Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mrt 34 статья
  • Искуы терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Искуы терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?
  • Ӕндӕр темӕтӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау терроризммӕ цы цӕстӕй кӕсы?
  • Терроризм цӕмӕн ис?
  • Терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн
  • Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • «Ма тӕрсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ма ризӕнт»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Журнал дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
Ӕндӕр темӕтӕ
mrt 34 статья
Теракты чи ныккалд, ахӕм хӕдзар; зынгхуыссынгӕнӕг ӕххуыс кӕны, чи аирвӕзт, уыдонӕн

Искуы терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Теракт куы ӕрцӕуы, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕныс: «Хуыцау кӕдӕм кӕсы? Ахӕм бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕуы? Искуы терроризмӕнa кӕрон ӕрцӕудзӕн? Адӕймаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ кӕдмӕ цӕрдзӕн?» Ацы фарстатӕн Библийы ис дзуапп.

Хуыцау терроризммӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцау тыхми ӕмӕ терроризмӕй йе сӕфт уыны (Псалом 11:5; Ӕмбисӕндтӕ 6:16, 17). Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бауайдзӕф кодта, йӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ къухмӕ хъама куы райстой, уӕд (Матфейы 26:50–52). Кӕд иуӕй-иутӕ афтӕ фӕзӕгъынц, ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ Хуыцауы номӕй аразынц, уӕддӕр сын Хуыцау ахӕм бар нӕ радта. Ахӕм адӕмӕн Хуыцау сӕ куывдтытӕ дӕр нӕ хъусы (Исай 1:15).

Хуыцау тыхсы, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдоныл, уыимӕ, теракты чи бахауд ӕмӕ теракты тыххӕй стыр маст чи бавзӕрста, уыдоныл (Псалом 31:7; 1 Петры 5:7). Библийы ма фыст ис, Хуыцау тыхми ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Исай 60:18).

Терроризм цӕмӕн ис?

Библи ӕмбарын кӕны, терроризм цӕмӕн ис, уый: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕн рагӕй фӕстӕмӕ дӕр сӕ хӕцӕнгарз сты фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ тыхми, ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы иннӕты бартӕ ссӕндынц. Уымӕ гӕсгӕ, кӕй фефхӕрынц, уыдон дӕр семӕ ахӕм хӕцӕнгарзӕй фӕтох кӕнынц (Екклесиаст 7:7).

Терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн

Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, адӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ кӕй нал цӕрдзысты, тыхми кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл сабыр цард кӕй скӕндзӕн (Исай 32:18; Михей 4:3, 4).

  • Хуыцау кӕрон скӕндзӕн, терроризм цӕмӕн ис, уымӕн. Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕ баивдзӕн йӕхи хицауадӕй. Уый разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр. Уыцы хицауады Хицау Йесо Чырысти архайдзӕн рӕстӕй ӕмӕ тыхми ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 72:2, 14). Уӕд фыдхъуыддаг саразыныл хъуыды дӕр никуыуал ничи акӕндзӕн. Адӕм «фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).

  • Терроризм цы бӕллӕхтӕ ӕрхаста, уыдонӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Адӕм ферох кӕндзысты, терроризм сын цы рыст ӕмӕ цы маст бавзарын кодта, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау сдзӕбӕх кӕндзӕн (Исай 65:17; Раргомад 21:3, 4). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, ӕмӕ, фарн кӕм уыдзӕн, уыцы зӕххыл кӕй цӕрдзысты (Иоанны 5:28, 29).

Библийӕ нӕ бон у базонын, Хуыцау тагъд архайын кӕй райдайдзӕн. Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Хуыцау терроризмӕн нырмӕ кӕрон цӕуылнӕ скодта?» Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны тыххӕй бакӕс видеороликмӕ «Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?».

a «Терроризм» арӕхдӕр фӕхонынц, политикӕйы, дины кӕнӕ ӕхсӕнады хъуыддӕгты цыдӕр фӕивыны тыххӕй исчи исты тыхми куы саразы кӕнӕ тыхми саразынӕй куы фертхъирӕн кӕны (сӕ амӕттӕгтӕ арӕхдӕр вӕййынц ӕнаххос хуымӕтӕг адӕм). Фӕлӕ терроризмыл цавӕр хъуыддӕгтӕ ис нымайӕн, уый фӕдыл адӕм иу хъуыдыйыл хӕст не сты.

Библи адӕмӕн ӕххуыс кӕны зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн

Библийӕ дын ацы дыууӕ уынаффӕйы баххуыс кӕндзысты.

  • Хуыцаумӕ кув (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

  • Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры, ууыл хъуыды кӕн (Дзуттӕгтӕм 6:19).

Библийы ма ноджыдӕр цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон базонын дӕ кӕд фӕнды, уӕд бакӕс статья «Как совладать с беспокойствами?».

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй, теракт цы у, уый чи бавзӕрста, уыдонӕн ма стыр ӕххуыс фесты се ’мчырыстӕттӕ дӕр. Мӕнӕ дыууӕ цӕвиттоны.

  • Беслӕны скъолайы къулыл банцой кодтой веноктӕ

    Наталья ӕмӕ йӕ 9-аздзыд лӕппу Аслан уыдысты Беслӕны скъолайы, террористтӕ ӕд хӕцӕнгарз скъоламӕ куы бабырстой ӕмӕ дзы 1 000 адӕймагӕй фылдӕр куы ӕрцахстой ӕмӕ сӕ ӕддӕмӕ куы нал уагътой, уӕд. Хъыгагӕн дзы цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы фӕмард, сӕ фылдӕр уыдысты сывӕллӕттӕ. Наталья ӕмӕ Аслан удӕгасӕй баззадысты, фӕлӕ сын уыцы теракт сӕ зӕрдӕты стыр хъӕдгом ныууагъта. Базон, сӕхимӕ ӕрцӕуынӕн сын цы баххуыс кодта.

  • Пабло ӕмӕ Софи

    Пабло ӕмӕ Софийӕн сӕ фырт фӕмард, 2001 азы 11 сентябры Нью-Йорчы цы теракт ӕрцыд, уым. Бакӕс видеороликмӕ ӕмӕ базон, Пабло ӕмӕ Софийӕн ӕмӕ, теракт цы у, уый ма йӕхиуыл чи бавзӕрста, уыдонӕн цы баххуыс кодта.

Библи адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй аивой

Бирӕтӕ тынг мӕсты кӕнынц, дунейы хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы ӕмӕ иутӕ иннӕты бартӕ кӕй ссӕндынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ сӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, уыдӕттӕн ӕрмӕстдӕр тыхми ӕмӕ терроризмы фӕрцы кӕй ис кӕрон скӕнӕн. Цымӕ ахӕм адӕмӕн сӕ бон аивын у? Бӕгуыдӕр! Библи ахӕм адӕмӕй кӕмӕндӕрты аивынӕн куыд баххуыс кодта, уый базондзынӕ статьяйӕ «Мир без терроризма: мечта или реальность?».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын