Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w23 октябрь 12–17 фф.
  • Йегъовӕ дӕ бафидар кӕндзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ дӕ бафидар кӕндзӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КУВ ӔМӔ БИБЛИ ИРТАС
  • ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔЙ ӔХХУЫС КУР
  • ЦЫ НЫФС ДЫН ИС, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН
  • Йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Иннӕтӕм Иегъовӕйы цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
w23 октябрь 12–17 фф.

43 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ дӕ бафидар кӕндзӕн

«[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 ПЕТ. 5:10).

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1. Раджы заманты-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ фидар цӕй фӕрцы уыдысты?

БИБЛИЙЫ бирӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис. Ӕмӕ бӕрӕг у, фидар кӕй уыдысты. Фӕлӕ-иу кӕцыдӕр уавӕрты сӕхимӕ лӕмӕгъ кастысты. Зӕгъӕм, паддзах Давид-иу хатт йӕхимӕ фидар каст, хатт та-иу дзы тас бацыд (Пс. 55:5; 138:3). Кӕд Самсон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыд ӕмбисонды тыхы хицау, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Хуыцау ын куы не ’ххуыс кӕна, уӕд кӕй ныллӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн кӕй суыдзӕн (Тӕрх. 14:5, 6; 16:17). Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидар уыдысты, Йегъовӕ сын тыхтӕ кӕй лӕвӕрдта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.

2. Апостол Павел афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын»? (2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10).

2 Апостол Павел дӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын тыхтӕ куы нӕ дӕтта, уӕд кӕй нӕ бафӕраздзӕн. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10.) Махӕй бирӕтау Павел дӕр цавӕрдӕр низимӕ тох кодта (Гал. 4:13, 14). Стӕй-иу ын хатт зын уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:18, 19). Хатт та-иу мӕт кодта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй нӕ зыдта, уый тыххӕй (2 Кор. 1:8, 9). Фӕлӕ-иу Павел лӕмӕгъ куы уыди, уӕд-иу уыди тыхджын. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Йегъовӕ-иу ын хъарутӕ радта ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодта.

3. Ацы статьяйӕ дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

3 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, мах дӕр-иу кӕй бафидар кӕндзӕн (1 Пет. 5:10). Фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ цыдӕр аразӕм. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Цӕмӕй машинӕ йӕ бынатӕй сызмӕла, уый тыххӕй йын хъӕуы йӕ мотор скусын кӕнын. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма шофыр газыл дӕр ныххӕца. Махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у. Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй нын тыхтӕ радта, фӕлӕ нӕхи дӕр фӕхъӕуы цыдӕр саразын. Йегъовӕ нын тыхтӕ куыд ратты? Ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй-иу бафидар уӕм? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ куыд бафидар кодта пехуымпар Ионӕйы, Йесойы мад Марийӕйы ӕмӕ апостол Павелы. Стӕй ма фендзыстӕм, абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты куыд бафидар кӕны.

КУВ ӔМӔ БИБЛИ ИРТАС

4. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ тыхтӕ дӕтта?

4 Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд-иу нын ратдзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» (2 Кор. 4:7). Йегъовӕ ма нын тыхтӕ дӕтдзӕн, йӕ Ныхас ын куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Пс. 86:11). Хуыцауы Ныхасы ис «стыр тых» (Дзут. 4:12). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ Библи куы кӕсай, уӕд-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай, Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай ӕмӕ зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнай. Фенӕм-ма, Йегъовӕ пехуымпар Ионӕйы куыд бафидар кодта.

5. Пехуымпар Ионӕйы Йегъовӕйы ӕххуыс цӕмӕн хъуыд?

5 Йегъовӕ Ионӕйӕн зын хъуыддаг куы бахӕс кодта, уӕд Ионӕ фӕтарст ӕмӕ алыгъд. Науыл куы цыд, уӕд денджызы тыхдымгӕ сыстад ӕмӕ, гыццыл ма бахъӕуа, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, йемӕ науыл чи цыд, уыдон дӕр бабын уыдаиккой. Уый фӕстӕ йӕ денджыздзаутӕ денджызы куы ныппӕрстой, уӕд ӕй стыр кӕсаг аныхъуырдта. Ионӕ уыд кӕсаджы хуылфы – уым уыди тынг талынг, ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр куыннӕ фӕкодтаид. Кӕсаджы хуылфмӕ бахаудзӕн, уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыд. Цымӕ цӕуылты хъуыды кодта? Мыййаг, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ удӕгасӕй нал баззайдзӕн? Ӕви афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта? Ионӕ тынг уынгӕджы уавӕры уыди.

Цалдӕр нывы: 1. Ионӕ кӕсаджы хуылфӕй Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувы. 2. Ӕфсымӕр йӕ къомнӕты йӕ хуыссӕныл бадгӕйӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувы. Йӕ разы ис Библи, смартфон ӕмӕ наушниктӕ.

Пехуымпар Ионӕйау махӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууӕм? (кӕс 6–9 абзацтӕ)

6. Ионӕ 2:1, 2, 7 стихтӕм гӕсгӕ, Ионӕ кӕсаджы хуылфы куы уыд, уӕд дзы хъарутӕ цӕй фӕрцы бацыд?

6 Ионӕ иунӕгӕй кӕсаджы хуылфы куы уыд, уӕд дзы хъарутӕ цӕй фӕрцы бацыд? Йегъовӕмӕ кӕй куывта, уый фӕрцы. (Бакӕс Ионӕйы 2:1, 2, 7.) Кӕд Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста, уӕддӕр ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй хъусы. Стӕй ма хъуыды кодта, Фыстадӕй цы зыдта, уыдӕттыл. Уый кӕцӕй зонӕм? Ионӕйы чиныджы 2-аг сӕры фыст ис йӕ куывд. Ӕмӕ дзы ӕмбӕлы бирӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ Псаломты чиныгӕй. (Зӕгъӕм, абар Ионӕ 2:2, 5 ӕмӕ Псалом 69:1; 86:7.) Уымӕй бӕрӕг у, Ионӕ уыцы скъуыддзӕгтӕ хорз кӕй зыдта. Ӕмӕ сыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕстӕдӕр ӕй кӕсаг зӕхмӕ куы раппӕрста, уӕд цӕттӕ уыд, Йегъовӕ та йын ногӕй цы загъта, уый саразынмӕ (Ионӕ 2:10–3:4).

7, 8. Тайванӕй иу ӕфсымӕрӕн фӕлварӕнты рӕстӕг цы баххуыс кӕны?

7 Ионӕйы хабар нын баххуыс кӕндзӕн, фӕлварӕнтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд. Ӕфсымӕр Чжимин цӕры Тайваныb. Уый у уӕззау низӕй рынчын. Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ тынг цӕуынц. Фӕлӕ, Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувы ӕмӕ Библи кӕй фӕиртасы, уый фӕрцы бафидар вӕййы. Чжимин загъта: «Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ хатт афтӕ стыхсын ӕмӕ афтӕ фӕмӕт кӕнын, ӕмӕ мӕ бон Библи иртасын дӕр нӕ вӕййы». Фӕлӕ Чжимин йӕхимӕ нӕ ныхъхъусы. Ноджыдӕр ма загъта: «Фыццаг уал Йегъовӕмӕ скувын. Стӕй наушниктӕ бакӕнын ӕмӕ Паддзахады зарджытӕм фӕхъусын. Хатт зарджытӕм хъусгӕйӕ мӕхӕдӕг дӕр сабыр хъӕлӕсӕй фӕзарын, цалынмӕ не ’рсабыр вӕййын, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ райдайын Библи иртасын».

8 Чжимин Библи кӕй фӕиртасы, уый йын тынг баххуыс кодта. Зӕгъӕм, уӕззау операцийы фӕстӕ йын медицинон хо афтӕ бакодта, дӕ гемоглобин, дам, кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй, дам, дын туг бауадзын хъӕуы. Операцийы размӕ ӕхсӕв Чжимин бакаст иу хойы хабар. Уымӕн дӕр ахӕм операци скодтой. Ӕмӕ йӕ гемоглобин ноджы ныллӕгдӕр уыд. Фӕлӕ туг бауадзыныл не сразы ӕмӕ тагъд адзӕбӕх. Уыцы хойы хабар ын баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид.

9. Фӕлварӕны тыххӕй дӕ ныфс куы асӕтта ӕмӕ дӕм тыхы мур куы нал уа, уӕд дӕ бон цы уыдзӕн саразын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

9 Чи зоны, фӕлварӕны рӕстӕг афтӕ тынг фӕмӕт кӕныс, ӕмӕ дӕ бон кувын дӕр нӕ вӕййы кӕнӕ дӕм Библи иртасынӕн хъарутӕ нӕ вӕййы. Дӕ зӕрдыл-иу дар: Йегъовӕ дын дӕ уавӕр уыны ӕмӕ дӕ тынг хорз ӕмбары. Цыбыртӕй дӕр ӕм куы скувай, уӕд дӕр дӕ фехъусдзӕн ӕмӕ дын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй баххуыс кӕндзӕн (Еф. 3:20). Кӕд тынг ныфссаст дӕ ӕмӕ дӕм тыхы мур нӕй, цӕмӕй Библи кӕсай ӕмӕ йӕ иртасай, уӕд дӕ бон у Библийы кӕнӕ нӕ публикациты аудиозаписьтӕм хъусын. Кӕнӕ та дӕ бон у сайты jw.org нӕ зарджытӕй искӕцымӕ байхъусын йе та искӕцы видеороликмӕ бакӕсын. Йегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ дӕ куывдтытӕн дзуапп Библийы ӕмӕ нӕ публикациты куы агурай, уӕд ын афтӕмӕй фадат дӕтдзынӕ, цӕмӕй-иу дӕ бафидар кӕна.

ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔЙ ӔХХУЫС КУР

10. Хотӕ ӕмӕ нӕ ’фсымӕртӕ куыд бафидар кӕнынц?

10 Йегъовӕ ма нӕ бафидар кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Фӕлварӕныл куы сӕмбӕлӕм кӕнӕ нын исты зын хӕслӕвӕрд куы раттынц, уӕд нын уыдон вӕййынц «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11). «Зын сахат» нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы ӕмбӕлттӕ (Ӕмб. 17:17). Лӕмӕгъ куы вӕййӕм ӕмӕ нӕм хъарутӕ куы нал вӕййы, уӕд нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй баххуыс кӕнынц, ныфс нӕ бауадзынц ӕмӕ нын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Ӕркӕсӕм-ма, Йесойы мад Марийӕйы иннӕтӕ куыд бафидар кодтой.

11. Марийӕйы Йегъовӕйы ӕххуыс цӕмӕн хъуыд?

11 Марийӕ уыд ӕнӕцыд чызг. Ӕмӕ йын зӕд Гавриил загъта, кӕй басывӕрджын уыдзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, уый фехъусгӕйӕ Марийӕ куыд фӕуыдаид! Уӕдӕ йын сывӕллӕттӕ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ сӕ куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый дӕр нӕ зыдта. Фӕлӕ хъуамӕ суыдаид Мессийӕйы мад. Уымӕй уӕлдай ма йӕ хъуыди йӕ мойаг Иосифимӕ аныхас кӕнын. Куыд ын хъуамӕ бамбарын кодтаид, сывӕрджын кӕй у, кӕд ӕмӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ӕрцыд? (Лук. 1:26–33).

12. Лукайы 1:39–45 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ Марийӕйы куыд бафидар кодта?

12 Марийӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы зын, фӕлӕ ахсджиаг хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид? Уый иннӕтӕй ӕххуыс ракуырдта. Зӕгъӕм, Гавриилӕн загъта, цӕмӕй йын уыцы хӕслӕвӕрды тыххӕй фылдӕр радзырдтаид (Лук. 1:34). Гыццыл фӕстӕдӕр та ацыд «хӕхбӕстӕм», Иудӕйы горӕттӕй иумӕ, цӕмӕй йӕ хӕстӕг Елизаветӕйы бабӕрӕг кодтаид. Ӕмӕ хорз у, афтӕ кӕй бакодта. Елизаветӕ Марийӕйӕ раппӕлыд, стӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ, Марийӕйӕн йӕ гуыбыны цы лӕппу уыд, уый тыххӕй пехуымпарад загъта. (Бакӕс Лукайы 1:39–45.) Марийӕ та загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «йӕ цонджы хъаруйӕ сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ» (Лук. 1:46–51). Афтӕ Гавриил ӕмӕ Елизаветӕйы уылты Йегъовӕ Марийӕйы хъарутӕ бауагъта.

13. Боливийӕ иу хо йе ’мчырыстӕттӕй ӕххуыс кӕй ракуырдта, уый йын куыд баххуыс кодта?

13 Марийӕйау дӕуӕн дӕр дӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс курын. Хо Дасури цӕры Боливийы, ӕмӕ уый дӕр хъуыди ахӕм ӕххуыс. Йӕ фыдмӕ йын уӕззау низ куы ссардтой ӕмӕ йӕ рынчындоны куы схуыссын кодтой, уӕд ӕм Дасури касти. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй ӕдзух йӕ разы уыдаид (1 Тим. 5:4). Хатт-иу ӕм тыхы мур нал баззад. Дасури загъта: «Бирӕ хӕттыты-иу афтӕ уыдтӕн, ӕмӕ-иу загътон, нал бафӕраздзынӕн». Фыццаг никӕмӕй куырдта ӕххуыс. Уый зӕгъы: «Нӕ мӕ фӕндыди хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыхсын кӕнын. Хъуыды-иу кодтон: „Йегъовӕ мын баххуыс кӕндзӕн“. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, мӕхи иннӕтӕй дард кӕй ластон, уый тыххӕй афтӕ уад, ӕмӕ мӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй тох кӕнын» (Ӕмб. 18:1). Гъемӕ сфӕнд кодта йе ’мбӕлттӕй кӕмӕдӕрты ныффыссын ӕмӕ сын йӕ уавӕры тыххӕй радзурын. Дасури загъта: «Мӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мӕ куыд бафидар кодтой, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. Рынчындонмӕ-иу хӕринаг ӕрбахастой ӕмӕ мын-иу Библийы стихты фӕрцы мӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой. Адӕймаг куы фӕзоны, иунӕг кӕй нӕу, уӕд ыл базыртӕ базайы. Мах стӕм Йегъовӕйы стыр бинонтӕ. Ӕмӕ бахъуаджы сахат уыцы бинонтӕ нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц, немӕ фӕкӕуынц ӕмӕ немӕ фӕтох кӕнынц».

14. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын баххуыс кӕнынмӕ куы хъавой, уӕд-иу цӕмӕн хъуамӕ сразы уӕм?

14 Йегъовӕ ма нӕ хъарутӕ бауадзы хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы дӕр. Уыдон сты йӕ лӕвар (Ис. 32:1, 2). Уӕдӕ истӕуыл куы тыхсай, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕн. Ӕмӕ дын баххуыс кӕнынмӕ куы хъавой, уӕд-иу сразы у. Уыдоны фӕрцы-иу дӕ Йегъовӕ бафидар кӕндзӕн.

ЦЫ НЫФС ДЫН ИС, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

15. Чырыстӕттӕн цавӕр ныфс ис?

15 Библийы цы ныфсы кой ис, уый фӕрцы дӕр нӕ хъарутӕ бацӕуы (Ром. 4:3, 18–20). Махӕн, чырыстӕттӕн, ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Иутӕ нӕ цӕрдзысты зӕххыл диссаджы рӕсугъд дзӕнӕты, иннӕтӕ та – уӕларвон Паддзахады. Уыцы ныфсы фӕрцы нӕм фӕзыны тыхтӕ, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм, хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм (1 Фес. 1:3). Апостол Павелы дӕр ныфс уыд, ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн, ӕмӕ-иу дзы уыцы ныфсы фӕрцы хъарутӕ бацыд.

16. Павелы бафидар кӕнын цӕмӕн хъуыд?

16 Йӕ фыстӕджы Коринфӕгтӕм Павел йӕхи абарста, ӕнцонтӕй чи сӕтты, ахӕм ӕлыг мигӕнӕнимӕ. Уый ныффыста, зӕгъгӕ нӕ «хъыгдарынц», «фӕтыхсӕм», «нӕ фӕдыл зилынц», «ссӕндынц нӕ». Суанг ма йӕ цардӕн дӕр тӕссаг уыд (2 Кор. 4:8–10). Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста йе ’ртыккаг уацамындон балцы рӕстӕг. Фӕлӕ йӕ уӕд кӕцӕй зыдтаид, ноджы стырдӕр фӕлварӕнтӕ йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы: знӕт адӕм йӕ ныхмӕ цӕудзысты, ӕрцахсдзысты йӕ, цы науыл цӕудзӕн, уый ныппырх уыдзӕн ӕмӕ уыдзӕн ахст.

17. 2 Коринфӕгтӕм 4:16–18 стихтӕм гӕсгӕ, Павелӕн цы ӕххуыс кодта зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн?

17 Павел, цы ныфс ын уыд, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы-иу дзы тыхтӕ бацыд, ӕмӕ йӕ бон уыд фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:16–18.) Коринфӕгтӕм ныффыста, зӕгъгӕ, кӕд мӕ буар «лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны», уӕддӕр мӕ ныфс нӕ сӕтты. Павел хъуыды кодта, фидӕны йӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл. Уӕлӕрвты йын ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй уыд, уымӕн тынг аргъ кодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ уыд цыфӕнды зындзинӕдтӕ сфӕразынмӕ дӕр. Йӕ ныфсыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы «бонӕй-бонмӕ ногдӕр» кодта, ома-иу дзы тыхтӕ бацыд.

18. Тихомирӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн фидӕнӕй цы ныфс ис, уый сӕ тыхтӕ куыд уадзы?

18 Болгарийӕ иу ӕфсымӕр, Тихомир, цы ныфс ын ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд бафидар вӕййы. Цалдӕр азы размӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр, Здравко, аварийы фӕмард. Тихомирӕн йӕ зӕрдӕ дудгӕ рыст кодта. Цӕмӕй уыцы маст сфӕрӕзтаид, уый тыххӕй йӕ бинойнагимӕ ӕмӕ йӕ лӕппуимӕ фылдӕр хъуыды кӕнын райдыдтой, мӕрдтӕ куыд ӕгас кӕндзысты, ууыл. Тихомир зӕгъы: «Фӕхъуыды кӕнӕм, Здравкойыл кӕм фембӕлдзыстӕм, цавӕр хӕринӕгтӕ йын ӕрцӕттӕ кӕндзыстӕм, кӕй райгас, уый номыл бадтмӕ кӕй фӕхондзыстӕм ӕмӕ йын фӕстаг бонты тыххӕй цы радзурдзыстӕм». Тихомир ма загъта, уыцы ныфс сын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар лӕууой ӕмӕ дарддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсой, Йегъовӕ йын йе ’фсымӕры кӕд райгас кӕндзӕн, уымӕ.

Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хо кӕсы музыкалон видеороликмӕ «Мы ждём новый мир» къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ӕмӕ хъуыды кӕны, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл. Йӕ цӕстытыл уайын кӕны, виолончелыл куыд цӕгъды. Йемӕ ма ноджыдӕр чидӕртӕ ис, ӕмӕ цӕгъдынц ӕндӕр инструменттыл.

Ног дунейы цы араздзынӕ? (кӕс 19 абзац)c

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныфс фидар уа? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

19 Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныфс фидар уа? Зӕгъӕм, кӕд дын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис, уӕд-иу бакӕс, Библийы дзӕнӕты тыххӕй фыст кӕм ис, уыцы скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕн (Ис. 25:8; 32:16–18). Ахъуыды-иу кӕн, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма уым дӕ. Кӕй дзы уыныс ӕмӕ дзы цы хъусыс? Дӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ис? Цӕмӕй дын ӕнцондӕр уа уыдӕттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, уый тыххӕй-иу нӕ публикациты ӕркӕс, дзӕнӕт ӕвдыст кӕм ис, ахӕм нывтӕм. Йе та-иу бакӕс музыкалон видеороликтӕм, зӕгъӕм, «Дзӕнӕт къӕсӕрыл ис» кӕнӕ «Дӕ цӕстытыл ауайӕд уыцы цард». Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ рох нӕ уыдзӕн, «нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ [кӕй] сты ӕмӕ афтӕ уӕззау [кӕй] не сты» (2 Кор. 4:17). Йегъовӕ нын радта диссаджы ныфс, ӕмӕ нӕ уый фӕрцы бафидар кӕны ӕмӕ нын нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауы.

20. Лӕмӕгъ куы уӕм, уӕд-иу цӕй фӕрцы сфидар уыдзыстӕм?

20 Кӕд хатт ӕрлӕмӕгъ вӕййӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцау нын хъару кӕй ратдзӕн (Пс. 108:13). Йегъовӕ, цы хъӕуы, уый сарӕзта, цӕмӕй-иу нӕ бафидар кӕна. Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнай, фӕлварӕны фидар фӕлӕууай кӕнӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай? Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ Библи иртасгӕйӕ йӕ разамынд агур, хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс кур ӕмӕ дын цы ныфс ис, ууыл ӕдзух хъуыды кӕн. Уӕд дын, «стыр тыхы хицау чи у, уыцы Хуыцау... уыйбӕрц хъару ратдзӕн, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууай» (Кол. 1:11).

КУЫД-ИУ БАФИДАР УЫДЗЫНӔ...

  • куы кувай ӕмӕ Библи куы иртасай?

  • хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс куы курай?

  • цы ныфс дын ис, ууыл куы хъуыды кӕнай?

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

a Ацы статья баххуыс кӕндзӕн, уӕззау фӕлварӕныл чи сӕмбӕлд кӕнӕ зын хӕслӕвӕрд кӕмӕн радтой, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Базондзыстӕм, Йегъовӕ нын тыхтӕ куыд ратты ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй-иу нӕ хъарутыл хъарутӕ бафта.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c НЫВ. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хо хъуыды кӕны Библийы зӕрдӕвӕрдтыл, кӕсы музыкалон видеороликмӕ ӕмӕ йӕ цӕстытыл уайын кӕны, ног дунейы кӕй ис.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын