ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД
Бирӕ чи фӕлӕудзӕн, ахӕм Библи
ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ Библи нымайынц ӕппӕты зынаргъдӕр чиныгыл. Мах Библи ӕдзух фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзы фӕпайда кӕнӕм, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм (Матф. 24:14). Ӕмӕ 2013 азы «Библи – Ног дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагыл ногӕй куы хъуамӕ рауагътаиккой, уӕд ӕфсымӕртӕ бацархайдтой, цӕмӕй йе ’ддаг цъар ӕрмӕст рӕсугъд ма уыдаид, фӕлӕ ма бирӕ фӕлӕууыдаид.
Уолкиллы (штат Нью-Йорк, АИШ) типографийы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ, ног Библийӕн цавӕр цъар ис скӕнӕн, уый тыххӕй аныхас кодтой, чингуытӕн цъӕрттӕ чи кӕны, ахӕм компанийы хицауимӕ, ӕмӕ сын уый загъта: «Сымах цы Библи рауадзынвӕнд кӕнут, ахӕм нӕй скӕнӕн. Хъыгагӕн, Библитӕн сӕ фылдӕр афтӕ конд сты, ӕмӕ сӕ гыццыл стъолыл кӕнӕ тӕрхӕгыл ӕнӕуи ӕвдисынӕн цы сӕвӕрай, ӕндӕр бирӕ рӕстӕг пайда кӕнынӕн не сты».
Уый размӕ «Ног дунейы тӕлмац» цалдӕр хатты мыхуыры рауагътой, фӕлӕ-иу уыцы Библитӕ бирӕйы фаг нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Уолкиллы типографийы ӕфсымӕртӕ раиртӕстой, цъӕрттӕ кӕнынӕн цавӕр ӕрмӕг, цавӕр клейтӕ ӕмӕ цавӕр мадзӕлттӕ ис, уый, цӕмӕй, цыфӕнды климӕты дӕр бирӕ чи фӕлӕууыдаид, ахӕм Библитӕ рауагътаиккой. Ӕмӕ дзы цасдӕр куы рауагътой, уӕд сӕ арвыстой, тынг ӕвзӕр климӕт кӕм ис, ахӕм бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм, цӕмӕй сӕ уацамынды бафӕлвӕрдтаиккой.
Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ уыцы Библитӕ фӕстӕмӕ райстой, цы хъуыди, уый дзы фӕхуыздӕр кодтой, ӕмӕ та сын ног экземпляртӕ арвыстой. Ӕдӕппӕтӕй уацамынды бафӕлвӕрдтой 1 700 Библийы бӕрц. Цалдӕр Библийӕн сӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ дзы иуыл машинӕ атылди, иннӕйыл ӕнӕхъӕн ӕхсӕв къӕвда фӕуарыд, иу та тыхдымгӕйы рӕстӕг доны бын фӕци.
2011 азы, Библитӕ нырма куы фӕлвӕрдтой, уӕд, Уолкиллы ӕмӕ Эбинӕйы (Япони) цы типографитӕ ис, уырдӕм балхӕдтам, чингуытӕн цъӕрттӕ тагъд чи кӕны, ахӕм станоктӕ. Нӕ нысан ӕрмӕст уый нӕ уыд, цӕмӕй фаг Библитӕ мыхуыры рацыдаид, фӕлӕ сӕ цӕмӕй дыууӕ типографийы дӕр афтӕ ныммыхуыр кодтаиккой, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ мацӕмӕй хицӕн кодтаиккой.
Чи нӕ къӕдзтӕ кӕны, ахӕм цъар
Фыццаг цы Библитӕ рауагътой, уыдонӕн сӕ цъӕрттӕ къӕдзтӕ кодтой
2012 азы райдианы дыууӕ типографийы дӕр 1984 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац» куы мыхуыр кодтой, уӕд цъӕрттӕ кодтой ног ӕрмӕгӕй. Фӕлӕ ног станоктыл кусгӕйӕ цы клейӕ ӕмӕ подкладкӕйӕ пайда кодтой, уыдон фӕлвӕрд кӕй не ’рцыдысты, уый тыххӕй цъӕрттӕ тынг къӕдзтӕ кодтой. Ӕмӕ уӕд уыцы Библитӕ нал мыхуыр кодтой.
Чингуыты цъӕрттӕн ӕрмӕг чи уадзы, уыцы заводты кусджытӕ куыд загътой, афтӕмӕй заводтӕ бирӕ цыдӕртӕ фӕарӕзтой, цӕмӕй фӕлмӕнцъар чингуытӕн сӕ цъӕрттӕ ма къӕдзтӕ кӕной, фӕлӕ дзы нырма никӕмӕн ницы бантыст. Фӕлӕ ӕфсымӕрты нӕ фӕндыд Библийӕн хъӕбӕр цъар кӕнын, ӕмӕ сфӕнд кодтой фӕлмӕн, рӕсугъд ӕмӕ, бирӕ чи фӕлӕууыдаид, ахӕм цъар скӕнын. Цыппар мӕйы дӕргъы фӕлвӕрдтой алыхуызон клейтӕ ӕмӕ подкладкӕтӕ. Ӕппынфӕстаг сын бантыст, чи нал къӕдзтӕ кодтаид, ахӕм фӕлмӕн цъар скӕнын. Ӕмӕ уӕд Библитӕ ахӕм цъаримӕ мыхуыр кӕнын райдыдтой.
Уолкиллы типографийы чингуытӕн цъӕрттӕ кӕнынц
«Ног дунейы тӕлмац» кӕй рацыд, уый фехъусын кодтой 2013 азы 5 октябры, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) ӕрвылазон фембӕлды. 2013 азы 9 августы, майрӕмбоны, типографитӕм компьютеры уылты арвыстой Библийы ивд текст, ӕмӕ йӕ дыккаг бон мыхуыр кӕнын райдыдтой. 15 августмӕ иу экземпляр цӕттӕ уыд. Авд къуырийы дӕргъы Уолкиллы ӕмӕ Эбинӕйы типографитӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй куыстой, цӕмӕй ӕрвылазон фембӕлды алкӕмӕ дӕр фӕйнӕ Библийы ӕрхаудаид. Ӕдӕппӕтӕй ныммыхуыр кодтой 1 600 000 экземплярӕй фылдӕр.
Ног Библи у рӕсугъд ӕмӕ хъуамӕ бирӕ фӕлӕууа. Фӕлӕ дзы цы хабар ис фыст, уый та у ноджы рӕсугъддӕр. Ног Библи куы рацыд, уӕд иу хо Иугонд Штаттӕй афтӕ загъта: «Ацы ног Библийы фӕрцы Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон».