Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 53 статья
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • 2-аг фарста. Мӕрдты исты ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Мӕрдты исты ис?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 53 статья

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

Дзуапп Библийӕ

Библийы фыст ис: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5; Псалом 146:4). Бӕрӕг у, адӕймаг куы амӕлы, уӕд кӕй нал вӕййы. Мӕрдтӕн сӕ бон нӕу нӕдӕр хъуыды кӕнын, нӕдӕр исты ӕнкъарын, нӕдӕр исты аразын.

«Фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ»

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый Хуыцау бамбарын кодта фыццаг адӕймаг Адамӕн. Адам йӕ коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй йын Хуыцау загъта: «Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Райдиан 3:19). Хуыцау Адамы «сыджытӕй [куы] скодта», уый размӕ Адам никуы уыд (Райдиан 2:7). Ӕмӕ Адам куы амард, уӕд сыджытмӕ аздӕхт, ӕмӕ та раздӕрау нал уыд.

Хабар абон дӕр афтӕ у. Адӕмы тыххӕй дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты тыххӕй дӕр Библийы фыст ис: «Иууылдӕр равзӕрдысты сыджытӕй, ӕмӕ иууылдӕр фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхынц» (Екклесиаст 3:19, 20).

Мӕлӕт ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн ницыуал ныфс ис

Библи мӕлӕт бары, адӕймаг фынӕй куы вӕййы, уыимӕ (Псалом 13:3; Иоанны 11:11–14; Хъуыддӕгтӕ 7:60). Адӕймаг тарффынӕй куы фӕкӕны, уӕд, йӕ алыварс цытӕ фӕцӕуы, уый нӕ фембары. Раст афтӕ мӕрдтӕ дӕр ницыуал фембарынц. Фӕлӕ нын Библи ӕмбарын кӕны, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у мард адӕймаджы цардмӕ раздахын, фынӕй адӕймаджы куыд райхъал кӕнай, афтӕ (Иов 14:13–15). Уӕдӕ, Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кӕна, уыдонӕн мӕлӕт ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын ницыуал ныфс ис.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын