Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 136 статья
  • Марийӕ Хуыцауы мад у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Марийӕ Хуыцауы мад у?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йӕ зӕрдӕйы кардау чи ахызт, уыцы мастӕн бафӕрӕзта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • «Хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Библийы Марийӕйы тыххӕй цы фыст ис?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 136 статья
Марийӕ гыццыл Йесоимӕ

Марийӕ Хуыцауы мад у?

Дзуапп Библийӕ

Нӕ, Библи афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ Марийӕ Хуыцауы мад у, стӕй дзы афтӕ фыст дӕр нӕй, ӕмӕ йын чырыстӕттӕ хъуамӕ кувой кӕнӕ йын кад кӕнойa. Ахъуыды-ма кӕнӕм:

  • Марийӕ афтӕ никуы загъта, ӕмӕ Хуыцауы мад у. Библи ӕмбарын кӕны, Марийӕйӕн Хуыцау кӕй нӕ райгуырд, фӕлӕ «Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт» кӕнӕ «Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:32, 35).

  • Чырысти афтӕ никуы загъта, ӕмӕ Марийӕ Хуыцауы мад у, кӕнӕ йын уӕлдай кад кӕнын кӕй хъӕуы. Иу сылгоймаг ын йӕ мад Марийӕйы амондджын куы схуыдта, уӕд ын загъта: «Нӕ, амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:27, 28).

  • Ныхӕстӕ «Хуыцауы мад» ӕмӕ «Теото́кос» (Хуыцауы ныййарӕг) Библийы фыст никуы сты.

  • Библийы ӕмбӕлы дзырдбаст «уӕлӕрвты ус-паддзах», фӕлӕ Марийӕмӕ нӕ амоны. Уый амоны, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыцы израилӕгтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы ус-хуыцаумӕ (Йереми 44:15–19). «Уӕлӕрвты ус-паддзах» ма, гӕнӕн ис, амыдта Вавилоны ус-хуыцау Иштармӕ (Астартӕ).

  • Фыццаг чырыстӕттӕ Марийӕйӕн нӕ куывтой ӕмӕ йын уӕлдай кад дӕр нӕ кодтой. Иу ахуыргонд куыд загъта, афтӕмӕй фыццаг чырыстӕттӕ «никӕмӕн куывтой ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тарстысты Марийӕмӕ се ’ргом ӕгӕр куы здахой, уӕд исчи афтӕ куы ахъуыды кӕна, ӕмӕ йӕ ус-хуыцауыл нымайынц» (In Quest of the Jewish Mary).

  • Библийы фыст ис, Хуыцау алкӕддӕр кӕй уыд (Псалом 90:1, 2; Исай 40:28). Хуыцауӕн райдиан кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йын мад дӕр нӕ уыд. Стӕй Марийӕйӕн йӕ бон нӕ уыд Хуыцауы йӕ гуыбыны хӕссын, уымӕн ӕмӕ Библийы бӕлвырд фыст ис, Хуыцау уӕлӕрвты дӕр нӕ цӕуы, зӕгъгӕ (1 Паддзӕхты 8:27).

Марийӕ Чырыстийы мад уыд, «Хуыцауы мад» нӕ уыд

Марийӕ уыди дзуттаг, паддзах Давиды байзӕддаг (Лукайы 3:23–31). Йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй «Хуыцауӕн уарзон адӕймаг» уыди (Лукайы 1:28). Хуыцау ӕй равзӕрста, цӕмӕй Чырыстийы мад суыдаид (Лукайы 1:31, 35). Марийӕ ӕмӕ йӕ лӕг Иосифӕн ӕндӕр сывӕллӕттӕ дӕр уыд (Марчы 6:3).

Кӕд Библийӕ бӕрӕг у, Марийӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй сси, уӕддӕр дзы йӕ кой бирӕ нӕй (Хъуыддӕгтӕ 1:14).

Иуӕй-иутӕ Марийӕйы Хуыцауы мадыл цӕмӕн нымайынц?

Марийӕйӕн кувын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй фыццаг хатт фыст ӕрцыд нӕ эрӕйы цыппӕрӕм ӕнусы кӕрон. Уыцы рӕстӕг католикон аргъуан сси Ромы паддзахады сӕйраг дин. Уымӕ гӕсгӕ, раздӕр мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ. Аргъуан ма ӕрфидар кодта Троицӕйы тыххӕй ахуырад, уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу.

Троицӕйы ахуырады тыххӕй аргъуантӕй бирӕтӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, зӕгъгӕ, кӕд Чырысти Хуыцау у, уӕд Марийӕ та Хуыцауы мад хъуамӕ уа. Нӕ эрӕйы 431 азы Ефесы аргъуан йе ’мбырды фехъусын кодта, Марийӕ «Хуыцауы мад» кӕй у. Марийӕмӕ кувын кӕй райдыдтой, уый тынг апарахат, Ефесы уыцы ӕмбырд куы уыд, уый фӕстӕ. Ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй аргъуанмӕ цӕуын чи райдыдта, уыдонӕн Марийӕйы нывтӕ ӕмӕ иконӕтӕ сабыргай-сабыргай раивтой, зӕнӕг уадзыны ӕмӕ тыллӕджы ус-хуыцӕутты, зӕгъӕм, Исидӕйы ӕмӕ Артемидӕйы (Дианӕ, ромӕгтӕм).

Нӕ эрӕйы 432 азы ромаг папӕ Сикст Ӕртыккаг бардзырд радта, цӕмӕй Ромы «Хуыцауы мады» номыл аргъуан сарӕзтаиккой. Уыцы аргъуан уыди, зӕнӕджы ус-хуыцау Люцинӕйы номыл раздӕр аргъуан кӕм уыд, уырдӕм хӕстӕг. Уыцы аргъуаны тыххӕй иу фыссӕг ныффыста: «Ром чырыстон куы сси, уӕд Марийӕмӕ кувын райдыдтой, ӕндӕр адӕмтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы „Кадджын мады“ бӕсты» (Mary​—The Complete Resource).

a Иуӕй-иу динтӕ дзурынц, Марийӕ Хуыцауы мад кӕй у. Хонынц ма йӕ «Уӕлӕрвты ус-паддзах» кӕнӕ Теото́кос, ацы грекъаг дзырд нысан кӕны «Хуыцауы ныййарӕг».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын