Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 54 статья
  • Ныййарджыты ныхасмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ныййарджыты ныхасмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раст цӕстӕй кӕс
  • Кӕд ӕмӕ куыд хъӕуы ныхас кӕнын
  • Мӕ ныййарджытӕ мӕ цы домынц, уыдӕтты тыххӕй семӕ куыд аныхас кӕнон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Мӕ ныййарджытӕ мӕ мӕхи ирхӕфсын цӕуылнӕ уадзынц?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Кӕстӕртӕ, Хуыцауы Ныхасмӕ хъусут!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 54 статья
Фыд йӕ лӕппуимӕ ныхас кӕны

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Ныййарджыты ныхасмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?

Мыййаг дӕ дӕ ныййарджытӕ цыдӕртӕ кӕй фӕдомынц кӕнӕ дын цӕмӕндӕр бар кӕй нӕ фӕдӕттынц, уый дын зын вӕййы? Ацы статья ӕмӕ, бынӕй цы кусӕн схемӕ ис, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы хъуыддагыл дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕнай.

  • Раст цӕстӕй кӕс

  • Кӕд ӕмӕ куыд хъӕуы ныхас кӕнын

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Раст цӕстӕй кӕс

Иуӕй-иутӕ цы фӕзӕгъынц. Хӕдзарӕй куы ацӕуай, уӕд дӕ ничиуал ницыуал домдзӕн.

Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Дӕ ныййарджыты хӕдзарӕй куы ацӕуай, уӕд дӕр дӕ кӕйдӕр ныхасмӕ хъусын хъӕудзӕн. Зӕгъӕм дӕ бахъӕудзӕн дӕ куысты хицауы, квартирӕ кӕмӕй баххуырсай, уый кӕнӕ хицауады ныхасмӕ хъусын. «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ ӕрыгӕттӕй йӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын чи нӕ сахуыр, уыдон искуы хицӕнӕй цӕрын куы райдайой, уӕд сын тынг зын уыдзӕн»,– загъта иу 19-аздзыд чызг, Даниель.

Библийы фыст ис: «Хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъус» (Титмӕ 3:1). Дӕ ныййарджыты ныхасмӕ хъусын куы сахуыр уай, уӕд дын уый фӕстӕдӕр царды алуыхуызон хъуыддӕгты ӕххуыс кӕндзӕн.

Дӕ бон цы у аразын. Дӕ ныййарджыты ныхасмӕ хъусын цы пайда у, ууыл хъуыды кӕн. Иу ӕрыгон лӕппу, Джереми, загъта: «Мӕ ныййарджытӕ мын цӕмӕндӕрты бар кӕй нӕ лӕвӕрдтой, уый фӕрцы мӕ бон уыд мӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ равзарын ӕмӕ мӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнын. Стӕй ма уый фӕрцы телевизормӕ кӕсыныл ӕмӕ видеохъӕзтытӕй хъазыныл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг нӕ хардз кодтон, ӕмӕ мӕ бон уыд бирӕ пайдадӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ мын ныр дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ циндзинад хӕссынц».

Кӕд ӕмӕ куыд хъӕуы ныхас кӕнын

Дӕ ныййарджытӕ дӕ цы домынц кӕнӕ дын бар цӕмӕн нӕ дӕттынц, уыимӕ разы куы нӕ уай, уӕд дӕ бон цы у сарзын? Иу ӕрыгон чызг, Тамарӕ, загъта: «Мӕ ныййарджытӕ мӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ауагътой, фӕлӕ нӕхимӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мӕ, 20 минуты цыд йеддӕмӕ кӕдӕм нӕу, уыцы горӕтмӕ машинӕйыл ацӕуын нӕ ауагътой».

Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд цымӕ хорз нӕ уаид, дӕ ныййарджытимӕ ууыл куы аныхас кӕнис? Ӕрмӕст дӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы, хуыздӕр кӕд ӕмӕ куыд уаид семӕ аныхас кӕнын.

Кӕд. «Дӕ ныййарджытӕ дӕ цы фӕдомынц ӕмӕ дын бар цӕмӕн нӕ дӕттынц, уыимӕ разы куы нӕ уай, уӕд дӕ бон у семӕ аныхас кӕнын. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ уай, йӕ ныхасӕн алы хатт дӕр хицау чи разыны, ахӕм адӕймаг»,– зӕгъы иу ӕрыгон чызг, Амандӕ.

Уый афтӕ кӕй у, уый йӕхицӕй зоны иу чызг, Дарья, зӕгъгӕ. Уый дзуры: «Мӕ мад мын цӕмӕндӕрты бар нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ йын ӕз йӕ ныхасмӕ ӕдзухдӕр кӕй хъуыстон, уый тыххӕй мыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдта». Рох дӕ ма уӕд: адӕймагыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыддӕгтӕй, йӕ ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ.

Хӕдтӕхджытӕ аэропортмӕ алырдыгӕйты ӕрбацӕйтӕхынц

Ныййарджыты ныхас кӕм ницӕмӕ дарынц, ахӕм бинонтӕ абарӕн ис, хӕдтӕхджытӕ, кӕй куыд фӕнды, афтӕ кӕм сбадын кӕнынц, ахӕм аэропортимӕ

Библийы фыст ис: «Дӕ фыды фӕдзӕхст ӕххӕст кӕн ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 6:20). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусай, уӕд дыл дӕ ныййарджытӕ тынгдӕр ӕууӕнддзысты, ӕмӕ разы цӕуыл нӕ дӕ, ууыл дӕ бон уыдзӕн семӕ сӕрибарӕй аныхас кӕнын.

Куыд. «Цӕмӕй дӕ дӕ ныййарджытӕ бамбарой, уый тыххӕй ниуын ӕмӕ хъӕр кӕныны бӕсты хуыздӕр у семӕ уӕзданӕй ӕмӕ сабырӕй ныхас кӕнын»,– зӕгъы иу ӕрыгон лӕппу, Стивен.

Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы чызг Дарья дӕр афтӕ хъуыды кӕны. Уый дзуры: «Мӕ мадимӕ быцӕу кӕнын куы райдайын, уӕд ницы фӕивы. Иуӕй-иу хатт та уавӕр ноджы фыддӕр фӕвӕййы».

Библийы фыст ис: «Ӕнӕзонд йӕ маст иууылдӕр ныккалы, зондджын та йӕ маст кӕронмӕ уромы» (Ӕмбисӕндтӕ 29:11). Дӕхиуыл хӕцын куы сахуыр уай, уӕд дын уый ӕрмӕст хӕдзары нӕ уыдзӕн пайда, фӕлӕ скъолайы, куысты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр.

Дӕ бон цы у саразын. Исты зӕгъыны размӕ уал-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Уымӕн ӕмӕ дӕ ныййарджытӕм иу хатт дӕр мӕстыйӕ куы сдзурай, уӕд дӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕмыл, чи зоны, мауал нымайой. Библийы дӕр уымӕн ис афтӕ фыст, зӕгъгӕ, «йӕ маст уромын чи зоны, уый у ӕцӕг арфуынӕг адӕймаг» (Ӕмбисӕндтӕ 14:29).

Уынаффӕ. Ацы статьяимӕ баст кусӕн схемӕмӕ ӕркӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕ ныййарджытимӕ разы цӕуыл нӕ вӕййыс, ууыл. Ӕмӕ кӕд хъӕуа, уӕд-иу уыцы хъуыддагыл семӕ аныхас кӕн.

Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Кимберли

«Ныййарджытӕ цыдӕртӕ кӕй фӕдомынц кӕнӕ цӕмӕндӕр бар кӕй нӕ фӕдӕттынц, уый фӕрцы ӕрыгӕттӕ сахуыр вӕййынц уӕздандзинадыл, стӕй свӕййынц хиуылхӕцгӕ. Ацы миниуджытӕ та ӕрыгӕтты фӕстӕдӕр царды бахъӕуынц. Мӕ ныййарджытӕ афтӕ куы нӕ кодтаиккой, уӕд афонмӕ куыд цардаин ӕмӕ цавӕр зондыл хӕст уыдаин, мӕгъа» (Кимберли).

Кейли

«Иуӕй-иу хатт-иу мӕм афтӕ касти, ӕмӕ мӕ ныййарджытӕ ӕгӕр карз сты. Ӕмӕ-иу уӕд фыддӕрагӕн ахӕм цыдӕртӕ арӕзтон, цӕмӕй мыл мауал ӕууӕндыдаиккой. Ӕмӕ йӕ кӕд ӕмбӕрстон, уыдӕттӕ мӕ хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕндзысты, уӕддӕр мӕ уый дӕр нӕ урӕдта. Ныр ӕй ӕмбарын, мӕ ныййарджытӕ мын цы дзырдтой, уый мӕ пайдайӕн кӕй уыд» (Кейли).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын