Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwhf 1 статья
  • Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн
  • Ӕххуыс бинонтӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы хъуамӕ зонай
  • Дӕ бон цы у аразын
  • Библи мӕсты кӕныны тыххӕй цы дзуры?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Ӕххуыс бинонтӕн
ijwhf 1 статья
Ус мӕсты кӕны, уый къустӕ кӕй ӕхсы, йӕ лӕг та телевизормӕ кӕй кӕсы, ууыл

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн

Дӕ цардӕмбал цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, ууыл смӕсты дӕ, ӕмӕ архайыс дӕ маст бамбӕхсын. Фӕлӕ дӕ цардӕмбал бамбӕрста, зын дын кӕй уыд ӕмӕ йӕ фӕнды, тынг ӕм фӕхъыг дӕ ӕви нӕ, уый базонын. Уый тыххӕй ноджы тынгдӕр смӕсты дӕ. Ахӕм уавӕры дын цы баххуыс кӕндзӕн?

  • Цы хъуамӕ зонай

  • Дӕ бон цы у аразын

Цы хъуамӕ зонай

  • Дӕ масты фӕдыл куы ацӕуай, уӕд де ’нӕниздзинадӕн зиан ӕрхӕсдзынӕ. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй адӕймаг йӕ масты фӕдыл куы ацӕуы, уӕд йӕ туджы ӕлхъывдад схизы, зӕрдӕйы низтӕ йӕм фӕзыны, йӕхимӕ ныхъхъусы ӕмӕ йӕ йӕ ахсӕн хъыгдарын райдайы. Стӕй фынӕй дӕр нал фӕкӕны, ӕгӕр мӕт кӕнын райдайы, буары низтӕй фӕрынчын вӕййы ӕмӕ йӕ инсульт ныццӕвы. Уый фӕдыл Библийы ис хорз уынаффӕ: «Ныууадз маст... уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» (Псалом 37:8).

  • Дӕ маст куы ’мбӕхсай, уӕд дын уый дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн. Дарддӕр дӕр куы мӕсты кӕнай, уӕд дын уый зиан ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, иннӕтӕм фаутӕ хӕссын райдайдзынӕ ӕмӕ сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ йеддӕмӕ ницыуал уындзынӕ. Ахӕм зондахаст дын куы уа, уӕд демӕ зын цӕрӕн уыдзӕн ӕмӕ дӕ бинонты цардӕн фехалынӕй тӕссаг уыдзӕн.

Дӕ бон цы у аразын

  • Дӕ цардӕмбалӕн йӕ хорз миниуджытыл хъуыды кӕн. Дӕ цардӕмбалы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, уыдонӕй ӕртӕ ныффысс. Иннӕ хатт ӕм истӕуыл куы смӕсты уай, уӕд-иу уыцы миниуджытӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Уый фӕрцы дын дӕ маст уромын ӕнцондӕр уыдзӕн.

    Библийы уагӕвӕрд: «Бузныг ут» (Колоссӕгтӕм 3:15).

    Ус къустӕ ӕхсы ӕмӕ хъуыды кӕны, йӕ лӕг ын хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн куыд феххуыс кӕны, лӕмбынӕг ӕм куыд фӕхъусы ӕмӕ рынчын куы вӕййы, уӕд ӕм куыд фӕзилы, ууыл
  • Хатыр кӕн. Фыццаджыдӕр, архай хъуыддӕгтӕм дӕ цардӕмбалы цӕстӕй кӕсын. Уый фӕрцы йӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ, ӕндӕр ныхасӕй, «иннӕты рыст уӕм хъардзӕн» (1 Петры 3:8). Стӕй дӕхи бафӕрс: «Цӕй тыххӕй йӕм смӕсты дӕн, уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕй?»

    Библийы уагӕвӕрд: «Адӕймаг... иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 19:11).

  • Дзур фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Арӕхдӕр дзур «ӕз». Зӕгъӕм, афтӕ дзурыны бӕсты: «Ӕппындӕр мыл нӕ хъуыды кӕныс, не ’рбадзырдтай ӕмӕ мын нӕ загътай, кӕм дӕ, уый», дӕ бон у зӕгъын: «Ӕз тынг тыхстӕн, ӕрӕгмӕ кӕй цыдтӕ, уый тыххӕй, ӕмӕ цы хъуыды кодтаин, уый нал зыдтон». Сабырӕй куы дзурай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ маст уромын.

    Библийы уагӕвӕрд: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Колоссӕгтӕм 4:6).

  • Лӕмбынӕг хъус. Дӕ хъуыды куы зӕгъай, уӕд-иу дӕ цардӕмбалы дзурын бауадз, ӕрмӕст-иу ын йӕ ныхас ӕрдӕгыл ма аскъуын. Дзырд куы фӕуа, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ цыбыртӕй радзур, уый фӕрцы базондзынӕ, алцыдӕр раст кӕй бамбӕрстай. Адӕймагмӕ куы байхъусай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ маст уромын.

    Библийы уагӕвӕрд: «Адӕймаг... хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19).

Тим ӕмӕ Дженифер

«Дӕ маст куы ӕмбӕхсай, уӕд уымӕй хъуыддаг нӕ аскъуыддзаг уыдзӕн, ӕмӕ ӕппынфӕстаг дӕхи нал бауромдзынӕ. Хуыздӕр уыдзӕн хъуыддагыл сабырӕй аныхас кӕнын. Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый кӕрӕдзийӕн ӕргом куы радзурӕм, уӕд мӕ сӕрыхицауимӕ фӕзӕгъӕм: „Ногӕй та ӕмбӕлттӕ уӕм“» (Дженифер ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Тим).

Джейд ӕмӕ Кори

«Мӕ сӕрыхицау мӕм алкӕддӕр кӕй байхъусы, ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕнын, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ ракӕсы, уый мын ӕхсызгон вӕййы. Мемӕ разы куы нӕ вӕййы, уӕддӕр мын мӕ хъуыдыйӕн фӕаргъ кӕны. Йӕхи афтӕ никуы фӕдары, цӕмӕй мӕхимӕ ӕдылы ӕркӕсон» (Джейд ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Кори).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын