Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 84 статья
  • Ӕдзух ӕнӕпайда ныхӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕдзух ӕнӕпайда ныхӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнын?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕнӕпайда ныхӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнын?
  • Де ’взаджы рохтыл хӕцын зон
  • Дӕ цардӕмбалы кӕй уарзыс ӕмӕ йӕ кӕй нымайыс, уый дӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Дӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уӕнт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Дзур, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 84 статья
Ӕрыгон лӕппу архайы йӕ ныхӕстӕ ӕрцахсыныл

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Ӕдзух ӕнӕпайда ныхӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнын?

«Иуӕй-иу хатт мӕ бон вӕййы ме ’взаджы рохтыл хӕцын, иннӕ хатт та ме ’взаг цытӕ фӕкӕрды, уый мӕхӕдӕг дӕр нӕ фембарын!» (Джеймз).

«Куы фӕтыхсын, уӕд, цы фӕдзурын, ууыл нӕ фӕхъуыды кӕнын, куы ницӕуыл фӕтыхсын, уӕд та ӕгӕр бирӕ фӕдзурын. Иу ныхасӕй – бӕллӕх!» (Мэри).

Библи зӕгъы: «Ӕвзаг... у зынг» ӕмӕ «Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ нӕ хъӕуы» (Иаковы 3:5, 6). Дӕ ныхӕсты тыххӕй фыдбылызы арӕх бахауыс? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн.

  • Ӕнӕпайда ныхӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнын?

  • Де ’взаджы рохтыл хӕцын зон

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Ӕнӕпайда ныхӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнын?

Ӕнӕххӕстдзинад. Библи зӕгъы: «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм. Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг» (Иаковы 3:2). Мах стӕм ӕнӕххӕст адӕм ӕмӕ фӕкӕлӕм ӕрмӕст цӕугӕ-цӕуын нӕ, фӕлӕ ма дзургӕ-дзурын дӕр – ӕнӕпайда ныхӕстӕ куы фӕкӕнӕм, уӕд.

«Мӕ зонд дӕр ӕнӕххӕст у ӕмӕ ме ’взаг дӕр, уымӕ гӕсгӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ ныхасӕй никуы фӕрӕдидзынӕн» (Аннӕ).

Бирӕ дзурын. Библи зӕгъы: «Бирӕ чи дзуры, уымӕн ӕнӕфӕрӕдийгӕ нӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 10:19). Бирӕ чи дзуры ӕмӕ хъусын чи нӕ уарзы, уый иннӕты арӕх фӕхъыг кӕны, ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕй фӕкӕны, уый тыххӕй.

«Зондджын адӕймаг уый нӕу, бирӕ чи дзуры. Зӕххыл ӕппӕты зондджындӕр адӕймаг Чырысти уыди, фӕлӕ ӕдзух дзургӕ нӕ кодта» (Джулия).

Ӕлхыскъ ныхас. Библи зӕгъы: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕм хауынц ӕлхыскъ ныхӕстӕ, ома иннӕты кад адӕмы цӕсты чи дӕлӕмӕ кӕны, ахӕм ныхӕстӕ. Ӕлхыскъ ныхас чи фӕкӕны, уый арӕх фӕзӕгъы: «Цӕй, хынджылӕг кодтон!» Фӕлӕ иннӕты кад дӕлӕмӕ кӕнын худӕг нӕу. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ныууадзӕм «ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый» (Ефесӕгтӕм 4:31).

«Цыргъзонд ныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ иннӕты худын кӕнын бирӕ уарзын, фӕлӕ уый ӕркӕны ӕлхыскъ ныхасмӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй арӕх мӕхи масты хай бакӕнын» (Оксанӕ).

Ӕрыгон лӕппуйы фӕнды дӕндӕгты пастӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты батъыссын

Ныхӕстӕн раздахӕн нӕй, дӕндӕгты пастӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты батъыссӕн куыд нӕй, афтӕ

Де ’взаджы рохтыл хӕцын зон

Ӕвзаджы рохтыл хӕцын ӕнцон нӕу, фӕлӕ дын Библийы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ:

«Уӕ зӕгъинӕгтӕ-иу уӕхицӕн уӕ зӕрдӕты радзурут... ӕмӕ-иу мацыуал зӕгъут» (Псалом 4:4).

Иуӕй-иу хатт ӕппӕты хуыздӕр вӕййы, куы ницы зӕгъай. Ӕрыгон сылгоймаг, Лаурӕ, дзуры: «Мӕстыйӕ мӕ бон вӕййы зӕгъын, ӕнӕуи хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаин, ахӕм ныхӕстӕ. Куы ’рсабыр вӕййын, уӕд фӕцин кӕнын, уӕлдай цыдӕртӕ мӕ кӕй не схауд, ууыл». Цалдӕр секунды дӕхиуыл куы фӕхӕцай, уӕд уый дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй ӕнӕрхъуыды ныхас ма зӕгъай.

«Ӕвзаг хӕринаджы ад куыд ӕвзары, афтӕ ныхӕстӕ та хъус не ’взары?» (Иов 12:11).

Цӕмӕй дӕ ныхӕстыл ма фӕсмон кӕнай, уый тыххӕй хорз уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын:

  • Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у? Пайда у? Ӕнӕмӕнг ӕй хъӕуы зӕгъын? (Ромӕгтӕм 14:19).

  • Мӕнӕн исчи афтӕ куы зӕгъид, уӕд мын ӕхсызгон уаид? (Матфейы 7:12).

  • Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ иннӕ адӕймаджы хъуыдыйӕн аргъ кӕнын? (Ромӕгтӕм 12:10).

  • Ныртӕккӕ ууыл дзурын ӕмбӕлы? (Екклесиаст 3:7).

«Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут» (Филиппӕгтӕм 2:3).

Ацы уынаффӕ дын баххуыс кӕндзӕн иннӕты тыххӕй хорз хъуыды кӕнын, ӕмӕ дын уый та баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де ’взаджы рохтыл хӕцай ӕмӕ-иу исты зӕгъыны размӕ ахъуыды кӕнай. Искӕй ныхасӕй куы фӕхъыг кӕнай, уӕд дзы сӕрныллӕгдзинады фӕрцы хатыр ракурдзынӕ –уый ӕвӕстиатӕй саразын фӕхъӕуы! (Матфейы 5:23, 24). Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у де ’взаджы рохтыл хӕцын.

Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Тейлор

«Ныхас быцӕумӕ куы рахизы, уӕд иуӕй-иу хатт фӕзӕгъын, зӕгъынмӕ цы нӕ хъавыдтӕн, уый. Фӕлӕ мӕхинымӕр дӕс секунды куы ахъуыды кӕнын, мӕ ныхӕстӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты кӕнӕ сын пайда уыдзысты ӕви нӕ, ууыл, уӕд мӕ бон вӕййы ме ’взаджы рохтыл хӕцын ӕмӕ уӕлдай ницы фӕзӕгъын» (Тейлор).

Брэндон

«Исчи дӕ ныхасӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ахъуыды кӕн, афтӕ цӕмӕн загъта, ууыл. Арӕх адӕймаг ӕнӕрхъуыдыйӕ цыдӕр фӕзӕгъы ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ферох кӕнӕн вӕййы. Иннӕ хатт та нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бафхӕрдта, фӕлӕ, чи зоны, кӕмдӕр рӕстытӕ дӕр дзуры. Ахӕм уавӕры ӕппӕты хуыздӕр у сабырӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын» (Брэндон).

Джессикӕ

«Адӕмы тыххӕй ӕвзӕр куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхи уромын ӕмӕ-иу ӕлхыскъ ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм. Иуӕй-иу хатт не ’ппӕты дӕр фӕхъӕуы нӕ зондахаст аивын ӕмӕ иннӕтӕм ӕндӕр цӕстӕй ракӕсын. Афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд нӕ нӕ фӕнддзӕн иннӕты ныхасӕй фӕхъыг кӕнын» (Джессикӕ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын