Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbv 14 статья
  • Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6. «Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6. «Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у»
  • Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6 стихтӕн сӕ хъуыды
  • Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6 стихтӕн сӕ контекст
  • Хуыцау дӕтты зонд, цӕмӕй амондджын уӕм
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Ӕмбисӕндтӕ 16:3. «Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн»
    Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл»
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Ӕнӕ ӕууӕнкӕй царды амонд нӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
Фылдӕр фенын
Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
ijwbv 14 статья

БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ

Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6. «Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у»

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6, «Ног Дунейы тӕлмац»).

«Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд, дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар. Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6, «Библи. Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ», 2022 аз).

Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6 стихтӕн сӕ хъуыды

Ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ-иу хъуамӕ нӕхи зондӕй ма архайӕм, фӕлӕ уал-иу хъуамӕ базонӕм, Йегъовӕa Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый.

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл». Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый равдисӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд. Хъуамӕ Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Библийы дзырд «зӕрдӕ» арӕхдӕр фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ – цавӕр ӕнкъарӕнтӕ йӕм ис, цыдӕр цӕмӕн фӕаразы, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цы зондыл хӕст у, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ, нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй дарӕм, уый ӕрмӕст не ’нкъарӕнтимӕ баст нӕу. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, не Сфӕлдисӕг кӕй зоны, махӕн хуыздӕр цы у, уый (Ромӕгтӕм 12:1).

«Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у». Хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарӕм, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ нӕ бон нӕу нӕхи зондыл нӕ ныфс дарын. Ӕрмӕстдӕр нӕхи зондӕй ныфсджын куы уӕм кӕнӕ нын нӕ зӕрдӕ цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ уый хорзмӕ не ’ркӕндзӕн, фыццаг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ раст уынаффӕ рахастам, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 14:12; Йереми 17:9). Хуыцау махӕй бирӕ зондджындӕр у (Исай 55:8, 9). Ӕмӕ йын йӕ зондмӕ куы хъусӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын (Псалом 1:1–3; Ӕмбисӕндтӕ 2:6–9; 16:20).

«Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар». Нӕ царды алы ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл дӕр, стӕй ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ дӕр-иу хъуамӕ Хуыцауы разамынд агурӕм. Хъуамӕ йӕм кувӕм, цӕмӕй нын йӕ разамынд дӕтта, ӕмӕ йӕ Ныхас Библийы куыд фыст ис, афтӕ архайӕм (Псалом 25:4; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

«Ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн». Хуыцау нын нӕ фӕндаг раст кӕны, йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы (Ӕмбисӕндтӕ 11:5). Афтӕмӕй нӕхи ӕнӕхъуаджы зындзинӕдтӕй бахизӕм ӕмӕ амондджындӕр стӕм (Псалом 19:7, 8; Исай 48:17, 18).

Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6 стихтӕн сӕ контекст

Ӕмбисӕндты чиныджы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд уа. Фыццаг фараст сӕры афтӕ фыст сты, цыма фыд йӕ уарзон фыртӕн уынаффӕ дӕтты. Ӕртыккаг сӕрӕй базонӕн ис, Сфӕлдисӕджы зондӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕн уый цы пайда хӕссы, уый (Ӕмбисӕндтӕ 3:13–26).

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3 сӕр фиппаинӕгтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн стихтимӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын