Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 15/12 18–22 фф.
  • Дӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уӕнт

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уӕнт
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КӔД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?
  • ЦЫ ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?
  • КУЫД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?
  • Дзур, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Иннӕтимӕ куыд ныхас кӕныс, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Дӕ дзыхыныхасӕй иннӕтӕн фӕзминаг дӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Фӕлмӕн ныхас ӕххуыс кӕны хӕларӕй цӕрынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 15/12 18–22 фф.
Чырыстон сылгоймаг Библи кӕсы ӕмӕ хъуыды кӕны, хоимӕ куыд аныхас кӕна, ууыл: уайдзӕфты бын ӕй фӕкӕна ӕви йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕна

Дӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уӕнт

«Мӕ ныхӕстӕ... дын... ӕхсызгон уӕнт, о Йегъовӕ» (ПС. 19:14).

ЗАРДЖЫТӔ: 82, 77

ЙЕСОЙЫ ЦӔВИТТОН НЫН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ ЗОНӔМ...

  • дзурын кӕд хъӕуы?

  • дзурын цы хъӕуы?

  • фӕлмӕн ныхас кӕнын?

1, 2. Библи ӕвзаг артимӕ цӕмӕн бары?

1871 АЗЫ октябры райдианы штат Висконсины (АИШ) хъӕдыл арт сирвӕзт. Цыбыр рӕстӕгмӕ арт ахӕлиу ӕмӕ 2 миллиард бӕласы бӕрц сау сыгъд баисты. Фӕмард дзы 1 200 адӕймагӕй фылдӕр. Иугонд Штатты зынгсирвӕзты уыйбӕрц адӕм никуы фӕмард. Ӕвӕццӕгӕн, хъӕд ссыгъд, поездӕй цы гыццыл цӕхӕртӕ ратахт, уыдонӕй. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Библийӕ иу стих: «Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ нӕ хъӕуы» (Иак. 3:5). Цымӕ Иаков ахӕм цӕвиттон цӕмӕн ӕрхаста?

2 Иаков дарддӕр загъта: «Ӕвзаг дӕр у зынг» (Иак. 3:6). Ацы стихы «ӕвзаг» амоны нӕ дзыхыныхасмӕ. Артау нӕ ныхӕстӕ дӕр, гӕнӕн ис, фыдбылыз расайой. Библийы ма афтӕ дӕр ис фыст: «Мӕлӕт дӕр ӕмӕ цард дӕр ӕвзаджы къухы сты» (Ӕмб. 18:21). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, искӕй фӕхъыг кӕныны тӕссӕй хъуамӕ ӕппындӕр мауал дзурӕм. Зӕгъӕм, кӕд артӕн йӕ бон зиан ӕрхӕссын у, уӕддӕр дзы фӕпайда кӕнӕм. Сӕйраг у, цӕмӕй йӕм нӕ хъус дарӕм. Уый руаджы нӕ бон уыдзӕн хӕринаг скӕнын, нӕхи схъарм кӕнын, талынджы та нын рухс дӕр кӕндзӕн. Уӕдӕ цы дзурӕм, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын, стӕй нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уыдзысты (Пс. 19:14).

3. Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ ныхасӕй иннӕты фидар кӕнӕм?

3 Йегъовӕ нӕ ахӕм курдиатӕй схайджын кодта, ӕмӕ нӕ бон у, нӕ хъуыдыйы ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иннӕтӕн ӕргом кӕнын, фӕнды дзургӕйӕ, фӕнды – къухӕй амонгӕйӕ. Нӕ бон куыд у уыцы диссаджы курдиатӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй иннӕты фидар кӕнӕм? (Бакӕс Иаковы 3:9, 10.) Уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, кӕд ӕмӕ цы дзурын хъӕуы, уый, стӕй, куыд дзурын хъӕуы, уый дӕр.

КӔД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?

4. «Хъусӕй лӕууын» кӕд фӕхъӕуы?

4 Иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы, адӕймаг куы ницы фӕдзуры, уӕд. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн» (Еккл. 3:7). Зӕгъӕм, исчи куы фӕдзуры, уӕд мах ницы фӕдзурӕм, ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм, уый (Иов 6:24). Стӕй ма нӕ фӕдзурӕм, иннӕтӕ кӕй хъуамӕ ма зоной, ахӕм хабӕрттӕ дӕр (Ӕмб. 20:19). Зондыл дзурӕг ма вӕййы, исчи нӕ куы смӕсты кӕны, уӕд нӕхиуыл куы фӕхӕцӕм ӕмӕ куы ницы фӕзӕгъӕм (Пс. 4:4).

5. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ нӕ цы курдиатӕй схайджын кодта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм?

5 Фӕлӕ ма Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, ис «рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:7). Не ’мбал нын исты куы балӕвар кӕны, уӕд нӕ фӕфӕнды йӕ лӕварӕй, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ пайда кӕнын. Нӕ бон дзурын кӕй у, уый дӕр у Йегъовӕйы лӕвар. Ӕмӕ дзы уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, раст дзы куы пайда кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕм, Йегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм, иннӕты куы фидар кӕнӕм ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй куы дзурӕм (Пс. 51:15). Цымӕ куыд бамбарӕн ис, дзурынӕн хуыздӕр рӕстӕг кӕд у, уый?

6. Дзурынӕн хуыздӕр рӕстӕг кӕд у, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

6 Дзурынӕн хуыздӕр рӕстӕг кӕд у, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Ӕмбисӕндты 25:11 фыст ис: «Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас». Сызгъӕринӕй конд фӕткъуытӕ рӕсугъд куыннӕ уыдзысты, фӕлӕ сӕ ӕвзист къусы куы ӕрӕвӕрай, уӕд та ноджы рӕсугъддӕр зындзысты. Раст афтӕ, махӕн дӕр нӕ бон у адӕймагӕн цавӕрдӕр хорз ныхӕстӕ зӕгъын. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ зӕгъынӕн хуыздӕр рӕстӕг куы равзарӕм, уӕд ын фылдӕр пайда ӕрхӕсдзысты. Нӕ бон куыд у афтӕ кӕнын?

7, 8. Японийы не ’фсымӕртӕ Йесойы куыд бафӕзмыдтой?

7 Нӕ ныхӕстӕ афоныл загъд куы нӕ уой, уӕд нӕ адӕм, чи зоны, ма бамбарой кӕнӕ немӕ ма сразы уой. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:23.) Зӕгъӕм, 2011 азы мартъийы Японийы скӕсӕн хайы зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунами бирӕ горӕттӕ ныппырх кодтой. Фӕмард дзы 15 000 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕмӕ дзы кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн сӕ бинонтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ фӕзиан сты, уӕддӕр сӕ фӕндыд Библийы фӕрцы иннӕ адӕмы бафидар кӕнын. Фӕлӕ зыдтой, бирӕтӕ сӕ буддисттӕ кӕй сты ӕмӕ Библи ӕвзӕр кӕй зонынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ зӕрдӕрыст адӕмӕн уайтагъд райгасдзинады тыххӕй дзурын нӕ райдыдтой, фӕлӕ сын дзырдтой, удӕнцойы хос сын чи уыд, ахӕм ныхӕстӕ ӕмӕ сын ӕмбарын кодтой, хорз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы, уый.

8 Уыцы ӕфсымӕртӕ бафӕзмыдтой Йесойы. Уый зыдта, хъусӕй лӕууын кӕд хъӕуы ӕмӕ дзурын кӕд хъӕуы, уый (Иоан. 18:33–37; 19:8–11). Иухатт ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ дӕр загъта: «Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг, фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн» (Иоан. 16:12). Японийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ дӕр ӕмбӕрстой, адӕмӕн райгасдзинады тыххӕй радзурын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уый. Ӕмӕ цунамийы фӕстӕ дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд адӕмӕн байуӕрстой буклет, «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?», зӕгъгӕ. Бирӕтӕ йӕ райстой, ӕмӕ дзы цы бакастысты, уый сын удӕнцой ӕрхаста. Мах дӕр-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, кӕм хъусын кӕнӕм, уым адӕм цы ’гъдӕуттыл ӕмӕ цы диныл хӕст сты, ууыл, цӕмӕй ӕмбарӕм, семӕ ныхас кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уый.

9. Цавӕр уавӕрты ма фӕхъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын, дзурынӕн хуыздӕр рӕстӕг кӕд уыдзӕн, уымӕ?

9 Ноджыдӕр ма нӕ цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, исты зӕгъын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, ууыл? Зӕгъӕм нӕ чидӕр ӕнӕрхъуыдыйӕ фӕхъыг кодта. Уӕд хорз уаид ахъуыды кӕнын, хабар йӕ дзурыны аккаг у ӕви нӕ. Кӕд ӕнӕмӕнг хъӕуы йемӕ аныхас кӕнын, уӕд уал хъуамӕ ӕрсабыр уӕм, цӕмӕй ныхасӕй ма фӕрӕдийӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:28.) Ныхас кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, ууыл ахъуыды кӕнын ма фӕхъӕуы, нӕ бинонтӕй Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн нӕ Йегъовӕйы тыххӕй радзурын куы фӕфӕнды, уӕд дӕр. Хъуамӕ фӕразон уӕм ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цы зӕгъинаг стӕм, ууыл ӕмӕ нӕм хуыздӕр кӕд байхъусдзысты, ууыл дӕр.

ЦЫ ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?

10. а) Цы дзурӕм, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? б) Нӕхи цавӕр ныхӕстӕй хъуамӕ хизӕм?

10 Нӕ ныхӕстӕ адӕймагӕн, чи зоны, йӕ зӕрдӕ скъахой, чи зоны та йын ӕвдадзы хос фӕуой. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 12:18.) Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕм ницы кӕсы искӕй зӕрдӕ ныхасӕй фӕриссын кӕнын. Сӕ ныхӕстӕ вӕййынц, иннӕтӕн масты хос чи вӕййы ӕмӕ сын сӕ ныфс чи асӕтты, ахӕм цыргъ «фатты» кӕнӕ «хъаматы» хуызӕн (Пс. 64:3). Бирӕтӕ ахӕм ныхӕстыл ахуыр кӕнынц, цы кинотӕм ӕмӕ цы телепередачӕтӕм фӕкӕсынц, уыдонӕй. Фӕлӕ чырыстӕттӕ, суанг хынджылӕгӕй дӕр, иннӕтӕн зӕрдӕрыст ӕмӕ масты хос чи фӕуа, ахӕм ныхӕстӕ никуы кӕндзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, худӕг ныхӕстӕ кӕнын ӕвзӕр нӕу. Худӕг ныхас кӕнын чи зоны, уымӕ хъусын дӕр ӕхсызгондӕр вӕййы. Фӕлӕ иннӕты ахудын кӕныны тыххӕй искӕмӕн ӕлхыскъ ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм, ома, кӕй тыххӕй сӕфсӕрмы уа кӕнӕ йӕ зӕрдӕ кӕмӕй фӕрисса, ахӕм цыдӕртӕ нӕ дзурдзыстӕм. Библи чырыстӕтты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ» ма кӕной. Фыст ма дзы ис: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой» (Еф. 4:29, 31).

11. Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый, цы фӕдзурӕм, уыимӕ куыд баст у?

11 Иухатт Йесо загъта, зӕгъгӕ, «адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Ӕндӕр дзырдӕй, адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг вӕййы, ӕцӕгӕйдӕр йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уӕдӕ кӕд иннӕты уарзӕм ӕмӕ сӕ хорзыл хъуыды кӕнӕм, уӕд сын дзургӕ дӕр кӕндзыстӕм, ныфс ӕмӕ сын зӕрдӕрухсы хос чи фӕуа, ахӕм ныхӕстӕ.

12. Кӕм цы зӕгъын хъӕуы, уый зонынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

12 Цӕмӕй, кӕм цы зӕгъын хъӕуы, уый зонай, уый тыххӕй фӕхъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Кӕд паддзах Соломон зондджын уыди, уӕддӕр-иу «арф хъуыды кодта ӕмӕ алцыдӕр лӕмбынӕг иртӕста», цӕмӕй-иу, «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм ныхӕстӕ ссардтаид ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый раст ныффыстаид» (Еккл. 12:9, 10). Мыййаг дын «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон» ныхӕстӕ ссарын зын вӕййы? Кӕд о, уӕд дӕ, чи зоны, дӕ дзырдты къӕбиц фӕхъӕздыгдӕр кӕнын хъӕуы. Уый тыххӕй дӕ бон у, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы ныхӕстӕ ӕмбӕлынц, уыдонмӕ дӕ хъус дарын. Кӕй нӕ зоныс, ахӕм ныхӕстӕ-иу куы бакӕсай, уӕд-иу сын сӕ нысаниуӕг базон. Цӕмӕй дӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕхсызгон уой, уымӕн ма дын стыр ӕххуыс уыдзӕн Йесойы цӕвиттон дӕр. Йесо зыдта, кӕд цы зӕгъын хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ бацамыдта, «фӕллад адӕймаджы ныхасӕй куыд барӕвдауа», уый (Ис. 50:4). Ахсджиаг ма у, нӕ ныхӕстӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты, ууыл хъуыды кӕнын дӕр (Иак. 1:19). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕ ныхӕстӕй адӕймаг бамбардзӕн, цы зӕгъын мӕ фӕнды, уый? Мӕ ныхӕстӕ йыл куыд фӕзындзысты?»

13. Нӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн цӕмӕн хъуамӕ уа?

13 Рагон Израилы ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу цӕмӕй адӕм иумӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой йе та ӕфсад знагыл йӕхи ныццавтаид, уый тыххӕй-иу уадындзты ныууасыдысты. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕнут, уадындзы уасын бӕлвырд куы нӕ уыдаид, уӕд ӕфсадыл цы ’рцыдаид! Библи дӕр ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕ бары, дзӕбӕх чи хъуысы, ахӕм уадындзы уасынимӕ. Цы зӕгъын нӕ фӕнды, уый хорз куы не ’мбарын кӕнӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, адӕм ма бамбарой кӕнӕ, раст цы нӕу, ууыл баууӕндой. Мах фӕнды нӕ хъуыдытӕ хорз ӕмбарын кӕнын, фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй схуыст ныхас ма кӕнӕм ӕмӕ-иу нӕ ныхӕстӕй макӕй фӕхъыг кӕнӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 14:8, 9.)

14. Йесо ӕнцонӕмбарӕн ныхас кӕй кодта, уый цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг?

14 Матфейы 5-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕрмӕ цы фыст ис, уымӕй зыны, Йесо ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй кӕй пайда кодта. Адӕмы дисы бафтауыны тыххӕй йӕ ныхасы зынӕмбарӕн кӕнӕ, раст бамбарӕн кӕй нӕ уыд, ахӕм ныхӕстӕй нӕ пайда кодта. Стӕй, иннӕты зӕрдӕ чи фӕриссын кодтаид, ахӕм ныхӕстӕ дӕр нӕ дзырдта. Ӕмӕ кӕд, Йесо цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ амыдта, уыдонӕн арф хъуыды уыди, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн уыдысты. Зӕгъӕм, Йесойы фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кӕнын, алы бон дӕр цы хӕрой, ууыл тыхсын сӕ кӕй нӕ хъӕуы. Ӕмӕ сын цӕвиттонӕн ӕрхаста, Йегъовӕ ӕдзухдӕр мӕргъты куыд ӕфсады, уый. Стӕй сӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» (Матф. 6:26). Уыцы хуымӕтӕг ныхӕстӕй сын ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта.

КУЫД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?

15. Фӕлмӕн ныхас цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?

15 Куыд фӕныхас кӕнӕм, уый дӕр тынг ахсджиаг у. Йесомӕ-иу адӕм зӕрдиагӕй хъуыстой, уымӕн ӕмӕ-иу «ӕхсызгон ныхӕстӕ кодта», ома йӕ ныхас уыд фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан (Лук. 4:22). Фӕлмӕн ныхас куы фӕкӕнӕм, уӕд нӕм адӕм хуыздӕр фӕхъусынц ӕмӕ нын нӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ дӕр айсынц (Ӕмб. 25:15). Адӕмӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ ма фӕриссын кӕнӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн фӕлмӕн ныхас кӕнын. Йесо дӕр адӕммӕ ахӕм зӕрдӕ дардта. Зӕгъӕм, иухатт ӕм байхъусынмӕ дардӕй чи ӕрбацыд, уыцы адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ «сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Мар. 6:34). Суанг-иу ын адӕм ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кодтой, уӕддӕр сӕ Йесо ныхасӕй никуы бафхӕрдта (1 Пет. 2:23).

16, 17. а) Нӕ бинонтӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Фӕлмӕн ныхас кӕнын пайда кӕй у, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

16 Фӕлмӕн ныхас кӕнын нын, чи зоны, уӕлдай зындӕр уа, хорз кӕй зонӕм, уыдонимӕ, зӕгъӕм, нӕ бинонтӕй искӕимӕ кӕнӕ нын ӕмбырды цы ’ввахс ӕмбӕлттӕ ис, уыдонӕй искӕимӕ. Чи зоны нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ сын нӕ бон у алцыдӕр комкоммӕ дзурын. Фӕлӕ Йесо суанг йе ’мбӕлтты дӕр ныхасӕй никуы фӕхъыг кодта. Чидӕртӕ сӕ, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл куы быцӕу кодтой, уӕд сӕ фӕлмӕнӕй бараст кодта ӕмӕ сын цӕвиттонӕн сывӕллоны ӕрхаста, цӕмӕй сын сӕ зондахаст фӕивынӕн баххуыс кодтаид (Мар. 9:33–37). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Йесойы фӕзмынц, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн уынаффӕтӕ уӕзданӕй кӕй фӕдӕттынц, уымӕй (Гал. 6:1).

17 Исчи нӕ куы смӕсты кӕна, суанг уӕд дӕр хорз уыдзӕн, фӕлмӕн ныхас куы кӕнӕм (Ӕмб. 15:1). Ӕркӕсӕм, йӕ лӕппуйы иунӕгӕй чи хъомыл кодта, иу ахӕм хойы хабармӕ. Йӕ лӕппу йӕхи афтӕ ӕвдыста, цыма Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр кодта. Ӕмӕ иухатт мадӕн иу хо йӕ хорззӕрдӕйӕ загъта: «Хъыг мын у, дӕ лӕппуйы хорз схъомыл кӕнын дын кӕй нӕ бантыст». Лӕппуйы мад ахъуыды кодта ӕмӕ йын загъта: «Раст зӕгъыс, ныртӕккӕ алцы бынтон хорз нӕу, фӕлӕ мын йӕ хъомыл кӕнынӕн нырма рӕстӕг ис. Ацы хъуыддагыл Армагеддоны фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм – уӕд алцыдӕр сбӕрӕг уыдзӕн». Кӕй нӕ рамӕсты ӕмӕ фӕлмӕн ныхас кӕй кодта, уый фӕрцы дарддӕр дӕр кӕрӕдзимӕ хӕлар зӕрдӕ дардтой. Стӕй ма лӕппу дӕр фехъуыста мады ныхӕстӕ ӕмӕ бамбӕрста, йӕ мад ыл йӕ къух кӕй нӕ систа. Уый йӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’взӕр ӕмбӕлтты ныууагътаид, стӕй донаргъуыд райста ӕмӕ ма фӕстӕдӕр Вефилы дӕр лӕггад кодта. Уӕдӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ныхас кӕнӕм ӕви нӕ бинонтӕй искӕимӕ йе та ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ – нӕ «дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Кол. 4:6).

18. Йесойы цӕвиттон нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, иннӕты чи фидар кӕна, ахӕм ныхӕстӕ дзурӕм?

18 Нӕ хъуыдыйы ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый нӕ бон иннӕтӕн дзурын кӕй у, уый ӕцӕгдӕр у Йегъовӕйы диссаджы лӕвар. Уӕдӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд хъуыды кӕндзыстӕм, кӕд цы зӕгъын хъӕуы, ууыл ӕмӕ алкӕддӕр фӕлмӕн ныхас кӕндзыстӕм. Цӕй уӕдӕ нӕ ныхӕстӕй иннӕты фидар кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

Дыууӕ ӕфсымӕры Паддзахады залы ныхӕстӕ кӕнынц

ДӔ НЫХӔСТӔ ИННӔТӔН ӔХСЫЗГОН УӔНТ

  • ДЗУРЫН КӔД ХЪӔУЫ: хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд

  • ДЗУРЫН ЦЫ ХЪӔУЫ: хуыздӕр цы уыдзӕн, уый

  • ДЗУРЫН КУЫД ХЪӔУЫ: фӕлмӕнӕй

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын