Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 22 статья
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Рӕстдзинад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм Паддзах Чырыстийӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 22 статья
Йесо Чырысти – Хуыцауы Паддзахады Паддзах

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Дзуапп Библийӕ

Хуыцауы Паддзахад у ӕцӕг хицауад. Уыцы хицауад сӕвӕрдта Йегъовӕ Хуыцау. Библийы ма «Хуыцауы паддзахад» хуыйны «уӕларвон паддзахад» дӕр, уымӕн ӕмӕ разамынд уӕлӕрвтӕй дӕтты (Марчы 1:14, 15; Матфейы 4:17). Ӕмӕ кӕд уыцы хицауад бирӕ цӕмӕйдӕрты зӕххон хицауӕдты хуызӕн у, уӕддӕр дзы иу дӕр нӕй уыимӕ абарӕн.

  • Чи дзы сты хицӕуттӕ? Хуыцау уыцы Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы, ӕмӕ йын радта, зӕххыл иу адӕймагмӕ дӕр чи никуы уыд, ахӕм стыр бартӕ (Матфейы 28:18). Йесо йӕ бартӕй пайда кӕны ӕрмӕстдӕр иннӕты хорздзинадӕн. Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ нырмӕ дӕр хъуыддагӕй бирӕ хӕттыты равдыста, ӕууӕнк кӕуыл ис ӕмӕ иннӕты зын чи ӕмбары, ахӕм Хицау кӕй у (Матфейы 4:23; Марчы 1:40, 41; 6:31–34; Лукайы 7:11–17). Уӕлӕрвты ма йемӕ уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕй ӕвзӕрст адӕймӕгтӕ ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ «зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10).

  • Цас фӕлӕудзӕн? Зӕххон хицауӕдты хабар афтӕ у, ӕмӕ абон сты, райсом нал сты. Фӕлӕ уыдонӕй уӕлдай Хуыцауы Паддзахад та «лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44).

  • Йӕ дӕлбар чи ис? Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар уа, уӕлдай нӕу, кӕм райгуырд ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕ чи сты (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

  • Цавӕр закъӕттӕ йын ис? Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ (кӕнӕ фӕдзӕхстытӕ) адӕймагӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ дзурынц, афтӕ ма бакӕн, уый раст нӕу, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ ахуыр кӕнынц, цӕмӕй суа хуыздӕр, ӕгъдауджындӕр адӕймаг. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст. Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (Матфейы 22:37–39). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдон уарзынц Хуыцауы дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр ӕмӕ сӕ уый тыххӕй фӕнды, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уыдзӕн, афтӕ кӕнын.

  • Адӕмы цӕуыл ахуыр кӕны? Хуыцауы Паддзахад, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕй ӕрмӕст домгӕ нӕ кӕны, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой. Фӕлӕ ма сӕ ахуыр дӕр кӕны, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕн куыд ис, ууыл дӕр (Исай 48:17, 18).

  • Йӕ нысан цы у? Хуыцауы Паддзахады хицӕуттӕ сӕхи адӕмы хардзӕй нӕ хъӕздыг кӕнынц. Уыцы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон ӕмӕ, Хуыцауы чи уарзы, уыдон ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрдзысты (Исай 35:1, 5, 6; Матфейы 6:10; Раргомад 21:1–4).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын