БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ
Ӕмбисӕндтӕ 16:3. «Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн»
«Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 16:3, «Ног дунейы тӕлмац»).
«Дӕ хъуыддӕгтӕ Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ сӕххӕст уыдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 16:3, «Библи. Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ», 2022 аз»).
Ӕмбисӕндтӕ 16:3 стихӕн йӕ хъуыды
Ацы стихӕй бӕрӕг у, ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ фӕндтӕ сӕ къухы кӕй бафтдзысты, сӕ ныфс Хуыцауыл куы дарой, ома йын йӕ разамынд куы агурой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд.
«Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн». Йегъовӕйыa лӕггадгӕнджыты исты уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд дзы уый размӕ сӕрныллӕгӕй разамынд фӕкурынц (Иаковы 1:5). Цӕмӕн? Иу уымӕн, ӕмӕ адӕмӕн арӕх сӕ бар нӕ фӕцӕуы, цы хабӕрттӕ сыл ӕрцӕудзӕн, уыдоныл (Екклесиаст 9:11; Иаковы 4:13–15). Уымӕй уӕлдай ма сӕм, гӕнӕн ис, фаг зонд ма уа, цӕмӕй сӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕной. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ сӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы бар бакӕнынц. Фӕкувынц ӕм ӕмӕ дзы разамынд фӕкурынц ӕмӕ, йӕ Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ фӕархайынц (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
Дзырдбаст «Дунедарӕджыb бар бакӕн», зӕгъгӕ, комкоммӕ нысан кӕны «дӕ хъуыддӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕвӕр». Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ ацы дзырдбаст амоны, «йӕ уаргъ йӕ фӕсонтӕй чи ӕриста ӕмӕ йӕ, йӕхицӕй тыхджындӕр чи у ӕмӕ йӕ йӕ бон ахӕссын кӕмӕн у, уымӕ чи радта, ахӕм адӕймагмӕ». Йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл чи дары, уыдон нӕ дызӕрдыг кӕнынц, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл (Псалом 37:5; 55:22).
Ныхӕстӕ «дӕ хъуыддӕгтӕ» ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы фӕндтӕ иууылдӕр хорзыл банымайдзӕн ӕмӕ сын раарфӕ кӕндзӕн. Цӕмӕй Йегъовӕ адӕймагӕн арфӕ кӕна, уый тыххӕй йӕ фӕндтӕ хъуамӕ уой йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ (Псалом 127:1; 1 Иоанны 5:14 ). Адӕймаг Хуыцауы коммӕ куы нӕ кӕса, уӕд ын нӕ арфӕ кӕндзӕн. Псалом 146:9 стихы фыст ис, Йегъовӕ «фыдгӕнджытӕн... сӕ фӕндаг ныззылынтӕ кӕны». Фӕлӕ, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи архайы, уыдонӕн та Хуыцау ӕххуыс кӕны (Псалом 37:23).
«Ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты». Дзуттаг Фыстыты, хонынц ма йӕ Рагон Фӕдзӕхст дӕр, ирон ӕвзагмӕ, «дӕ къухы бафтдзысты» кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы ныхӕстӕн сӕ хъуыды у «бындур ӕвӕрын» ӕмӕ арӕх фӕамонынц, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ ӕнустӕм кӕй уыдзысты, уымӕ (Ӕмбисӕндтӕ 3:19; Йереми 10:12). Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн, йӕ цӕсты раст цы у, уый чи аразы, уыдонӕн, цӕмӕй ӕдас ӕмӕ амондджын уой (Псалом 20:4; Ӕмбисӕндтӕ 12:3).
Ӕмбисӕндтӕ 16:3 стихӕн йӕ контекст
Ацы ныхӕстӕ ныффыста паддзах Соломон, Ӕмбисӕндты чиныгӕн йӕ фылдӕр хай чи ныффыста, уый. Хуыцау ын цы зонд радта, уый фӕрцы йӕ бон уыд мингай зондджын хъуыдытӕ дзурын (1 Паддзӕхты 4:29, 32; 10:23, 24).
16-ӕм сӕры фыццаг стихты Соломон Хуыцауы зондӕй ӕппӕлы ӕмӕ ӕмбарын кӕны, Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕмӕй йе сӕфт кӕй уыны (Ӕмбисӕндтӕ 16:1–5). Уый фӕстӕ Соломон ӕмбарын кӕны, Ӕмбисӕндты чиныджы арӕх чи ӕмбӕлы, уыцы хъуыды: адӕймаг ӕцӕг зондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзӕн, сӕрныллӕг куы уа ӕмӕ Хуыцауы разамындмӕ куы хъуса, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 16:3, 6–8, 18–23). Ацы хъуыды Библийы тынг арӕх ӕмбӕлы (Псалом 1:1–3; Исай 26:3; Йереми 17:7, 8; 1 Иоанны 3:22).
Бакӕс ацы цыбыр видеороликмӕ ӕмӕ базон, Ӕмбисӕндты чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы, уый.
a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».
b Библийы бирӕ тӕлмацты Хуыцауы номы бӕсты ныффыстой титул «Дунедарӕг». Уый тыххӕй адӕймагӕн Библи ӕмбарын зын цӕмӕн у, уый базондзынӕ ацы рубрикӕйы иннӕ статьяйӕ «Исай 42:8. „Ӕз Дунедарӕг дӕн“».