Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 68 статья
  • Зындонмӕ чи бахауы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зындонмӕ чи бахауы?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Зындон ӕцӕгдӕр ис? Библимӕ гӕсгӕ зындон цы у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 68 статья

Зындонмӕ чи бахауы?

Дзуапп Библийӕ

Зындон (Библи цы ӕвзӕгтыл ӕрцыд фыст, уыцы ӕвзӕгтыл у «шеол» ӕмӕ «гадес») амоны ӕнӕуи ингӕнмӕ, адӕм кӕм хъизӕмар кӕнынц, ахӕм бынатмӕ нӕ, фӕлӕ. Зындонмӕ чи бахауы? Хорз адӕм дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕм дӕр (Иов 14:13; Псалом 9:17). Библи уыцы ингӕн хоны, «иууылдӕр кӕм фембӕлдзысты, уыцы хӕдзар» (Иов 30:23).

Суанг Йесо Чырысти дӕр бахауд зындонмӕ, куы амард, уӕд. Фӕлӕ йӕ «Хуыцау ингӕны [кӕнӕ «зындоны», «Ног фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994] нӕ ныууагъта», райгас ӕй кодта (Хъуыддӕгтӕ 2:31, 32).

Зындон ӕнустӕм уыдзӕн?

Зындонмӕ чи бахауы, уыдон уырдыгӕй рацӕудзысты – Чырысти сӕ Хуыцауы хъаруйы фӕрцы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн (Иоанны 5:28, 29; Хъуыддӕгтӕ 24:15). Раргомады 20:13 стихы уый тыххӕй фыст ис: «Мӕлӕт ӕмӕ ингӕн дӕр [кӕнӕ «зындон дӕр», «Ног фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994] радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты». Зындон куы сафтид уа, уӕд нал уыдзӕн. Уырдӕм никуы ничиуал бахаудзӕн, уымӕн ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:3, 4; 20:14).

Фӕлӕ чи амард, уыдонӕй алчи зындонмӕ нӕ бахаудзӕн. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй иуӕй-иутӕ ахӕм фыдзонд сты, ӕмӕ никуы аивдзысты (Дзуттӕгтӕм 10:26, 27). Ахӕм адӕймӕгтӕ куы амӕлынц, уӕд зындонмӕ нӕ бахауынц, фӕлӕ гееннӕмӕ, ома ӕнустӕм фесӕфынц (Матфейы 5:29, 30). Зӕгъӕм, дины разамонджытӕй цӕстмӕ митӕ чи кодта, уыдонӕн Чырысти загъта, гееннӕмӕ кӕй бахаудзысты (Матфейы 23:27–33).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын