Хуыцаубон, 20 июль
Уӕ хъуыдытӕ мӕ хъуыдыты хуызӕн не сты (Ис. 55:8).
Йегъовӕ нын нӕ курдиат куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цӕй тыххӕй йӕм кувын, уый раст у?» Арӕх нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ хорз зонӕм, хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕ цы фӕкурӕм, уыдӕттӕ алы хатт нӕ пайдайӕн нӕ вӕййынц. Чи зоны, зын уавӕры Йегъовӕмӕ кувӕм, афтӕ ӕмӕ мын афтӕ баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕ хуыздӕр цыдӕр зоны, куыд нын баххуыс кӕна. Нӕ иуӕй-иу курдиӕттӕ та йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ вӕййынц (1 Иоан. 5:14). Ахъуыды кӕнӕм ныййарджытыл. Уыдон Йегъовӕмӕ кувынц, цӕмӕй йын сӕ сывӕллон дарддӕр дӕр лӕггад кӕна ӕмӕ рӕстдзинады фӕндаг макуы ныууадза. Ӕмӕ афтӕ дӕр ис кувӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй адӕймаджы йӕхи бафӕнда Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уый хауы сывӕллӕттӕм дӕр (Дык. з. 10:12, 13; 30:19, 20). Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курой, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ сывӕллоны зӕрдӕ бацагайын, ӕмӕ Йегъовӕйы бауарза, стӕй йӕ хӕлар суа (Ӕмб. 22:6; Еф. 6:4). w23.11 21 ф., 5 абз.; 23 ф., 12 абз.
Къуырисӕр, 21 июль
Уӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут (1 Фес. 4:18).
Ахсджиаг цӕмӕн у нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисын? Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Ацы ран Павел цы дзырдӕй спайда кодта, уый нысан кӕны, тынг зын уавӕры чи ис, уыцы адӕймаджы фарсмӕ балӕууын ӕмӕ йӕ бафидар кӕнын». Уӕдӕ, зын уавӕры чи ис, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн йӕ ныфсыл ныфс куы бафтауӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ куы ’рсабыр кӕнӕм, уӕд ын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй та ногӕй йӕ къахыл слӕууа ӕмӕ дарддӕр царды фӕндагыл цӕуа. Афтӕ цал хатты бакӕнӕм, уал хатты равдисӕм, уыцы хойы кӕнӕ уыцы ’фсымӕры кӕй уарзӕм (2 Кор. 7:6, 7, 13). Цы хъӕуы, цӕмӕй-иу нӕ бафӕнда адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауын? Хъуамӕ йын тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаджы фӕфӕнды, уӕззау уавӕры чи ис, уымӕн йӕ зын фӕрогдӕр кӕнын, цӕмӕй йын фенцондӕр уа. Павел бамбарын кодта, Йегъовӕ дӕр ахӕм кӕй у. Уый загъта, Йегъовӕ кӕй у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» (2 Кор. 1:3). w23.11 9, 10 фф., 8–10 абз.
Дыццӕг, 22 июль
Цин кӕнӕм фыдӕвзарӕнты дӕр (Ром. 5:3).
Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр ӕмбӕлдзысты фыдӕвзарӕнтыл. Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Фессалоникӕгтӕн загъта: «Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, зындзинӕдтӕ нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый дӕр зонут» (1 Фес. 3:4). Коринфӕгтӕм та ныффыста: «Не ’фсымӕртӕ, фӕнды нӕ, цӕмӕй зонат... цы бӕллӕхы бахаудыстӕм, уый тыххӕй. ...Удӕгасӕй баззайын ӕнхъӕл дӕр нал уыдыстӕм» (2 Кор. 1:8; 11:23–27). Ӕмӕ абон дӕр чырыстӕттӕ ӕмбӕлынц зындзинӕдтыл (2 Тим. 3:12). Йесойыл кӕй баууӕндыдтӕ ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг кӕй сдӕ, уый тыххӕй дӕ, гӕнӕн ис, де ’мбӕлттӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕ ӕфхӕрынц. Кӕнӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг уай ӕмӕ ма сайай, уый тыххӕй дӕм, чи зоны, куысты ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц (Дзут. 13:18). Йе та, гӕнӕн ис, хицауад дӕ ныхмӕ цӕуы, цы ныфс дын ис, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр кӕй дзурыс, уый тыххӕй. Фӕлӕ Павел зӕгъы, цыфӕнды фыдӕвзарӕнты ма бахауӕм, уӕддӕр цин кӕй хъуамӕ кӕнӕм. w23.12 10, 11 фф., 9, 10 абз.