ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Кӕд уӕззау рынчын дӕн, уӕд цы саразон? (2 хай)
Адӕймаг рынчын вӕййы алы низтӕй.
Иуӕй-иутӕн сӕ низ ӕргом фӕзыны, иннӕтӕн та нӕ.
Иутӕ ӕрмӕст искуы-иу хатт фӕрынчын вӕййынц, иннӕтӕ та сӕ низӕй алы бон дӕр хъӕрзынц.
Иутӕн сӕ низӕн хос ис кӕнӕ та сӕ низимӕ цӕрын сахуыр вӕййынц, иннӕтӕн та сӕ низ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны, ӕмӕ, гӕнӕн ис, сӕ цардӕн дӕр тӕссаг уа.
Ахӕм зындзинӕдтыл бирӕтӕ сӕмбӕлынц суанг ӕрыгонӕй дӕр. Ацы статьяйы де ’мгӕрттӕй цыппаримӕ базонгӕ уыдзынӕ. Сӕ цыппар дӕр тох кӕнынц алыхуызон низтимӕ. Кӕд дӕхӕдӕг дӕр исты низимӕ тох кӕныс, уӕд дӕ сӕ ныхӕстӕ бафидар кӕндзысты.
ГЕНАЭЛЬ
Мӕ низыл сахуыр уон, уымӕй зындӕр мын ницы у. Цас цыдӕртӕ мӕ фӕфӕнды саразын, фӕлӕ мӕ ме ’нӕниздзинад нӕ амоны.
Мӕ низыхъӕд ахӕм у, ӕмӕ мӕ буар хатт мӕ зонды коммӕ нӕ фӕкӕсы (нервно-мышечное расстройство). Мӕ буары алы хӕйттӕ, сӕрӕй райдай ӕмӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕй фӕу, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фесхъиу-фесхъиу кӕнын райдайынц кӕнӕ ницыуал фембарынц. Суанг мын хуымӕтӕг цыдӕртӕ дӕр зын вӕййы аразын: змӕлын, дзурын, кӕсын, фыссын ӕмӕ иннӕты ӕмбарын. Тынг тыхст куы вӕййын, уӕд не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мемӕ иумӕ фӕкувынц. Ӕмӕ мын уӕд уайтагъд фенцондӕр вӕййы.
Цыфӕнды фӕлварӕн мын ма уа, уӕддӕр алы хатт дӕр фембарын, Йегъовӕ мӕ фарсмӕ кӕй ис ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны. Нӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ мӕ низ хъыгдара, Хуыцауӕн мӕ цас фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын. Царды мын ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Библийы цы ныфсы хабар фыст ис, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын – тагъд Йегъовӕ Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн ӕмӕ адӕм нал хъизӕмар кӕндзысты (Раргомад 21:1–4).
Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Дӕ бон куыд у Генаэлау иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? (1 Коринфӕгтӕм 10:24).
ЗАКАРИ
Дохтыртӕ мын 16-аздзыдӕй мӕ сӕрымагъзы рак ссардтой (агрессивная форма рака мозга). Загътой мын аст мӕйы йеддӕмӕ кӕй нал ахӕсдзынӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цардыл тох кӕнын.
Мӕ низы тыххӕй мӕ рахиз фарс нал кусы. Мӕ бон цӕуын кӕй нал у, уымӕ гӕсгӕ мӕ фарсмӕ ӕдзух хъуамӕ исчи уа, цӕмӕй мын ӕххуыс кӕна.
Мӕ низ тыхджындӕр кӕны ӕмӕ мын уый тыххӕй дзурын дӕр зын у. Раздӕр иу ран никуы бадтӕн: уарзтон доны лыжӕтӕ, хъазыдтӕн баскетбол ӕмӕ волейболӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ адӕмимӕ ӕдзух Библийыл ныхас кодтон. Мӕнмӕ гӕсгӕ йӕ бирӕтӕ не ’мбарынц, цы уарзыс, уый аразын дӕ бон куы нал уа, уӕд куыд вӕййы.
Стыр удӕнцой мын сты Исайы 57:15 стихы ныхӕстӕ. Уыдон мӕ ныфс уадзынц, Йегъовӕ Хуыцау кӕй ис ныфссаст адӕмы фарсмӕ ӕмӕ мыл кӕй тыхсы. Уымӕ уӕлдай ма Исайы 35:6 стихы Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, ногӕй та мӕ къахыл кӕй слӕудзынӕн ӕмӕ йын ӕнӕнизӕй кӕй лӕггад кӕндзынӕн.
Кӕд мӕм хатт мӕ низы тыххӕй тыхтӕ нал баззайы, уӕддӕр ӕй фидарӕй зонын, Йегъовӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны, уый. Хуыцаумӕ куы фӕкувын, уӕд мын алы хатт дӕр фӕзыны, кӕимӕ аныхӕстӕ кӕнон, ахӕм адӕймаг, уӕлдайдӕр та мӕхимӕ куы ныхъхъусын кӕнӕ мӕлӕтыл куы фӕхъуыды кӕнын. Йегъовӕйы уарзтӕй мӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 8:39).
Закари амард ацы интервьюйӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ. Цыди йыл 18 азы. Хуыцау адӕмы зӕххыл дзӕнӕты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл йӕ ныфс кӕронмӕ фидарӕй дардта.
Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Закариау Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуай?
АНАИС
Куы райгуырдтӕн, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ мӕ магъзы туг ныттагъд. Уый тыххӕй инвалидӕй баззадтӕн, тынгдӕр фӕсахъат сты мӕ къӕхтӕ.
Абон мӕ бон у иугыццыл ацӕуын ӕрмӕст мӕ хъӕуы истӕуыл ӕнцой кӕнын, фылдӕр та цӕуын инвалиды коляскӕйы. Хатт мӕ нуӕрттӕ фелхынцъ вӕййынц ӕмӕ мӕ бон сызмӕлын дӕр нал вӕййы, зӕгъӕм дыууӕ ныхасы ныффыссын дӕр.
Куыд мын хос кӕнынц, уый дӕр зын фӕразӕн у. Мӕхи цы хъуыды кӕнын, уымӕй мын къуыри цалдӕр хатты кӕнынц физиотерапияйы курс. Фыццаг уӕззау операци мын скодтой, фондз азы мыл куы цыд, уӕд. Стӕй ма ноджыдӕр ӕртӕ. Фӕстаг дыууӕ операцийы зынтӕй сфӕрӕзтон. Рынчындоны фӕхуыссыдтӕн ӕртӕ мӕйы ӕмӕ мӕ хӕдзармӕ тынг фӕндыд.
Мӕ бинонтӕ мын тынг ӕххуыс кӕнынц. Иумӕ бирӕ фӕхудӕм, худын та ӕххуыс кӕны, цӕмӕй адӕймаг йӕхимӕ ма ныхъхъуса. Мӕ мад ӕмӕ мын мӕ хотӕ мӕ сӕр рӕсугъд ныффасынц, сахорынц мӕ, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ мӕхи бон кӕнын нӕу. Тынг хъыг мын у, мӕ бон каблуктыл цӕуын кӕй нӕу. Иу хатт мын гыццылӕй рауади каблуктыл ацӕуын, раст зӕгъгӕйӕ та абырын. Дзабыртӕ мӕ къухтыл скодтон ӕмӕ абырыдтӕн. Не ’ппӕт дӕр худӕгӕй мардыстӕм!
Мӕ низӕн мӕхи сӕттын нӕ уадзын. Ӕндӕр ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, серфингмӕ ӕмӕ сноубордмӕ мӕ ныфс нӕ хӕссын, фӕлӕ ленк кӕнын мӕ бон у. Уый мын хӕссы стыр удӕнцой. Ӕз дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ уарзын адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй хорз хабар дзурын. Адӕм мӕм, арӕхдӕр, хорз байхъусынц.
Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд мын мӕ ныййарджытӕ дзырдтой, цӕрӕнбонты афтӕ кӕй нӕ уыдзынӕн. Уӕдӕй нырмӕ архайын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнон ӕмӕ мӕ мӕ фидарӕй уырна, адӕмы хъизӕмӕрттӕн дӕр ӕмӕ мӕ хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн. Уыцы ныфс мын тыхтӕ дӕтты дарддӕр цӕрынӕн (Раргомад 21:3, 4)
Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дыл дӕ низ ма фӕтых уа, Анаисыл куыд нӕ тых кӕны, афтӕ?
ЖУЛИАНӔ
Мӕ иммунитет раст нӕ кусы ӕмӕ уый тыххӕй зиан хӕссы мӕ зӕрдӕйӕн, рӕуджытӕн ӕмӕ туджы кълеткӕтӕн дӕр (аутоимунное растройство). Уый тыххӕй уал мӕ уыргтӕ ӕвзӕр кусын райдыдтой.
Дӕс азы мыл куы цыд, уӕд мӕм ссардтой уӕззау низ (волчанка). Уыцы низы тыххӕй мӕ буар фӕриссы, уайтагъд афӕллайын ӕмӕ куы тынг ӕнкъард вӕййын, куы та тынг хъӕлдзӕг. Хатт мӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл дӕр нал фӕнымайын.
Иу бон нӕм хӕдзармӕ ӕрбацыд иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, уӕд мыл цыди 13 азы. Уыцы сылгоймаг мын бакаст Исайы 41:10 стих. Уыцы стихы Йегъовӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. [...] Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Уӕдӕй нырмӕ рацыд аст азы, ӕмӕ абон Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ низимӕ ӕппӕт тыхтӕй тох кӕнын, цӕмӕй мӕ ма басӕтта. Мӕ бон зӕгъын у, Йегъовӕ мӕ кӕй хайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» ӕмӕ мын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цардмӕ раст цӕстӕй кӕсон (2 Коринфӕгтӕм 4:7).
Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Исайы 41:10 фыст ныхӕстӕ дӕуӕн дӕр Жулианӕйау куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй цардмӕ раст цӕстӕй кӕсай?