Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwfq 34 статья
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕхи Библи ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕхи Библи ис?
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Ног дунейы тӕлмац» – зӕрдӕтӕ чи агайы, уыцы тӕлмац
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • «Ног дунейы тӕлмац» мыхуыры цӕмӕн рауагътам?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
ijwfq 34 статья
Нӕлгоймаг Библи кӕсы

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕхи Библи ис?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи сӕхӕдӕг куы фӕиртасынц, уӕд фӕпайда кӕнынц бирӕ алыхуызон тӕлмацтӕй. Фӕлӕ арӕхдӕр фӕпайда кӕнынц «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ӕй (кӕд се ’взагыл ис, уӕд), уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис Хуыцауы ном, у раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн.

  • Фыст дзы ис Хуыцауы ном. Библитӕ чи фӕуадзы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Библийы Авторы не скадджын кӕнынц. Зӕгъӕм, иу Библийы тӕлмацы фыст ӕрцыдысты, чи йыл куыста ӕмӕ йӕ рауадзыныл чи архайдта, уыдоны нӕмттӕ (уыдысты 70 адӕймагӕй фылдӕр). Библийы Авторы ном, Йегъовӕ Хуыцауы ном та дзы иу хатт дӕр фыст не ’рцыд!

    Фӕлӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном ӕмбӕлы мингай хӕттыты, фыццаг цы ӕвзӕгтыл фыст ӕрцыд, уым кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлд, уыцы рӕтты. Чи йӕ тӕлмац кодта, уыдоны нӕмттӕ та дзы фыст не ’рцыдысты.

  • У раст. Алы Библийы тӕлмацӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕ раст ратӕлмац кодтой. Зӕгъӕм, иу тӕлмацы Матфейы 7:13 стих афтӕ ратӕлмац кодтой: «Цӕут уынгӕг дуарыл; уымӕн ӕмӕ уӕрӕх дуар ӕмӕ фӕтӕн фӕндаг кӕнынц зындонмӕ, ӕмӕ бирӕтӕ уыдоныл цӕуынц». Фӕлӕ ацы стих фыццаг цы ӕвзагыл фыст ӕрцыд, уым фыст уыд дзырд «сӕфтмӕ», «зындонмӕ» нӕ, фӕлӕ. Ӕвӕццӕгӕн, чи йӕ тӕлмац кодта, уыдон уыцы дзырд уый тыххӕй ныффыстой, ӕмӕ сӕ уырныдта, фыдгӕнджытӕ зындоны арты ӕнустӕм кӕй фӕхъизӕмар кӕнынц. Фӕлӕ уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Уымӕ гӕсгӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы ацы стих раст ратӕлмац кодтой: «Цӕут уынгӕг дуарыл; уымӕн ӕмӕ уӕрӕх дуар ӕмӕ фӕтӕн фӕндаг кӕнынц сӕфтмӕ, ӕмӕ бирӕтӕ уыдоныл цӕуынц».

  • У ӕнцонӕмбарӕн. Хорз тӕлмац хъуамӕ уа раст, фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ уа ӕнцонӕмбарӕн дӕр. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Матфейы 5:3 стихы Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон комкоммӕ нысан кӕнынц «амондджын сты удӕй мӕгуыртӕ». Нӕ рӕстӕджы ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды зын бамбарӕн кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы ратӕлмац кодтой афтӕ: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон».

Уӕдӕ «Ног дунейы тӕлмац» иннӕ тӕлмацтӕй уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ дзы фыст ис Хуыцауы ном, у раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Уымӕй уӕлдай ма йӕ ис лӕварӕй самал кӕнӕн. Уый фӕрцы милуангай адӕмӕн сӕ бон у Библи сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын, суанг ӕй йӕ бон балхӕнын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн дӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын