Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es25
  • Июль

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Июль
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Дыццӕг, 1 июль
  • Ӕртыццӕг, 2 июль
  • Цыппӕрӕм, 3 июль
  • Майрӕмбон, 4 июль
  • Сабат, 5 июль
  • Хуыцаубон, 6 июль
  • Къуырисӕр, 7 июль
  • Дыццӕг, 8 июль
  • Ӕртыццӕг, 9 июль
  • Цыппӕрӕм, 10 июль
  • Майрӕмбон, 11 июль
  • Сабат, 12 июль
  • Хуыцаубон, 13 июль
  • Къуырисӕр, 14 июль
  • Дыццӕг, 15 июль
  • Ӕртыццӕг, 16 июль
  • Цыппӕрӕм, 17 июль
  • Майрӕмбон, 18 июль
  • Сабат, 19 июль
  • Хуыцаубон, 20 июль
  • Къуырисӕр, 21 июль
  • Дыццӕг, 22 июль
  • Ӕртыццӕг, 23 июль
  • Цыппӕрӕм, 24 июль
  • Майрӕмбон, 25 июль
  • Сабат, 26 июль
  • Хуыцаубон, 27 июль
  • Къуырисӕр, 28 июль
  • Дыццӕг, 29 июль
  • Ӕртыццӕг, 30 июль
  • Цыппӕрӕм, 31 июль
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
es25

Июль

Дыццӕг, 1 июль

[Йесо] зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ... се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта (Хъуыд. 10:38).

Йесо цыфӕнды ма дзырдтаид ӕмӕ ма арӕзтаид,– алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ Фыды, ӕмӕ уый хауы, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонмӕ дӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы базонӕн уыд, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ йӕм цы ӕнкъарӕнтӕ ис, уый (Иоан. 14:9). Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон базонын цы у? Йесо ӕмӕ нӕ йӕ Фыд тынг уарзынц. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд арӕзта диссӕгтӕ, цӕмӕй-иу адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кодтаид. Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, тынг сӕ кӕй уарзы. Иухатт ын дыууӕ куырм лӕджы лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид (Матф. 20:30–34). Йесо сын кӕй «фӕтӕригъӕд кодта», уымӕ гӕсгӕ сӕ сдзӕбӕх кодта. «Фӕтӕригъӕд кодта»-йӕ цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый баст у, «хуылфыдзаумӕттӕ»-й кӕй ис ратӕлмац кӕнӕн, уыцы дзырдимӕ. Ӕмӕ амоны, Йесойӕн сӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ кӕй фӕрыст, уымӕ, раст цыма йӕ хуылфыдзаумӕттӕ фӕцӕйрӕдывтой, афтӕ. Йесо адӕмы уарзгӕ кӕй кодта, тӕригъӕд дӕр сын уымӕн кодта. Ӕмӕ йӕ ӕххормаг адӕмы бафсадын ӕмӕ, хъотырӕй рынчын чи уыд, уыцы нӕлгоймаджы сдзӕбӕх кӕнын дӕр бафӕндыд, кӕй сын фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй (Матф. 15:32; Мар. 1:41). Мах фидарӕй уырны: Йегъовӕ, «тынг тӕригъӕдгӕнаг» Хуыцау, ӕмӕ йӕ Фырт мах тынг уарзынц, ӕмӕ, кӕй хъизӕмар кӕнӕм, уый сын зын у (Лук. 1:78; 1 Пет. 5:7). Уыдоны тынг фӕнды адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕнын! w23.04 3 ф., 4, 5 абз.

Ӕртыццӕг, 2 июль

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон, ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут. Уый хъахъхъӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны удтӕ, фыдгӕнджыты къухӕй сӕ ирвӕзын кӕны (Пс. 97:10).

Хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй ныл къаддӕр ӕндавой, Хӕйрӕджы дунейы цы зондыл ӕмӕ цы хъуыдытыл хӕст сты, уыдон. Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы иртасӕм, уӕд нӕ зонд дзаг кӕндзыстӕм хорз хъуыдытӕй. Стӕй, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый дӕр нын ӕххуыс кӕны нӕ зондахаст хъахъхъӕнынӕн. Ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны (1 Кор. 10:12, 13). Мах цӕрӕм ацы дунейы фӕстаг бонты. Ӕмӕ цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй нӕ алкӕй дӕр хъӕуы Йегъовӕмӕ ноджы фылдӕр кувын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын нӕ зӕрдӕтӕ ӕргом кӕнӕм (Пс. 62:8). Йегъовӕйы кадджын кӕн ӕмӕ, цы аразы, уыдӕтты тыххӕй йын бузныг дзур. Кур дзы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнай. Зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлай ӕмӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дзы кур ӕххуыс. Мачи ӕмӕ дӕ мацы бахъыгдарӕд Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кувын. w23.05 7 ф., 17, 18 абз.

Цыппӕрӕм, 3 июль

Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм... кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Дзут. 10:24, 25).

Ӕмбырдтӕм сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕцӕуӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм (Пс. 26:12; 111:1). Ӕмбырдтӕм ма фӕцӕуӕм, цӕмӕй ацы зын рӕстӕджыты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (1 Фес. 5:11). Ӕмӕ нӕ къухыл куы схӕцӕм ӕмӕ дзуапп куы раттӕм, уӕд ацы дыууӕ хъуыддаджы нӕ къухы бафтынц. Фӕлӕ нӕ, гӕнӕн ис, цыдӕр хъыгдара дзуапп раттын. Чи зоны, уымӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, дзуапп дӕттын уарзӕм, фӕлӕ нӕ афтӕ арӕх нӕ бафӕрсынц. Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн? Апостол Павел загъта, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй хъуамӕ ӕфтауӕм. Хуымӕтӕг дзуаппӕй дӕр нӕ бон у нӕ уырнындзинад равдисын ӕмӕ иннӕты бафидар кӕнын. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕ къухыл схӕцын ӕмӕ-иу афтӕ тынг нӕ тыхсдзыстӕм. Ӕмӕ нӕ арӕх куы нӕ фӕрсой, уӕддӕр-иу нын ӕхсызгон уыдзӕн, иннӕтӕн сӕ бон кӕй у дзуапп раттын, уый (1 Пет. 3:8). w23.04 20 ф., 1–3 абз.

Майрӕмбон, 4 июль

Ацӕуӕнт Иерусалиммӕ... ӕмӕ ногӕй саразӕнт... Йегъовӕйӕн... Иерусалимы цы хӕдзар уыд, уый (Езд. 1:3).

Паддзах бардзырд радта! Дзуттӕгтӕ 70 азы уыдысты уацары Вавилоны. Ӕмӕ ныр сӕ бон у сӕ бӕстӕмӕ, Израилмӕ, аздӕхын (Езд. 1:2–4). Уыцы хъуыддаг ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон уыд саразын. Вавилон-иу йӕ уацайрӕгты никуы уагъта (Ис. 14:4, 17). Фӕлӕ Вавилон басастой, ӕмӕ ног хицау дзуттӕгтӕн загъта, сӕ бон кӕй у ацӕуын. Алы дзуттаджы дӕр, уӕлдайдӕр бинонты хистӕрты, хъуыди уынаффӕ рахӕссын: Вавилонӕй ацӕуой ӕви уым баззайой. Ӕмӕ уый ӕнцон нӕ уыди. Бирӕтӕ базӕронд сты, ӕмӕ сын зын уыдаид уыцы дард фӕндагыл цӕуын. Стӕй дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Вавилоны райгуырдысты, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, уый уыди сӕ райгуырӕн бӕстӕ. Израил та сын уыди сӕ фыдӕлты зӕхх, сӕ фыдӕлты уӕзӕг. Чидӕртӕ Вавилоны тынг схъӕздыг сты, уыди сын хорз хӕдзӕрттӕ, бирӕ ӕхца сӕм кӕмӕй ӕфтыд, ахӕм куыст. Ӕмӕ сын зын уыдаид уыдӕттӕ ныууадзын ӕмӕ кӕмдӕр ӕнӕзонгӕ ран ӕрцӕрын. w23.05 14 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 5 июль

Уӕхи цӕттӕ дарут (Матф. 24:44).

Хуыцауы Ныхас нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр исӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ноджы тынгдӕр уарзӕм. Лукайы 21:19 стихы фыст ис: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ». Колоссӕгтӕм 3:12 стихы фыст ис: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын». Ӕмӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 4:9, 10 стихты та фыст ис: «Хуыцау [уӕ] йӕхӕдӕг ахуыр кӕны уӕ кӕрӕдзийы уарзын. [...] Фӕлӕ уын уый фӕдзӕхсӕм, не ’фсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ уарзондзинад уа ноджы тыхджындӕр». Ацы стихты ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты чырыстӕттӕн. Уыдон уыцы миниуджытӕ уӕдмӕ дӕр ӕвдыстой, фӕлӕ сӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр сӕ удыхъӕды фидар кодтаиккой. Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Базон, 1 ӕнусы чырыстӕттӕ уыцы миниуджытӕ куыд ӕвдыстой, уый. Стӕй ахъуыды кӕн, дӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй стыр бӕллӕхмӕ цӕттӕ уай. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд ӕй зондзынӕ, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕппӕт дӕр сфӕразай, ӕмӕ дӕ фӕнддзӕн кӕронмӕ дӕр фидар фӕлӕууын. w23.07 3 ф., 4, 8 абз.

Хуыцаубон, 6 июль

Уым конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг... Сыгъдӕг фӕндаг (Ис. 35:8).

Уӕлдай нӕу, сӕрст чырыстӕттӕй стӕм ӕви «ӕндӕр фыстӕй»,– хъуамӕ «Сыгъдӕг фӕндагӕй» ма ахизӕм (Иоан. 10:16). Уыцы фӕндагыл кӕй цӕуӕм, уый фӕрцы ныр дӕр ахӕсгӕ хуызы стӕм дзӕнӕты. Ӕмӕ фидӕны, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕргӕйӕ, схайджын уыдзыстӕм дуне арфӕдзинӕдтӕй. 1919 азӕй фӕстӕмӕ милуангай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ рацыдысты Стыр Вавилонӕй (Стыр Вавилон амоны мӕнг динтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр). Ӕмӕ уыдон иууылдӕр райдыдтой уыцы фӕндагыл цӕуын. Йегъовӕ бацархайдта, цӕмӕй, Вавилонӕй чи рацыд, уыцы дзуттӕгтӕн сӕ разӕй цӕлхдуртӕ ист ӕрцыдаиккой (Ис. 57:14). Цы зӕгъӕн ис нырыккон «Сыгъдӕг фӕндаджы» тыххӕй та? 1919 азы размӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы Йегъовӕ фӕндаг цӕттӕ кодта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид Стыр Вавилонӕй рацӕуын. (Абар Исайы 40:3.) Уый арӕзта, чи йӕ нымадта, ахӕм нӕлгоймӕгты уылты. Уыдон, цы хъуыд, уый арӕзтой, цӕмӕй уый фӕстӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон уыдаид мӕнг дин ныууадзын, ахӕсгӕ хуызы дзӕнӕтмӕ бацӕуын ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕнын. w23.05 16 ф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 7 июль

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут цингӕнгӕйӕ. Фырцинӕй зарут ӕмӕ афтӕмӕй ӕрлӕуут йӕ разы (Пс. 100:2).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм (2 Кор. 9:7). Ӕмӕ уӕд раст уыдзӕн, куы нӕ нӕ фӕнда, уӕддӕр нӕ нысанмӕ куы тырнӕм? Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Уый загъта: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын» (1 Кор. 9:25–27). Павел-иу йӕхицӕн фидарӕй загъта, нӕ, хъуамӕ, раст куыд у, афтӕ бакӕнон, зӕгъгӕ, кӕд-иу ӕй ӕндӕрхуызон бакӕнын фӕндыд, уӕддӕр. Цымӕ уӕд Йегъовӕ Павелы лӕггадӕй райгонд уыди? Бӕгуыдӕр! Ӕмӕ йӕ йӕ фыдӕбоны тыххӕй схорзӕхджын кодта (2 Тим. 4:7, 8). Йегъовӕ махӕй дӕр райгонд уыдзӕн, куы нӕ нӕ фӕнда, фӕлӕ уӕддӕр нӕ нысанмӕ куы тырнӕм, уӕд. Уый зоны: иуӕй-иу хатт цавӕрдӕр хъуыддаг фӕаразӕм, уыцы хъуыддаг нӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ йын уый ӕхсызгон вӕййы. Йегъовӕ Павелӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ махӕн дӕр раарфӕ кӕндзӕн нӕ фыдӕбоны тыххӕй (Пс. 126:5). Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕ куы фенӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕйы зынг ссудза, ӕмӕ нӕ нысанмӕ тырнын райдайӕм. w23.05 29 ф., 9, 10 абз.

Дыццӕг, 8 июль

Ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон (1 Фес. 5:2).

Йегъовӕйы бон чи нӕ аирвӕздзӕн, уыцы адӕмы апостол Павел абарста, фынӕй чи кӕны, ахӕм адӕймагимӕ. Адӕймаг фынӕй куы фӕкӕны, уӕд нӕ фембары, йӕ алыварс цытӕ цӕуы кӕнӕ рӕстӕг куыд цӕуы, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ вӕййы бамбарын, ахсджиаг хабӕрттӕ кӕй ӕрцыд, уый дӕр. Кӕд уыцы уавӕрты исты саразын фӕхъӕуы, уӕд уый дӕр йӕ бон нӕ вӕййы саразын. Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр, зӕгъӕн ис, фынӕй сты (Ром. 11:8). «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм ӕмӕ стыр бӕллӕх тагъд кӕй райдайдзӕн, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ дарынц (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ йӕ мах ӕмбарӕм, бонӕй-бонмӕ ноджы ахсджиагдӕр кӕй у, цӕмӕй цырддзаст уӕм ӕмӕ ма бафынӕй уӕм (1 Фес. 5:6). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕ сабыр уа ӕмӕ уӕззау зондӕй архайӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды политикӕимӕ баст фарстаты искӕй фарс хӕцын кӕнӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл тох кӕнын. Йегъовӕйы бон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ ацы дуне ноджы тынгдӕр архайдзӕн, цӕмӕй искӕй фарс рахӕцӕм. Фӕлӕ, цы дзурдзыстӕм ӕмӕ нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой, уӕззау зондӕй архайӕм ӕмӕ-иу раст уынаффӕтӕ рахӕссӕм (Лук. 12:11, 12). w23.06 9, 10 фф., 6, 7 абз.

Ӕртыццӕг, 9 июль

Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн, ӕмӕ... мын... ратт хъарутӕ (Тӕрх. 16:28).

Самсоны ном куы фехъусыс, уӕд дӕ цӕстытыл чи ауайы? Ӕвӕццӕгӕн, тынг тыхджын ӕмӕ хъаруджын адӕймаг. Ӕмӕ Самсон ӕцӕгӕйдӕр ахӕм уыд. Фӕлӕ иухатт ӕвзӕр уынаффӕ рахаста, ӕмӕ йӕхи фыдбылызы баппӕрста. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггад нӕ ферох кодта, ӕмӕ йын йӕ хабар Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй дзы мах цӕуылдӕр сахуыр уӕм. Йегъовӕ Самсоны уылты диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй йе ’взӕрст адӕмӕн, Израилӕн, баххуыс кодтаид. Самсоны мӕлӕтӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ апостол Павелӕн ныффыссын кодта, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, уыдоны номхыгъд, ӕмӕ се ’хсӕн ис Самсон дӕр (Дзут. 11:32–34). Уый тынг уӕззау уавӕрты дӕр йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардта. Йӕ хабар нын ныфсы хос у ӕмӕ дзы бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. w23.09 2 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 10 июль

[Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый (Фил. 4:6).

Цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕдзух Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын дзурын, цӕуыл тыхсӕм, уыдӕттӕ (1 Фес. 5:17). Чи зоны, ныртӕккӕ уӕззау фӕлварӕныл не ’мбӕлыс. Фӕлӕ уӕддӕр, истӕуыл куы фӕтыхсыс, дӕ ныфс куы асӕтты кӕнӕ, куыд бакӕнай, уый куы нӕ фӕзоныс, уӕд Йегъовӕйӕ разамынд фӕкурыс? Ӕвӕццӕгӕн, алы бон дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлыс. Ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курай, уӕд фидӕны дӕр стырдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ афтӕ кӕндзынӕ. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ йӕ хорз кӕй зоны, кӕд дын баххуыс кӕна ӕмӕ дын куыд баххуыс кӕна (Пс. 27:1, 3). Абон-иу фӕлварӕнты рӕстӕг фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын фидӕны стыр бӕллӕхы рӕстӕг фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн (Ром. 5:3). Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ радзырдтой, иу зын уавӕр-иу куы сфӕрӕзтой, уӕд-иу сын уый кӕй баххуыс кодта иннӕ зын уавӕры дӕр фидар фӕлӕууынӕн. Уый фӕрцы-иу сӕ ноджы тынгдӕр бауырныдта, Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Ӕмӕ сын уыцы уырнындзинад та ӕххуыс кодта иннӕ фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн (Иак. 1:2–4). w23.07 3 ф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 11 июль

Ацы хъуыддаджы... дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (Райд. 19:21).

Йегъовӕ у сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад уый тыххӕй равдисы. Зӕгъӕм, сӕрныллӕг кӕй у, уый равдыста, Содомы хӕлд адӕмы фесафынмӕ куы хъавыд, уӕд. Йӕ зӕдты уылты рӕстгӕнӕг Лотӕн загъта, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ хӕхтӕм алыгъдаид. Фӕлӕ Лот уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ нын бар ратт, цӕмӕй Сигормӕ алидзӕм. Сигор уыд гыццыл горӕт, ӕмӕ Йегъовӕ уый дӕр фесафынмӕ хъавыд. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Лотӕн зӕгъын, куыд дын загътон, афтӕ бакӕн, ӕмӕ ууыл ныхас фӕци, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый Лотмӕ байхъуыста, ӕмӕ уыцы горӕт нал фесӕфта (Райд. 19:18–22). Бирӕ ӕнусты фӕстӕ та Йегъовӕ Ниневийы цӕрджытӕм равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Пехуымпар Ионӕйы сӕм арвыста, цӕмӕй сын фехъусын кодтаид, сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ горӕт дӕр се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ ниневиӕгтӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ Ниневи нал фесӕфта (Ионӕ 3:1, 10; 4:10, 11). w23.07 21 ф., 5 абз.

Сабат, 12 июль

[Иоасы] йӕ хуыссӕны амардтой. Уый фӕстӕ йӕ... бавӕрдтой, фӕлӕ, паддзӕхтӕ ныгӕд кӕм уыдысты, уым нӕ (2 Аз. 24:25).

Иоасы хабар нын зондзонӕн куыд у? Уый уыд, йӕ уидӕгтӕ арф кӕмӕн нӕ ацыдысты, ахӕм бӕласы хуызӕн. Ахӕм бӕласы фӕхъӕуы быцӕутӕ, цӕмӕй ма афӕлдӕха. Иоасӕн йӕ «быцӕу» – Иодай – куы нал уыд ӕмӕ, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдоны зондахаст ыл дымгӕйау куы радымдта, уӕд «афӕлдӕхт». Ацы хабарӕй бӕрӕг у: Хуыцауы коммӕ кӕсын нӕ хъуамӕ ӕрмӕст уый тыххӕй ма фӕнда, ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ кӕнынц афтӕ, суанг нӕ бинонтӕ куы уой, уӕддӕр. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ алкӕддӕр уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм. Уый тыххӕй та хъӕуы ӕдзух Библи иртасын, хъуыды йыл кӕнын ӕмӕ Хуыцаумӕ кувын (Йер. 17:7, 8; Кол. 2:6, 7). Йегъовӕ нӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы. Цы нӕ домы, уый фыст ис Екклесиасты 12:13 стихы: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс». Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд, фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ бон уыдзӕн фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ никуы адард уыдзыстӕм! w23.06 19 ф., 17–19 абз.

Хуыцаубон, 13 июль

Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног! (Рарг. 21:5).

5-ӕм стих райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта» (Рарг. 21:5a). Раргомады чиныджы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ скъуыддзаджы ис фыст, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй дзуры цӕстылуайӕнты. Ӕмӕ уыцы ӕртӕ скъуыддзагӕй ай у сӕ иу. 5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм стихты чи ис, уыцы ныхӕстӕ нӕдӕр хъомысджын зӕд загъта, нӕдӕр Йесо. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ йыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ «йӕ бон сайын... нӕу» (Тит. 1:2). Ӕркӕсӕм ацы ныхӕстӕм: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» Грекъаг тексты ма ацы ныхӕстӕн сӕ разӕй ис иу дзырд, ӕмӕ йӕ ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ: «кӕс-ма» кӕнӕ «байхъус-ма». Раргомады чиныджы арӕх ӕмбӕлы. Ацы ран адӕймаг хъуамӕ йе ’ргом раздаха Хуыцауы ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, «цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног». Йегъовӕ ацы ран дзуры фидӕны ивындзинӕдты тыххӕй. Фӕлӕ афтӕ дзуры, цыма уыцы хъуыддӕгтӕ ныридӕгӕн райдыдта аразын, уымӕн ӕмӕ зоны, йӕ зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Ис. 46:10). w23.11 3, 4 фф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 14 июль

Ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта (Матф. 26:75).

Апостол Петры хъӕндзинӕдтӕ-иу кӕцыдӕр уавӕрты рабӕрӕг сты. Ӕрхӕссӕм цалдӕр цӕвиттоны. Иухатт Йесо куы ’мбарын кодта, кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ кӕй амӕлдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Библийы пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уӕд ын Петр бауайдзӕф кодта, ахӕм хабар, дам, дыл ма ’рцӕуӕд (Мар. 8:31–33). Петр ӕмӕ-иу иннӕ апостолтӕ арӕх быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл (Мар. 9:33, 34). Йесойы мӕлӕты размӕ изӕр Петр йӕхиуыл нӕ фӕхӕцыд ӕмӕ хистӕр сауджыны цагъарӕн йӕ хъус ахауын кодта (Иоан. 18:10). Уыцы ’хсӕв ма афтӕ фӕтарст, ӕмӕ йе ’мбалӕй, Йесойӕ, ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Мар. 14:66–72). Ӕмӕ уый фӕстӕ тынг фӕкуыдта. Петр тынг ныфссаст уыд. Ӕмӕ кӕд фӕрӕдыд, уӕддӕр ыл Йесо йӕ къух нӕ ауыгъта. Куы райгас, уӕд ын фадат радта, цӕмӕй равдыстаид, кӕй йӕ уарзта, уый. Загъта йын, мӕ фысты, дам, мын хиз (Иоан. 21:15–17). Ӕмӕ Петр дӕр зӕрдиагӕй сразы. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг хатт сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты Иерусалимы Фӕндзайӕм боны, ӕмӕ Петр дӕр се ’хсӕн уыд. w23.09 22 ф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 15 июль

Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм (Иоан. 21:16).

Апостол Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Хуыцауы дзуг... хизут» (1 Пет. 5:1–4). Мах ӕй зонӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, стӕй сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы дзугӕн хорз фыййӕуттӕ уой. Фӕлӕ сын иуӕй-иу хатт ацы ахсджиаг хӕс ӕххӕст кӕнын зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ вӕййынц тынг фӕллад кӕнӕ тынг ӕнӕвдӕлон. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон цы у саразын? Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ йын радзур, цӕуыл мӕт кӕныс, уыдӕттӕ. Петр ныффыста: «Чи лӕггад кӕны, уый йӕ ныфс дарӕд, Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны, ууыл» (1 Пет. 4:11). Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй кӕцыдӕртӕй ӕрмӕстдӕр ног дунейы фервӕздзысты. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: дӕ бон сын цӕмӕй нӕу баххуыс кӕнын, уымӕй сын баххуыс кӕндзӕн «хистӕр фыййау» – Йесо Чырысти. Цыдӕр сараздзӕн абон, цыдӕр та – ног дунейы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм та Йегъовӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты уарзой, фидар сӕ кӕной ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой, стӕй «дзугӕн фӕзминаг» уой. w23.09 30 ф., 13, 14 абз.

Ӕртыццӕг, 16 июль

Йегъовӕ йӕ зоны, зондджынты ныхӕстӕ ӕнӕпайда кӕй сты (1 Кор. 3:20).

Хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй ныл адӕмы зондахаст ма бандава. Адӕмы зондахаст ныл куы бандава, уӕд ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы дӕр ферох кӕндзыстӕм, ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ халын райдайдзыстӕм (1 Кор. 3:19). «Ацы дунейы зондӕй» чи цӕры, уыдон арӕх вӕййынц Хуыцауӕн ӕгоммӕгӕс. Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыцы горӕтты цӕрӕг адӕмы хуызӕн бафтыдысты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл ӕмӕ хӕтындзинадыл. Ӕмӕ Йесо дыууӕ ӕмбырдӕн дӕр карзӕй бауайдзӕф кодта, хӕтындзинад ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй (Рарг. 2:14, 20). Абон дӕр чидӕртӕ фӕархайынц, цӕмӕй чырыстӕтты рӕдыд зондыл саразой. Гӕнӕн ис, нӕ бинонтӕ кӕнӕ нын нӕ зонгӕтӕ дзурой, ницы уын ис аразӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ нын Йегъовӕйы закъӕттӕ халын кӕной. Чи зоны нын фӕдзурынц, дӕ буары монцты фӕдыл цӕуай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕ ничиуал цӕры, зӕгъгӕ. Иуӕй-иу хатт нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕ цы амындтӕ дӕтты, уыдон фаг не сты, ӕмӕ, «фыст цы у, уый сӕрты» ахизӕм (1 Кор. 4:6). w23.07 16 ф., 10, 11 абз.

Цыппӕрӕм, 17 июль

Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).

Йесойы мад Марийӕйы хъуыд бафидар кӕнын. Марийӕ уыд ӕнӕцыд чызг, фӕлӕ хъуамӕ басывӕрджын уыдаид. Уӕдӕ йын сывӕллӕттӕ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ сӕ куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый дӕр нӕ зыдта. Фӕлӕ хъуамӕ суыдаид Мессийӕйы мад. Уымӕй уӕлдай ма йӕ хъуыди йӕ мойаг Иосифимӕ аныхас кӕнын. Куыд ын хъуамӕ бамбарын кодтаид, сывӕрджын кӕй у, кӕд ӕмӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ӕрцыд? (Лук. 1:26–33). Марийӕйӕн цы баххуыс кодта? Уый иннӕтӕй ӕххуыс ракуырдта. Зӕгъӕм, Гавриилӕн загъта, цӕмӕй йын уыцы хӕслӕвӕрды тыххӕй фылдӕр радзырдтаид (Лук. 1:34). Гыццыл фӕстӕдӕр та ацыд «хӕхбӕстӕм», Иудӕйы горӕттӕй иумӕ, цӕмӕй йӕ хӕстӕг Елизаветӕйы бабӕрӕг кодтаид. Елизаветӕ Марийӕйӕ раппӕлыд, стӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ, Марийӕйӕн йӕ гуыбыны цы лӕппу уыд, уый тыххӕй пехуымпарад загъта (Лук. 1:39–45). Марийӕ та загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «йӕ цонджы хъаруйӕ сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ» (Лук. 1:46–51). Афтӕ Гавриил ӕмӕ Елизаветӕйы уылты Йегъовӕ Марийӕйы хъарутӕ бауагъта. w23.10 14, 15 фф., 10–12 абз.

Майрӕмбон, 18 июль

Йӕ Хуыцауы ӕмӕ [нӕ] йӕ Фыды паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ... скодта (Рарг. 1:6).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй 144 000 йемӕ уӕлӕрвты лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй (Рарг. 14:1). Уыдон сты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг бынат амоны, зӕххыл ма куы вӕййынц, уӕд сӕ Хуыцау йӕхицӕн фырттӕ кӕй скӕны, уымӕ. Уый саразы, йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕ кӕй байсӕрды, уый фӕрцы (Ром. 8:15–17). Ӕппӕты сыгъдӕг бынат амоны уӕлӕрвтӕм, Йегъовӕйы цӕрӕнбынатмӕ. Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кодта, уыцы «ӕмбӕрзӕн» та амоны Йесойы зӕххон буармӕ. Цалынмӕ йын ахӕм буар уыд, уӕдмӕ йӕ бон нӕ уыд уӕлӕрвтӕм бацӕуын ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны цытджын Хистӕр сауджынӕй лӕггад кӕнын. Йӕ буар адӕмы тыххӕй нывондӕн куы ’рхаста, уӕд сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр уӕларвон цардмӕ фӕндаг бакодта. Ӕмӕ цӕмӕй сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсой, уый тыххӕй уыдоны дӕр фӕхъӕуы сӕ зӕххон буӕрттӕй фервӕзын (Дзут. 10:19, 20; 1 Кор. 15:50). w23.10 28 ф., 13 абз.

Сабат, 19 июль

Гедеоны... тыххӕй дзурон, уыйбӕрц рӕстӕг кӕм ис (Дзут. 11:32).

Гедеонӕн ефремӕгтӕ куы уайдзӕф кодтой, уӕд сын сабырӕй дзуапп радта (Тӕрх. 8:1–3). Гедеон не смӕсты. Уый сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ сын сӕ хъӕстытӕм байхъуыста, стӕй семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Ӕмӕ уӕд ефремӕгтӕ ӕрсабыр сты. Ӕмбаргӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕзмынц Гедеоны. Исчи сӕ куы фӕхъаст кӕны, уӕд ӕм лӕмбынӕг байхъусынц ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц (Иак. 3:13). Афтӕмӕй ӕмбырды фарн бахъахъхъӕнынц. Гедеон мадиамӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй дзы куы ӕппӕлыдысты, уӕд скадджын кодта Йегъовӕйы (Тӕрх. 8:22, 23). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Гедеоны бафӕзмын? Исты сын куы бантысы, уӕд-иу уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы скадджын кӕной (1 Кор. 4:6, 7). Зӕгъӕм, исчи хистӕр нӕлгоймагӕй куы ӕппӕла, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхсы, уый тыххӕй, уӕд йӕ бон у уыцы адӕймаджы ӕргом Хуыцауы Ныхасмӕ раздахын ӕмӕ зӕгъын, уыцы амындтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ Библийӕ кӕй сты, кӕнӕ та йын зӕгъын, не ’ппӕты дӕр Йегъовӕйы организаци кӕй ахуыр кӕны. Хистӕр нӕлгоймӕгты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, мыййаг, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕргом сӕхимӕ ӕгӕр не здахынц. w23.06 4 ф., 7, 8 абз.

Хуыцаубон, 20 июль

Уӕ хъуыдытӕ мӕ хъуыдыты хуызӕн не сты (Ис. 55:8).

Йегъовӕ нын нӕ курдиат куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цӕй тыххӕй йӕм кувын, уый раст у?» Арӕх нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ хорз зонӕм, хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕ цы фӕкурӕм, уыдӕттӕ алы хатт нӕ пайдайӕн нӕ вӕййынц. Чи зоны, зын уавӕры Йегъовӕмӕ кувӕм, афтӕ ӕмӕ мын афтӕ баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕ хуыздӕр цыдӕр зоны, куыд нын баххуыс кӕна. Нӕ иуӕй-иу курдиӕттӕ та йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ вӕййынц (1 Иоан. 5:14). Ахъуыды кӕнӕм ныййарджытыл. Уыдон Йегъовӕмӕ кувынц, цӕмӕй йын сӕ сывӕллон дарддӕр дӕр лӕггад кӕна ӕмӕ рӕстдзинады фӕндаг макуы ныууадза. Ӕмӕ афтӕ дӕр ис кувӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй адӕймаджы йӕхи бафӕнда Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уый хауы сывӕллӕттӕм дӕр (Дык. з. 10:12, 13; 30:19, 20). Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курой, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ сывӕллоны зӕрдӕ бацагайын, ӕмӕ Йегъовӕйы бауарза, стӕй йӕ хӕлар суа (Ӕмб. 22:6; Еф. 6:4). w23.11 21 ф., 5 абз.; 23 ф., 12 абз.

Къуырисӕр, 21 июль

Уӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут (1 Фес. 4:18).

Ахсджиаг цӕмӕн у нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисын? Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Ацы ран Павел цы дзырдӕй спайда кодта, уый нысан кӕны, тынг зын уавӕры чи ис, уыцы адӕймаджы фарсмӕ балӕууын ӕмӕ йӕ бафидар кӕнын». Уӕдӕ, зын уавӕры чи ис, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн йӕ ныфсыл ныфс куы бафтауӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ куы ’рсабыр кӕнӕм, уӕд ын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй та ногӕй йӕ къахыл слӕууа ӕмӕ дарддӕр царды фӕндагыл цӕуа. Афтӕ цал хатты бакӕнӕм, уал хатты равдисӕм, уыцы хойы кӕнӕ уыцы ’фсымӕры кӕй уарзӕм (2 Кор. 7:6, 7, 13). Цы хъӕуы, цӕмӕй-иу нӕ бафӕнда адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауын? Хъуамӕ йын тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаджы фӕфӕнды, уӕззау уавӕры чи ис, уымӕн йӕ зын фӕрогдӕр кӕнын, цӕмӕй йын фенцондӕр уа. Павел бамбарын кодта, Йегъовӕ дӕр ахӕм кӕй у. Уый загъта, Йегъовӕ кӕй у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» (2 Кор. 1:3). w23.11 9, 10 фф., 8–10 абз.

Дыццӕг, 22 июль

Цин кӕнӕм фыдӕвзарӕнты дӕр (Ром. 5:3).

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр ӕмбӕлдзысты фыдӕвзарӕнтыл. Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Фессалоникӕгтӕн загъта: «Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, зындзинӕдтӕ нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый дӕр зонут» (1 Фес. 3:4). Коринфӕгтӕм та ныффыста: «Не ’фсымӕртӕ, фӕнды нӕ, цӕмӕй зонат... цы бӕллӕхы бахаудыстӕм, уый тыххӕй. ...Удӕгасӕй баззайын ӕнхъӕл дӕр нал уыдыстӕм» (2 Кор. 1:8; 11:23–27). Ӕмӕ абон дӕр чырыстӕттӕ ӕмбӕлынц зындзинӕдтыл (2 Тим. 3:12). Йесойыл кӕй баууӕндыдтӕ ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг кӕй сдӕ, уый тыххӕй дӕ, гӕнӕн ис, де ’мбӕлттӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕ ӕфхӕрынц. Кӕнӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг уай ӕмӕ ма сайай, уый тыххӕй дӕм, чи зоны, куысты ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц (Дзут. 13:18). Йе та, гӕнӕн ис, хицауад дӕ ныхмӕ цӕуы, цы ныфс дын ис, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр кӕй дзурыс, уый тыххӕй. Фӕлӕ Павел зӕгъы, цыфӕнды фыдӕвзарӕнты ма бахауӕм, уӕддӕр цин кӕй хъуамӕ кӕнӕм. w23.12 10, 11 фф., 9, 10 абз.

Ӕртыццӕг, 23 июль

Фыдбылызы мӕ баппӕрстат (Райд. 34:30).

Иаков бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Симеон ӕмӕ Леви сӕ митӕй сӕ бинонты фӕхудинаг кодтой ӕмӕ Йегъовӕйы номыл цъыф бакалдтой. Уый фӕстӕ та Иаковӕн йӕ зынаргъ бинойнаг Рахил аргӕ-арын амард. Ӕппынфӕстаг, тынг ӕххормаг заман кӕй скодта, уый тыххӕй Иаковы зӕрондӕй бахъуыд, кӕм цард, уырдыгӕй сыстын ӕмӕ Египетмӕ ацӕуын (Райд. 35:16–19; 37:28; 45:9–11, 28). Кӕд Иаков уыйбӕрц фыдӕбӕттӕ федта, уӕддӕр алкӕддӕр ӕууӕндыд Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр равдыста, райгонд дзы кӕй уыд. Иаковӕн бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ радта. Ӕмӕ дзы Иаков куыд бузныг уыдаид, ногӕй та йӕ хъӕбул Иосифы куы федта, уӕд! Бирӕ азты дӕргъы йын мардӕнхъӕл уыди. Иаковӕн Йегъовӕ йе ’ввахс Хӕлар кӕй уыд, уый фӕрцы сфӕрӕзта ӕппӕт уыцы фӕлварӕнтӕ (Райд. 30:43; 32:9, 10; 46:28–30). Ӕмӕ махӕн дӕр Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон сфӕразын. w23.04 15 ф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 24 июль

Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн (Пс. 23:1).

23-ӕм псаломӕй бӕрӕг у, Давиды фидарӕй кӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзта ӕмӕ йыл кӕй тыхсти, уый. Йегъовӕ уыд йе ’ввахс Хӕлар. Давид ӕй хоны йӕ Фыййау. Уый йыл йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъуыста. Ӕмӕ уый фӕрцы ницӕмӕй тарст. Давид зыдта, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт йемӕ кӕй уыдзӕн цӕрӕнбонты. Уый йӕ афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырныдта? Давид ууыл нӕ дызӕрдыг кодта, уымӕн ӕмӕ уыдта, Йегъовӕ йын алкӕддӕр кӕй лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъуыд, уыдӕттӕ. Стӕй Йегъовӕ уыд йӕ Хӕлар ӕмӕ дзы уыд райгонд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Давид зыдта: фидӕны цыфӕнды ма ’рцӕуа,– Йегъовӕ йӕ, ӕнӕмӕнг цы у, уыдӕттӕй цух нӕ уадздзӕн. Фӕлмӕн уарзтӕй йӕ кӕй уарзы, уый йӕ афтӕ тынг уырныдта, ӕмӕ-иу ницӕуылуал мӕт кодта. Ӕмӕ уыди тынг амондджын (Пс. 16:11). w24.01 28, 29 фф., 12, 13 абз.

Майрӕмбон, 25 июль

Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ (Матф. 28:20).

Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ бӕстӕты Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ бон у хорз хабар сӕрибарӕй хъусын кӕнын. Ныр хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ бирӕтӕ Йегъовӕйы базыдтой. Абон дӕр Разамонӕг совет архайы Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ. Уыцы ’фсымӕрты фӕнды, цӕмӕй, цы амындтӕ дӕттынц, уыдонӕй зӕгъӕн уа, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ. Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та разамынд дӕттынц ӕмбырдтӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй сӕрст чырыстон чи у, уыдон – ӕмӕ уыимӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр – сты Чырыстийӕн «йӕ рахиз къухы» (Рарг. 2:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдигӕ дӕр кӕнынц. Хатт-иу Моисей, Йесо Навин ӕмӕ апостолтӕ дӕр фӕрӕдыдысты (Ным. 20:12; Йес. Н. 9:14, 15; Ром. 3:23). Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕууӕнкджын цагъарӕн дӕр ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр разамынд Чырысти кӕй дӕтты. Ӕмӕ дарддӕр дӕр афтӕ кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыдоны уылты цы разамынд дӕтты, ууыл. w24.02 23, 24 фф., 13, 14 абз.

Сабат, 26 июль

Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут (Еф. 5:1).

Иннӕтӕн Йегъовӕйы хорзы кой куы кӕнӕм ӕмӕ сын куы дзурӕм, куыд тынг ӕй уарзӕм ӕмӕ дзы куыд бузныг стӕм, уый тыххӕй, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, нӕ сӕйраг нысан кӕй у адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой ӕмӕ нӕ зынаргъ Фыды мах хуызӕн бауарзой (Иак. 4:8). Махӕн ӕхсызгон у адӕмӕн, Библийы Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый ӕвдисын. Фӕдзурӕм сын йӕ уарзондзинады, йӕ ӕгӕрон тыхы ӕмӕ йе стыр зонды тыххӕй, рӕстӕй кӕй архайы, уый тыххӕй, стӕй йӕ иннӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджыты тыххӕй. Йегъовӕйы ма фӕкадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕрухс кӕнӕм, куы фӕархайӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм, уӕд дӕр. Афтӕ куы фӕкӕнӕм, уӕд ацы фыддунейы бӕрӕг фӕдарӕм. Бирӕтӕ йӕ фӕуынынц, иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ сӕ фӕфӕнды базонын, ӕндӕрхуызон цӕмӕн стӕм, уый (Матф. 5:14–16). Ӕмӕ нын уӕд, гӕнӕн ис, фӕзына фадат, цӕмӕй сын уый бамбарын кӕнӕм. Уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой. Нӕ лӕггадӕй ӕмӕ нӕ цардӕй Йегъовӕйы куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы (1 Тим. 2:3, 4). w24.02 10 ф., 7 абз.

Хуыцаубон, 27 июль

Цӕмӕй йӕ бон уа раст ахуырады фӕрцы зонд амонын дӕр ӕмӕ... уайдзӕф бакӕнын дӕр (Тит. 1:9).

Цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг суай, уый тыххӕй хъуамӕ цӕуылдӕрты сахуыр уай. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, куыст ссарын, цӕмӕй дӕхи кӕнӕ дӕ бинонты фӕдарынхъом уай, стӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын. Зӕгъӕм, сахуыр у хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын. Библийы фыст ис, Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр чи кӕсы ӕмӕ йыл чи хъуыды кӕны, уыцы адӕймаг ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын кӕй вӕййы (Пс. 1:1–3). Уый Библи алы бон дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ афтӕмӕй базоны, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Уый фӕрцы свӕййы уӕззаузонд ӕмӕ сахуыр вӕййы йӕ царды Библимӕ гӕсгӕ архайын (Ӕмб. 1:3, 4). Ӕмбырды иннӕты ахуыр кӕныны хӕс ис фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтыл. Уыдон ма нын раттынц хорз уынаффӕтӕ дӕр. Ӕмӕ хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын куы зонай, уӕд дӕ бон уыдзӕн хорз раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ хорз дзуаппытӕ дӕттын. Афтӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕндзынӕ. Дӕ бон ма уыдзӕн, цы хорз хъуыдытӕ ссардтай ӕмӕ фехъуыстай, уыдон дӕхимӕ афыссын. Ӕмӕ-иу уыцы хъуыдыты фӕрцы дӕхи уырнындзинад дӕр бафидар кӕндзынӕ ӕмӕ иннӕты уырнындзинад дӕр. w23.12 26, 27 фф., 9–11 абз.

Къуырисӕр, 28 июль

Уемӕ иудзинады чи ис, уый, бирӕ уӕлдӕр у Хӕйрӕгӕй, ацы дунеимӕ иудзинады чи ис, уымӕй (1 Иоан. 4:4).

Истӕмӕй куы тӕрсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ фидӕны цы сараздзӕн, ууыл. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, куыд амондджын уыдзынӕ, Хӕйрӕг куы нал уа, уӕд. 2014 азы регионалон конгрессы иу равдысты федтам, фыд йӕ бинонтимӕ куыд ныхас кодта, 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихты дзӕнӕты кой куы уаид, уӕд дзы цавӕр ныхӕстӕ уаид, ууыл. Зӕгъӕм, уаиккой афтӕ: «Ног дунейы скӕндзӕн тынг амондджын рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ адӕм иннӕты уарздзысты, рӕстдзинад уарздзысты, уыдзысты бонзонгӕ, сӕрныллӕг, Хуыцауы кадджын кӕндзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсдзысты, адӕм хорздзинадӕн аргъ кӕнын зондзысты, уыдзысты иузӕрдион, бинонтӕ кӕрӕдзи тынг уарздзысты, адӕм уыдзысты ӕнцондзырд, алкӕддӕр иннӕты хорзы кой кӕндзысты, хиуыл хӕцын зондзысты, уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ, хорздзинад уарздзысты, уыдзӕн сыл ӕууӕнк, иннӕты ныхасмӕ хъусдзысты, иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзысты, уарздзысты Хуыцауы, ирхӕфсӕнтӕ нӕ, фӕлӕ, сӕ цардӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауӕн кувӕг адӕм кӕй сты. Ӕмӕ ахӕм адӕмыл дӕхи бӕтт». Ды дӕр дӕ бинонтимӕ кӕнӕ де ’мчырыстӕттимӕ фӕныхас кӕныс, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл? w24.01 6 ф., 13, 14 абз.

Дыццӕг, 29 июль

Ды дӕ... мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт (Лук. 3:22).

Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмӕй райгонд кӕй у. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйӕн йӕ адӕм хӕссынц циндзинад» (Пс. 149:4). Фӕлӕ хатт кӕмӕндӕрты сӕ ныфс афтӕ тынг асӕтты, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Цымӕ Йегъовӕ мӕнӕй дӕр у райгонд?» Хатт-иу ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд Йегъовӕйы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр (1 Сам. 1:6–10; Иов 29:2, 4; Пс. 51:11). Библийӕ бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй райгонд уа. Уый тыххӕй адӕймаг хъуамӕ Йесо Чырыстийыл баууӕнда ӕмӕ донаргъуыд райса (Иоан. 3:16). Афтӕмӕй иннӕтӕ базонынц, йӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн (Хъуыд. 2:38; 3:19). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, уыцы къахдзӕфтӕ куы саразӕм ӕмӕ йӕм куы баввахс вӕййӕм. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, цӕмӕй йын цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ нӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайдзӕн (Пс. 25:14). w24.03 26 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 30 июль

Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу (Хъуыд. 4:20).

Махӕн дӕр нӕ бон у уыцы ахуыргӕнинӕгты бафӕзмын. Хицауад нӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадза, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнынӕн. Нӕ бон ма дзы у хъӕбатырдзинад, зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад курын. Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Махӕй бирӕтӕ цавӕрдӕр низимӕ тох кӕнынц, чидӕртӕ сты ныфссаст, кӕмӕндӕрты, зынаргъ сын чи уыд, уыцы адӕймаг амард, кӕмӕндӕрты сӕ бинонтӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, чидӕртӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Ӕмӕ ма ӕмбӕлӕм бирӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Ӕмӕ пандемийӕтӕ ӕмӕ хӕстыты тыххӕй ноджы зындӕр вӕййы уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразын. Уымӕ гӕсгӕ-иу Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕ раргом кӕн. Дӕ уавӕры тыххӕй-иу ын алцыдӕр радзур, дӕ хорз ӕмбалӕн куыд радзурис, афтӕ. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ «йӕхӕдӕг архайдзӕн», цӕмӕй дын баххуыс кӕна (Пс. 37:3, 5). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кувӕм, цӕмӕй «зындзинӕдты фидар лӕууӕм» (Ром. 12:12). Йегъовӕ зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цытӕ ӕвзарынц, уый. Библийы фыст ис, «сӕ дзыназын» сын кӕй хъусы (Пс. 145:18, 19). w23.05 5, 6 фф., 12–15 абз.

Цыппӕрӕм, 31 июль

Ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнут, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый (Еф. 5:10).

Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ бамбарӕм, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Еф. 5:17). Библийы куы фӕагурӕм, нӕ уавӕры нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ, уӕд афтӕмӕй фӕархайӕм, Хуыцау уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Ӕмӕ-иу уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы бацархайӕм, уӕд-иу раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм. «Фыдбылызы», ома не знаг Хӕйрӕджы, фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгтыл афтӕ суӕм, ӕмӕ нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг мауал уа (1 Иоан. 5:19). Гӕнӕн ис, чырыстонӕн царды сӕйрагдӕр суа ӕхца, уӕлдӕр ахуыр кӕнӕ та куыст. Афтӕ куы рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ацы дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ не сты. Фӕлӕ нын хъуамӕ царды ӕппӕты сӕйраг макуы уой. w24.03 24 ф., 16, 17 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын