ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Мӕ ныййарджытӕ мӕ цы домынц, уыдӕтты тыххӕй семӕ куыд аныхас кӕнон?
«15 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ мӕ ныййарджытӕ цы домдтой, уый мӕм раст каст. Фӕлӕ мыл ныр 19 азы цӕуы ӕмӕ мӕ фылдӕр сӕрибардзинад хъӕуы» (Сильвӕ).
Ды дӕр Сильвӕйы хуызӕн хъуыды кӕныс? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныййарджытимӕ ацы хъуыддагыл аныхас кӕнай.
Цы хъуамӕ зонай
Цалынмӕ дӕ ныййарджытимӕ, цы дӕ домынц, ууыл нӕ аныхас кодтай, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕн:
Закъӕттӕ куы нӕ уаид, уӕд царды уаг ӕмӕ ӕгъдау нӕ уаид. Ахъуыды-ма кӕн, бирӕ машинӕтӕ кӕм цӕуы, ахӕм фӕндагыл. Цымӕ куыд уаид, светофортӕ ӕмӕ иннӕ амонӕнтӕ куы нӕ уаиккой, уӕд? Хӕдзары цы закъӕттӕ ис, уыдон дӕр фӕндаджы закъӕтты хуызӕн сты – ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы уаг ӕмӕ ӕгъдау уа.
Дӕ ныййарджытӕ дын алцы кӕныны бар кӕй нӕ дӕттынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дыл тыхсынц. Дӕхи бар дӕ куы ауадзиккой, уӕд уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ дыл цы ’рцӕудзӕн, ууыл нӕ мӕт кӕнынц. Ӕцӕгӕйдӕр, уӕд цавӕр ныййарджытӕ уаиккой?
ЗЫДТАЙ ЙӔ? Ныййарджытӕн дӕр ис, кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной, ахӕм закъӕттӕ! Кӕд дӕ нӕ уырны, уӕд бакӕс ацы стихтӕ: Райдиан 2:24; Дыккаг закъон 6:6, 7; Ефесӕгтӕм 6:4 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 5:8.
Фӕлӕ дӕм уӕддӕр афтӕ куы кӕса, ӕмӕ дӕ ӕгӕр бирӕ домынц, уӕд та?
Дӕ бон цы у аразын
Дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕныны размӕ уал-иу ахъуыды кӕн. Дӕ ныййарджытӕ дӕ цы фӕдомынц, уый феххӕст кӕныс? Кӕд нӕ, уӕд фылдӕр сӕрибардзинад курын дзӕгъӕлы уыдзӕн. Уый бӕсты уал бакӕс статья: «Как заслужить доверие родителей?»
Кӕд дӕ ныййарджыты коммӕ фӕкӕсыс, уӕд бацӕттӕ кӕн, цы зӕгъинаг сын дӕ, уый. Фыццаг уал ахъуыды кӕн, дӕ ныййарджытимӕ дӕ цӕуыл фӕнды аныхас кӕнын, уый зондыл дзурӕг уыдзӕн ӕви нӕ. Уый фӕстӕ дӕ ныййарджытӕн зӕгъ, цӕмӕй аныхас кӕнат, дӕуӕн ӕнцондӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уым. Уый фӕстӕ семӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар:
Уӕзданӕй ныхас кӕн. Библи зӕгъы: «Рӕхуыст ныхасӕй...маст ссудзы» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1). Дӕхицӕн-иу дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн: уӕ ныхас хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн, дӕ ныййарджытимӕ куы хыл кӕнай кӕнӕ сӕ куы аххосджын кӕнай, цы дӕ домынц, уый раст кӕй нӕу.
«Мӕ ныййарджытӕн цас тынгдӕр фӕаргъ кӕнын, уыйас мын сӕхӕдӕг дӕр тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц. Афтӕмӕй нын бирӕ ӕнцондӕр вӕййы цӕуылдӕр баныхас кӕнын» (Бианкӕ, 19 азы).
Байхъус-иу сӕм. Библи нын дзуры: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19). Дӕ зӕрдыл дар, дӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнгӕйӕ хъуамӕ ӕрмӕст дзургӕ ма кӕнай, фӕлӕ ма хъусгӕ дӕр.
«Куы сыстыр вӕййӕм, уӕд нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ ныййарджытӕй фылдӕр зонӕм, фӕлӕ ӕцӕгӕй та хабар афтӕ нӕу. Мах хъуамӕ сӕ уынаффӕтӕм ӕмӕ сӕ амындтӕм хъусӕм» (Деван, 20 азы).
Архай, цӕмӕй сӕ бамбарай. Бафӕлвар хъуыддагмӕ дӕ ныййарджыты цӕстӕй ракӕсын. Библийы уынаффӕмӕ байхъус: «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:4). Дӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнгӕйӕ хъуыды кӕн, уыдонӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл.
Куыд хъуыды кӕныс, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, цӕмӕй дын фылдӕр сӕрибардзинад уа?
«Раздӕр мӕм афтӕ каст ӕмӕ мӕ ныййарджытӕ мӕ пайдайыл нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ мӕ ныхмӕ сты. Ныр ӕй ӕмбарын, уыдон дӕр кӕй ахуыр кодтой, цӕмӕй хорз ныййарджытӕ уыдаиккой, ӕз куыд ахуыр кӕнын, цӕмӕй мӕ рауайа, йӕ хъуыддӕгтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм адӕймаг. Цыдӕриддӕр арӕзтой, уый арӕзтой, кӕй мӕ уарзтой, уый тыххӕй» (Джошуа, 21 аз).
Зӕгъ, куыд бакӕнӕн ис, уый. Зӕгъӕм дӕ фӕнды бадтмӕ ацӕуын, фӕлӕ дӕ машинӕйы иу сахат цӕуын хъӕудзӕн ӕмӕ дӕ дӕ ныййарджытӕ нӕ уадзынц. Цымӕ тынгдӕр цӕуыл тыхсынц: дард фӕндаг кӕй у, ӕви бадты цы уыдзӕн, ууыл?
Кӕд фӕндагыл тыхсынц, уӕд, чи зоны, сӕ хъуыды аивой, машинӕ хорз чи скъӕры, ахӕм ӕмбалимӕ кӕй цӕуыс, уый сын куы зӕгъай, уӕд.
Кӕд бадты тыххӕй тыхсынц, уӕд сӕ ӕрсабыр кӕндзынӕ, куы сын зӕгъай, чи дзы уыдзӕн ӕмӕ бадтмӕ йӕ хъус чи дардзӕн, уый.
Дӕ зӕрдыл дар, семӕ уӕзданӕй кӕй хъуамӕ ныхас кӕнай ӕмӕ сӕм фӕразонӕй кӕй хъуамӕ хъусай. Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады кӕй нымайыс, уый бӕрӕг уӕд дӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр (Ефесӕгтӕм 6:2, 3). Цымӕ-иу сӕ хъуыды аивдзысты? Чи зоны, о. Чи зоны, нӕ. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сӕм хъусын хъӕуы.
Дӕ ныййарджыты уынаффӕйыл-иу уӕзданӕй сразы у. Арӕх бирӕтӕ нӕ фембарынц, уый ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй сын сӕ ныййарджытӕ фылдӕр сӕрибардзинад радтой. Дӕ ныййарджытӕ дӕ хъуыдыйыл куы нӕ сразы уой ӕмӕ тыхдзырд кӕнын куы райдайай, уӕд дын иннӕ хатт семӕ ныхас кӕнын зындӕр уыдзӕн. Иннӕмӕй та, сӕ коммӕ зӕрдиагӕй куы кӕсай, уӕд дын, чи зоны, фылдӕр сӕрибардзинад радтой.