ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Спорт куыд бауарзон?
Упражненитӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнон?
Иуӕй-иу бӕстӕты ӕрыгӕттӕ гыццыл рӕстӕг хардз кӕнынц сӕ буар фидар кӕныныл ӕмӕ уый тыххӕй се ’нӕниздзинадӕн тӕссаг у фӕцудынӕй. Библийы дӕр уый тыххӕй ис фыст, зӕгъгӕ, «буары уӕнгтӕ фидар кӕнын» пайда у (1 Тимофеймӕ 4:8). Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр хъуыддагмӕ.
Спорты фӕрцы дӕ зӕрдӕйы уаг фӕхуыздӕр уыдзӕн. Адӕймаг йӕ буары уӕнгтӕ куы фӕфидар кӕны, уӕд йӕ туджы эндорфинтӕ (сӕры магъзы цы буаргъӕдтӕ ис, уыдон) фӕфылдӕр вӕййынц ӕмӕ йӕхи хуыздӕр фӕхаты ӕмӕ хъӕлдзӕгдӕр вӕййы. Чидӕртӕ упражненитӕ хонынц антидепрессант.
«Райсомӕй ӕппӕты фыццаг дугъ кӕнынмӕ куы ацӕуын, уӕд мын ӕнӕхъӕн бон фылдӕр бантысы ӕмӕ хъӕлдзӕгдӕр вӕййын. Дугъ кӕй фӕкӕнын, уый фӕрцы зӕрдӕрухсдӕр вӕййын» (Регинӕ).
Упражнениты фӕрцы де ’ддаг бакаст дӕр хуыздӕр уыдзӕн. Упражнениты фӕрцы уыдзынӕ тыхджындӕр, хӕрзконддӕр ӕмӕ ныфсджындӕр.
«Ӕхсызгон мын у, ныр мӕ бон кӕй у турникыл дӕс хатты мӕхи сивазын, афӕдзы размӕ та мӕ бон иу хатт дӕр нӕ уыд! Ӕппӕты хуыздӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй ме ’нӕниздзинад фидардӕр кӕны» (Оливия).
Упражнениты фӕрцы, гӕнӕн ис, фылдӕр фӕцӕрай. Упражненитӕ ’ххуыс кӕнынц, цӕмӕй дӕхи бахизай зӕрдӕйы ӕмӕ улӕфӕнты низтӕй. Уыцы низты тыххӕй тынг арӕх амӕлынц нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр.
«Пайда нын чи уыдзӕн, ахӕм упражненитӕ куы кӕнӕм ӕдзухдӕр, уӕд не Сфӕлдисӕгӕн равдисдзыстӕм, цы буар нын радта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм» (Джессикӕ).
Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Упражненитӕ куы кӕнӕм, уӕд фидӕны дӕр уыдзыстӕм ӕнӕниздӕр ӕмӕ абон дӕр. Иу ӕрыгон сылгоймаг, Таня, загъта: «Афтӕ никуы зӕгъдзынӕ: „Нӕ мӕ фӕнды балцы ацӕуын кӕнӕ дугъ кӕнын“. Раздӕр-иу ӕфсӕнттӕ агуырдтон, цӕмӕй упражненитӕ ма кодтаин. Фӕлӕ сӕ кӕнын куы райдайын, уӕд никуы фӕфӕсмон кӕнын».
Машинӕмӕ куы нӕ зилай, уӕд ӕппынфӕстаг нал кусдзӕн; нӕ буарӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыдзӕн, упражненитӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд
Цы мӕ хъыгдары упражненитӕ кӕнын?
Ӕркӕсӕм, арӕхдӕр адӕймаджы цы хъуыддӕгтӕ фӕкъуылымпы кӕнынц, уыдонӕй цалдӕрмӕ.
Пайдайыл сӕ нӕ нымайыс. «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕрыгӕттӕ сӕхимӕ тыхджын фӕкӕсынц. Зын вӕййы цӕстытыл ауайын кӕнын, кӕддӕр ахӕм рӕстӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ рынчынтӕ кӕндзынӕ. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ӕрмӕст ацӕргӕтӕ фӕрынчынтӕ кӕнынц» (Софийӕ).
Рӕстӕг нӕ фаг кӕны. «Тынг ӕнӕвдӕлон кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ хӕрынӕн ӕмӕ фынӕй кӕнынӕн рӕстӕг ссарын фӕхъӕуы, фӕлӕ мын спортӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын алкӕддӕр тынг зын уыд» (Клариссӕ).
Спортзалмӕ цӕуыны фадат нӕй. «Ӕнӕниздзинадыл тыхсын аслам хъуыддаг нӕу – цӕмӕй спортзалмӕ цӕуай, уый тыххӕй ӕхца хъӕуы!» (Джина).
Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын.
Дӕу ӕппӕты тынгдӕр цы хъыгдары упражненитӕ кӕнын? Цӕмӕй дӕ уавӕр фӕива, уый тыххӕй бафыдӕбон кӕнын хъӕуы, фӕлӕ уый дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.
Цы аразын мӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕнӕниз уон?
Ахъуыды кӕн цалдӕр уынаффӕйыл.
Де ’нӕниздзинадыл тыхсын дӕхи хӕс у (Галатӕгтӕм 6:5).
Ӕфсӕнттӕ ма агур (Екклесиаст 11:4). Зӕгъӕм, цӕмӕй упражненитӕ кӕнай, уый тыххӕй дӕ ӕнӕмӕнг спортзалмӕ цӕуын нӕ хъӕуы. Дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм упражненитӕ равзар ӕмӕ сӕ ӕдзухдӕр кӕн.
Дӕ бон у иннӕты бафӕрсын, цавӕр упражненитӕ фӕкӕнынц, уымӕй (Ӕмбисӕндтӕ 20:18).
График скӕн. Дӕхицӕн-иу нысӕнттӕ сӕвӕр ӕмӕ дын цы бантыст, уый-иу ныффысс, цӕмӕй дӕ дарддӕр дӕр архайын фӕнда (Ӕмбисӕндтӕ 21:5).
Демӕ упражненитӕ чи кӕндзӕн, ахӕм ӕмбал ссар. Уый дӕ разӕнгард кӕндзӕн ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ дарддӕр дӕр кӕнай (Екклесиаст 4:9, 10).
Алцы дын кӕй нӕ уайдзӕн, уый ма рох кӕн ӕмӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд (Ӕмбисӕндтӕ 24:10).
Ӕмбаргӕйӕ архай
Библи нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр зӕгъы, цӕмӕй «алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной» (1 Тимофеймӕ 3:2, 11). Уӕдӕ упражненитӕ кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ у. Ӕгӕр чи фӕтренировкӕ кӕны, уыдонӕн уый арӕхдӕр ницы пайда ӕрхӕссы. Иу ӕрыгон сылгоймаг, Джули, зӕгъгӕ, загъта: «Адӕймагӕн йӕ тых йӕ зондӕй куы фӕфылдӕр вӕййы, уӕд зӕрдӕмӕ нал фӕцӕуы».
Стӕй дӕхи хиз, цас дӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр тренировкӕ кӕнынмӕ дӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм уынаффӕгӕнджытӕй. Ахӕм уынаффӕтӕ дын, гӕнӕн ис, де ’нӕниздзинадӕн зиан ӕрхӕссой, стӕй ма дын рохуаты аззайдзӕн, царды ӕппӕты «ахсджиагдӕр цы у, уый» (Филиппӕгтӕм 1:10).
Стӕй дӕ спортмӕ чи хъуамӕ разӕнгард кӕна, уыцы хъуыддӕгтӕ дын, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕттой. Иу ӕрыгон сылгоймаг, Верӕ, загъта: «Чызджытӕй бирӕтӕ фембырд кӕнынц рӕсугъд адӕймӕгты къамтӕ, фӕфӕнды сӕ, цӕмӕй уыдоны хуызӕн суой. Ӕмӕ сӕ куы ницыуал фӕразӕнгард кӕны, уӕд сӕм фӕкӕсынц. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг сӕхи уыцы адӕймӕгтимӕ барын райдайынц ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Фӕлтау дӕ разы сӕвӕр нысан, цӕмӕй де ’ддаг бакаст нӕ, фӕлӕ де ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнай».