Цыппӕрӕм, 28 август
Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:18).
Йегъовӕ, «уарзондзинады... Хуыцау», немӕ ис! (2 Кор. 13:11). Уый махӕй алкӕмӕ дӕр йӕ хъус дары. Мах рӕвдыд стӕм йе ’нувыд уарзтӕй (Пс. 32:10). Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, ууыл цас фылдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, уыйас хуыздӕр фенӕм, кӕй ныл тыхсы, уый ӕмӕ йӕм баввахсдӕр вӕййӕм. Нӕ бон ӕм у сӕрибарӕй кувын ӕмӕ йын дзурын, йӕ уарзондзинад нӕ куыд тынг хъӕуы, уый. Нӕ бон ма йын у дзурын, цы нӕ тыхсын кӕны, цӕуыл мӕт кӕнӕм, уыдӕттӕ. Мах зонӕм, кӕй нӕ ӕмбары ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕнды махӕн баххуыс кӕнын (Пс. 145:19). Уазал бон нӕ куыд фӕфӕнды нӕхи арты хъарммӕ батавын, афтӕ нӕ фӕнды Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын, цӕмӕй нӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй тава. Йӕ уарзондзинад тыхджын дӕр у ӕмӕ фӕлмӕн дӕр у. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уымӕй хуыздӕр дӕ царды ницы ис! Ӕмӕ-иу ын ды дӕр зӕгъ, Йегъовӕ, уарзын дӕ, зӕгъгӕ (Пс. 116:1). w24.01 31 ф., 19, 20 абз.
Майрӕмбон, 29 август
Ӕз дӕ ном раргом кодтон (Иоан. 17:26).
Йесо-иу адӕмӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ дзырдта, Хуыцауы ном Йегъовӕ у, зӕгъгӕ. Дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр зыдтой. Фӕлӕ-иу сын «бамбарын кодта, [Хуыцау] чи у, уый» (Иоан. 1:17, 18). Зӕгъӕм, Дзуттаг Фыстытӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау (Рац. 34:5–7). Йесо та уый ноджы хуыздӕр равдыста, хивӕнд фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы. Фырт куы ’рфӕсмон кодта, уӕд сфӕнд кодта хӕдзармӕ ӕрбаздӕхын. «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта», азгъордта йӕм, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ныххатыр кодта (Лук. 15:11–32). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар хорз ӕвдисы, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау у. Афтӕмӕй Йесо йӕ Фыды раргом кодта – равдыста, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. w24.02 10 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 30 август
[Хуыцау] нын цы удӕнцой дӕтты, уымӕй мах дӕр... иннӕтӕн... удӕнцой дӕттӕм (2 Кор. 1:4).
Йегъовӕ, зын уавӕры чи ис, уыдонӕн удӕнцой ратты ӕмӕ сӕ хъарутӕ бауадзы. Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйау иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы цавӕрдӕр миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Цымӕ цавӕр миниуджытӕ? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм ӕмӕ алы бон дӕр кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм? (1 Фес 4:18). Хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй суӕм хӕларзӕрдӕ, нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм ӕмӕ нӕм кӕрӕдзийы рыст хъара (Кол. 3:12; 1 Пет. 3:8). Ацы миниуджытӕ нӕм куы уой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд, зын уавӕры чи ис, уыдонмӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн ӕнцад кӕсын. Уайтагъд-иу сӕ фарсмӕ балӕудзыстӕм ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтаудзыстӕм. Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны. Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй рахӕссы хорздзинӕдтӕ» (Матф. 12:34, 35). Уӕдӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс куы ӕфтауӕм, уӕд уындзысты, кӕй сӕ уарзӕм, уый. w23.11 10 ф., 10, 11 абз.