Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 144 статья
  • Библи кремацийы тыххӕй цы дзуры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи кремацийы тыххӕй цы дзуры?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Мӕнг ныхӕстӕ кремацийы тыххӕй
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Чи амард, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 144 статья
Чи фӕзиан, уыцы адӕймаджы къамы раз, кремацийы фӕстӕ фӕнык цы къоппы вӕййы, уый

Библи кремацийы тыххӕй цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

Кремацийы тыххӕй Библийы бӕлвырд ницы фыст ис. Стӕй дзы нӕй амындтӕ, марды баныгӕнын хъӕуы ӕви йӕ басудзын хъӕуы, уый тыххӕй.

Библийы фыст ис, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ-иу кӕй баныгӕдтой, чи сын-иу амард, уыдоны. Зӕгъӕм, Авраам агуырдта, йӕ бинойнаг Саррӕйы кӕм бавӕрдтаид, ахӕм бынат (Райдиан 23:2–20; 49:29–32).

Библийы ма фыст ӕрцыд, иузӕрдион адӕймӕгты-иу сӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕй басыгътой, ахӕм цӕвиттонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Израилы паддзах Саулы йе ’ртӕ фыртимӕ тохы быдыры куы амардтой, уӕд сӕ мӕрдтӕ се знӕгты къухты баззадысты ӕмӕ сӕ фӕхынджылӕг кодтой. Израилы иузӕрдион ӕфсӕддонтӕ уый куы базыдтой, уӕд Саулы ӕмӕ йӕ фыртты буӕрттӕ рахастой, басыгътой сӕ ӕмӕ ма сӕ цы баззад, уый баныгӕдтой (1 Самуилы 31:8–13). Библийӕ бӕрӕг у, афтӕ сӕ кӕй баныгӕдтой, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы уыд (2 Самуилы 2:4–6).

Мӕнг ныхӕстӕ кремацийы тыххӕй

Мӕнг ныхас. Кремаци чи кӕны, уый мард адӕймаджы буарӕн нӕ аргъ кӕны.

Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библийы фыст ис, чи амӕлы, уыдон сыджытмӕ кӕй аздӕхынц – буар бамбийы ӕмӕ сыджыт свӕййы (Райдиан 3:19). Кремацийы фӕрцы уыцы хабар тагъддӕр рауайы, буар фӕнык кӕй фесты, уый фӕрцы.

Мӕнг ныхас. Раджы заманты-иу басыгътой, Хуыцауы фыдӕх-иу кӕй баййӕфта, ӕрмӕст ахӕм адӕмы мӕрдтӕ.

Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Ӕцӕгдӕр, Библийы фыст ис, Хуыцауыл иузӕрдион чи нӕ уыд, ахӕм адӕмы-иу сӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕй басыгътой, зӕгъӕм, Ахан ӕмӕ йӕ бинонты (Йесо Навин 7:25). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахӕм ӕгъдау уыд (Дыккаг закъон 21:22, 23). Уӕлдӕр куыд базыдтам, афтӕмӕй, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, суанг уыцы адӕмӕй дӕр иуӕй-иуты мӕрдтӕ басыгътой, зӕгъӕм, паддзах Саулы фырт Ионафаны.

Мӕнг ныхас. Хуыцау нӕ райгас кӕндзӕн, йӕ мард кӕмӕн басыгътой, ахӕм адӕймаджы.

Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцауӕн уӕлдай нӕу, адӕймаджы буар ныгӕнгӕ бакодтой, судзгӕ бакодтой, денджызы аныгъуылд ӕви йӕ хъӕддаг сырдтӕ бахордтой (Раргомад 20:13). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ бон у адӕймаджы ног буары райгас кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 15:35, 38).

Марды басудзын хъӕуы ӕви баныгӕнын?

Куыд бакӕнӕн ис, уый фӕдыл ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

  • Чи амард, уыцы адӕймаджы фӕндон. Библийы фыст ис, адӕймаг-иу йӕ бинонтӕн кӕй фехъусын кодта, йӕ мӕлӕты фӕстӕ йын йӕ буарӕн куыд хъуамӕ бакодтаиккой, уый ӕмӕ-иу ын уыдон дӕр йӕ фӕндон кӕй сӕххӕст кодтой (Райдиан 50:4, 5; Рацыд 13:19).

  • Бынӕттон ӕгъдӕуттӕ. Арӕхдӕр уыдонӕй кӕнгӕ вӕййы, чи амард, уый судзгӕ бакӕндзысты ӕви ныгӕнгӕ (Иоанны 19:40). Зӕгъӕм, чи амард, уыдоны-иу раджы заманты арӕхдӕр ныгӕнгӕ кодтой (Райдиан 49:31; 1 Самуилы 28:3). Абон дӕр адӕймагӕн йӕ бон у бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ зиан бафснайын, кӕд Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ не сты, уӕд.

  • Закъонмӕ гӕсгӕ архайын. Библи нын дзуры, цӕмӕй хицауады закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм (Ромӕгтӕм 13:1). Иуӕй-иу бӕстӕты хицауад скъуыддзаг кӕны, мард адӕймаджы куыд бафснайын хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, сӕ бон у цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕрфидар кӕнын, кремацийы фӕстӕ фӕнык цы фӕкӕнын хъӕуы, уый фӕдыл.

  • Иннӕтыл хъуыды кӕнын. Фыстад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм (Филиппӕгтӕм 2:4). Ахъуыды кӕнӕн ис ахӕм фарстатыл: Бинонты та цы фӕнды – марды басудзын ӕви баныгӕнын? Кӕм цӕрӕм, уым нӕ уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын