Цыппӕрӕм, 10 июль
[Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый (Фил. 4:6).
Цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕдзух Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын дзурын, цӕуыл тыхсӕм, уыдӕттӕ (1 Фес. 5:17). Чи зоны, ныртӕккӕ уӕззау фӕлварӕныл не ’мбӕлыс. Фӕлӕ уӕддӕр, истӕуыл куы фӕтыхсыс, дӕ ныфс куы асӕтты кӕнӕ, куыд бакӕнай, уый куы нӕ фӕзоныс, уӕд Йегъовӕйӕ разамынд фӕкурыс? Ӕвӕццӕгӕн, алы бон дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлыс. Ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курай, уӕд фидӕны дӕр стырдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ афтӕ кӕндзынӕ. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ йӕ хорз кӕй зоны, кӕд дын баххуыс кӕна ӕмӕ дын куыд баххуыс кӕна (Пс. 27:1, 3). Абон-иу фӕлварӕнты рӕстӕг фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын фидӕны стыр бӕллӕхы рӕстӕг фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн (Ром. 5:3). Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ радзырдтой, иу зын уавӕр-иу куы сфӕрӕзтой, уӕд-иу сын уый кӕй баххуыс кодта иннӕ зын уавӕры дӕр фидар фӕлӕууынӕн. Уый фӕрцы-иу сӕ ноджы тынгдӕр бауырныдта, Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Ӕмӕ сын уыцы уырнындзинад та ӕххуыс кодта иннӕ фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн (Иак. 1:2–4). w23.07 3 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 11 июль
Ацы хъуыддаджы... дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (Райд. 19:21).
Йегъовӕ у сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад уый тыххӕй равдисы. Зӕгъӕм, сӕрныллӕг кӕй у, уый равдыста, Содомы хӕлд адӕмы фесафынмӕ куы хъавыд, уӕд. Йӕ зӕдты уылты рӕстгӕнӕг Лотӕн загъта, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ хӕхтӕм алыгъдаид. Фӕлӕ Лот уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ нын бар ратт, цӕмӕй Сигормӕ алидзӕм. Сигор уыд гыццыл горӕт, ӕмӕ Йегъовӕ уый дӕр фесафынмӕ хъавыд. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Лотӕн зӕгъын, куыд дын загътон, афтӕ бакӕн, ӕмӕ ууыл ныхас фӕци, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый Лотмӕ байхъуыста, ӕмӕ уыцы горӕт нал фесӕфта (Райд. 19:18–22). Бирӕ ӕнусты фӕстӕ та Йегъовӕ Ниневийы цӕрджытӕм равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Пехуымпар Ионӕйы сӕм арвыста, цӕмӕй сын фехъусын кодтаид, сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ горӕт дӕр се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ ниневиӕгтӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ Ниневи нал фесӕфта (Ионӕ 3:1, 10; 4:10, 11). w23.07 21 ф., 5 абз.
Сабат, 12 июль
[Иоасы] йӕ хуыссӕны амардтой. Уый фӕстӕ йӕ... бавӕрдтой, фӕлӕ, паддзӕхтӕ ныгӕд кӕм уыдысты, уым нӕ (2 Аз. 24:25).
Иоасы хабар нын зондзонӕн куыд у? Уый уыд, йӕ уидӕгтӕ арф кӕмӕн нӕ ацыдысты, ахӕм бӕласы хуызӕн. Ахӕм бӕласы фӕхъӕуы быцӕутӕ, цӕмӕй ма афӕлдӕха. Иоасӕн йӕ «быцӕу» – Иодай – куы нал уыд ӕмӕ, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдоны зондахаст ыл дымгӕйау куы радымдта, уӕд «афӕлдӕхт». Ацы хабарӕй бӕрӕг у: Хуыцауы коммӕ кӕсын нӕ хъуамӕ ӕрмӕст уый тыххӕй ма фӕнда, ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ кӕнынц афтӕ, суанг нӕ бинонтӕ куы уой, уӕддӕр. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ алкӕддӕр уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм. Уый тыххӕй та хъӕуы ӕдзух Библи иртасын, хъуыды йыл кӕнын ӕмӕ Хуыцаумӕ кувын (Йер. 17:7, 8; Кол. 2:6, 7). Йегъовӕ нӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы. Цы нӕ домы, уый фыст ис Екклесиасты 12:13 стихы: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс». Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд, фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ бон уыдзӕн фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ никуы адард уыдзыстӕм! w23.06 19 ф., 17–19 абз.