Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 152 статья
  • Библи мӕсты кӕныны тыххӕй цы дзуры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи мӕсты кӕныны тыххӕй цы дзуры?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Мӕсты кӕнын алкӕддӕр ӕвзӕр вӕййы?
  • Мӕсты кӕнын зиан кӕд хӕссы?
  • Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?
  • «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн
    Ӕххуыс бинонтӕн
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 152 статья
Тымбыл къух

Библи мӕсты кӕныны тыххӕй цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

Библи зӕгъы, адӕймаг йӕ маст куы нӕ урома, уӕд уый ӕвзӕр кӕй у, чи мӕсты кӕны, уымӕн дӕр ӕмӕ йӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 29:22). Кӕд адӕймаг иуӕй-иу хатт рӕстӕй фӕмӕсты кӕны, уӕддӕр Библи зӕгъы, ӕдзух мӕсты чи кӕны, уыдон кӕй нӕ фервӕздзысты (Галатӕгтӕм 5:19–21). Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон адӕймагӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй йӕ маст урома.

  • Мӕсты кӕнын алкӕддӕр ӕвзӕр вӕййы?

  • Мӕсты кӕнын зиан кӕд хӕссы?

  • Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?

  • Мӕсты кӕныны тыххӕй Библийы цавӕр стихтӕ ис

Мӕсты кӕнын алкӕддӕр ӕвзӕр вӕййы?

Нӕ. Иуӕй-иу хатт мӕсты кӕнын раст вӕййы. Зӕгъӕм, Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Нееми «тынг смӕсты», йӕ адӕмӕй иуӕй-иуты кӕй ӕфхӕрдтой, уый куы базыдта, уӕд (Нееми 5:6).

Иуӕй-иу хатт Хуыцау дӕр смӕсты вӕййы. Зӕгъӕм, «Йегъовӕйӕн... йӕ маст ссыгъд», раджы заман йе ’взӕрст адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтой, уӕд. Афтӕмӕй фехӕлдтой, Хуыцауимӕ сын цы бадзырд уыд, уый, ома ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй хъуамӕ кувой (Тӕрхонгӕнджыты 2:13, 14). Фӕлӕ мӕсты кӕнын Йегъовӕйӕн йӕ сӕйраг миниуӕг нӕу. Уый ӕнӕхъуаджы никуы смӕсты вӕййы ӕмӕ йӕ мастыл йӕ бар фӕцӕуы (Рацыд 34:6; Исай 48:9).

Мӕсты кӕнын зиан кӕд хӕссы?

Мӕсты кӕнын ӕвзӕр вӕййы, адӕймаг йӕ маст уромын куы нӕ фӕзоны кӕнӕ мӕсты кӕнынӕн ӕфсон куы нӕ вӕййы, афтӕмӕй куы фӕмӕсты кӕны; ӕнӕххӕст адӕм арӕх сӕ маст афтӕ февдисынц. Зӕгъӕм:

  • «Каин тынг смӕсты», Хуыцау ын йӕ кувинаг куы нӕ айста, уӕд. Каин йӕ масты фӕдыл ацыд ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта (Райдиан 4:3–8).

  • Пехуымпар Ионӕ «мӕстӕй рафыхт», Хуыцау ниневиӕгтӕн куы фӕтӕригъӕд кодта, уӕд. Хуыцау Ионӕйы бараст кодта ӕмӕ йын загъта, кӕй смӕсты, уый раст кӕй нӕу ӕмӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы тӕригъӕдджынтӕн кӕй хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕнаa (Ионӕ 3:10–4:1, 4, 11).

Ацы цӕвиттонтӕ бӕлвырд кӕнынц: ӕнӕххӕст «адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын» (Иаковы 1:20).

Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?

  • Ма рох кӕн, адӕймаг йӕ маст куы нӕ урома, уӕд уый тӕссаг кӕй у. Бирӕтӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг йӕ маст куы ныккала, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ тыхджын у. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, йӕ масты фӕдыл чи цӕуы, уый тынг лӕмӕгъ у. «Йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уый, кӕй ныппырх кодтой ӕмӕ ӕнӕ къултӕй чи баззад, ахӕм горӕтӕй уӕлдай нӕу» (Ӕмбисӕндтӕ 25:28; 29:11). Фӕлӕ нӕ маст уромын куы сахуыр уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕцӕг тыхджын ӕмӕ арфуынӕг кӕй стӕм (Ӕмбисӕндтӕ 14:29). Библи дзуры: «Йӕ маст уромын чи зоны, уый тыхджын адӕймагӕй хуыздӕр у» (Ӕмбисӕндтӕ 16:32).

  • Дӕ маст-иу ӕрсабыр кӕн, цалынмӕ нӕ саразай, кӕуыл фӕфӕсмон кӕндзынӕ, ахӕм хъуыддаг. Псалом 37:8 стихы фыст ис: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх. Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» Мӕсты куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон вӕййы равзарын – нӕ бон вӕййы нӕ маст ӕрсабыр кӕнын, цалынмӕ нӕ фыдбылызмӕ не ’ркодта, уӕдмӕ. Ефесӕгтӕм 4:26 стихы фыст ис: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут».

  • Мӕсты кӕнын куы райдайай, уӕд-иу ацу, кӕд гӕнӕн уа, уӕд. Библийы фыст ис: «Хылӕн йӕ райдайӕн у, дон куыд ратона, уый хуызӕн. Уӕдӕ цалынмӕ хыл нӕ райдыдта, уӕдмӕ ацу» (Ӕмбисӕндтӕ 17:14). Зондыл дзурӕг уыдзӕн, адӕймагимӕ-иу уайтагъд куы бафидауат. Фӕлӕ уӕ дыууӕйы дӕр, чи зоны, рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй уӕ маст ӕрсабыр уа ӕмӕ уӕ бон аныхас кӕнын уа.

  • Алцыдӕр-иу бӕстон базон. Ӕмбисӕндтӕ 19:11 стихы фыст ис: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы». Зондыл дзурӕг уыдзӕн, цалынмӕ хатдзӕгтӕ не скӕнӕм, уӕдмӕ уал алцыдӕр куы базонӕм. Лӕмбынӕг куы байхъусӕм, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уымӕ, уӕд ӕнӕхъуаджы нал мӕсты кӕндзыстӕм (Иаковы 1:19).

  • Кув, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы фарн уа. Куы кувай, уӕд дӕ зӕрдӕйы уыдзӕн «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Филиппӕгтӕм 4:7). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдзыстӕм, Хуыцаумӕ куы кувӕм, сӕйраджыдӕр уӕд. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн, ӕмӕ уыдзыстӕм бирӕфӕразон ӕмӕ хиуылхӕцгӕ (Лукайы 11:13; Галатӕгтӕм 5:22, 23).

  • Дӕ рӕстӕг кӕимӕ ’рвитдзынӕ, уый лӕмбынӕг ӕвзар. Арӕхдӕр афтӕ рауайы, ӕмӕ кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, уыдоны хуызӕн свӕййӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Йӕ маст уромын чи нӕ зоны, ахӕмимӕ ма лымӕн кӕн ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймагмӕ хӕстӕг ма цу». Цӕуылнӕ? «Цӕмӕй йӕ фӕндӕгтыл ма сахуыр уай ӕмӕ дӕ уд къӕппӕджы ма баппарай» (Ӕмбисӕндтӕ 22:24, 25).

Мӕсты кӕныны тыххӕй Библийы цавӕр стихтӕ ис

Ӕмбисӕндтӕ 16:32 стих: «Йӕ маст уромын чи зоны, уый тыхджын адӕймагӕй хуыздӕр у».

Йӕ хъуыды. Адӕймаг мӕстыйӕ йӕхиуыл хӕцын кӕй фӕзоны, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ тыхджын у.

Ӕмбисӕндтӕ 17:14 стих: «Хылӕн йӕ райдайӕн у, дон куыд ратона, уый хуызӕн. Уӕдӕ цалынмӕ хыл нӕ райдыдта, уӕдмӕ ацу».

Йӕ хъуыды. Исчи мӕсты кӕнын куы райдайы, уӕд-иу ацу.

Ӕмбисӕндтӕ 19:11 стих: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы».

Йӕ хъуыды. Цалынмӕ хъуыддаг бӕстон нӕ бамбарӕм, уӕдмӕ хатдзӕгтӕ нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕхъуаджы нӕ мӕсты кӕндзыстӕм.

Ӕмбисӕндтӕ 22:24, 25 стих: «Йӕ маст уромын чи нӕ зоны, ахӕмимӕ ма лымӕн кӕн ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймагмӕ хӕстӕг ма цу, цӕмӕй йӕ фӕндӕгтыл ма сахуыр уай».

Йӕ хъуыды. Йӕ маст тагъд кӕмӕн рафыцы, ахӕм адӕмимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд уыдоны хуызӕн суыдзыстӕм.

Ӕмбисӕндтӕ 29:11 стих: «Ӕнӕзонд йӕ маст иууылдӕр ныккалы».

Йӕ хъуыды. Зондыл дзурӕг уыдзӕн, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл нӕ бар куы цӕуа.

Галатӕгтӕм 5:22, 23 стих: «Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын».

Йӕ хъуыды. Хуыцауы сыгъдӕг тых, кӕнӕ йӕ архайгӕ тых, цы миниуджытӕ дӕтты, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ маст уромӕм.

Ефесӕгтӕм 4:26 стих: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут».

Йӕ хъуыды. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕппындӕр ма мӕсты кӕнӕм, фӕлӕ нӕ бон у нӕ маст уромын.

Иаковы 1:19 стих: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна».

Йӕ хъуыды. Лӕмбынӕг куы хъусӕм, уӕд къаддӕр мӕсты кӕндзыстӕм.

a Куыд зыны, афтӕмӕй Ионӕ Хуыцаумӕ байхъуыста ӕмӕ нал мӕсты кодта. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ йын Хуыцау ныффыссын кодта, Библийы йӕ ном чи хӕссы, уыцы чиныг.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын