Дыццӕг, 8 июль
Ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон (1 Фес. 5:2).
Йегъовӕйы бон чи нӕ аирвӕздзӕн, уыцы адӕмы апостол Павел абарста, фынӕй чи кӕны, ахӕм адӕймагимӕ. Адӕймаг фынӕй куы фӕкӕны, уӕд нӕ фембары, йӕ алыварс цытӕ цӕуы кӕнӕ рӕстӕг куыд цӕуы, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ вӕййы бамбарын, ахсджиаг хабӕрттӕ кӕй ӕрцыд, уый дӕр. Кӕд уыцы уавӕрты исты саразын фӕхъӕуы, уӕд уый дӕр йӕ бон нӕ вӕййы саразын. Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр, зӕгъӕн ис, фынӕй сты (Ром. 11:8). «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм ӕмӕ стыр бӕллӕх тагъд кӕй райдайдзӕн, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ дарынц (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ йӕ мах ӕмбарӕм, бонӕй-бонмӕ ноджы ахсджиагдӕр кӕй у, цӕмӕй цырддзаст уӕм ӕмӕ ма бафынӕй уӕм (1 Фес. 5:6). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕ сабыр уа ӕмӕ уӕззау зондӕй архайӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды политикӕимӕ баст фарстаты искӕй фарс хӕцын кӕнӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл тох кӕнын. Йегъовӕйы бон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ ацы дуне ноджы тынгдӕр архайдзӕн, цӕмӕй искӕй фарс рахӕцӕм. Фӕлӕ, цы дзурдзыстӕм ӕмӕ нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой, уӕззау зондӕй архайӕм ӕмӕ-иу раст уынаффӕтӕ рахӕссӕм (Лук. 12:11, 12). w23.06 9, 10 фф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 9 июль
Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн, ӕмӕ... мын... ратт хъарутӕ (Тӕрх. 16:28).
Самсоны ном куы фехъусыс, уӕд дӕ цӕстытыл чи ауайы? Ӕвӕццӕгӕн, тынг тыхджын ӕмӕ хъаруджын адӕймаг. Ӕмӕ Самсон ӕцӕгӕйдӕр ахӕм уыд. Фӕлӕ иухатт ӕвзӕр уынаффӕ рахаста, ӕмӕ йӕхи фыдбылызы баппӕрста. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггад нӕ ферох кодта, ӕмӕ йын йӕ хабар Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй дзы мах цӕуылдӕр сахуыр уӕм. Йегъовӕ Самсоны уылты диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй йе ’взӕрст адӕмӕн, Израилӕн, баххуыс кодтаид. Самсоны мӕлӕтӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ апостол Павелӕн ныффыссын кодта, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, уыдоны номхыгъд, ӕмӕ се ’хсӕн ис Самсон дӕр (Дзут. 11:32–34). Уый тынг уӕззау уавӕрты дӕр йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардта. Йӕ хабар нын ныфсы хос у ӕмӕ дзы бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. w23.09 2 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 10 июль
[Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый (Фил. 4:6).
Цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕдзух Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын дзурын, цӕуыл тыхсӕм, уыдӕттӕ (1 Фес. 5:17). Чи зоны, ныртӕккӕ уӕззау фӕлварӕныл не ’мбӕлыс. Фӕлӕ уӕддӕр, истӕуыл куы фӕтыхсыс, дӕ ныфс куы асӕтты кӕнӕ, куыд бакӕнай, уый куы нӕ фӕзоныс, уӕд Йегъовӕйӕ разамынд фӕкурыс? Ӕвӕццӕгӕн, алы бон дӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлыс. Ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курай, уӕд фидӕны дӕр стырдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ афтӕ кӕндзынӕ. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ йӕ хорз кӕй зоны, кӕд дын баххуыс кӕна ӕмӕ дын куыд баххуыс кӕна (Пс. 27:1, 3). Абон-иу фӕлварӕнты рӕстӕг фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын фидӕны стыр бӕллӕхы рӕстӕг фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн (Ром. 5:3). Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ радзырдтой, иу зын уавӕр-иу куы сфӕрӕзтой, уӕд-иу сын уый кӕй баххуыс кодта иннӕ зын уавӕры дӕр фидар фӕлӕууынӕн. Уый фӕрцы-иу сӕ ноджы тынгдӕр бауырныдта, Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Ӕмӕ сын уыцы уырнындзинад та ӕххуыс кодта иннӕ фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн (Иак. 1:2–4). w23.07 3 ф., 7, 8 абз.