Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 168 ф.–169 ф., 3 абз.
  • Бамбӕрста, цӕмӕн цӕры, уый

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бамбӕрста, цӕмӕн цӕры, уый
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ мын арфӕ кӕны, цы аккаг дӕн, уымӕй бирӕ фылдӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • «Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Кӕддӕриддӕр бузныг уӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕй рӕстдзинад фыццаг уый базыдта
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
Фылдӕр фенын
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 168 ф.–169 ф., 3 абз.

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Бамбӕрста, цӕмӕн цӕры, уый

Хосе Эстевес

  • РАЙГУЫРД: 1968 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1989 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Хосе ӕрыгон куы уыд, уӕд хъӕуӕй горӕтмӕ хуыздӕр цард агурӕг ацыд, ӕмӕ уым рӕстдзинад базыдта. Уый бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг.

Ныв 168 фарсыл

ХОСЕ Санто-Домингомӕ цӕрынмӕ ацыд 11-аздзыдӕй, ӕмӕ цӕмӕй йӕхи дарынхъом уыдаид, уый тыххӕй куыста дзабыртӕ сӕрфӕгӕй, стӕй апельсинтӕ ӕмӕ сӕлдӕг уӕй кодта. Куы фестырдӕр, уӕд ӕй бирӕтӕ зыдтой уӕззаузонд ӕмӕ куыстуарзаг адӕймагӕй. Цалдӕр азы фӕстӕ йын йӕ хистӕр ӕфсымӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, йӕ хӕдзар бабар кодта, цӕмӕй йӕм кастаид. Ӕмӕ иухатт хӕрӕндоны стъолыл ауыдта чиныг «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын»a, ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкаст. Уыцы чиныджы руаджы Хосе бамбӕрста, цӕмӕн цӕры, уый.

Иннӕ къуыри Хосе ацыд, хӕстӕгдӕр ӕм цы Паддзахады зал уыд, уырдӕм. Уым ӕфсымӕртӕн загъта, ӕз, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн ӕмӕ, дам, базыдтон, ӕмбырдтӕм кӕй хъуамӕ цӕуон ӕмӕ хорз хабар кӕй хъуамӕ хъусын кӕнон. Стӕй ма сын загъта, чиныгӕй «Ӕнустӕм цӕрын» кӕй базыдта, чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизой, уый ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй иу дӕр кӕй нӕ аразы. Фынддӕс боны фӕстӕ Хосейӕн бар радтой, цӕмӕй хъусынгӕнӕг суыдаид. Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ та донаргъуыд райста, уӕд ыл цыди 21 азы.

Хосе йӕ куысты тыххӕй ӕмбырдтӕм не ’фтыд, ӕмӕ уӕд ӕндӕр куыст ссардта. Кӕд дзы мызд цыппар хатты къаддӕр иста, уӕддӕр йӕ бон уыд алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ус куы ракуырдта ӕмӕ йын дыууӕ фырты куы райгуырд, уӕд йӕ бон нал уыд пионерӕй лӕггад кӕнын.

Хосейы фӕндыд йӕ фырттӕн сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ рӕстдзинад амонын. Ӕмӕ йӕ бинойнаг, Хосефинӕ, ӕртӕ мӕйы бӕрц йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд Хосе сывӕллонӕн райдыдта «Мӕ библион радзырдты чиныг» хъӕрӕй кӕсын, кӕд мӕ фехъусид, зӕгъгӕ. Фырт сын куы райгуырд, уӕд ӕй схуыдтой Ноэ, ӕмӕ йын уӕдмӕ Хосе чиныг каст фӕци. Сӕ дыккаг фырт Нефтали йӕ мады гуыбыны куы уыд, уӕд уымӕн дӕр чиныг афтӕ касти.

Цасдӕры фӕстӕ Хосе сси иу фирмӕйы хицау, ӕмӕ, раздӕр цас иста, уымӕй йӕ мызд уыд дӕс хатты фылдӕр. Фӕлӕ 2008 азы, йӕ иу фыртыл 10 азы, иннӕйыл та 13 азы куы цыд, уӕд, фирмӕйы хицауӕй нал куыста. Ӕмӕ уӕд ӕнӕхъӕн бинонтӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Ӕхца сӕм уыйбӕрц кӕй нал ӕфтыд, уый тыххӕй баныхас кодтой, алчидӕр сӕ къаддӕр кӕй хардз кӕндзӕн. Алы мӕй дӕр Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты 30 адӕймаджы бӕрц. Йесо нын зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа, уӕд нын Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн (Матф. 6:33). Хосе ӕмӕ йӕ бинонтӕ уыцы ныхӕстыл фидарӕй ӕууӕндынц. Уыдон сӕхиуыл бавзӕрстой, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны.

a Уырыссагау хуыйны «Ты можешь жить вечно в раю на земле».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын