Галиуырдыгӕй: тыхдымгӕ «Иэн»-ы фӕстӕ, Флоридӕ (АИШ), 2022 аз, сентябрь (Sean Rayford/Getty Images); астӕуӕй: мады йӕ фыртимӕ тӕссаг ранӕй фӕласынц, Донецк (Украинӕ), 2022 аз, июль (Alex Chan Tsz Yuk/SOPA Images/LightRocket via Getty Images); рахизырдыгӕй: адӕм коронавирусы тыххӕй тест дӕттынц, Пекин (Китай), 2022 аз, апрель (Kevin Frayer/Getty Images)
МА БАФЫНӔЙ УТ!
2022 аз – бӕллӕхты аз. Библийы цы фыст ис?
2022 азы дӕргъы ног хабӕртты сӕйрагдӕр темӕтӕ уыдысты хӕст, экономикӕйы уӕззау уавӕр ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис базонӕн, ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы, уый.
2022 азы хабӕрттӕн сӕ аххосаг цы у?
Ацы аз цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон ноджы ирддӕрӕй ӕвдисынц, Библи «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны, уыцы рӕстӕг кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1). «Фӕстаг бонтӕ» райдыдтой 1914 азы. Ацы аз цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон-ма абар, Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, уыимӕ.
«Хӕстытӕ» (Матфейы 24:6).
«2022 азы та Европӕ ногӕй йӕхиуыл бавзӕрста, хӕст кӕй расайы, уыцы бӕллӕхтӕ»a.
Кӕс статья «Уӕрӕсе Украинӕмӕ бабырста».
«Адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Матфейы 24:7).
«2022 аз тынг ӕххормаг аз уыди»b.
«Фыднизтӕ» (Лукайы 21:11).
«Ногӕй та фӕзынд полиомиелит, бирӕтӕ фӕрынчын сты хӕбузнизӕй [оспа обезьян], коронавирус дӕр кӕд фесӕфдзӕн, уый ничи зоны. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, хӕцгӕ низтӕ куыд тӕссаг сты ӕмӕ адӕмӕн сӕ ныхмӕ сӕ бон кӕй ницы у, уый»c.
Кӕс статья «6 милуан адӕймаджы амард коронавирусӕй».
«Адӕм... уындзысты ӕвирхъау хабӕрттӕ» (Лукайы 21:11).
«Ӕнахуыр тӕвдтӕ, хус рӕстӕджытӕ, хъӕдтӕ судзынц ӕмӕ дӕттӕ раивылынц. 2022 азы сӕрд бахъуыды кӕндзыстӕм, боныхъӕды аххосӕй тынг бирӕ бӕллӕхтӕ кӕй ӕрцыд, уымӕй. Уыдон ӕрхастой стыр зиӕнттӕ: бирӕ агъуыстытӕ ныппырх сты, сӕдӕгай мин адӕймӕгтӕ фӕмард сты, милуантӕ та ӕнӕхъӕн дунейы ӕнӕ хӕдзӕрттӕй баззадысты»d.
Кӕс статья «Ӕнахуыр тӕвдтӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр»
«Змӕстытӕ» (Лукайы 21:9).
«Экономикӕйы уавӕры тыххӕй, уӕлдайдӕр та инфляцийы тыххӕй, адӕм мӕсты кӕнынц. Ӕмӕ уый аххосӕй 2022 азы хицауады ныхмӕ протесттӕ тынг сарӕх сты»e.
Кӕс статья «Ӕгас дунейы инфляцийы аххосӕй ӕхцайы кад сӕфы».
Иннӕ аз адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн?
Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу фидарӕй зӕгъын, 2023 азы адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Фӕлӕ мах бӕлвырдӕй зонӕм иу хъуыддаг: тагъд Хуыцауы Паддзахад, кӕнӕ уӕларвон хицауад, зӕххыл цард бынтондӕр фӕивдзӕн (Данел 2:44). Уыцы хицауад кӕрон скӕндзӕн, адӕм зындзинӕдтӕ цӕй тыххӕй ӕвзарынц, ӕппӕт уыдӕттӕн ӕмӕ, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн (Матфейы 6:9, 10).
Уӕдӕ хъусут Йесойы фӕдзӕхстмӕ, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, ома уӕ хъус дарут, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ (Марчы 13:37). Библи дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕива ӕмӕ дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр амондджын фидӕнӕй ныфс фӕзына. Кӕд дӕ уый тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зӕгъ.
a AP News, «2022 Was Year the Horror of War Returned to Europe», Джилл Лолесс, 2022 аз, 8 декабрь.
b Иугонд Нациты ӕппӕтдунеон хойраджы программӕ «A Global Food Crises».
c JAMA Health Forum, «Living in an Age of Pandemics—From COVID-19 to Monkeypox, Polio, and Disease X», Лоренс Гостин, 2022 аз, 22 сентябрь.
d Earth.Org, «What’s Behind the Record-Breaking Extreme Weather Events of Summer 2022?», Мартинӕ Игини, 2022 аз, 24 октябрь.
e Carnegie Endowment for International Peace, «Economic Anger Dominated Global Protests in 2022», Томас Кародерз ӕмӕ Бенджамин Фелдман, 2022 аз, 8 декабрь.