь уыди диссаджы бон: 269 хо ӕмӕ ӕфсымӕры ӕрӕмбырд сты филиалы ног агъуыстыты раз. Разамонӕг советӕй ӕрцыд Сэмюэл Хёрд, цӕмӕй ног Вефил Йегъовӕйӕн снывонд кодтаид. Программӕйы рӕстӕг радзырдтой, ацы дыууӕ бӕстӕйы хъусын кӕнын куыд райдыдтой, уый тыххӕй. Централон Африкаг Республикӕйы хъусын кӕныны хъуыддаг райдыдта 1947 азы, Чады та – 1959 азы. Иннӕ раныхасы радзырдтой, агъуыстытӕ куыд арӕзтой, уый тыххӕй. Бирӕ бӕстӕтӕй арфӕйы ныхӕстӕ куы бакастысты, уӕд зӕрдиагӕй байхъуыстой ӕфсымӕр Хёрды раныхасмӕ. Вефилы лӕггад кӕны 42 адӕймаджы, ис дзы аст офисы тӕлмацгӕнджытӕн, къухни, хӕрӕндон ӕмӕ, гӕрзтӕ кӕм ӕхсынц, ахӕм агъуыст. Уымӕй уӕлдай ма дзы арӕзт ӕрцыд 22 цӕрӕнуаты ӕмӕ ӕндӕр агъуыстытӕ, зӕгъӕм, уазджытыл кӕм сӕмбӕлынц, ахӕм бынат, административон офистӕ ӕмӕ, литературӕ кӕцӕй ӕрвитынц, ахӕм хайад. Цӕмӕй Вефил хорз куса, уый тыххӕй дзы алцыдӕр ис.

Конгойы фыццаг хатт снывонд кодтой филиал

2012 азы 26 майы сабаты Киншасӕйы (Конго) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыди стыр бӕрӕгбон. Аст азы размӕ аразын ӕмӕ цалцӕг кӕнын кӕй райдыдтой, уыцы филиалы агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтой. Стыр бӕрӕгбон уый тыххӕй уыд, ӕмӕ, кӕд Конгойы 50 азы бӕрц уыд филиал, уӕддӕр ацы бӕстӕйы Йегъовӕйӕн филиал фыццаг хатт снывонд кодтой. Разамонӕг советӕй дзы раныхас уыд Джеффри Джексонӕн ӕмӕ йӕм байхъуыста 2 422 адӕймаджы, уыдонӕй бирӕтӕ 40 азӕй фылдӕр сты донаргъуыд хъусынгӕнджытӕ. 23 бӕстӕйӕ дзы уыди 117 уазӕджы. Бирӕ азты размӕ Конгойы миссионертӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цымыдисаг хабӕрттӕ радзырдтой. Программӕ хъусджыты зӕрдӕтӕ бацагайдта ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сразы сты, цӕмӕй уыцы агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн уой.

Юридикон хабӕрттӕ

2011 азы 30 июны Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон тӕрхон рахаста Францийы хицауадӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ кӕй архайдтой, уый тыххӕй. Францийы хицауады фӕндыд, цӕмӕй, 1993 азӕй 1996 азмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд, уыдонӕн сӕ 60 проценты хъалон бафыстаиккой. Тӕрхондоны сын загътой, цӕмӕй бафидыдтаиккой, фӕлӕ хицауад нӕ разы кодта, зӕгъгӕ сӕ закъонмӕ гӕсгӕ стыр хъалон нӕ домӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бафидыдтой. Ӕмӕ 2012 азы 5 июлы Европӕйы тӕрхондон уынаффӕ рахаста – Францийы хицауад хъуамӕ Ӕвдисӕнтӕн радта, конфискаци кӕй скодта, уыцы 4 590 295 евройы (5 749 440 доллӕры, уыимӕ ма проценттӕ дӕр), ӕмӕ ма хъуамӕ Ӕвдисӕнтӕн бафида, тӕрхоны рӕстӕг кӕй бахардз кодтой, уыцы ӕхца дӕр – 55 000 евройы (68 890 доллӕры).

Эритрейы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй сын сӕ гражданство байстой (Ис. 2:4). Фӕстаг 17 азы бирӕты ӕрцахстой ӕмӕ ныр 50 ӕфсымӕры ӕмӕ хойы ахӕстоны бадынц – ис дзы ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр, ӕппӕты кӕстӕрыл цӕуы дыууӕ азы. Хъыгагӕн, 2011 азы июлы Эритрейы ахӕстоны амард ӕфсымӕр Мисгина Гебретинсае. Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ иунӕгӕй бакодтой ӕфсӕйнаг контейнеры, ӕмӕ йӕ уым ӕнӕхъӕн къуыри фӕдардтой. Стӕй загътой, зӕгъгӕ, «бӕрӕг нӕу», цӕмӕн амард, уый. Не ’фсымӕртӕ архайынц, цӕмӕй бынӕттон хицӕуттимӕ фембӕлой ӕмӕ сын бамбарын кӕной, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуӕм ӕмӕ политикӕйы кӕй нӕ архайӕм, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ Эритрейы хицауад ницӕмӕ дарӕм.

Индийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр сӕ уавӕр нӕ фӕхуыздӕр – уацамынды сӕм адӕм сӕ къух дӕр сисынц. Нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ ма суанг 60-аздзыд сылгоймаг ӕмӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллон дӕр карз ӕфхӕрд баййӕфтой. Кӕмӕндӕрты дзы сӕ дзаумӕттӕ раластой, кӕйдӕр та дзы марынмӕ дӕр хъавыдысты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ дӕр барӕй ницы аразынц. Ӕвдисӕнты ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны закъонмӕ гӕсгӕ бафхӕрыны бӕсты ма сӕ сӕхӕдӕг дӕр алыхуызон фыдракӕндты фӕазымджын кӕнынц. Не ’фсымӕртӕй кӕй ӕрцахсынц, уыдонӕн бирӕ ӕхца фӕфидын кӕнынц, цӕмӕй сӕ рауадзой. Стӕй сын пъӕлицӕйы кусджытӕ фыдмитӕ фӕкӕнынц – дон ӕмӕ сын хӕринаг нӕ фӕдӕттынц, дохтырты сӕм нӕ фӕуадзынц. Афтӕмӕй сӕ цалдӕргай азты дӕргъы, цыма тӕссаг фыдгӕнджытӕ сты, уыйау ахӕстӕтты фӕдарынц. Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг националон къамисмӕ хъаст балӕвӕрдтам ӕмӕ нӕ ныфс ис, уый фӕрцы ӕфсымӕртӕн сӕ уавӕртӕ кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты.

2011 азы ноябры Европӕйы тӕрхондон уынаффӕ рахаста, Турцийы хицауад Юнус Эрчепы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕны, бартӕ кӕй бахъыгдардта – йӕ динмӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый тыххӕй йӕ ӕрцахстой. 1998 азы мартъийӕ ӕфсымӕр Эрчеп военкоматӕй 39 хатты гӕххӕтт райста ӕмӕ йӕ 30 хатты та ахсгӕ ӕркодтой. Ӕфсымӕр Эрчепӕн штраф бафидын кодтой, ахӕстоны йӕ сбадын кодтой ӕмӕ ма йӕ психиатрион рынчындоны дӕр схуыссын кодтой, зӕгъгӕ йын йӕ дины тыххӕй ис «паранойя».

2004 азы октябры ӕфсымӕр Эрчеп бахъаст кодта Европӕйы тӕрхондонмӕ. Тӕрхонгӕнӕг загъта, зӕгъгӕ «хъаст чи балӕвӕрдта, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕфсадӕй йӕхи нӕ сайы. Ӕфсадмӕ цӕуын йӕ динмӕ гӕсгӕ раст нӕу».

Фети Демирташ дӕр цӕры Турцийы ӕмӕ у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. 2005 азы йӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты, фӕлӕ нӕ ацыд. Уый тыххӕй йӕ ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ 554 боны ахӕстоны фӕдардтой. Рауагътой йӕ 2007 азы июны. Ӕфсымӕр Демирташ, Библийӕ цӕуыл ӕууӕнды, ууыл фидар кӕй хӕцыд, уымӕ гӕсгӕ йын диагноз сӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, психикон низӕй рынчын у. Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Турцийы хицауад ӕфсымӕр Демирташы бартӕ ницӕмӕ ӕрдардта – йӕ динмӕ гӕсгӕ раст цы нӕу, уый йын кӕй аразын кодтой, уый закъоны ныхмӕ уыди.

Ацы дыууӕ хабары хӕдразмӕ, 2011 азы июлы Европӕйы тӕрхондоны ӕвзӕрст цыди, дӕрдтыл чи айхъуыст, уыцы хъуыддаг – «Баятян Сомихы ныхмӕ». Стыр палатӕ – тӕрхондоны фӕстаг уынаффӕ чи рахӕссы, уый – уынаффӕ рахаста, Европӕйы конвенцимӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕд кӕй цӕуынц. Ӕмӕ уый хауы, Европӕйы Советы цыдӕриддӕр бӕстӕтӕ ис, уыдонмӕ, уыимӕ Турцимӕ дӕр.

2012 азы январы Европӕйы тӕрхондоны ахӕм хъуыддӕгтӕ ’взӕрст цыдысты Сомихы ныхмӕ дӕр – «Бухаратян Сомихы ныхмӕ» ӕмӕ «Цатурян Сомихы ныхмӕ». Уыцы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй сӕ хицауад ӕфхӕрдта. Уынаффӕ хӕсгӕйӕ ма тӕрхонгӕнӕг ской кодта, «Баятян Сомихы ныхмӕ» чи хуынд, уыцы хъуыддаджы тыххӕй дӕр.

Кӕд ацы хъуыддӕгтӕ ’взаргӕйӕ Европӕйы тӕрхондон Сомихы хицауадӕн тӕрхон рахаста, уӕддӕр хицауад Ӕвдисӕнты ныхмӕ архайы – ӕрцахсынц сӕ ӕмӕ сӕ ахӕстоны бакӕнынц. Сомихы альтернативон службӕйы тыххӕй цы закъон ис, уымӕ 2012 азы мартъийы цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ хаст ӕрцыд, фӕлӕ сӕм нырма бӕстӕйы парламент не ’ркасти. Ныфс нӕ ис, ахӕстоны чи бады, уыцы ӕфсымӕрты Сомихы хицауад Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн.

Азербайджаны цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр хицауад хъыгдары: пъӕлицӕйы кусджытӕ ӕмбырдтӕм ӕнӕнхъӕлӕджы бабырсынц ӕмӕ сӕ ӕрцахсынц; литературӕ парахат кӕнын сӕ нӕ уадзынц; фӕсарӕнтӕй чи ’рцӕуы, уыцы Ӕвдисӕнты бӕстӕйӕ рарвитынц; пъӕлицӕйы кусджытӕ сӕ бафхӕрынц; архайынц, цӕмӕй нӕ организацийӕн регистраци мауал уа. Бӕстӕйы динты хъуыддӕгтӕм йӕ хъус чи дары, уыцы комитетмӕ ногӕй регистраци скӕныны тыххӕй курдиат куы балӕвӕрдтой, уӕд сын разыйы дзуапп нӕ радтой. Уый фӕстӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ ноджы карздӕрӕй архайын райдыдтой: нӕ сӕ уадзынц ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын, стӕй бӕстӕмӕ литературӕ ласын ӕмӕ йӕ парахат кӕнын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц ӕмӕ литературӕ кӕй парахат кӕнынц, уый тыххӕй сын стыр штрафтӕ фидын кӕнынц. Зӕгъӕм, горӕт Гянджайы иу хо ӕмбырдтӕм кӕй цӕуы, уый тыххӕй йын бафидын кодтой штраф 1 909 доллӕры. Европӕйы конвенцимӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр бар ис Хуыцаумӕ, раст ӕм куыд кӕсы, афтӕ кувын. Фӕлӕ бӕстӕйы хицауад ацы конвенцимӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Уымӕ гӕсгӕ хъаст балӕвӕрдтам Европӕйы тӕрхондонмӕ, ӕмӕ нӕ ныфс ис, уый фӕрцы Азербайджаны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй нал тыхсын кӕндзысты ӕмӕ сӕ фӕдыл кӕй нал зилдзысты.

Уӕрӕсейы хицауады кусджытӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ фӕдыл зилынц, стӕй тӕрхонгӕнджытӕм бартхъирӕн кӕнынц, цӕмӕй нын сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар ма дӕттой. Уӕрӕсейы экстремизмы тыххӕй цы закъон ис, уыимӕ бирӕтӕ разы не сты, фӕлӕ уӕддӕр бӕстӕйы тӕрхондӕттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕй 64 банымадтой экстремистон публикацитыл. Ӕрӕджы иу прокурор ӕрдомдта, цӕмӕй экстремистон публикацийыл банымайой, сывӕллӕттӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр кӕцӕй базонынц, уыцы чиныг «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Уӕрӕсейы бирӕ рӕтты тӕрхондӕтты уынаффӕты тыххӕй нӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сайтмӕ бацӕуӕн. Уыдон пъӕлицӕйы кусджытӕн бар радтой, цӕмӕй ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты фӕдыл сусӕгӕй зилой, сусӕгӕй сӕ видеойӕ исой ӕмӕ сын сӕ писмотӕ кӕсой. Уымӕ гӕсгӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ ӕдзухдӕр фӕныхас кӕнынц, нӕ ныхмӕ чи у, уыцы сыхӕгтимӕ, стӕй Ӕвдисӕнты хӕдзӕрттӕ фесгарынц ӕмӕ сын сӕ литературӕ ӕмӕ сӕ дзауматӕ байсынц. Ӕвдисӕнты-иу баурӕдтой, уынджы кӕнӕ-иу машинӕйыл куы фӕцӕйцыдысты йе та-иу поездӕй куы рахызтысты, уӕд. Пъӕлицӕ-иу ӕмбырдтӕм бабырста ӕмӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгты ӕрцахста, хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй ахуыр кӕнынц, уый тыххӕй. Иуӕй-иу регионты прокурортӕ архайынц, цӕмӕй тӕрхондӕттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци сӕхгӕной.

2012 азы майы горӕт Таганроджы 17 Ӕвдисӕны, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, фыдракӕндтӕ аразынц. Тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2009 азӕй фӕстӕмӕ ацы регионы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй архайыны бар нал уыд ӕмӕ сын сӕ Паддзахады зал дӕр байстой, экстремисттыл сӕ кӕй банымадтой, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Ӕвдисӕнтӕ ӕмбырд кодтой сӕ хӕдзӕртты кӕнӕ ӕххуырст агъуыстыты. Фӕлӕ ныр хицауад архайы, цӕмӕй Хуыцауӕн иумӕ мауал лӕггад кӕной. 2012 азы июлы Сыбыры, горӕт Читайы, ӕрцахстой, пионертӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ усы, зӕгъгӕ, адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ардауынц. Уыдон парахат кодтой, экстремистоныл нымад чи уыд, ахӕм чиныг. Дыууӕйӕн дӕр ахӕм тӕрхон рахастой, цӕмӕй фӕйнӕ 200 сахаты бакусой, кӕм сын зӕгъой, уым. Фӕлӕ уыдон тӕрхондонмӕ апелляци балӕвӕрдтой.

Европӕйы тӕрхондон дыууӕ хатты Уӕрӕсейы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл рахӕцыд – «Кузнецов ӕмӕ иннӕтӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ» (2007 аз) ӕмӕ «Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ» (2010 аз). Фӕлӕ Уӕрӕсейы хицауад ацы тӕрхондоны уынаффӕ ницӕмӕ дары. Уымӕ гӕсгӕ Ӕвдисӕнтӕ Европӕйы тӕрхондонмӕ ноджыдӕр 19 хъасты балӕвӕрдтой. Чи зоны, уый фӕрцы Уӕрӕсейы хицӕуттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ афтӕ карзӕй мауал архайой ӕмӕ «сӕ бон уа сӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст» (1 Тим. 2:2).

Хуссар Корейы ӕрыгон ӕфсымӕрты абоны онг дӕр ахӕстӕтты бакӕнынц, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй. Алы мӕй дӕр иу-45 ӕрыгон ӕфсымӕры ахӕстоны сбадын кӕнынц афӕдз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ. Афтӕмӕй, 750 ӕфсымӕры бӕрц Корейы ахӕстӕтты бадынц – уыйбӕрц Ӕвдисӕнтӕ иу бӕстӕйы дӕр йӕ дины тыххӕй нӕ бады. 1950 азӕй фӕстӕмӕ 17 000 бӕрц Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ахӕстоны бакодтой ӕмӕ сын ӕдӕппӕтӕй иумӕ радтой 32 000 азӕй фылдӕр.

2012 азы хицӕуттӕ ноджы карздӕрӕй райдыдтой архайын Ӕвдисӕнты ныхмӕ. Цалдӕр азы мидӕг дзы цалдӕр хатты уыди ӕфсӕддон курсытӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы курсытӕм кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй-иу сын штраф бафидын кодтой, ныр та сын уый тыххӕй тӕрхон кӕндзысты. Зӕгъӕм, 2011 азы ноябры Хочон Сонӕн аст мӕйы радтой, фӕлӕ йӕ ахӕстоны нӕ бакодтой. Уый фӕстӕ та йын 2012 азы июны ногӕй йӕ хъуыддаг равзӕрстой ӕмӕ йын ацы хатт ӕхсӕз мӕйы радтой. Дыккаг тӕрхоны фӕстӕ йӕ сбадын кодтой. 29 боны фӕстӕ ӕхца куы бафыста, уӕд ӕй рауагътой, цалынмӕ йын йӕ апелляцийӕн дзуапп нӕ раттой, уӕдмӕ. Ныр ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ 14 мӕймӕ сбадын кӕной.

Хуссар Корейы алы мӕй дӕр 45 ӕрыгон ӕфсымӕры бӕрц сбадын кӕнынц афӕдз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ

Иугонд Нациты Организацийы Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг комитет цалдӕр хатты Хуссар Корейы хицауадӕн бамбарын кодта, раст кӕй нӕу, адӕмы сӕ динмӕ гӕсгӕ кувын кӕй нӕ уадзы, уый. Цӕмӕй ацы хъуыддаг аскъуыддзаг уа, уый тыххӕй хъаст балӕвӕрдтам ацы Комитетмӕ, стӕй ма Хуссар Корейы Конституцион тӕрхондонмӕ дӕр.

[Ныв 8, 9 фӕрстыл]

2012 азы 28 августы кусын райдыдта, кӕй раивтой, уыцы сайт www.jw.org

[Таблицӕ 13 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

АЛЯСКӔ → ИУГОНД ШТАТТӔ

БАГАМӔЙЫ САКЪ-ТӔ

ГАВАЙЫ САКЪ-ТӔ

БУРКИНА-ФАСО → БЕНИН

ТОГО

ГАЙАНӔ → ТРИНИДАД

УРУГВАЙ → АРГЕНТИНӔ

НОГ ЗЕЛАНДИ → АВСТРАЛИ

САМОӔ

АНТИГУӔ → БАРБАДОС

АВСТРИ → ГЕРМАНИ

ЛЮКСЕМБУРГ

ШВЕЙЦАРИ

КИПР → ГРЕЦИ

ЧЕХИЙЫ РЕСП. → СЛОВАКИ

ФРАНЦИЙЫ ГВИАНӔ → ФРАНЦИ

ГВАДЕЛУПӔ

МАРТИНИКӔ

РЕЮНЬОН

ИРЛАНДИ → ВЕЛИКОБРИТАНИ

ДАНИ → СКАНДИНАВИЙЫ ФИЛИАЛ

ИСЛАНДИ

НОРВЕГИ

ШВЕЦИ

БЕЛИЗ → МЕКСИКӔ

КОСТА-РИКӔ

САЛЬВАДОР

ГВАТЕМАЛӔ

ГОНДУРАС

НИКАРАГУӔ

ПАНАМӔ

[Картӕ]

[Ныв 15 фарсыл]

Ӕфсымӕртӕ ӕвӕрынц неон дамгъӕтӕй фыст «Watchtower», 1970 аз

[Ныв 16 фарсыл]

Пионертӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм бинонтӕ журналтӕ дӕттынц Нью-Йорчы сӕйраг вокзалы

[Ныв 20 фарсыл]

Ӕфсымӕр Антони Бернард бинонты ахуыры рӕстӕг пайда кӕны Брайлы шрифтыл фыст Библийӕ (Шри-Ланкӕ)

[Ныв 23 фарсыл]

Кӕсын ӕмӕ фыссыны курсытӕ Замбийы

[Ныв 24 фарсыл]

Соломоны сакъадӕхтӕ: ӕмбырды зарынц пиджин ӕвзагыл

[Схемӕ 25 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

«Зарджытӕ Йегъовӕйы кадӕн» (1950) Ӕвзӕгтӕ

«Йегъовӕйы кадӕн зӕрдӕбынӕй зарут» (1966)

«Зарут Иегъовӕйы кадӕн» (1984)

«Зарут Йегъовӕйӕн!» (2009)

0 50 100 150

[Ныв 26 фарсыл]

Луо ӕвзагмӕ тӕлмацгӕнджытӕ Кисумуйы (Кени)

[Картӕ 27 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

КЕНИ

НАЙРОБИ: филиал

Кисуму: луо

Ньери: кикуйю

Мачакос: кикамбӕ

Ӕгас зӕххыл дӕр 100 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы къордтӕ ныр лӕггад кӕнынц, се ’взагыл кӕм дзурынц, уым

[Ныв 29 фарсыл]

Лагос (Нигери): хӕдтӕхӕг кӕм ӕрхауд, уыцы бынат

[Ныв 31 фарсыл]

Будапешт (Венгри): не ’фсымӕртӕ хъусын кӕнынц, уазджытӕ кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым

[Ныв 32 фарсыл]

Ӕфсымӕр Джексон раныхасы рӕстӕг Киншасӕйы (Конго)

[Ныв 34 фарсыл]

Инди: ӕфсымӕр лӕууы тӕрхондоны раз, цалынмӕ йӕ ахӕстоны нӕ бакодтой, уӕдмӕ

[Ныв 37 фарсыл]

Турци: кӕд ӕфсымӕр Фети Демирташ карз ӕфхӕрд баййӕфта, уӕддӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕны

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын