Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 166 ф.–167 ф., 4 абз.
  • Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕй рӕстдзинад фыццаг уый базыдта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕй рӕстдзинад фыццаг уый базыдта
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы цӕсгомы рухс сӕм кӕлы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Цӕттӕ у дӕ территорийы, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмы агурынмӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Хуыцау тыхсы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоныл
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Аргъ кӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 166 ф.–167 ф., 4 абз.

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕй рӕстдзинад фыццаг уый базыдта

Хосе Перес

  • РАЙГУЫРД: 1960 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1982 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Хосе ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта хӕрзӕрыгонӕй. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ сӕ уарзтӕй кӕй батавтой, уый фӕрцы йын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардтой, кӕд къухӕйамонгӕ ӕвзаг нӕ зыдтой, уӕддӕр.

Ныв 166 фарсыл

МӔ ГЫЦЦЫЛӔЙ нырмӕ хъусӕй нӕ хъусын, ӕмӕ сӕрмагонд скъолайы къухӕйамонгӕ ӕвзаг сахуыр кодтон. Хорз хабар фыццаг хатт фехъуыстон, 11 азы мыл куы цыд, уӕд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мӕм хӕстӕг чи цард, уыдон мӕ иухатт ӕмбырдмӕ фӕхуыдтой. Цы дзы дзырдтой, уый не ’мбӕрстон, фӕлӕ мыл адӕм тынг бацин кодтой. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, ӕмбырдтӕм кӕй цӕудзынӕн. Бирӕтӕ-иу мӕ уазӕгуаты кӕнӕ ӕндӕр искуыдӕм фӕхуыдтой.

1982 азы сдӕн хъусынгӕнӕг, ӕмӕ уыцы аз фӕстӕдӕр донаргъуыд райстон. 1984 азы мӕ цард баиу кодтон Эвӕимӕ, уый дӕр хъусӕй нӕ хъусы. Кӕд Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстам, уӕддӕр бамбӕрстам, Йегъовӕйы организацийы кӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтам, ӕфсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад уыд, уый. Ӕмбырдтӕм кӕй цыдыстӕм, уый нын стыр циндзинад хаста (Иоан. 13:35).

1992 азы ӕфсымӕртӕ бацархайдтой, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕй чидӕртӕ америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг сахуыр кодтаиккой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ райдыдтой, хъусӕй чи нӕ хъуыста, ахӕм адӕмы агурын ӕмӕ сын хорз хабар хъусын кӕнын. 1994 азы филиалмӕ Пуэрто-Рикойӕ фӕхуыдтой иу къай, цӕмӕй 25 хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕн къухӕйамонгӕ ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн баххуыс кодтаиккой. Ӕмӕ уӕд уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хорз хабар бӕстон хъусын кӕнын райдыдтой.

Уыцы аз фӕстӕдӕр фӕзынд къорд къухӕйамонгӕ ӕвзагыл, ӕмӕ Эвӕимӕ уырдӕм цӕуын райдыдтам. Ӕмӕ уӕд Библийы ахуырӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уый Хӕйрӕг куыд сдзырддаг кодта ӕмӕ Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уыцы ахуырӕдтӕ лыстӕг хабӕртты онг бамбӕрстам.

1995 азы 1 декабры Санто-Домингойы ӕмӕ Сантьягойы фӕзынд дыууӕ ӕмбырды америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. 2014 азы августмӕ бӕстӕйы уыд 26 ӕмбырды ӕмӕ 18 къорды къухӕйамонгӕ ӕвзагыл.

Мах Эвӕимӕ не ’ртӕ сывӕллоны къухӕйамонгӕ ӕвзагыл дзурын сахуыр кодтам. Нӕ хистӕр фырт Эбер лӕггад кӕны Иугонд Штатты Вефилы, ӕххуыс кӕны къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынӕн. Ӕз ӕмбырды лӕггад кӕнын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй, Эвӕ та – ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй.

1995 азӕй 2014 азмӕ америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ куыд фӕфылдӕр сты

  • 1995

    2 ӕмбырды

    Ныв 167 фарсыл
  • 2014

    26 ӕмбырды, 18 къорды

    Ныв 167 фарсыл
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын