Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 15 статья
  • Ме ’ддаг бакастыл ӕгӕр нӕ мӕт кӕнын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ме ’ддаг бакастыл ӕгӕр нӕ мӕт кӕнын?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Тест: Ӕгӕр нӕ мӕт кӕнын?
  • «Мӕхи зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕуын?»
  • «Ме ’ддаг бакасты мӕ исты фӕивын хъӕуы?»
  • Ӕппӕты хуыздӕр бакаст!
  • Ме ’ддаг бакастыл цӕмӕн мӕт кӕнын?
    Ӕрыгӕтты 10 фарстайӕн дзуаппытӕ
  • Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй фӕмӕллӕгдӕр уон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Спорт куыд бауарзон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 15 статья

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Ме ’ддаг бакастыл ӕгӕр нӕ мӕт кӕнын?

  • Тест: Ӕгӕр нӕ мӕт кӕнын?

  • Мӕхи зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕуын?

  • Ме ’ддаг бакасты мӕ исты фӕивын хъӕуы?

  • Ӕппӕты хуыздӕр бакаст!

  • Юлияйы хабар

Тест: Ӕгӕр нӕ мӕт кӕнын?

  1. Дӕумӕ дзы кӕцы ныхас хауы?

    • Ме ’ддаг бакаст мӕ зӕрдӕмӕ никуы фӕцӕуы.

    • Ме ’ддаг бакаст мӕ зӕрдӕмӕ искуы-иу хатт фӕцӕуы.

    • Ме ’ддаг бакаст мӕ зӕрдӕмӕ алы хатт дӕр фӕцӕуы.

  2. Ӕппӕты тынгдӕр дӕ цы фӕндид фӕивын?

    • Ас

    • Уӕз

    • Буары сконд

    • Сӕрыхъуынтӕ

    • Цӕсгомы хуыз

    • Нуӕрттӕ

    • Ӕндӕр

  3. Хъуыдыйад кӕронмӕ фӕу.

    Ӕрӕнкъард вӕййын...

    • мӕхи куы сбарын.

    • кӕсӕнмӕ куы фӕкӕсын.

    • мӕхи иннӕтимӕ куы фӕбарын (ӕмбӕлттимӕ, модельтимӕ, актертимӕ).

  4. Хъуыдыйад кӕронмӕ фӕу.

    мӕхи сбарын...

    • алы бон дӕр.

    • алы къуыри дӕр.

    • искуы-иу хатт.

  5. Ацы ныхӕстӕй дӕумӕ кӕцы хауы?

    • Ме ’ддаг бакаст мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Зӕгъӕм: «Кӕсӕнмӕ куы бакӕсын, уӕд мӕ зӕрдӕ схӕццӕ вӕййы. Цӕмӕй фӕмӕллӕгдӕр уон, уый тыххӕй мӕхи ’ххормагӕй фӕмарын» (Серенӕ).

    • Ме ’ддаг бакастыл тынг нӕ мӕт кӕнын. Зӕгъӕм: «Йе ’ддаг бакастӕй разы чи у, ахӕм адӕм стӕмтӕ сты. Цыдӕр хъуыддӕгтӕн аивӕн нӕй, ӕмӕ уый ӕмбарын хъӕуы. Дӕ бон фӕивын цы нӕу, ууыл куыд хъуамӕ мӕт кӕнай» (Наталья).

Библийы фыст ис, цӕмӕй, «цы стӕм, нӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма уӕм» (Ромӕгтӕм 12:3). Уӕдӕ адӕймаг йӕхиуыл хъуыды кӕна, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, суанг ма хъӕугӕ дӕр кӕны. Дӕхимӕ дӕр уый тыххӕй зилыс, зӕгъӕм, дӕ дӕндӕгтӕ сыгъдӕг кӕныс, кӕнӕ дӕхи сыгъдӕг дарыс.

Фӕлӕ де ’ддаг бакасты тыххӕй арӕх дӕ ныфс куы сӕтта, уӕд куыд? Цы саразӕн ис, уый йеддӕмӕ ӕндӕр куы ницӕуыл хъуыды кӕнай? Уӕд дӕм, чи зоны, фарста фӕзына...

«Мӕхи зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕуын?»

Уымӕн гӕнӕн ис ӕмӕ уа цалдӕр аххосаджы. Зӕгъӕм:

  • Телевизоры ӕмӕ интернеты цы уынын, уый тыххӕй. «Абон ӕрыгӕттӕ алкӕмдӕр уынынц, йе ’ддаг бакастмӕ фау ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕмы нывтӕ. Ӕрыгӕттӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдайынц, ӕмӕ хъуамӕ бонӕй дӕр ӕмӕ ӕхсӕвӕй дӕр уой хӕрзконд ӕмӕ къӕрццарӕзт. Ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕй не сӕфт фенӕм!» (Келли).

  • Ныййарджыты тыххӕй. «Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй мад йе ’ддаг бакастыл ӕгӕр куы фӕмӕт кӕны, уӕд уый йӕ чызгыл дӕр фӕзыны. Уый зӕгъӕн ис фыд ӕмӕ фыртӕй дӕр» (Ритӕ).

  • Йӕхимӕ ницӕйаг куы кӕса, уый тыххӕй. «Ӕрмӕст йе ’ддаг бакастыл чи мӕт кӕны, ахӕм адӕм тынг фӕхъуыды кӕнынц, иннӕтӕ сӕ цы зӕгъдзысты ӕмӕ сӕ раппӕлдзысты ӕви нӕ, ууыл. Ахӕм адӕмӕй адӕймаг тагъд афӕллайы» (Жаннӕ).

Чи зоны, дӕхи фӕрсыс...

«Ме ’ддаг бакасты мӕ исты фӕивын хъӕуы?»

Базон, де ’мгӕрттӕ цы дзурынц.

«Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ де ’ддаг бакасты дӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ ӕдзухдӕр ивай, цӕуылдӕр дзы хъуамӕ сахуыр уай. Дӕхӕдӕг сыл куы сахуыр уай, уӕд сӕм иннӕтӕ дӕр се ’ргом нал здахдзысты» (Анастасия).

«Де ’нӕниздзинадӕн зиан цы хӕссы, уыдӕттӕй дӕхи хиз. Адӕймаг ӕнӕниз куы вӕййы, уӕд йе ’ддаг бакаст дӕр хорз вӕййы. Дӕ удыхъӕдӕн дын чи нӕ саргъ кӕна (ӕрмӕст дын де ’ддаг бакастмӕ чи кӕса), уый дын ӕмбалӕн нӕ бӕззы» (Оливия).

Хатдзӕг скӕнӕм. Дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй де ’ддаг бакаст аив уа. Ӕндӕр хъуыддӕгтыл ма тыхс. Де ’ддаг бакастыл ӕгӕр куы мӕт кӕнай, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. (Кӕс «Юлияйы хабармӕ»).

Ӕмбаргӕ куы уай, уӕд цы дӕ, уымӕй разы уыдзынӕ. Иу чызг, Эрин, зӕгъы: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ме ’ддаг бакасты цӕмӕйдӕрты ӕфсӕрмы кӕнын, фӕлӕ уый дӕр бафиппайдтон, ӕмӕ сыл мӕт кӕнын кӕй райдайын, ӕгӕр сӕм куы ныккомкоммӕ вӕййын, уӕд. Ныр алы бон дӕр упражненитӕ кӕнын ӕмӕ пайдайаг хӕринӕгтӕ хӕрын. Ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ сӕ бынаты сбадынц».

Ӕппӕты хуыздӕр бакаст!

Ӕмбаргӕ куы уай ӕмӕ де ’ддаг бакастмӕ раст цӕстӕй куы кӕсай, уӕд дӕхи бирӕ хуыздӕр хатдзынӕ (дӕ хуыз дӕр хуыздӕр уыдзӕн). Библи дын цалдӕр хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн:

  • Алцӕмӕй дӕр разы у. «Цӕмӕдӕрты бӕллыны бӕсты хуыздӕр у, ныртӕккӕ цы ис, уый уынын. Уый дӕр у дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау» (Екклесиаст 6:9).

  • Спортӕй архайынмӕ раст цӕстӕй кӕс. «Буары фӕлтӕрын гыццыл пайда у» (1 Тимофеймӕ 4:8, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994).

  • Рӕсугъд удыхъӕд. «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Самуилы 16:7).

«Нӕхимӕ цы зӕрдӕ дарӕм, уый бӕрӕг вӕййы нӕ цӕсгомӕй. Адӕймаг йӕхицӕй разы куы вӕййы, уӕд уый иннӕтӕ фӕуынынц. Ахӕм адӕймагмӕ адӕм сӕхи ӕлвасынц» (Сарӕ).

«Рӕсугъд адӕймагмӕ иууылдӕр бакӕсынц. Фӕлӕ дзы бахъуыды кӕнынц, йӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый» (Аннӕ).

Кӕс ма Ӕмбисӕндтӕ 11:22; Колоссӕгтӕм 3:10, 12; 1 Петры 3:3, 4.

Юлияйы хабар

16-аздзыдӕй мӕм афтӕ каст ӕмӕ ӕгӕр нард дӕн. Нард никуы уыдтӕн, фӕлӕ мӕ мӕллӕг дӕр схонӕн нӕ уыд. Уыдтӕн хӕрзхуыз. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ куы смӕллӕг уон, уӕд лӕппуты зӕрдӕмӕ цӕудзынӕн. Цӕмӕй уый мӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй, зӕгъӕн ис, мӕхи сыдӕй мардтон.

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр смӕллӕг дӕн, фӕлӕ ме ’нӕниздзинад тынг фӕцудыдта. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд сдзӕбӕх дӕн, фӕлӕ ма абон цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыхсын. Абоны онг дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ мӕ хӕрды хъуыддаджы ницыуал тыхсын кӕны. Бирӕ рӕстӕг мӕ бахъуыд, цӕмӕй ме ’ддаг бакастыл сахуыр уыдаин. Ныр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕрын ӕмӕ спорт дӕр рохуаты нӕ уадзын. Фӕлӕ мӕхӕдӕг мӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуын, уӕд та мӕ раздӕрау бафӕнды мӕхи бафхӕрын – мӕхи хӕринагӕй фӕцух кӕнын.

Ме ’мгӕрттӕн мӕ фӕнды зӕгъын: рох уӕ ма уӕд, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуай. Де ’ддаг бакаст цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр кӕйдӕр зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, кӕйдӕр зӕрдӕмӕ та – нӕ. Сӕйрагдӕр у, ӕнӕниз уай, уый. Уый у ӕппӕты сӕйрагдӕр, чи уӕ уарзы, уыдонӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын