Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 40 статья
  • Библи цӕй фӕрцы ис бамбарӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи цӕй фӕрцы ис бамбарӕн?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Библи ӕмбарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?
    Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?
  • Иртас «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 40 статья
Сылгоймаг Библи кӕсы.

Библи цӕй фӕрцы ис бамбарӕн?

Дзуапп Библийӕ

Библи йӕхӕдӕг дзуры, адӕймаджы цы хъӕуы кӕнын, цӕмӕй бамбара, цы фыст дзы ис, уый. Цыфӕнды уавӕрты ма схъомыл уай ӕмӕ дӕм цыфӕнды ахуырдзинад ма уа, уӕддӕр нын Хуыцау Библийы уылты цы хабар ӕргом кӕны, уый зын бамбарӕн нӕу (Дыккаг закъон 30:11).

Цӕй фӕрцы ис Библи бамбарӕн?

  1. Раст цӕстӕй йӕм кӕс. Библи Хуыцауы Ныхасыл нымай. У сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13; Иаковы 4:6). Иннӕмӕй та, цы бакӕсай кӕнӕ цы фехъусай, ууыл-иу уайтагъд ма баууӕнд, фӕлӕ уал-иу бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссар. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «арф хъуыды кӕнай» (Ромӕгтӕм 12:1, 2).

  2. Хуыцауӕй зонд кур. Библийы Ӕмбисӕндты 3:5 стихы фыст ис: «Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у». Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дӕ йӕ зондӕй хайджын кӕна, ӕмӕ дӕ бон уа Библи ӕмбарын (Иаковы 1:5).

  3. Библи ӕдзухдӕр иртас. Библи ӕдзухдӕр куы иртасай, ӕрмӕстдӕр дын уӕд ӕрхӕсдзӕн пайда (Йесо Навин 1:8).

  4. Иртас ӕй темӕтӕм гӕсгӕ. Библийы цы фыст ис, уый бамбарынӕн хорз мадзал у темӕтӕм гӕсгӕ йӕ иртасын. Библи иртасын райдай йӕ «сӕйраг ахуырӕдтӕй» ӕмӕ-иу стӕй, арфдӕр хъуыды кӕм ис, ахӕм ахуырӕдтӕм де ’ргом аздах, ӕмӕ афтӕмӕй «тырн фӕлтӕрддзинадмӕ» (Дзуттӕгтӕм 6:1, 2). Библийы стихтӕ-иу кӕрӕдзиимӕ куы абарай, уӕд фендзынӕ, Библи йӕхӕдӕг йӕхи кӕй ӕмбарын кӕны, суанг «зынӕмбарӕн бынӕттӕ» дӕр (2 Петры 3:16).

  5. Иннӕты ӕххуысыл-иу сразы у. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу, Библи чи ’мбары, уыдоны ӕххуысыл сразы уӕм (Хъуыддӕгтӕ 8:30, 31). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнынц. Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕттау уыдон дӕр Библийы ӕххуысӕй ӕмбарын кӕнынц, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый (Хъуыддӕгтӕ 17:2, 3).

Уый тыххӕй цы нӕ хъӕуы

  1. Тынг зондджын уай ӕмӕ дӕм уӕлдӕр ахуыр уа, уый. Йесо Чырыстийы дыууадӕс апостолы Фыстад ӕмбӕрстой ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр ӕмбарын кодтой, кӕд сӕм иуӕй-иутӕ ахӕм цӕстӕй кастысты, ӕмӕ сӕм ахуырдзинад нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм сты, уӕддӕр (Хъуыддӕгтӕ 4:13).

  2. Ӕхца. Цӕмӕй, Библи цы дзуры, уый бамбарай, уый тыххӕй дӕ ӕхца нӕ хъӕуы. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын